Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w00 1/2 9–14 фф.
  • «Хӕзнатӕ» дзаг кӕнынц Иегъовӕйы хӕдзар

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Хӕзнатӕ» дзаг кӕнынц Иегъовӕйы хӕдзар
  • Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Пехуымпарады сӕххӕст I ӕнусы
  • Нырыккон «хӕзнатӕ»
  • «Ма тӕрсут!»
  • «Ӕз уемӕ дӕн»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Йегъовӕйы ӕнӕуынгӕ кувӕндоны кӕй лӕггад кӕныс, уымӕн аргъ кӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Аггей ӕмӕ Захарийы чингуытӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Фидар ут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
w00 1/2 9–14 фф.

«Хӕзнатӕ» дзаг кӕнынц Иегъовӕйы хӕдзар

«Базмӕлын кӕндзынӕн ӕппӕт адӕмты ӕмӕ ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕмты хӕзнатӕ, ӕмӕ байдзаг кӕндзынӕн ацы хӕдзар кадӕй» (АГГЕЙ 2:7, АМТ).

1. Исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд фыццаджыдӕр нӕ уарзон адӕмыл цӕмӕн фӕхъуыды кӕнӕм?

ЦАВӔР хӕзнатӕ ис дӕ хӕдзары? Зынаргъ дзаумӕттӕ, ӕппӕты ногдӕр компьютер, дӕ кӕрты та ног хӕдтулгӕ? Кӕд дӕм ӕппӕт уыдӕттӕ ис, уӕддӕр цымӕ не сразы уыдзынӕ, дӕ хӕдзары ӕппӕты зынаргъдӕр кӕй сты адӕм — дӕ бинонтӕ? Зӕгъӕм, иу ӕхсӕв фӕздӕджы тӕфмӕ райхъал дӕ. Кӕсыс, ӕмӕ дӕ хӕдзар ссыгъд, ӕмбарыс, иу уысм дӕр фӕстиатгӕнӕн кӕй нӕй, хъӕуы лидзын! Цӕуыл ахъуыды кӕндзынӕ фыццаджыдӕр? Дӕ хӕдзары дзаумӕттыл? Дӕ компьютерыл? Дӕ хӕдтулгӕйыл? Ӕви, фыццаджыдӕр, кӕй уарзыс, уыдоны мӕт бакӕндзынӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ уарзон адӕмыл, уымӕн ӕмӕ уыдон цыфӕнды дзаумӕттӕй дӕр зынаргъдӕр сты.

2. Иегъовӕ цытӕ сфӕлдыста ӕмӕ уыдонӕй Йесойӕн иууыл зынаргъдӕр цы уыд?

2 Ныр та ахъуыды кӕнӕм Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийыл. Иегъовӕ у, «арв ӕмӕ зӕхх ӕмӕ денджызтӕ ӕмӕ ӕппӕт уыдоны цы ис, уыдон Скӕнӕг» (Куыстытӕ 4:24). Иегъовӕ ӕппӕтдӕр сфӕлдыста йӕ Фырты уылты. Уый йын уыд «дӕсны ӕххуысгӕнӕг» (НТ) (Фӕсномыг ныхӕстӕ 8:30, 31; Иоанны 1:3; Колоссӕгтӕм 1:15—17). Иегъовӕ ӕмӕ Йесо цы сфӕлдыстой, уый сын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зынаргъ у. (Абар Уӕвынад 1:31.) Фӕлӕ сын, дӕумӕ гӕсгӕ, се сфӕлдыстадӕй зынаргъдӕр цы у — дзаумӕттӕ ӕви адӕм? Куыд зондджындзинады фӕлгонц, афтӕ Йесо дзуры: «Мӕ циндзинад уыдис зӕххон адӕмимӕ».

3. Иегъовӕ Аггейы уылты цавӕр пехуымпарад фехъусын кодта?

3 Бӕгуыдӕр, Иегъовӕ тынг аргъ кӕны адӕмӕн. Уымӕн иу бӕлвырдгӕнӕн ссарӕн ис, н. э. агъоммӕ 520 азы йӕ пехуымпар Аггейы уылты кӕй загъта, уыцы пехуымпарадон ныхӕсты. Иегъовӕ фехъусын кодта: «Базмӕлын кӕндзынӕн ӕппӕт адӕмты ӕмӕ ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕмты хӕзнатӕ, ӕмӕ байдзаг кӕндзынӕн ацы хӕдзар кадӕй... Фӕстаг хӕдзары кад уыдзӕн фыццагӕй стырдӕр» (Аггей 2:7, 9, АМТ).

