Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • kp 9–11 фф.
  • Дӕ цард дӕ кӕдӕм кӕны?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ цард дӕ кӕдӕм кӕны?
  • Ма бафынӕй ут!
Ма бафынӕй ут!
kp 9–11 фф.

Дӕ цард дӕ кӕдӕм кӕны?

• Бирӕтӕ сӕ хъуыддӕгты, сӕ куыстыты, алы сагъӕсты бын афтӕ фесты, ӕмӕ сӕ сӕ цард кӕдӕм кӕны, ууыл хъуыды дӕр нӕ кӕнынц.

• Библи нын дзуры, кӕй нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы хабӕрттӕ. Афтӕ ма нӕ фӕдзӕхсы, ацы дунейы цардӕвӕрд ӕнӕхъӕнӕй дӕр цӕхгӕр кӕй фӕивдзӕн. Цӕмӕй нын уыцы зонындзинӕдтӕ фӕахъаз уой, цӕмӕй ма фесӕфӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы архайын — фӕстӕ кӕнӕн нӕй.

• Ис ахӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ Библи цы дзуры, уый зонынц, стӕй уымӕ гӕсгӕ цӕрыныл дӕр архайынц, фӕлӕ царды сагъӕсты фӕдыл ацӕуынц ӕмӕ адзӕгъӕл вӕййынц.

• Дӕ цард дӕ кӕдӕм кӕны, уымӕй райгонд дӕ? Исты фӕндтӕ дӕм куы фӕзыны, уӕд ахъуыды кӕныс: царды мӕ разы цы стыр нысӕнттӕ ис, уыдон сӕххӕст кӕнын мӕ нӕ бахъыгдардзысты?

[Рамкӕ/Нывтӕ 9 фарсыл]

Царды дын сӕйрагдӕр цы у?

Дӕлдӕр цӕй кой цӕуы, уыдонӕй кӕй кӕцы бынаты сӕвӕрис? Фӕнысан сӕ кӕн: 1, 2, 3 ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

Уыдӕттӕй бирӕтӕ царды хъӕугӕ сты, фӕлӕ хъуыддаг уымӕ куы ӕрцӕуы, ӕмӕ дӕ равзарын хъӕуы, уӕд дын дзы кӕцы вӕййы фыццаг? Дыккаг?...

․․․ Хиирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ фӕллад уадзын

․․․ Мӕ куыст

․․․ Ме ’нӕниздзинад

․․․ Мӕхи уды амонд

․․․ Мӕ цардӕмбал

․․․ Мӕ ныййарджытӕ

․․․ Мӕ сывӕллӕттӕ

․․․ Хорз хӕдзар, хорз дзаумӕттӕ

․․․ Цыфӕнды хъуыддаджы дӕр хъуамӕ уон се ’ппӕтӕй хуыздӕр

․․․ Хуыцауӕн кувын

[Рамкӕ 10, 11 фарсыл]

Дӕ цард куыд аразыс, уый дӕ кӕдӕм кӕны — кӕдӕм дӕ фӕнды, уырдӕм?

АХЪУЫДЫ КӔН АЦЫ ФАРСТЫТЫЛ.

ХИИРХӔФСӔНТӔ ӔМӔ ФӔЛЛАД УАДЗЫН. Хиирхӕфсӕнтӕй ме уӕнг фӕрог вӕййы? Ме ’нӕниздзинадӕн мын ницы зиан кӕнынц кӕнӕ цӕрӕнбонтӕм сахъатӕй куы баззайон, уымӕй тӕссаг не сты? Мыййаг ахӕм «ирхӕфсӕн» нӕу, ӕмӕ мын цалдӕр сахаты ӕхцондзинад цӕрӕнбонты мӕ зӕрдӕйы мидутӕхсӕнтӕй фидинаг фӕуа? Кӕд ӕмӕ, мӕхи куыд фӕирхӕфсын, уым ӕвзӕрӕй ницы ис, уӕддӕр ыл уыйбӕрц рӕстӕг нӕ ацӕуы, ӕмӕ мын ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕн рӕстӕг нал баззайы?

