Библийы чиныг 40 – Матфейы
Ныффыста йӕ: Матфей
Кӕм ӕрцыд фыст: Палестинӕйы
Фыст фӕцис: н. э. 41 азмӕ ӕв.
Цы рӕстӕгыл дзы цӕуы дзырд: н. э. агъоммӕ 2–н. э. 33 азтӕ
ЕДЕМЫ цӕхӕрадоны фыццаг дыууӕ адӕймаджы тӕригъӕд куы сарӕзтой, уый фӕстӕ, рӕстдзинад чидӕриддӕр уарзы, уыдонӕн Йегъовӕ радта диссаджы зӕрдӕвӕрд – «сылгоймаджы байзӕддаджы» руаджы фервӕзын кӕндзӕн адӕмы. Уыцы «байзӕддаг» кӕнӕ Мессийӕ хъуамӕ фӕзындаид Израилы адӕмы ’хсӕн. Ӕнусты дӕргъы Хуыцау цы бирӕ пехуымпарӕдтӕ ныффыссын кодта, уыдонӕй бӕрӕг уыд, «байзӕддаг» кӕй суыдзӕн Хуыцауы Паддзахады паддзах ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй кӕй скадджын кӕндзӕн Йегъовӕйы ном ӕмӕ йӕ ӕнустӕм фидистӕй кӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн. Йегъовӕ йӕ пехуымпарты уылты раргом кодта бирӕ лыстӕгдзинӕдтӕ, йӕ хицаудзинады фарс чи лӕудзӕн ӕмӕ адӕмы тас, ӕфхӕрд, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй чи фервӕзын кӕндзӕн, уый тыххӕй. Дзуттаг Фыстытӕ фыст куы фесты, уӕд дзуттӕгтӕн ӕппӕт бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр уыд, цӕмӕй Мессийӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастаиккой.
2 Цалынмӕ уыцы рӕстӕг нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ дуне тынг аивта. Хуыцау адӕмты цӕттӕ кодта Мессийӕйы ӕрцыдмӕ. Цӕмӕй уыцы хабар ӕгас зӕххыл дӕр апарахат уыдаид, уымӕн хорз уавӕртӕ уыд. Дунеон паддзахӕдтӕй фӕндзӕм, Греци, иу ӕвзаджы фӕрцы алыхуызон адӕмыхӕттыты кӕрӕдзимӕ фенгомдӕр кодта. Ӕхсӕзӕм дунеон паддзахад, Ром, йӕ дӕлбар паддзахӕдты баиу кодта ӕмӕ цы фӕндӕгтӕ сарӕзта, уыдоныл бӕстӕйы алы къуыммӕ дӕр ӕнцон цӕуӕн сси. Уыцы стыр паддзахады дзуттӕгтӕ кӕм нӕ цардысты, ахӕм бынат нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ иннӕтӕ дӕр базыдтой, Мессийӕмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уый. Хуыцау Едемы цы зӕрдӕвӕрд радта, уымӕй 4 000 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд фӕзынд Мессийӕ, тынг кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы «байзӕддаг»! Уӕдӕ адӕмы историйы тӕккӕ ахсджиагдӕр хабӕрттӕ ӕрцыдысты, Мессийӕ зӕххыл йӕ Фыды фӕндон иузӕрдионӕй куы сӕххӕст кодта, уӕд.
