Фыццаг ӕнусы разамонӕг совет сунӕт кӕныны фарста куы аскъуыддзаг кодта, суанг уый фӕстӕ дӕр, йӕхи чырыстон чи хуыдта, уыдонӕй чидӕртӕ нӕ разы кодтой уыцы фарстайӕн кӕрон скӕныныл. Апостол Павел сӕ схуыдта «мӕнг ӕфсымӕртӕ». Уыдоны фӕндыд «Чырыстийы тыххӕй хорз хабар сзыгъуыммӕ кӕнын» (Гал. 1:7; 2:4; Тит. 1:10).
Дзуттаг диныл фидар чи хӕцыд, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, архайдтой дзуттӕгты зӕрдӕ балхӕныныл, цӕмӕй чырыстон дины ныхмӕ афтӕ карзӕй мауал цыдаиккой (Гал. 6:12, 13). Уыдон дзырдтой, зӕгъгӕ дӕ цӕмӕй Хуыцау рӕстгӕнӕгыл нымайа, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг хъӕуы, Моисейы закъон цы хъуыддӕгтӕ домы, уыдон ӕххӕст кӕнын: сыгъдӕг чи нӕу, ахӕм хӕринагӕй хи хизын, сунӕт кӕнын ӕмӕ дзуттаг бӕрӕгбӕттӕ кӕнын (Кол. 2:16).
Уӕдӕ диссаг нӕу, ахӕм зондыл хӕст чи уыд, уыцы чырыстӕттӕ, ӕндӕр адӕмтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдоны раз тыхсгӕ кӕй кодтой. Хъыгагӕн, ахӕм зондахастӕй фӕхъӕстӕ сты, дзуттӕгтӕй чырыстон ӕмбырды кадджын хӕстӕ чи ӕххӕст кодта, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ. Зӕгъӕм, Иерусалимы ӕмбырдӕй Антиохимӕ цы ӕфсымӕртӕ ӕрцыд, уыдон сӕхи дард ластой, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы ӕфсымӕртӕй. Суанг Петр дӕр, раздӕр иннӕ адӕмтимӕ сӕрибарӕй чи ныхас кодта, уый дӕр сӕм хӕстӕг нал цыд, семӕ иу фынгыл дӕр нал бадти. Раздӕр йӕхӕдӕг цы уагӕвӕрдтыл тох кодта, уыдоны сӕрты ахызти. Ӕмӕ йын уый тыххӕй Павел карзӕй бауайдзӕф кодта (Гал. 2:11–14).