МӔ КУЫСТ. Куыст мӕ уымӕн хъӕуы, цӕмӕй цӕрон ӕви уымӕн цӕрын, цӕмӕй кусон? Мӕ куыст мын ме ’нӕниздзинад нӕ хӕры? Дзырд ууыл куы фӕцӕуы, фӕскуыст дӕр ма акусон ӕви мӕ рӕстӕг мӕ цардӕмбал ӕмӕ мӕ сывӕллӕттимӕ арвитон, уӕд цы равзарын? Зӕгъгӕ мӕ мӕ хицау ахӕм куыст кӕнын домы, ӕмӕ мӕ мидӕфсарм уый бакӕнын нӕ комы кӕнӕ мӕ чырыстон хъуыддӕгтӕм арӕх нал равдӕлы, уӕд дӕр ӕй мӕ куыст фесафыны тӕссӕй кӕндзынӕн?

МЕ ’НӔНИЗДЗИНАД. Бынтондӕр мӕ рох у ӕви мӕ ӕндӕр ницӕй мӕт ис? Куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕсын мӕхимӕ? Ӕдзух уый кой фӕкӕнын? Ме ’нӕниздзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсын, уымӕй мӕ бинонтыл кӕй аудын, уый бӕрӕг у?

МӔХИ УДЫ АМОНД. Царды мидӕг мӕ сӕйрагдӕр мӕт уый у? Мӕ цардӕмбал, мӕ бинонты разӕй дӕр ӕдзух мӕхи уды мӕт нӕ кӕнын? Мӕ уды амонд цы амӕлттӕй агурын, уымӕ гӕсгӕ уый зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн кувӕг дӕн?

МӔ ЦАРДӔМБАЛ. Цардӕмбал мын кӕй ис, уый, ӕрмӕстдӕр мӕхи исты куы бахъӕуы, уӕд ӕрхъуыды кӕнын? Аргъ ын кӕнын, нымайын ӕй — уый дӕр адӕймаг кӕй у, уый мӕ нӕ рох кӕны? Хуыцау мӕ кӕй уырны, уый, мӕ цардӕмбалӕн куыд дӕн, ууыл зыны?

МӔ НЫЙЙАРДЖЫТӔ. Кӕд стыр нӕма дӕн, уӕд мӕ ныййарджыты коммӕ кӕсын — нымайын сӕ, хӕдзары куыстытӕй мӕм цы хауы, уый кӕнын, хӕдзармӕ афойнадыл цӕуын, цавӕр ӕмбӕлттӕй, цы митӕй мӕ фӕдзӕхсынц, уыдонӕй мӕхи хизын? Кӕд сывӕллон нал дӕн, уӕд та сын сӕ ныхасӕн аргъ кӕнын? Истӕмӕй куы фӕтыхсынц, уӕд сӕм фӕкӕсын? Ӕнхъӕлцауы цӕстӕй сӕм кӕсын ӕви мын Хуыцау йӕ Ныхасы куыд дзуры, афтӕ сын дӕн?

МӔ СЫВӔЛЛӔТТӔ. Мӕ сывӕллӕтты раст фӕндагыл сӕвӕрын мӕхицӕн хӕсыл нымайын, ӕви уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, скъола сын бацамондзӕн зонд, зӕгъгӕ? Мӕ рӕстӕг сын не ’вгъау кӕнын, ӕви сӕ хъазӕнтӕ, телевизор кӕнӕ компьютеры ӕвджид бакӕнын? Хуыцау куыд дзуры, афтӕ цал хатты нӕ бакӕнынц, уал хатты сын бацамонын зонд, ӕви мӕ ӕрмӕстдӕр тынг куы смӕсты кӕнынц, уӕд?

ХОРЗ ХӔДЗАР, ХОРЗ ДЗАУМӔТТӔ. Куыд кондӕй хъуамӕ цӕуон ӕмӕ мӕ хӕдзар цыхуызӕн хъуамӕ уа, уый цавӕр бӕрцбарӕнтӕй барын — мӕ сыхӕгтӕ мӕм бахӕлӕг кӕной? Мӕ бинонтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл у мӕ сагъӕс? Ӕви фыццаджыдӕр, Хуыцауӕн кувӕг адӕймаг кӕй дӕн, ууыл фӕхъуыды кӕнын?

ЦЫФӔНДЫ ХЪУЫДДАДЖЫ ДӔР ХЪУАМӔ УОН СЕ ’ППӔТӔЙ ХУЫЗДӔР. Цыфӕнды хъуыддаг дӕр хорз саразын кӕй хъӕуы, уый ӕмбарын? Ууыл архайын, ӕмӕ мӕнӕй хуыздӕр мачи уа? Искӕмӕн исты мӕнӕй хуыздӕр куы рауайы, уӕд мын хъыг вӕййы?