3 Ӕмӕ та ралӕууыд рӕстӕг, цӕмӕй уыцы ахсджиаг хабӕрттӕ фыст ӕрцыдаиккой. Уый тыххӕй Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй схайджын кодта цыппар иузӕрдион нӕлгоймаджы. Алчидӕр дзы ныффыста, Йесо кӕй уыд Мессийӕ, зӕрдӕвӕрд «байзӕддаг» ӕмӕ Паддзах. Уыдон сты цыппар бӕлвырдгӕнӕны, уыцы хабӕрттӕ ӕцӕг кӕй уыдысты, уымӕн. Фыст ма ӕрцыд Йесойӕн йӕ цард, йӕ лӕггад, йӕ мӕлӕт ӕмӕ йӕ райгасдзинады тыххӕй дӕр. Уыцы хабӕрттӕ хонынц Евангелитӕ; дзырд «евангели» нысан кӕны «хорз хабар». Кӕд цыппар Евангелийы дӕр арӕх уыцы иу цаутыл дзурынц, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕ рафыстой. Фыццаг ӕртӕ Евангелийы Йесойы царды хабӕрттӕ фыст сты ӕмхуызон ӕвзагӕй, уый тыххӕй сӕ арӕх фӕхонынц «ӕмхуызон» (грекъ. дзырд си́нопсис – «афӕлгӕст»). Фӕлӕ уӕддӕр цыппар фыссӕджы дӕр, Матфей, Марк, Лука ӕмӕ Иоанн, Чырыстийы царды хабӕрттӕ фыссынц сӕхирдыгонау. Алкӕмӕн дӕр дзы йӕ чиныджы ис йӕхи сӕйраг хъуыды ӕмӕ нысан, стӕй фыстой бӕлвырд адӕммӕ. Цас лӕмбынӕгдӕр ахуыр кӕнӕм Евангелитӕ, уыйас тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм алы чиныгӕн дӕр, иу дзы иннӕйы куыд бӕлвырддӕр кӕны ӕмӕ цыппары дӕр Йесо Чырыстийы тыххӕй цы хабӕрттӕ ныффыстой, уыдон кӕрӕдзийы ныхмӕ кӕй не сты.
4 Чырыстийы тыххӕй хорз хабар фыццаг ныффыста Матфей. Ӕвӕццӕгӕн, йӕ ном у дзуттаг ном «Маттифийӕ»-йы цыбыр формӕ, нысан кӕны «Йегъовӕйы лӕвар». Матфей уыд Йесойы 12 апостолӕй иу. Чырысти Палестинӕйы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куы хъусын кодта, уӕд Матфей йемӕ тынг балымӕн. Цалынмӕ Йесойы ахуыргӕнинаг не сси, уӕдмӕ Матфей уыд хъалонисӕг. Уыцы куыстӕй дзуттӕгтӕ се сӕфт уыдтой, уымӕн ӕмӕ сын уый ӕдзух сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, Ромы паддзахады дӕлбар кӕй уыдысты. Матфейы ма зыдтой ӕндӕр номӕй дӕр – Леви, Алфейы фырт. Йесо Матфейӕн куы загъта, мӕ фӕдыл рацу, зӕгъгӕ, уӕд уайтагъд сразы (Матф. 9:9; Марчы 2:14; Лук. 5:27–32).
5 Кӕд Матфейы Евангелийӕ чиныджы фыссӕг бӕрӕг нӕу, уӕддӕр рагон ахуыргӕндтӕ цы бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхастой, уыдонӕй зыны Матфей йӕ кӕй ныффыста. Матфейы чиныг чи ныффыста, уый куыд бӕлвырд у, уый, ӕвӕццӕгӕн, иу рагон чиныгӕй дӕр нӕй зӕгъӕн. Суанг раджы замантӕй, Иерапойлаг Папий куы цард (н. э. 2 ӕнусы фыццаг ӕмбис), уӕдӕй фӕстӕмӕ ис бӕлвырдгӕнӕнтӕ, фыццаг Евангели Матфей кӕй ныффыста ӕмӕ ӕцӕгдӕр Хуыцауы Ныхасӕй кӕй у. Иу энциклопедийы фыст ис: «Матфейы чиныгӕй скъуыддзӕгтӕ хаста Хъизӕмаргӕнӕг Юстин; Диогнетмӕ фыстӕг чи фыста, уый (Otto. Justin Martyr. Vol. ii); Гегезипп; Ириней; Татиан; Афинагор; Феофил; Тертуллиан ӕмӕ Ориген. Матфейы чиныгӕй-иу скъуыддзӕгтӕ кӕй радзырдтой, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ-иу сӕ куыд дзырдтой, стӕй чиныгыл кӕй ӕууӕндыдысты, гыццыл дӕр ыл кӕй нӕ дызӕрдыг кодтой, уымӕ гӕсгӕ дӕр ис зӕгъӕн: чиныджы цыдӕр ивддзинӕдтӕ ӕрцыдаид, уымӕн гӕнӕн нӕ уыд»a. Уӕдӕ Матфей Чырыстийы апостол кӕй уыд ӕмӕ йын Хуыцау йӕ сыгъдӕг удӕй кӕй хай кодта, уымӕ гӕсгӕ нӕ фидарӕй уырны, цыдӕриддӕр ныффыста, уыдон иууылдӕр раст кӕй сты.
6 Матфей йӕ чиныг ныффыста Палестинӕйы. Бӕлвырдӕй кӕд, уый бӕрӕг нӕу, фӕлӕ чиныджы иуӕй-иу къухфыстыты (се ’ппӕт дӕр сты н. э. 10 ӕнусӕй фӕстӕдӕр фыст) кӕронбӕттӕны ныхӕстӕм гӕсгӕ зӕгъӕн ис, уый кӕй уыд н. э. 41 азы. Матфей йӕ Евангели фыццаг ныффыста дзуттаг ӕвзагыл, фӕстӕдӕр та йӕ грекъаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодта. Иероним йӕ чиныджы фыста: «Матфей, Леви дӕр ӕй хуыдтой, хъалонисӕгӕй апостол чи сси, уый Чырыстийы тыххӕй Иудейӕйы фыццаг ныффыста дзуттаг ӕвзагыл»b. Иероним ма дзырдта, ацы Евангели дзуттаг ӕвзагыл кӕй уыд йӕ рӕстӕджы дӕр (н. э. 4 ӕмӕ 5 ӕнустӕ), Памфил Кесарийы кӕй ӕрӕмбырд кодта, уыцы библиотекӕйы.
7 Ӕртыккаг ӕнусы райдианы Ориген Евангелиты кой кӕнгӕйӕ, ӕрхаста Евсевийы ныхӕстӕ: «Фыццаг ныффыста... Матфей дзуттаг ӕвзагыл... цӕмӕй иудейтӕй чырыстон дин чи райста, уыдон ӕй ӕмбӕрстаиккой»c. Ацы Евангели фыццаджыдӕр дзуттӕгтӕн фыст кӕй ӕрцыд, уый бӕрӕг у, Йесойы хӕдзарвӕндаджы номхыгъд дзы кӕй ис, уымӕй. Уыцы номхыгъдӕй зыны, Йесо ӕцӕгӕйдӕр кӕй уыд Авраамы байзӕддаг. Стӕй ма чиныджы ис бирӕ стихтӕ Дзуттаг Фыстытӕй Мессийӕйы ӕрцыды тыххӕй. Фидарӕй зӕгъӕн ис, Матфей Дзуттаг Фыстытӕй цы стихтӕ хаста, уым Хуыцауы ном кӕм уыд, уыцы ран тетраграмматон кӕй фыста. Уымӕ гӕсгӕ Матфейы чиныджы Ног дунейы тӕлмацы Хуыцауы ном фыст ис 18 хатты, растдӕр 19 ӕнусы дзуттаг ӕвзагыл Ф. Делич кӕй ныммыхуыр кодта, уыцы Матфейы Евангелийы куыд у, афтӕ. Кӕд дзуттӕгтӕ мӕнгуырнындзинады тыххӕй Хуыцауы ном дзурын нӕ уӕндыдысты, уӕддӕр Йесойау Матфей дӕр кадджын кодта Хуыцауы ном (Матф. 6:9; Иоан. 17:6, 26).
