44 зарӕг
Хуымгӕрдӕны зӕрдӕрайгӕйӕ кусӕм
1. Цӕрӕм мах хуымгӕрдӕны афон,
Уый махӕн ыстыр кад у ’цӕг!
Кӕрдынц хуым Йегъовӕйы зӕдтӕ,
’Мӕ мах дӕр ӕфснайӕм тыллӕг.
Фыццаг хуымтӕм рацыд Чырысти,
’Мӕ не ’ппӕт дӕр уый ныр фӕзмӕм.
Нӕ бӕрны и стыр ӕмӕ кадджын хӕс,
Зӕрдӕрайгӕ хуымтӕ кӕрдӕм.
2. Хуыцауы ’мӕ адӕмы уарзӕм,
Ӕмӕ дзурӕм хорз хабар мах.
Ӕвӕллайгӕ хуымтӕ ӕфснайӕм –
Кӕрон ныр ӕрцӕудзӕни тагъд.
Куыд цин кӕнӕм, уымӕн зӕгъӕн нӕй –
Хуыцауы ӕмкусджытӕ стӕм!
Йӕ куыст ын кӕронмӕ, цӕй, бакӕнӕм,
Йӕ хорздзинӕдтӕй хайджын уӕм!
(Кӕс ма Матф. 24:13; 1 Кор. 3:9; 2 Тим. 4:2.)