4, 5. а) Цӕмӕ гӕсгӕ нӕ уаид раст зӕгъын, зӕгъгӕ, дзырд «хӕзнатӕ» хауы материалон хъӕздыгдзинӕдтӕм? ӕ) Дӕумӕ гӕсгӕ «хӕзнатӕ» цы сты ӕмӕ цӕмӕн?

4 Иегъовӕйы хӕдзар чи хъуамӕ байдзаг кодтаид ӕмӕ уыцы хӕдзарӕн уӕды онг чи нӕ уыд, ахӕм кад чи хъуамӕ ӕрхастаид, уыцы «хӕзнатӕ» цы уыдысты? Зынаргъ ӕмӕ рӕсугъд дзаумӕттӕ? Сызгъӕрин, ӕвзист ӕмӕ зынаргъ дуртӕ? Нӕ, афтӕ куы зӕгъиккам, уӕд мах раст нӕ уаиккам. Ӕрхъуыды ма кӕн, фыццаг кувӕндон, фондз сӕдӕ азы размӕ чи байгом, уый саразынӕн цӕй стыр хӕрдзтӕ бахъуыд!a Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕ зыдта, ӕрыздӕхӕг иудейты гыццыл къорд кӕй сараздзӕн, уыцы дыккаг кувӕндон Соломоны кувӕндоны хъӕздыгдзинады цур рыг дӕр кӕй нӕ калдзӕн!

5 Уӕдӕ уӕд цавӕр «хӕзнатӕ» хъуамӕ байдзаг кодтаиккой Иегъовӕйы хӕдзар? Бӕрӕг у, адӕмыл кӕй цыдис дзырд, уый. Уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ ӕвзист ӕмӕ сызгъӕринтыл нӕ цин кӕны, фӕлӕ йын сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, уыцы адӕмыл (Фӕсномыг ныхӕстӕ 27:11; 1 Коринфӕгтӕм 10:26). О, Иегъовӕ аргъ кӕны, йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ йын чи кувы, уыцы нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕй алкӕмӕндӕр (Иоанны 4:23, 24). Уыдон сты «хӕзнатӕ», ӕмӕ, Соломоны кувӕндон цы хъӕздыгдзинӕдтӕй уыд фӕлыст, уыдонӕй Иегъовӕйӕн бирӕ зынаргъдӕр сты.

6. Хуыцауы рагон кувӕндонӕн йӕ нысан цы уыд?

6 Кӕд кувӕндон аразгӕйӕ иудейтӕ алыхуызон цӕлхдуртыл ӕмбӕлдысты, уӕддӕр н. э. агъоммӕ 515 азы арӕзт фӕцис. Цалынмӕ Йесо йӕ цард нывондӕн не ’рхаста, уӕдмӕ Иерусалимы кувӕндон уыдис сыгъдӕг кувынады артдзӕст бирӕ «хӕзнатӕн»; уыдон уыдысты иудейтӕй ӕмӕ муртаттаг прозелиттӕй. Фӕлӕ дарддӕр куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй уыцы кувӕндон амыдта стырдӕр цӕмӕдӕр.

Пехуымпарады сӕххӕст I ӕнусы

7. а) Цӕмӕ амыдта Хуыцауы рагон кувӕндон Иерусалимы? ӕ) Радзур, Балхӕды бон-иу хистӕр сауджын цы арӕзта, уый тыххӕй.