8 Матфей хъалонисӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ бӕлвырд фыста ӕхца, нымӕцтӕ ӕмӕ ӕргъты тыххӕй (Матф. 17:27; 26:15; 27:3). Матфей стыр аргъ кодта Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн, уымӕн ӕмӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй цы хъалонисӕгмӕ кастысты, уымӕн бар радта, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнын райдыдтаид ӕмӕ Йесойы ӕмбал суыдаид. Уымӕ гӕсгӕ, ӕрмӕстдӕр Матфей ныффыста, Йесо цалдӕр хатты кӕй загъта, нывӕндтӕй уӕлдай ма фӕлмӕнзӕрдӕдзинад хъӕуы, зӕгъгӕ (9:9–13; 12:7; 18:21–35). Матфейыл тынг фӕзынд, Йегъовӕ йӕм йе стыр хорзӕх кӕй равдыста ӕмӕ йӕ уый сразӕнгард кодта, Йесо цы зӕрдӕмӕхъаргӕ ӕмӕ фӕлмӕн ныхӕстӕ загъта, уыдон ныффыссын: «Фыдӕбон чи кӕны ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хӕссы,– уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз уӕ уаргъ фӕрог кӕндзынӕн. Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут ӕмӕ мӕнӕй сахуыр ут, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг, ӕмӕ ссардзыстут удӕнцой. Уымӕн ӕмӕ ме ’фсондз у ӕнцонхӕссӕн, мӕ уаргъ та – рог» (11:28–30). Цы удӕнцой ӕрхастаиккой ацы фӕлмӕн ныхӕстӕ, йе ’мтуг адӕмы ӕфхӕрдӕй йӕ зӕрдӕ кӕмӕн сцъӕх, уыцы кӕддӕры хъалонисӕгӕн!
9 Матфей йӕ чиныджы уӕлдай ӕргом раздӕхта, Йесо сӕйраджыдӕр «уӕларвон паддзахады» тыххӕй кӕй ахуыр кодта, уымӕ (4:17). Матфей Чырыстийы нымадта Хуыцауы ныхас хъусынгӕнӕгыл ӕмӕ Паддзахыл. Йӕ чиныджы дзырд «паддзахад»-ӕй афтӕ арӕх кӕй пайда кӕны (50 хаттӕй фылдӕр), уымӕ гӕсгӕ йӕ Евангели схонӕн ис Паддзахады тыххӕй Евангели. Матфейӕн ахсджиагдӕр уыд, хабӕрттӕ куыд цыдысты, уый бӕлвырд ныффыссын нӕ, фӕлӕ Йесойы ныхӕстӕ ӕнцонӕмбарӕн куыд уыдаиккой, уый. Фыццаг 18 сӕры дзырд сӕйрагдӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ дзы хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл фыст не сты. Фӕлӕ фӕстаг 10 сӕры (19-ӕй 28-мӕ) Матфей хабӕрттӕ ныффыста, куыд цыдысты, афтӕ, фӕлӕ йӕ ныхасы сӕр уӕддӕр уыд Паддзахад.
10 Матфей йӕ Евангелийы цы хабӕрттӕ кӕны, уыдонӕн сӕ 42 проценты иннӕ ӕртӕ чиныджы не стыd. Уыцы хабӕрттӕм хауы, ӕппынкъаддӕр, дӕс фӕсномыг ныхасы: хуымы хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй (13:24–30), ныгӕд хӕзнаты тыххӕй (13:44), зынаргъ налхъуыты тыххӕй (13:45, 46), кӕсагахсӕн хызы тыххӕй (13:47–50), дурзӕрдӕ цагъары тыххӕй (18:23–35), кусджытӕ ӕмӕ динарты тыххӕй (20:1–16), фыд ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты тыххӕй (21:28–32), паддзахы фырты чындзӕхсӕвы тыххӕй (22:1–14), дӕс чызджы (25:1–13) ӕмӕ талантты тыххӕй (25:14–30). Чиныджы дзырд цӕуы, Йесо н. э. агъоммӕ 2 азы куы райгуырд, уӕдӕй, н. э. 33 азы уӕлӕрвтӕм ссӕуыны размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ куы фембӕлд, уӕдмӕ цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоныл.
