«Уе ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр уарзут»
Ацы статьяйы номы ныхӕстӕ Хуыцауы Ныхасы фыст ӕрцыдысты иу-дыууӕ мин азы размӕ (1 Пет. 2:17). Фӕлӕ ацы фӕдзӕхстмӕ абон уӕлдай тынгдӕр хъуамӕ хъусӕм! Ӕгас зӕххыл дӕр нын цы ’фсымӕртӕ ис, уыдоны уарзын нӕ бон куыд у? Кӕд ацы фыддунейы адӕм кӕрӕдзи нӕ уарзынц, уӕд куыд базонӕм, нӕ уарзондзинад кӕй нӕ уазал кӕны, уый? (Матф. 24:12). Бакӕс видеофильммӕ «Наше всемирное братство» ӕмӕ бацархай ацы фарстатӕн дзуапп раттын.
1) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕд систӕм? 2) Ӕгас зӕххыл дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы аразынц? 3) Не ’фсымӕртӕ зӕрдиагӕй куыд хъусын кӕнынц а) Аляскӕйы, ӕ) Европӕйы стыр наулӕууӕнты ӕмӕ б) Перуйы джунглиты? 4) Хъусын кӕныны хъуыддаг диссаг цӕмӕн у? 5) Радзур, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзийӕн куыд ӕххуыс кодтой а) зӕххӕнкъуысты фӕстӕ, ӕ) тыхдымгӕйы фӕстӕ ӕмӕ б) хӕсты рӕстӕг? 6) Ӕцӕг чырыстӕттӕ цы миниуӕгӕй хицӕн кӕнынц, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй ӕвдисӕм? (Иоан. 13:35). 7) Нӕ Паддзахады залтӕ иумӕ кӕй фӕаразӕм, уый хорз цӕмӕн вӕййы? 8) Скӕсӕн Европӕйы ӕмӕ Уӕрӕсейы не ’фсымӕртӕн кӕд сӕ фӕдыл зылдысты, уӕддӕр сӕ уырнындзинад цӕй фӕрцы нӕ фӕцудыдта? 9) Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ цавӕр цӕлхдурты сӕрты ахизынц, цӕмӕй конгресмӕ бафтой ӕмӕ цӕмӕн? 10) Ацы видеофильм дӕ куыд бафидар кодта, цӕмӕй а) де ’фсымӕртимӕ ӕмбырды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнай? ӕ) бахъуаджы сахат иннӕтӕн сӕ фарсмӕ балӕууай? ӕмӕ б) зӕрдиагӕй хъусын кӕнай, дӕ бон кӕд ӕмӕ кӕм уа, уым? 11) Ацы видеофильмӕй уацамынды нӕ бон куыд ӕмӕ кӕд у спайда кӕнын?
Не ’фсымӕртимӕ иумӕ сӕйраджыдӕр уымӕн лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ Йегъовӕйы уарзӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын ӕмӕ уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурын. Мах уарзӕм, Йегъовӕ кӕй уарзы, уыдоны. Бахъуаджы сахат сӕ фарсмӕ куы балӕууӕм, уӕд нӕ фенхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нын кӕй раарфӕ кӕндзӕн, уымӕ. Мах дзы нӕхӕдӕг бузныг стӕм, ахӕм диссаджы лӕвар нын кӕй скодта – чырыстон хоты ӕмӕ нын ӕфсымӕрты кӕй радта. Кӕд ацы фыддунейы адӕм кӕрӕдзи нӕ уарзынц ӕмӕ йӕ кӕрон тагъд уыдзӕн, уӕддӕр мах нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕгас дунейы дӕр уарздзыстӕм!