ХУЫЦАУӔН КУВЫН. Цы мын у сӕйрагдӕр: Хуыцауы хорзӕх ӕви мӕ цардӕмбалы, мӕ сывӕллӕтты, мӕ ныййарджыты йе та кӕмӕ кусын, уый зӕрдӕхудты ма бацӕуон? Ахӕм зондыл лӕуд нӕ дӕн, ӕмӕ цӕйнӕфӕлтау мӕ ӕнцойдзард фехӕла, фӕлтау уал Хуыцауы хъуыддаг фӕлӕудзӕн?

ЛӔМБЫНӔГ ӔРКӔС БИБЛИЙЫ УЫНАФФӔТӔМ:

Хуыцауӕн дӕ царды цы бынат ис?

Екклесиаст 12:13: «Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн. Уымӕн ӕмӕ уый у адӕймагӕн йӕ хӕс».

ДӔХИ БАФӔРС: Алы хъуыддагмӕ дӕр ахӕм цӕстӕй кӕй кӕсын, уый мӕ цардӕй бӕрӕг у? Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм хъусын мӕ хӕс кӕй у, уымӕй аразгӕ у хӕдзары, куысты кӕнӕ мыл скъолайы цы хӕстӕ ис, уыдон куыд ӕххӕст кӕнын, уый? Ӕви ӕндӕр хъуыддӕгтӕй, йе та царды ӕндӕр цӕмӕйдӕрты аразгӕ у, Хуыцауӕн мын рӕстӕг уыдзӕн ӕви нӕ?

Цавӕр ахастытӕ дын ис Хуыцауимӕ?

Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Иегъовӕйыл ӕмӕ дӕ зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ фӕндӕгтӕй дӕ иуыл дӕр рох ма уӕд, ӕмӕ дын уый раст кӕндзӕн дӕ къахвӕндӕгтӕ».

Матфейы 4:10: «Дӕ Хицау Хуыцауӕн кув ӕмӕ иунӕг Уымӕн кус».

ДӔХИ БАФӔРС: Мӕ зӕрдӕйы Хуыцауӕн уыцы бынат ис? Царды алы хъуыддаджы дӕр, цыфӕнды зын уавӕры дӕр, Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ афтӕ дарын ӕмӕ йыл афтӕ иузӕрдион дӕн?

Цас ӕхсызгон хъуыддагыл нымайыс Библи кӕсын ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнын?

Иоанны 17:3: «Уый... у мыггагмӕйы цард, цӕмӕй зоной Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Дӕуӕй ӕрвыст Йесо Чырыстийы».

ДӔХИ БАФӔРС: Хуыцауы Ныхас кӕсын ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕнын мӕ царды цы бынат ахсы, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ацы стихы цы фыст ис, уый мӕ ӕцӕгдӕр уырны?

Цас ӕхсызгон хъуыддагыл нымайыс чырыстон ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуын?

Дзуттытӕм 10:24, 25: «Уыдзыстӕм лӕмбынӕг кӕрӕдзимӕ, уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕнгӕйӕ; нӕ ӕмбырдтӕ нӕ уадздзыстӕм... фӕлӕ кӕрӕдзийӕн амондзыстӕм, уӕлдайдӕр уынгӕйӕ, уыцы боны ӕрхӕстӕг».

Псалом 121:1: «Сцин кодтон ӕз куы загътой мӕнӕн: „Цом Хицауы хӕдзармӕ“».

ДӔХИ БАФӔРС: Хуыцауы Ныхасӕй ацы бӕлвырд амындтӕн кӕй аргъ кӕнын, уый мӕ цардыуагӕй бӕрӕг у? Фӕстаг мӕй, мыййаг, ӕндӕр исты хъуыддӕгтӕ бакӕныны тыххӕй чырыстон фембӕлдтӕ фӕцух кодтон?

Хуыцау ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй иннӕтӕн дзурай, ууыл дӕ удӕй арт цӕгъдыс?

Матфейы 24:14: «Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн...; ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон».

Матфейы 28:19, 20: «Уӕдӕ, ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты, аргъаугӕйӕ уыдоныл Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй, ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн».

Псалом 95:2: «Зарут Хицауӕн, арфӕ кӕнут Уый номӕн, хъусын кӕнут бонӕй-бонмӕ Йӕ ирвӕзындзинад!»

ДӔХИ БАФӔРС: Хъусын кӕныны хъуыддагӕн мӕ царды ӕцӕгдӕр ис аккаг бынат? Куыд дзы архайын, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ хуымӕтӕг рӕстӕг кӕй нӕ цӕрӕм, уый ӕмбарын?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын