16 зарӕг
Хуыцауы Паддзахадмӕ лидзут!
1. Чи у сӕрныллӕг – Йегъовӕйы агур,
Агур рӕстдзинад, сӕрныллӕгдзинад.
Чи зоны, ратта йӕ масты ыстыр бон
Дӕуӕн уый ӕмбӕхсӕн бынат.
БАЗАРД
Ныфс у ’рмӕст Паддзахад – лидзгӕ йӕм ут,
Уый фарс хъӕддыхӕй лӕуут.
Уӕд Хуыцау хъахъхъӕндзӕн, арфӕ кӕндзӕни.
Алкӕд йӕ коммӕ кӕсут.
2. Фарнмӕ, рӕстдзинадмӕ чи бӕллы – ’рцӕут!
’Фхӕрд уд кӕугӕ ’мӕ хъыг мауал кӕнӕд.
Ссарут Хуыцауы фӕндаг, ут сӕрибар,
Уӕ Паддзах Чырысти ысуӕд.
БАЗАРД
Ныфс у ’рмӕст Паддзахад – лидзгӕ йӕм ут,
Уый фарс хъӕддыхӕй лӕуут.
Уӕд Хуыцау хъахъхъӕндзӕн, арфӕ кӕндзӕни.
Алкӕд йӕ коммӕ кӕсут.
3. Цингӕнгӕ, цӕй, ныр уӕ сӕртыл ысхӕцут,
Паддзахад архайы – уый ныр уынут!
Дзаг уӕд Йегъовӕйы рухсӕй уӕ зӕрдӕ.
Ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕй тӕрсут!
БАЗАРД
Ныфс у ’рмӕст Паддзахад – лидзгӕ йӕм ут,
Уый фарс хъӕддыхӕй лӕуут.
Уӕд Хуыцау хъахъхъӕндзӕн, арфӕ кӕндзӕни.
Алкӕд йӕ коммӕ кӕсут.
(Кӕс ма Пс. 59:16; Ӕмб. 18:10; 1 Кор. 16:13.)