7 Иерусалимы кувӕндон амыдта кувынады стырдӕр скондмӕ. Уый ӕвдыста, н. э. 29 азы Иегъовӕ Йесойы Хистӕр сауджынӕй куы снысан кодта, уӕд йӕ тыхы чи бацыд, уыцы духовон кувӕндон (Дзуттытӕм 5:4—10; 9:11, 12). Дӕ хъус ма ӕрдар, Израилы хистӕр сауджыны хӕстӕ ӕмӕ Йесойы хъуыддӕгты ’хсӕн цы иудзинад ис, уымӕ. Алы аз дӕр-иу Балхӕды бон хистӕр сауджын бацыд, кувӕндоны кӕрты цы нывондхӕссӕн лӕууыд, уый цурмӕ ӕмӕ-иу сауджынты тӕригъӕдты тыххӕй нывондӕн ӕрхаста род. Стӕй-иу роды тугимӕ бацыд кувӕндонмӕ, уырдыгӕй та-иу, кӕрт Сыгъдӕг бынатӕй цы дуӕрттӕ хицӕн кодтой, уыдоны фӕстӕмӕ, стӕй та-иу бахызт, Сыгъдӕг бынат Сыгъдӕджыты Сыгъдӕгӕй чи хицӕн кодта, уыцы ӕмбӕрзӕны фӕстӕмӕ. Фыццаг уал-иу Сыгъдӕджыты Сыгъдӕджы хистӕр сауджын туг бапырх кодта фӕдзӕхсты ковчегы раз. Уый фӕстӕ-иу уыцы ӕгъдӕуттӕ сфӕлхатгӕнгӕйӕ, Израилы 12 фӕлтӕры тӕригъӕдты тыххӕй нывондӕн ӕрхаста сӕгъ (Левит 16:5—15). Цымӕ уыцы фӕткӕн Хуыцауы духовон кувӕндонимӕ цы иудзинад ис?

8. а) Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, н. э. 29 азӕй Йесо лӕвӕрд уыд нывондӕн? ӕ) Йесо зӕххыл йӕ лӕггаддзинад куы райдыдта, уӕд ын йӕ Фыдимӕ цавӕр диссаджы ахастытӕ уыд?

8 Уӕдӕ н. э. 29 азы Йесо донаргъуыд куы райста ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг удӕй сӕрст куы ’рцыд, уӕд Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ лӕвӕрд ӕрцыд нывондӕн (Лукайы 3:21, 22). Ӕцӕгдӕр, уыцы цауӕй райдыдта Йесойы сӕрмагонд цардвӕндаг ӕмӕ ахаста ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг. Уыцы фӕндаг ӕй хъуамӕ ӕркодтаид йӕ цард нывондӕн раттынмӕ (Дзуттытӕм 10:5—10). Уыцы рӕстӕджы дӕргъы Йесойӕн Хуыцауимӕ уыдис, ӕрмӕстдӕр духовон фырттӕн чи вӕййы, ахӕм ахастытӕ. Йесойӕн йӕ Фыдимӕ цы диссаджы ахастытӕ уыд, уыдон иннӕ адӕмӕн сӕ бон нӕ уыд кӕронмӕ бамбарын. Уавӕр афтӕ уыд, цыма се ’мбарындзинады цӕстытӕ цӕмӕйдӕр ӕмбӕрзт уыдысты, скинийы кӕрты цы адӕм уыд, уыдонӕй ӕмбӕрзӕн Сыгъдӕг бынат куыд ӕмбӕрзта, афтӕ (Рацыд 40:28).

9. Йесойӕн йӕ бон арвмӕ адӕймагӕй ссӕуын цӕуылнӕ уыд ӕмӕ уыцы хъуыддаг цыхуызы ӕрцыд лыггонд?

9 Кӕд Йесо Хуыцауы удӕй сӕрст Фырт уыд, уӕддӕр куыд адӕймаг, афтӕ уӕларвон цард райсын йӕ бон нӕ уыд. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ буар ӕмӕ тугӕн сӕ бон нӕу Хуыцауы уӕларвон Паддзахадмӕ бацӕуын (1 Коринфӕгтӕм 15:44, 50). Уӕдӕ иугӕр Йесойы йӕ зӕххон буар хъыгдардта, уӕд ын ӕмбӕлон рагфӕлгонц уыд, Хуыцауы рагон кувӕндоны Сыгъдӕг бынат Сыгъдӕджыты Сыгъдӕгӕй цы ӕмбӕрзӕн хицӕн кодта, уый (Дзуттытӕм 10:20). Фӕлӕ Йесо куы амард, уӕд ӕй ӕртӕ боны фӕстӕ Хуыцау духовон гоймагӕй райгас кодта (1 Петры 3:18). Ӕмӕ уӕд йӕ бон уыд Хуыцауы духовон кувӕндоны Сыгъдӕджыты Сыгъдӕгмӕ, ома арвмӕ, ссӕуын. Ӕмӕ растдӕр афтӕ ӕрцыд. Павел фыста: «Чырысти къухӕй конд кувӕндонмӕ нӕ бацыд, ӕцӕджы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ арӕзт чи уыд, фӕлӕ арвӕн йӕхимӕ, цӕмӕй ӕрлӕууа ныр мах тыххӕй Хуыцауы цӕсгомы раз» (Дзуттытӕм 9:24).

10. Йесо уӕларвмӕ куы сыздӕхт, уӕд цы сарӕзта?

10 Уӕларвыл Йесо йӕ царды ахӕстаргъ Иегъовӕйӕн кӕй ратта, уый афтӕ уыдис, цыма йӕ нывонды туг «бапырх кодта». Фӕлӕ Йесо канд уый нӕ сарӕзта. Йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн уый загъта: «„Ӕз цӕуын сымахӕн бынат ӕрцӕттӕ кӕнынмӕ“. Ӕмӕ куы ацӕуон ӕмӕ [куы] ӕрцӕттӕ кӕнон бынат сымахӕн, [уӕд] ӕрцӕудзынӕн ногӕй ӕмӕ акӕндзынӕн сымах Мӕхимӕ, цӕмӕй сымах дӕр, Ӕз кӕм дӕн, уым уат» (Иоанны 14:2, 3). Афтӕ, Йесо Сыгъдӕджыты Сыгъдӕгмӕ, кӕнӕ уӕларвмӕ, бацӕуыны бар кӕй райста, уый фӕрцы уырдӕм фӕндаг бакодта ӕндӕртӕн дӕр (Дзуттытӕм 6:19, 20). Сӕ нымӕц у 144 000 мины, ӕмӕ уыдон Хуыцауы духовон кувӕндоны сконды лӕггад кӕндзысты сауджынтӕй (Раргомад 7:4; 14:1; 20:6). Израилы хистӕр сауджын-иу фыццаг Сыгъдӕджыты Сыгъдӕгмӕ сауджынты тӕригъӕдты тыххӕй роды туг куыд бахаста, афтӕ Йесойы туджы аргъӕй дӕр фыццаджыдӕр пайда исынц 144 000 сауджыныb.

Нырыккон «хӕзнатӕ»

11. Израилы хистӕр сауджын-иу сӕгъ нывондӕн кӕй тыххӕй ӕрхаста ӕмӕ уый цӕй рагфӕлгонц уыд?

11 Куыд зыны, афтӕмӕй 1935 азы сӕрстытӕ ӕмбырд ӕрцыдыстыc. Фӕлӕ Иегъовӕ йӕ хӕдзар кадӕй кӕронмӕ нӕма байдзаг кодта. «Хӕзнатӕ» ма ноджыдӕр хъуамӕ цыдаиккой йӕ хӕдзармӕ. Хъуыды ма кӕныс, Израилы хистӕр сауджын-иу нывондӕн кӕй ӕрхаста дыууӕ цӕрӕгойы — род сауджынты тӕригъӕдты тыххӕй, сӕгъ та ӕнӕсауджын фӕлтӕрты тӕригъӕдты тыххӕй. Кӕд сауджынтӕ, уӕларвон Паддзахады Йесоимӕ чи хъуамӕ уа, уыцы сӕрстыты ӕвдыстой, уӕд цымӕ ӕнӕсауджын фӕлтӕртӕ та кӕй ӕвдыстой? Дзуапп ссардзыстӕм Йесойы ныхӕсты. Бакӕсӕм Иоанны 10:16-ӕм стих: «Ис Мӕнӕн ацы кӕртӕй чи нӕу, ахӕм ӕндӕр фыстӕ дӕр, ӕмӕ Мӕн уыдоны дӕр ӕрбакӕнын хъӕуы: ӕмӕ уыдон фехъусдзысты Мӕ хъӕлӕс ӕмӕ уыдзӕн иу дзуг ӕмӕ иу Фыййау». Уӕдӕ Йесойы тугныккалд пайда хӕссы дыууӕ къорды адӕмӕн — фыццаджыдӕр, Йесоимӕ уӕларвыл хицауиуӕг кӕныны ныфс кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕн, уый фӕстӕ та, зӕххон дзӕнӕты ӕнусон цардмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонӕн. Куыд зыны, афтӕмӕй Аггейы пехуымпарады цы «хӕзнаты» кой цӕуы, уыдон сты уыцы дыккаг къорды адӕм (Михей 4:1, 2; 1 Иоанны 2:1, 2).

12. Абон Хуыцауы хӕдзар бирӕ «хӕзнатӕй» куыд дзаг кӕны?

12 Уыцы «хӕзнатӕ» абоны онг дӕр дзаг кӕнынц Иегъовӕйы хӕдзар. Фӕстаг азты Скӕсӕн Европӕйы, Африкӕйы иуӕй-иу бӕстӕты ӕмӕ ӕндӕр рӕтты нӕ архайдӕн бар кӕй раттой, уый фӕрцы Хуыцауы сфидаргонд Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыд хъуыстгонд ӕрцыд, уӕды онг Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты къах кӕм нӕ уыд, ахӕм бынӕтты. «Хӕзнатӕ» Хуыцауы кувӕндоны хуызӕн арӕзт организацимӕ куы ’рцӕуынц, уӕд Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ дарддӕр сӕхӕдӕг дӕр фӕархайынц ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныныл (Матфейы 28:19, 20, НД). Уыдон фембӕлынц бирӕ ӕндӕр адӕмыл, ӕрыгӕттыл ӕмӕ ацӕргӕтыл, ӕмӕ уый фӕрцы уыдонӕн дӕр фӕзыны фадат, цӕмӕй суой, Иегъовӕйы хӕдзарӕн кад чи хӕсдзӕн, ахӕм «хӕзнатӕ». Ӕркӕсӕм, уыцы хъуыддаг куыд цӕуы, уый ӕвдисӕг цалдӕр цӕвиттонмӕ.

13. Боливийӕ иу гыццыл чызг, Паддзахады уацхъуыд хъусын кӕнын ӕй зӕрдиагӕй кӕй фӕндыд, уый куыд равдыста?

13 Боливийы, йӕ ныййарджытӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕн сты, иу ахӕм фондзаздзыд чызг йӕ ахуыргӕнӕгӕй бар ракуырдта, цӕмӕй цӕуӕг цӕстдарӕг се ’мбырды куы уа, уыцы къуыри йӕ уроктӕй ссӕрибар кӕна. Цӕмӕн? Уый фӕндыд уыцы къуырийы дӕргъы лӕггаддзинады хайад исын. Йӕ ныййарджытӕм уый тынг диссаг фӕкаст, фӕлӕ сын ӕхсызгон дӕр куыннӕ уыд, сӕ чызгӕн ахӕм хорз ахаст кӕй ис, уый. Уыцы гыццыл чызг ныртӕккӕ Библи ахуыр кӕны фондз адӕймагимӕ ӕмӕ кӕимӕ ахуыр кӕны, уыдонӕй цалдӕр цӕуынц чырыстон фембӕлдтӕм. Суанг ма йӕ ахуыргӕнӕджы дӕр ӕрбакодта Паддзахады Залмӕ. Чи зоны, Библи кӕимӕ ахуыр кӕны, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сӕхӕдӕг дӕр суой «хӕзнатӕ» ӕмӕ Иегъовӕйы хӕдзар кадджын кӕной.

14. Фыццаг бакастӕй цымыдис чи нӕ кодта, ахӕм адӕймагимӕ ныхасгӕнгӕйӕ, нӕ хо хъӕддыхдзинад кӕй равдыста, уый цавӕр хорз фӕстиуджытӕм ӕркодта?

14 Корейы иу чырыстон сылгоймаг поездмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ныхас кӕнын райдыдта, наушниктимӕ чи лӕууыд ӕмӕ музыкӕмӕ чи хъуыста, ахӕм студентимӕ. «Искӕцы диныл хӕст дӕ, мыййаг?» — бафарста йӕ сылгоймаг. Студент ын дзуапп ратта: «Динимӕ мын иумӕйагӕй ницы ис». Ахӕм дзуапп фехъусгӕйӕ, хо нӕ фӕтыхст. «Фӕстӕдӕр дӕ чи зоны бафӕнда искӕцы диныл ныххӕцын,— адарддӕр кодта йӕ ныхас сылгоймаг,— фӕлӕ дины тыххӕй куы ницы зонай, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕрӕдиай». Уыцы ныхӕстӕм студенты ахаст фӕивта ӕмӕ стыр цымыдисимӕ райдыдта хъусын нӕ хомӕ. Уый йын равдыста чиныг «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?» ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ, искуы дӕ искӕцы дин райсын куы бафӕнда, уӕд дын ацы чиныг уыдзӕн стыр ӕххуыс. Уый тынг ӕхсызгонӕй райста чиныг. Къуырийы фӕстӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ райдыдта Библи ахуыр кӕнын, ныр та цӕуы ӕмбырды фембӕлдтӕм дӕр.

15. Японӕй иу ӕрыгон чызг искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын куыд райдайы ӕмӕ афтӕ зӕрдиагӕй кӕй архайы, уый тыххӕй куыд цӕуы арфӕгонд?

15 Японы 12-аздзыд чызг Мегуми зӕгъы, зӕгъгӕ, йе скъола у диссаджы бынат хъусын кӕнынӕн ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынӕн. Уый бирӕ кӕимӕдӕрты райдыдта Библи ахуыр кӕнын. Цыхуызы ӕфты уый Мегумийы къухы? Урокты ’хсӕн стыр улӕфты рӕстӕджы фӕкӕсы Библи кӕнӕ ӕмбырды фембӕлдтӕм фӕцӕттӕ кӕны ӕмӕ йӕ йе ’мкъласонтӕ арӕх фӕфӕрсынц, цы ми кӕныс, зӕгъгӕ. Иуӕй-иуты фӕфӕнды базонын, Мегуми скъолайы ӕппӕт хъуыддӕгты хайад цӕуылнӕ фӕисы, уый. Уый сын сӕ фарстатӕн дзуапп ратты ӕмӕ сын фӕзӕгъы, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн ис ном. Арӕх уый цымыдисаг фӕкӕсы, чи йӕм фӕхъусы, уыдонмӕ. Ӕмӕ сын уӕд фӕзӕгъы, Библи ахуыр кӕнын райдайӕм, зӕгъгӕ. Ныртӕккӕ Мегуми Библи ахуыр кӕны 20 адӕймагимӕ, ӕмӕ уыдонӕй 18 сты йе ’мкъласонтӕ.

16. Камеруны не ’фсымӕр, чи йыл худтис, уыдонӕй цалдӕримӕ Библи ахуыр кӕнын куыд райдыдта?

16 Камеруны аст адӕймаджы куыстой иу арӕзтады. Уыцы рӕстӕджы, кӕм куыстой, уырдӕм хӕстӕг уынджы не ’фсымӕр парахат кодта библион литературӕ. Сӕ зӕрды уыд ӕфсымӕрӕй ахынджылӕг кӕнын, ӕмӕ йӕм уый тыххӕй фӕдзырдтой ӕмӕ йӕ бафарстой, Ӕртӕуон, зындон ӕмӕ уд ӕнӕмӕлгӕ кӕй у, ууыл цӕуылнӕ ӕууӕндыс, зӕгъгӕ. Не ’фсымӕр сын сӕ фарстатӕн дзуапп ратта Библийӕ. Ӕмӕ уӕд уыцы нӕлгоймӕгтӕй ӕртӕйы бафӕндыд Библи ахуыр кӕнын. Сӕ иу, Даниэль, зӕгъгӕ, цӕуын райдыдта фембӕлдтӕм ӕмӕ ма йӕ хӕдзары хӕйрӕджытимӕ баст цыдӕриддӕр дзаумӕттӕ уыдис, уыдон дӕр скуынӕг кодта (Раргомад 21:8). Афӕдз дӕр нӕ рацыд, афтӕ аргъуыд райста.

17. Раздӕр Паддзахады уацхъуыдмӕ хъусын кӕй нӕ фӕндыд, уыцы нӕлгоймагимӕ аныхас кӕныны тыххӕй ӕфсымӕртӕ ӕрхъуыдыджындзинад куыд равдыстой?

17 Сальвадоры-иу иу лӕг Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты йӕ хӕдзарырдӕм цӕугӕ куы федта, уӕд-иу хӕдзары бацӕуӕны бабаста хъӕхъхъаг куыдз. Лӕг-иу банхъӕлмӕ каст, ӕмӕ-иу Ӕвдисӕнтӕ йӕ хӕдзары рӕзты куы ацыдысты, уӕд-иу куыдзы фӕстӕмӕ хӕдзармӕ бакодта. Ӕфсымӕртӕн никуыд уыд сӕ бон йемӕ аныхас кӕнын. Иу бон сфӕнд кодтой ӕндӕр хуызы бафӕлварын. Уыцы лӕг сын сӕ ныхӕстӕ кӕй хъусы, уый зонгӕйӕ, куыдзӕн райдыдтой «хъусын кӕнын». Хӕдзармӕ хӕстӕг бацыдысты, куыдзӕн салам раттой ӕмӕ загътой, зӕгъгӕ нын тынг ӕхсызгон у демӕ аныхас кӕнын. Уыдон ын радзырдтой, тагъд рӕстӕджы зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, фыдзӕрдӕ адӕм кӕй нал уыдзӕн, суанг ма цӕрӕгойтӕ дӕр сабыр кӕй уыдзысты. Уый фӕстӕ куыдзӕн уӕзданӕй хӕрзбон загътой ӕмӕ цӕуынвӕнд скодтой. Фӕлӕ дын уӕдмӕ кӕсынц ӕмӕ мӕнӕ диссаг: хицау сӕ размӕ рацыд ӕмӕ хатыр ракуырдта, Ӕвдисӕнтӕн йемӕ аныхас кӕныны фадат кӕй никуы ратта, уый тыххӕй. Уый сӕ журналтӕ райста, ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Ныртӕккӕ уыцы нӕлгоймаг у не ’фсымӕр — «хӕзнатӕй» сӕ иу!