ЦЫ ПАЙДА У
29 Матфейы чиныг хорз бӕтты Дзуттаг Фыстытӕ ӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ. Бӕлвырдӕй амоны, чи у Мессийӕ ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрд Паддзахады Паддзах. Ӕмбарын кӕны, цы хъӕуы, цӕмӕй адӕймаг Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг суа ӕмӕ чырыстӕттӕм зӕххыл цы куыст ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Фыццаг уал Аргъауӕг Иоанн, стӕй Йесо Чырысти ӕмӕ фӕстагмӕ йӕ апостолтӕ хъусын кодтой: «Уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг». Уымӕй уӕлдай ма, Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы хабар хъусын кӕной суанг ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ: «Паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон». Раздӕрау абон дӕр стыр кад у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийау «ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр цӕттӕ кӕнын ахуыргӕнинӕгтӕ»! (3:2; 4:17; 10:7; 24:14; 28:19).
30 Матфейы Евангели ӕцӕгдӕр у «хорз хабар». «Хорз хабар» уыд, н. э. 1 ӕнусы йӕ зӕрдӕйӕ чи айста, уыдонӕн. Йегъовӕ Хуыцау афтӕ бакодта, цӕмӕй уыцы «хорз хабар» йӕ тых ма фесӕфтаид нӕ рӕстӕджы дӕр. Суанг чырыстон чи нӕу, уыдоны зӕрдӕмӕ дӕр хъары ацы Евангелийы ахсджиаг хъуыды. Зӕгъӕм, индиаг разамонӕг Мохандас (Махатма) Ганди загъта: «Уӕлхох уацамынд цы стыр зонд дӕтты, уымӕй пайда кӕнут... Уымӕн ӕмӕ дзы цы амындтӕ ис, уыдон алы адӕймагӕн дӕр сты»e.
31 Фӕлӕ уӕддӕр ӕгас дуне дӕр, уыимӕ йӕхи чырыстон чи хоны, уыцы бӕстӕтӕ дӕр дарддӕр тох кӕнынц сӕ зындзинӕдтимӕ. Ӕрмӕстдӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ аргъ кӕнынц, лӕмбынӕг ахуыр кӕнынц ӕмӕ царды пайда кӕнынц Уӕлхох уацамынды ӕмӕ Матфейы чиныджы иннӕ уынаффӕтӕй, ӕмӕ уый руаджы хайджын сты стыр арфӕдзинӕдтӕй. Хорз уаид, ӕдзух нӕ зӕрдыл куы дариккам Чырыстийы ахсджиаг уынаффӕтӕ: ӕцӕг амонд цӕмӕй кӕнгӕ у; ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдау, стӕй бинонты царды тыххӕй; уарзондзинадӕн цы стыр тых ис; Хуыцау цавӕр куывдтытӕм хъусы; уырнындзинадӕй хъӕздыг уай, уый цас хуыздӕр у ӕнӕуи хъӕздыгдзинадӕй; фыццаг бынаты Хуыцауы Паддзахад ӕвӕрын кӕй хъӕуы; табуйаг хъуыддӕгтӕн аргъ кӕнын кӕй хъӕуы; къӕрцхъус ӕмӕ коммӕгӕс кӕй хъуамӕ уӕм. Матфейы 10 сӕры ис Йесойы амындтӕ, «уӕларвон паддзахады» тыххӕй хъусын кӕнын чи райдайы, уыдонӕн. Йӕ фӕсномыг ныхӕсты ис бирӕ ахсджиаг зондзонӕнтӕ, йӕ ныхӕстӕм ын лӕмбынӕг чи хъусы, уыдонӕн. Уымӕй уӕлдай, Йесойы пехуымпарӕдтӕ, зӕгъӕм, йе ’рцыд цӕмӕй хъуамӕ уыдаид бӕрӕг, уыдон нын фидар кӕнынц нӕ уырнындзинад ӕмӕ нӕ фидӕнӕй ныфс уадзынц (5:1–7:29; 10:5–42; 13:1–58; 18:1–20:16; 21:28–22:40; 24:3–25:46).
32 Матфейы Евангелийы ис, чи сӕххӕст, бирӕ ахӕм пехуымпарӕдтӕ. Дзуттаг Фыстыты пехуымпарӕдтӕй дзы уыйбӕрц уый тыххӕй ис, цӕмӕй бӕрӕг уа, куыд сӕххӕст сты, уый. Уыцы пехуымпарӕдтӕ бӕлвырд ӕвдисынц, Йесо Мессийӕ кӕй у, уый. Барӕй афтӕ саразӕн нӕ уыд, цӕмӕй уыцы пехуымпарӕдтӕ лыстӕгдзинӕдты онг дӕр сӕххӕст уыдаиккой. Абарӕн ис, зӕгъӕм, Матфейы 13:14, 15 ӕмӕ Исай 6:9, 10; Матфейы 21:42 ӕмӕ Псалом 118:22, 23; Матфейы 26:31, 56 ӕмӕ Захари 13:7. Уыцы пехуымпарӕдтӕ кӕй сӕххӕст сты, уый ма нын ууыл дзурӕг дӕр у, ӕмӕ Йесо цы загъта (Матфей кӕй ныффыста), уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн, Йегъовӕмӕ «уӕларвон паддзахады» тыххӕй цы диссаджы фӕндтӕ ис, уыдон куы сӕххӕст уой, уӕд.
33 Куыд бӕлвырд ныффыссын кодта Хуыцау, суанг лыстӕгдзинӕдты онг, йӕ Паддзахады сӕргъы кӕй сӕвӕрдта, уыцы Паддзахы царды хабӕрттӕ! Стӕй уыцы пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст сты, уый тыххӕй куыд бӕлвырд ныффыста иузӕрдион Матфей! Матфейы чиныджы пехуымпарӕдтыл ӕмӕ зӕрдӕвӕрдтыл арф хъуыды кӕнгӕйӕ, рӕстдзинад чи уарзы, уыдоны зонындзинӕдтыл ӕмӕ ныфсыл ӕфтдзӕн, ӕмӕ тынгдӕр ӕууӕнддзысты, Йегъовӕйы ном чи скадджын кӕндзӕн, уыцы «уӕларвон паддзахадыл». «Адӕймаджы Фырт йӕ кадджын паддзахбадӕныл куы ’рбада ӕмӕ ӕппӕт дӕр ногӕй куы араза, уӕд» уыцы Паддзахад ӕрхӕсдзӕн ӕнӕкӕрон хорздзинӕдтӕ ӕмӕ стыр циндзинад сӕрныллӕг ӕмӕ рӕстдзинадӕй ӕххормаг адӕмӕн (Матф. 19:28). Ӕппӕт уыцы диссаджы хабӕрттӕ фыст сты Матфейы чиныджы.
[Фиппаинӕгтӕ]
a McClintock and Strong. Cyclopedia of Biblical, Theological, and Ecclesiastical Literature. 1981 Reprint. Vol. V, p. 895.
b «De viris inlustribus» (Concerning Illustrious Men) с. 3. Опубликовано в серии «Библиотека творений святых отцов и учителей церкви западных», издававшейся при Киевской Духовной Академии, книга 8, Творения блаженного Иеронима Стридонского, часть 5, с. 290, Киев, 1879.
c «Церковная история». VI, XXV, 3–6.
d Introduction to the Study of the Gospels, 1896, B. F. Westcott, p. 201.
e Mahatma Gandhi’s Ideas, 1930, by C. F. Andrews, p. 96.