«Ма тӕрсут!»

18. Чырыстӕттӕй бирӕтӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, фӕлӕ Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм цы цӕстӕй кӕсы?

18 Ды дӕр Паддзахады уацхъуыд хъусын кӕныс ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны ахсджиаг хъуыддаджы хайад исыс? Кӕд о, уӕд уый дӕуӕн у ӕцӕг стыр кад. Уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ растдӕр уыцы куысты фӕрцы ӕмбырд кӕны «хӕзнатӕ» йӕ хӕдзармӕ (Иоанны 6:44). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хаттӕй-хатт фӕллайгӕ дӕр бакӕныс кӕнӕ дӕ ныфс дӕр асӕтты. Вӕййы афтӕ, ӕмӕ суанг Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй дӕр иуӕй-иутӕм ахӕм ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны, цыма никӕй хъӕуынц кӕнӕ ницы пайда сты. Фӕлӕ макуы басӕтт! Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕй дӕр нымайы зынаргъ хӕзнайыл ӕмӕ йӕ тынг фӕнды, цӕмӕй фервӕзай (2 Петры 3:9).

19. Иегъовӕ Аггейы уылты цавӕр зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ загъта ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ мах куыд фидар кӕнынц?

19 Нӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый тыххӕй кӕнӕ ӕндӕр исты уӕззау уавӕрты аххосӕй нӕ ныфс куы асӕтта, уӕд нын стыр ӕххуыс уыдзысты, Иегъовӕ, уацарӕй чи ӕрыздӕхт, уыцы иудейтӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ. Аггейы 2:4—6-ӕм стихты (АМТ) мах кӕсӕм: «Фӕлӕ фидар лӕуу, Зерувавель, дзуры Иегъовӕ; ӕмӕ ды дӕр, номдзыд сауджын, Иоцадакы фырт Йесо, фидар лӕуу; ӕппӕт бӕстӕйы адӕм фидар ут, дзуры Иегъовӕ, ӕмӕ уӕ куыст кӕнут: уымӕн ӕмӕ Ӕз уемӕ дӕн, дзуры ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕ. Египетӕй куы рацыдыстут, уӕд уемӕ цы бадзырд сарӕзтон, уымӕ гӕсгӕ... ӕмӕ Мӕ Сыгъдӕг Уд ис уе ’хсӕн: ма тӕрсут! Уымӕн ӕмӕ афтӕ дзуры ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕ: иу хатт ма, иу чысыл ма, ӕмӕ Ӕз базмӕлын кӕндзынӕн арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ сурзӕхх». Банысан кӕнын хъӕуы, Иегъовӕ нӕм ӕрмӕст сидгӕ кӕй нӕ кӕны, фидар лӕуут, зӕгъгӕ, фӕлӕ нын уымӕн тых дӕр кӕй дӕтты. Куыд? Дӕ хъус ма ӕрдар йӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕм: «Ӕз уемӕ дӕн». Уымӕй стырдӕр тых ма нын цы хъуамӕ дӕтта, куы зонӕм, цыфӕнды зындзинадыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр Иегъовӕ немӕ кӕй ис! (Ромӕгтӕм 8:31).

20. Цавӕр диссаджы кадӕй дзаг кӕны Иегъовӕйы хӕдзар?

20 Иегъовӕ йӕ адӕмимӕ кӕй ис, уый бирӕ хӕттыты сбӕлвырд кодта. Хъуыддӕгтӕ ӕцӕгдӕр цӕуынц, пехуымпар Аггейы уылты йӕхӕдӕг куыд загъта, растдӕр афтӕ: «Фӕстаг хӕдзары кад уыдзӕн фыццагӕй стырдӕр... ӕмӕ ацы бынатмӕ Ӕз ӕрхӕсдзынӕн фарн» (Аггей 2:9). Ӕцӕгдӕр, абон стырдӕр кад ис Иегъовӕйы духовон кувӕндоны. Ахъуыды ма кӕн, алы аз дӕр сӕдӕгай мин адӕймаджы ӕрбаиу вӕййы ӕцӕг кувынадмӕ. Уыдон ӕфсӕст сты духовон хӕринагӕй ӕмӕ ӕгӕрыстӕмӕй ацы змӕст, хӕццӕ дунейы дӕр се ’хсӕн ис стыр фарн. Уымӕй стырдӕр фарн уыдзӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцауы ног дунейы (Исай 9:6, 7; Лукайы 12:42).

21. Ӕппӕт тыхтӕй цӕуыл хъуамӕ архайӕм?

21 Тагъд рӕстӕджы Армагеддоны Иегъовӕ адӕмты базмӕлын кӕндзӕн (Раргомад 16:14, 16). Уымӕ гӕсгӕ ма цы гыццыл рӕстӕг баззад, уымӕй афтӕ хъуамӕ пайда кӕнӕм, цӕмӕй куыд гӕнӕн ис, афтӕ фылдӕр адӕмӕн баххуыс кӕнӕм ирвӕзындзинад райсынӕн. Цӕй уӕдӕ фидар лӕууӕм ӕмӕ Иегъовӕйыл нӕ ныфс кӕронмӕ дарӕм. Цӕй ӕмӕ дарддӕр не ’ппӕт тыхтӕй дӕр архайӕм Иегъовӕйы стыр духовон кувӕндоны лӕггад кӕныныл ӕмӕ нын цалынмӕ, уӕ куыст фӕцис, зӕгъгӕ, нӕ зӕгъа, уӕдмӕ уыцы кувӕндон дзаг кӕнӕм «хӕзнатӕй».

[Фиппаинӕгтӕ]

a Соломоны кувӕндон саразынӕн цы фӕрӕзтӕ ӕрӕмбырд, уыдон абоны ӕхцайӕ уаиккой 40 миллиард доллӕры бӕрц. Уыцы фӕрӕзтӕй кувӕндоны арӕзтадӕн цы нӕ бахъуыд, уый хаст ӕрцыд кувӕндоны хӕзнадонмӕ (3 Паддзахӕдты 7:51).

b Израилы хистӕр сауджынӕй хъауджыдӕр Йесомӕ тӕригъӕдтӕ нӕ уыд, ӕмӕ йын сӕ уымӕ гӕсгӕ хатыр кӕнын дӕр нӕ хъуыд. Фӕлӕ йе ’мсауджынтӕм уыд тӕригъӕдтӕ, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдджын адӕмы ’хсӕнӕй ӕрцыдысты ӕлхӕд (Раргомад 5:9, 10).

c Кӕс «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 1998 аз, 1 мартъи, 13—18-ӕм фӕрстӕ.

Хъуыды ма кӕныс?

• Иегъовӕйӕн материалон хъӕздыгдзинӕдтӕй бирӕ зынаргъдӕр цы у?

• Йесойы тугныккалд цавӕр дыууӕ адӕмы къордӕн хӕссы пайда?

• Цавӕр «хӕзнатӕ» хъуамӕ байдзаг кодтаиккой Иегъовӕйы хӕдзар кадӕй?

• Аггейы пехуымпарад абон кӕй ӕххӕст кӕны, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

[Схемӕ 10 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Иегъовӕйы рагон кувӕндонӕн йӕ нысан цы уыд, уый зоныс?

Сыгъдӕджыты Сыгъдӕг

Ӕмбӕрзӕн

Сыгъдӕг бынат

Тыргъ

Нывондхӕссӕн

Кӕрт

[Ныв 11 фарсыл]

Хистӕр сауджын-иу нывондӕн ӕрхаста род сауджынты тӕригъӕдты тыххӕй, сӕгъ та — Израилы ӕнӕсауджын фӕлтӕрты тӕригъӕдты тыххӕй.

[Ныв 12 фарсыл]

Паддзахады уацхъуыд ӕгас дунейыл кӕй цӕуы хъуыстгонд, уый фӕрцы Иегъовӕйы хӕдзары ӕмбырд кӕны тынг бирӕ адӕм.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын