ЦЫППӔРДӔСӔМ СӔР
Ног бадзырд дӕуӕн хӕссы стыр арфӕдзинӕдтӕ
1. Йереми цавӕр дыууӕ хъуыддаджы сӕххӕст кодта?
ЙЕГЪОВӔ Йеремийӕн бахӕс кодта дыууӕ хъуыддаджы. Иуӕй хъуамӕ «бындзарӕй тыдтаид ӕмӕ хӕлдтаид, цагътаид ӕмӕ пырх кодтаид», иннӕмӕй та хъуамӕ «арӕзтаид ӕмӕ сагътаид». Пехуымпар сӕрбӕрзонд дзуттӕгты фыдхъуыддӕгтӕ хурмӕ калдта, стӕй хъусын кодта, Хуыцау уыдонӕн дӕр ӕмӕ вавилойнӕгтӕн дӕр цы тӕрхон рахаста, уый тыххӕй. Ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кодта фыццаг хъуыддаг. Фӕлӕ ма Йереми хъусын кодта, адӕмы ныфс чи уагъта, ахӕм хабӕрттӕ дӕр. Уый рагацау загъта, Хуыцау саразинаг цы у, уый кӕй сараздзӕн ӕмӕ, садзинаг цы у, уый кӕй ныссадздзӕн. Зӕгъӕм, Йереми арӕх дзырдта, дзуттӕгтӕ фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн зӕхмӕ кӕй ӕрыздӕхдзысты, уый тыххӕй. Ӕмӕ афтӕмӕй та сӕххӕст кодта дыккаг хъуыддаг (Йер. 1:10; 30:17, 18).
2. Йегъовӕ йӕ адӕмы цӕмӕн бафхӕрдта ӕмӕ куыд?
2 Йереми афтӕ кӕй хъусын кодта, зӕгъгӕ, дзуттӕгтӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзысты, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Хуыцау йӕ адӕмы рӕдыдтытӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй касти кӕнӕ йӕ раст закъӕтты сӕрты ахызти. Йегъовӕ хивӕнд дзуттӕгтӕн загъта, ӕнӕфхӕрдӕй сӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн. (Бакӕс Йеремийы 16:17, 18.) Йеремийы рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгты ’хсӕн стӕмтӕ уыд, «раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ чи архайдта» ӕмӕ «иузӕрдиондзинадмӕ чи тырныдта», ахӕмтӕ. Ӕмӕ ма Йегъовӕ цас хъуамӕ быхстаид? Уый загъта: «Тӕригъӕд кӕнынӕй бафӕлладтӕн» (Йер. 5:1; 15:6, 7). Уыцы дзуттӕгтӕ арӕзтой, «сӕ фыдӕлтӕ райдианӕй фӕстӕмӕ кӕй арӕзтой, уыцы фыдракӕндтӕ» – сӕ фыдӕлтау уыдон дӕр Йегъовӕйы ныхӕстӕм нӕ хъуыстой. Уымӕй уӕлдай хӕтаг сылгоймагау ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл цыдысты, ӕмӕ-иу сӕм Йегъовӕйы маст ссыгъд (Йер. 11:10; 34:18). Ӕмӕ Хуыцау хъуамӕ йӕ адӕмӕн зонд бацамыдтаид ӕмӕ сӕ бафхӕрдтаид, «куыд сын ӕмбӕлди, уымӕ гӕсгӕ». Уый фӕрцы иуӕй-иутӕ хъуамӕ сӕхи ӕрӕмбӕрстаиккой ӕмӕ йӕм фӕстӕмӕ раздӕхтаиккой (Йер. 30:11; 46:28).
3. Йереми ног бадзырды тыххӕй цы загъта, уымӕ дӕ лӕмбынӕг ӕркӕсын цӕмӕн хъӕуы?
3 Хуыцау Йеремийы уылты ӕрмӕст уый нӕ загъта, ӕмӕ дзуттӕгтӕ фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн зӕхмӕ ӕрыздӕхдзысты. Фӕлӕ ма загъта, йӕ адӕмимӕ ног бадзырд кӕй скӕндзӕн, уый тыххӕй дӕр. Йеремийы пехуымпар-ныхӕстӕ иртасгӕйӕ нӕ лӕмбынӕг ӕркӕсын хъӕуы, ног бадзырды тыххӕй цы ныффыста, уымӕ. Уыцы бадзырдӕй хъуамӕ ивд ӕрцыдаид, Йегъовӕ израилӕгты Египетӕй куы ракодта, уӕд семӕ Моисейы уылты цы бадзырд скодта, уый. (Бакӕс Йеремийы 31:31, 32.) Йесо Чырысти йӕ мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕвӕрдта, уӕд загъта уыцы ног бадзырды тыххӕй, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы, ног бадзырд цы у, уый зонын (Лук. 22:20). Уыцы бадзырды кой ма кодта апостол Павел дӕр, дзуттӕгтӕм кӕй ныффыста, уыцы фыстӕджы. Павел ӕрхаста пехуымпар Йеремийы ныхӕстӕ ӕмӕ равдыста, ног бадзырд ӕнӕмӕнг кӕй хъуыди (Дзут. 8:7–9). Фӕлӕ ног бадзырд бӕлвырдӕй цы у ӕмӕ йӕ цӕмӕн бахъуыди скӕнын? Стӕй кӕимӕ ӕрцыди арӕзт ӕмӕ дӕуӕн цы пайда хӕссы? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм ацы сӕры.
НОГ БАДЗЫРД СКӔНЫН ЦӔМӔН БАХЪУЫД?
4. Моисейы закъонимӕ баст бадзырды фӕрцы цы рабӕрӕг?
4 Ног бадзырд скӕнын цӕмӕн бахъуыд, уый бамбарынӕн уал нӕ базонын хъӕуы, Моисейы закъонимӕ баст бадзырд цӕмӕн хъуыди, уый. Уыцы бадзырд арӕзт ӕрцыд, зӕрдӕвӕрд Байзӕддаджы ӕрцыдмӕ чи ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонимӕ, ома Израилы адӕмимӕ. Фӕлӕ зӕрдӕвӕрд Байзӕддаджы фӕрцы хъуамӕ арфӕгонд ӕрцыдаиккой ӕппӕт адӕмтӕ дӕр (Райд. 22:17, 18). Израилӕгтӕ Моисейы закъон ӕххӕст кӕныныл куы сразы сты, уӕд систы, Хуыцауӕн «уӕлдай зынаргъ чи уыд, уыцы адӕм». Уыцы бадзырдмӕ гӕсгӕ сауджынтӕй хъуамӕ лӕггад кодтаиккой Левийы мыггаг. Фӕлӕ Синайы хохыл Израилы адӕмимӕ бадзырд куы скодта, уӕд сын загъта, се ’ппӕт дӕр кӕй суыдзысты «сауджынты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм». Ӕцӕг, ацы ныхӕстӕ кӕд ӕмӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уый сын нӕ раргом кодта (Рац. 19:5–8). Ӕмӕ цалынмӕ уыцы хабар не ’рцыд, уӕдмӕ уыцы бадзырды фӕрцы рабӕрӕг, израилӕгтӕн сӕ бон кӕй нӕ уыд Моисейы закъоны алы фӕдзӕхст дӕр ӕххӕст кӕнын, ӕмӕ сын афтӕмӕй уыцы бадзырд сӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кодта. Гъемӕ цалынмӕ Закъоны дӕлбар уыдысты, уӕдмӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр хастаиккой фосы нывӕндтӕ, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цыдаиккой. Фӕлӕ уыцы нывӕндты фӕрцы сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цыдысты рӕстӕгмӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуыди, иу хатт чи ӕрцыдаид хаст ӕмӕ уый фӕстӕ хӕссын кӕй нал хъуыдаид, ахӕм нывонд – ӕххӕст нывонд. Ӕрмӕстдӕр сӕ ахӕм нывонд ссыгъдӕг кодтаид, сӕ туджы кӕй рахастой, уыцы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ, сӕхӕдӕг цы тӕригъӕдтӕ арӕзтой, уыдонӕй дӕр (Гал. 3:19–22).
5. Йегъовӕ ног бадзырды тыххӕй бирӕ раздӕр цӕмӕн загъта?
5 Куыд уынӕм, афтӕмӕй Йегъовӕ Йеремийӕн ног бадзырды тыххӕй ныффыссын кодта, Моисейы закъонимӕ баст бадзырд нырма йӕ тыхы куы уыди, уӕд. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ хӕларзӕрдӕ Хуыцау у ӕмӕ адӕмы тынг уарзы, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ фӕндыд, цӕмӕй ӕрмӕст израилӕгтӕн нӕ, фӕлӕ иннӕ адӕмтӕн дӕр сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цыдаиккой. Ног бадзырд кӕимӕ хъуамӕ скодтаид, уыдоны тыххӕй Йеремийы уылты загъта: «Ӕз сын сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныххатыр кӕндзынӕн ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн» (Йер. 31:34). Кӕд Йегъовӕ ацы ныхӕстӕ Йеремийы рӕстӕджы загъта, уӕддӕр абон стыр ныфс уадзынц ӕппӕт адӕмы дӕр. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?
6, 7. а) Иуӕй-иутӕм, ӕнӕххӕст кӕй сты, уый тыххӕй цавӕр хъуыдытӕ фӕзыны? ӕ) Ног бадзырд цы у, уый хуыздӕр куы базонай, уӕд дын уый ныфсы хос цӕмӕн уыдзӕн?
6 Мах нырма стӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ, ӕнӕххӕстдзинад нӕ мидӕг йӕ куыст кӕй кӕны, уый арӕх рабӕрӕг вӕййы. Зӕгъӕм, иу ӕфсымӕрӕн йӕ бон нӕ уыд иу ӕвзӕр хъуыддаг ныууадзын. Ӕмӕ мӕнӕ цы загъта: «Мӕхиуыл-иу куы нӕ фӕхӕцыдтӕн ӕмӕ та-иу куы фӕрӕдыдтӕн, уӕд-иу мӕхицӕн сӕнад дӕн. Афтӕ-иу мӕм каст, ӕмӕ, цы сарӕзтон, уый мын Хуыцау никуы ныххатыр кӕндзӕн. Кувын дӕр-иу мын тынг зын уыди. Мӕ куывд-иу райдыдтон ахӕм ныхӕстӕй, зӕгъгӕ, Йегъовӕ, нӕ йӕ зонын, хъусыс ма мӕ ӕви нӕ, фӕлӕ дӕ уӕддӕр курӕг дӕн...». Цавӕрдӕр ӕвзӕр хъуыддаг ныууадзын кӕмӕн нӕ фӕуайы кӕнӕ цавӕрдӕр тӕригъӕд чи саразы, уыдонӕй иуӕй-иутӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма Йегъовӕ йӕхимӕ фӕндаг «бӕзджын мигътӕй» ӕрӕхгӕдта, ӕмӕ йӕм сӕ куывдтытӕ нал хӕццӕ кӕнынц (Йер. хъ. 3:44). Иннӕтӕн та сӕ бон ферох кӕнын нӕ вӕййы, кӕддӕр цы рӕдыд ӕруагътой, уый. Стӕй, фӕзминаг чи у, уыцы чырыстӕттӕ дӕр хатт фӕзӕгъынц, фӕстӕдӕр фӕсмон кӕуыл фӕкӕнынц, ахӕм ныхӕстӕ (Иак. 3:5–10).
7 Иу дӕр нӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕна, ӕз никуы фӕрӕдидзынӕн, зӕгъгӕ (1 Кор. 10:12). Суанг апостол Павел дӕр ӕмбӕрста, ӕнӕрӕдигӕ кӕй нӕу. (Бакӕс Ромӕгтӕм 7:21–25.) Уымӕ гӕсгӕ нӕ ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл дарын хъӕуы ног бадзырд. Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, ног бадзырды фӕрцы нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй нал ӕрхъуыды кӕндзӕн. Ахъуыды-ма кӕн, уый цӕй стыр арфӕдзинад у! Йереми ног бадзырды тыххӕй куы фыста, уӕд дзы уый стыр ныфс куыннӕ бауагътаид. Уӕдӕ мах дӕр ног бадзырды тыххӕй ӕмӕ цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уый тыххӕй цас фылдӕр зонӕм, уыйас нын уый нӕ ныфсыл ныфс тынгдӕр ӕфтаудзӕн.
Хуыцау ног бадзырд цӕй тыххӕй скодта?
НОГ БАДЗЫРД ЦЫ У?
8, 9. Цӕмӕй адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йегъовӕ цавӕр аргъ бафыста?
8 Йегъовӕйы цас хуыздӕр зонай, уыйас хуыздӕр ӕмбардзынӕ, ӕнӕххӕст адӕммӕ куыд хӕларзӕрдӕ у ӕмӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый (Пс. 103:13, 14). Йереми ног бадзырды тыххӕй куы дзырдта, уӕд загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕ адӕмӕн «сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныххатыр кӕндзӕн» ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ нал ӕрхъуыды кӕндзӕн (Йер. 31:34). Ӕвӕццӕгӕн ӕй Йереми кӕронмӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодта, Йегъовӕ уыцы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый. Фӕлӕ ӕнӕмӕнг ӕмбӕрстаид, Хуыцау ног бадзырды тыххӕй куы дзырдта, уӕд ӕй уый зӕгъын кӕй фӕндыд, ӕмӕ адӕмимӕ цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл бафидаудзӕн, кӕнӕ семӕ баныхас кӕндзӕн. Йереми ӕмбӕрста, Йегъовӕ йын цӕй тыххӕй ныффыссын кодта, уыдӕттӕ иууылдӕр уыцы бадзырды фӕрцы кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ дӕр уый фӕрцы кӕй ныххатыр кӕндзӕн. Фӕлӕ Хуыцау йӕ фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн, стӕй Мессийӕ цы сараздзӕн, уый та хъуамӕ фӕстӕдӕр раргом уыдаид.
9 Ӕвӕццӕгӕн, зоныс, йӕ сывӕллӕттӕн зонд чи нӕ амоны ӕмӕ сӕ афтӕмӕй чи сафы, ахӕм ныййарджыты. Куыд хъуыды кӕныс, Йегъовӕ дӕр ахӕм у? Ницы хуызы! Уый бӕрӕг у, ног бадзырд йӕ тыхы куыд бацыд, уымӕй. Йегъовӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ӕнӕуи нӕ ныххатыр кодта, фӕлӕ сарӕзта, йӕхӕдӕг цы раст закъӕттӕ ӕрфидар кодта, уыдон цы домдтой, уый. Хуыцау ӕрхаста, адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ чи бамбӕрзтаид, ахӕм нывонд, кӕд ын уый тынг зынаргъ слӕууыд, уӕддӕр. Уый бамбарынӕн нӕ ӕркӕсын хъӕуы, апостол Павел ног бадзырды тыххӕй цы ныффыста, уымӕ. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 9:15, 22, 28.) Павел загъта, зӕгъгӕ, ног бадзырд арӕзт кӕимӕ ӕрцыд, уыдон «ӕлхӕд ӕрцыдысты ӕмӕ ссӕрибар сты». Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Туг куы нӕ ныккӕла, уӕд тӕригъӕдтӕ хатыргонд нӕ цӕуынц». Фӕлӕ ам Павел галты ӕмӕ сӕгъты туджы кой нӕ кодта. Ахӕм нывӕндтӕ Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ хастой. Ног бадзырд та арӕзт ӕрцыд, Йесо йӕ туг кӕй ныккалдта, уый фӕрцы. Уыцы ӕххӕст нывонды фӕрцы Йегъовӕйӕн йӕ бон у адӕмӕн сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ ӕнустӕм ныххатыр кӕнын (Хъуыд. 2:38; 3:19). Фӕлӕ ног бадзырд кӕимӕ ӕрцыд арӕзт ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕмӕн ӕрцыдысты? Уыдон дзуттаг адӕм нӕ уыдысты. Йесо загъта, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ фосы нывӕндтӕ чи хаста, уыцы дзуттӕгтыл Хуыцау йӕ къух кӕй сисдзӕн ӕмӕ йе ’ргом кӕй аздахдзӕн ӕндӕр адӕммӕ (Матф. 21:43; Хъуыд. 3:13–15). Уыдон сты «Хуыцауы Израил», ома сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи ӕрцыд, уыцы чырыстӕттӕ. Иуныхасӕй, Моисейы закъонимӕ баст бадзырд Хуыцау скодта, туг ӕмӕ стӕгӕй израилӕгтӕ чи уыдысты, уыдонимӕ. Ног бадзырд та скодта, сыгъдӕг тыхӕй чи райгуырд, уыцы Израилимӕ, ӕмӕ дзы Йесо у Ӕхсӕны лӕг (Гал. 6:16; Ром. 9:6).
10. а) Чи у Давиды «бындар», кӕнӕ «тау»? ӕ) Давиды «бындары» фӕрцы адӕмӕн цавӕр фадат ис?
10 Ӕрцӕуинаг чи уыд, уый, ома Мессийӕйы, Йереми схуыдта Давиды «бындар», кӕнӕ «тау». Ӕмӕ уыцы абарст хорз фидауы. Йереми пехуымпарӕй куы лӕггад кодта, уӕд паддзах Давиды хӕдзарвӕндаджы бӕлас калд ӕрцыд, ома зӕххыл йӕ байзӕддӕгтӕй паддзӕхтӕ нал уыди. Фӕлӕ уыцы бӕласӕн йӕ бындзӕфхад баззад. Цалдӕр ӕнусы фӕстӕ зӕххыл райгуырд Йесо. Уый уыди паддзах Давиды байзӕддаг. Йереми куыд загъта, афтӕ Йесойы ӕцӕгдӕр схонӕн уыди, «Йегъовӕ у нӕ рӕстдзинад», зӕгъгӕ. Ацы ныхӕстӕ ӕвдисынц, Хуыцау алкӕддӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй фӕархайы. (Бакӕс Йеремийы 23:5, 6, фип.) Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ иунӕггуырд Фырт зӕххыл хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстаид ӕмӕ амардаид. Афтӕмӕй, рӕстдзинад цы домдта, уый сарӕзта. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ – Давиды «бындар» йӕ цард нывондӕн кӕй радта, уый фӕрцы – Йегъовӕйӕн йӕ бон у адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын (Йер. 33:15). Уый руаджы адӕмӕй иуӕй-иутӕ нымад ӕрцыдысты «рӕстгӕнджытыл, цӕмӕй цӕрой». Уыдон сӕрст ӕрцыдысты сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ афтӕмӕй систы ног бадзырды архайджытӕ. Фӕлӕ, куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй ног бадзырд стыр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, арӕзт кӕимӕ не ’рцыд, уыдонӕн дӕр, ӕмӕ уымӕй дӕр бӕрӕг у, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр рӕстдзинады Хуыцау кӕй у (Ром. 5:18).
«Чырыстийы закъон» нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм
11. а) Ног бадзырдимӕ баст закъон фыст кӕм ӕрцӕуы? ӕ) Уыцы закъон «ӕндӕр фыстӕм» куыд хауы?
11 Ног бадзырды тыххӕй ма ноджыдӕр цы ис зӕгъӕн? Моисейы закъонимӕ баст бадзырд ӕмӕ ног бадзырд кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц, фыст цӕуыл ӕрцыдысты, уымӕй. (Бакӕс Йеремийы 31:33.) Йегъовӕ израилӕгтӕн Моисейы уылты кӕй радта, уыцы Дӕс фӕдзӕхсты фыст уыдысты къӕйдуртыл, фӕлӕ рӕстӕг рацыд, ӕмӕ фесӕфтысты. Ног бадзырдимӕ баст закъон та фыст ӕрцӕуы адӕмӕн сӕ зӕрдӕты, ӕмӕ уыдзӕн ӕнустӕм. Ног бадзырд арӕзт кӕимӕ ӕрцыд, уыдон, ома сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чырыстӕттӕ, тынг аргъ кӕнынц уыцы закъонӕн. Фӕлӕ цы зӕгъӕн ис, ног бадзырд арӕзт кӕимӕ не ’рцыд, уыдонӕй та, ома ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы «ӕндӕр фыстӕй»? (Иоан. 10:16). Уыдонӕн дӕр Хуыцауы закъон у стыр цины хос. Абарӕн сӕ ис, кӕддӕр израилӕгты ’хсӕн чи цард, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтимӕ. Уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕ дӕр Моисейы закъон ӕххӕст кодтой ӕмӕ, Закъон цы арфӕдзинӕдтӕ хаста, уыдонӕй хайджын уыдысты (Лев. 24:22; Ным. 15:15).
12, 13. а) Цы у ног бадзырдимӕ баст закъон? ӕ) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ «Чырыстийы закъоны» дӕлбар чи ис, уыдон сӕрибар адӕм сты?
12 Исчи дӕ куы бафӕрсид, сӕрст чырыстӕтты зӕрдӕты фыст чи ӕрцыд, уыцы закъон цы у, зӕгъгӕ, уӕд ын цавӕр дзуапп раттис? Уыцы закъон ма хуыйны «Чырыстийы закъон» дӕр. Уый сӕйраджыдӕр лӕвӕрд ӕрцыд, сыгъдӕг тыхӕй чи райгуырд, уыцы израилӕгтӕн, ома ног бадзырд арӕзт кӕимӕ ӕрцыд, уыдонӕн (Гал. 6:2; Ром. 2:28, 29). «Чырыстийы закъон» цы у, уый бамбарын кӕнӕн ис дыууӕ ныхасӕй – уарзондзинады закъон (Матф. 22:36–39). Фӕлӕ цымӕ сӕрст чырыстӕттӕн уыцы закъон сӕ зӕрдӕты фыст цӕй фӕрцы цӕуы? Сӕйраджыдӕр уый фӕрцы, ӕмӕ алы бон дӕр Библи лӕмбынӕг иртасынц ӕмӕ Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй фӕкувынц. Ӕмӕ ацы хъуыддӕгтӕ кӕнын ӕрмӕст уыдоны нӕ хъӕуы, фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр, ног бадзырд арӕзт кӕимӕ не ’рцыд, уыдоны дӕр. Алы бон дӕр Библи куы иртасой ӕмӕ Хуыцаумӕ куы кувой, уӕд уыдон дӕр хайджын уыдзысты, ног бадзырд цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдонӕй.
13 Библимӕ гӕсгӕ «Чырыстийы закъон» у «сӕрибардӕттӕг ӕнаипп закъон» ӕмӕ «сӕрибар адӕмы закъон» (Иак. 1:25; 2:12). Дзуттӕгтӕ-иу сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ уыдысты Моисейы закъоны дӕлбар. Фӕлӕ иу адӕймагӕй дӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ у ног бадзырды архайӕг кӕнӕ Чырыстийы закъоны дӕлбар. Чырыстийы закъонмӕ гӕсгӕ чи цӕры, уыдон Хуыцауӕн уый тыххӕй нӕ лӕггад кӕнынц, ӕмӕ сын ӕндӕр гӕнӕн нӕй – уый сӕхи фӕндон у. Уыдон тынг цин кӕнынц, Хуыцауы закъон адӕмӕн сӕ зӕрдӕты фыст кӕй цӕуы, ууыл. Стӕй сын стыр цины хос у уый дӕр, ӕмӕ абон алы адӕймагӕн дӕр ис уый фадат, цӕмӕй, ног бадзырд цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдонӕй схайджын уа.
Ног бадзырды фӕрцы Хуыцау адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ куыд хатыр кӕны? Зӕрдӕты фыст чи цӕуы, уыцы закъон хуыздӕр цӕй фӕрцы базондзынӕ?
НОГ БАДЗЫРД АРФӔДЗИНӔДТӔ КӔМӔН ХӔССЫ?
14. Ног бадзырд арфӕдзинӕдтӕ кӕмӕн хӕссы?
14 Мах ӕй зонӕм, ног бадзырд 144 000 сӕрст чырыстонимӕ кӕй ӕрцыд арӕзт. Ӕмӕ, чи зоны, чидӕртӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ уыцы бадзырд ӕрмӕстдӕр сӕрст чырыстӕттӕн хӕссы арфӕдзинӕдтӕ, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр дзул ӕмӕ сӕнӕй (сӕн нысан кӕны «бадзырды туг») ӕрмӕстдӕр уыдон саходынц (Мар. 14:24). Фӕлӕ куыд зоныс, афтӕмӕй, ног бадзырд арӕзт кӕимӕ ӕрцыд, уыдон Йесоимӕ иумӕ сты Авраамы байзӕддаг. Ӕмӕ уыцы байзӕддаджы уылты та арфӕгонд ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр (Гал. 3:8, 9, 29; Райд. 12:3). Ӕмӕ афтӕмӕй ног бадзырды фӕрцы Йегъовӕ сӕххӕст кӕндзӕн, Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый.
15. Сӕрст чырыстӕттӕ цавӕр куыст кӕндзысты?
15 Авраамы байзӕддаг сӕйраджыдӕр у Йесо Чырысти, Хистӕр сауджын. Уый йе ’ххӕст цард нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй адӕмӕн сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 2:17, 18.) Фӕлӕ ма Хуыцау бирӕ раздӕр загъта, зӕгъгӕ, уыдзӕн «сауджынты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм» (Рац. 19:6). Рагон Израилы та хабар афтӕ уыди, ӕмӕ сауджынтӕ уыдысты иу мыггагӕй, паддзӕхтӕ та – ӕндӕр мыггагӕй. Ӕмӕ уӕд кӕцӕй хъуамӕ фӕзындаид ахӕм адӕм, ӕмӕ иууылдӕр сауджынтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ уыдаиккой? Апостол Петр йӕ фыццаг фыстӕг ныффыста, Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй ссыгъдӕг кодта, уыдонмӕ (1 Пет. 1:1, 2). Петр сӕ схуыдта, «паддзӕхтӕ чи уыдзысты, уыцы сауджынтӕ, сыгъдӕг адӕм» (1 Пет. 2:9). Уӕдӕ, ног бадзырд арӕзт кӕимӕ ӕрцыд, уыдон Чырыстиимӕ иумӕ лӕггад кӕндзысты сауджынтӕй. Ахъуыды-ма кӕн, уый махӕн цы стыр пайда ӕрхӕсдзӕн, ууыл. Мах алы бон дӕр тох кӕнӕм, нӕ мидӕг цы тӕригъӕд ис, уыимӕ. Тӕригъӕд афтӕ тыхджын у, ӕмӕ ныл паддзахау йӕ бар цӕуы. Ӕмӕ Чырыстиимӕ иумӕ сауджынтӕй чи лӕггад кӕндзӕн, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ уый сӕхицӕй зонынц (Ром. 5:21). Адӕймаг куы фӕрӕдийы, уӕд куыд фӕмаст кӕны ӕмӕ йӕхицӕн ӕнцой куыд нал фӕары, уый сын зын бамбарӕн нӕу. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Чырыстиимӕ иумӕ сӕ бон уыдзӕн нӕ уавӕры бацӕуын ӕмӕ нын нӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕ басӕттынӕн баххуыс кӕнын.
16. Раргомады 7:9, 14 цы фыст ис, уый «тынг бирӕ адӕмӕн» сӕ ныфсыл ныфс куыд ӕфтауы?
16 Раргомады 7:9, 14 куыд фыст ис, афтӕмӕй «тынг бирӕ адӕм» лӕууынц «даргъ урс дарӕсты», ӕмӕ уый амоны, Хуыцауы раз сӕхи кӕй ссыгъдӕг кодтой, уымӕ. «Тынг бирӕ адӕм» ӕмбырд кӕнынц абон, цӕмӕй «стыр бӕллӕхы» сӕрты ахизой. Хуыцау сӕ ныр дӕр нымайы рӕстгӕнджытыл ӕмӕ йӕ хӕлӕрттыл (Ром. 4:2, 3; Иак. 2:23). Цӕй стыр арфӕдзинад у уый! Кӕд ды дӕр «тынг бирӕ адӕмӕй» дӕ, уӕд ӕй фидарӕй зон, Хуыцау дын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр йӕ цӕсты сыгъдӕг уай.
17. Йегъовӕ тӕригъӕдтӕ кӕй «нал ӕрхъуыды кӕны», уый куыд ӕмбаргӕ у?
17 Уӕдӕ цы зӕгъӕн ис, Хуыцауы хорзӕх чи ссары, уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй? Уӕлдӕр куыд бакастыстӕм, афтӕмӕй Йегъовӕ Йеремийы уылты загъта: «Ӕз сын сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныххатыр кӕндзынӕн ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн» (Йер. 31:34). Хуыцау сӕрст чырыстӕттӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕны, Чырысти йӕ туг кӕй ныккалдта, уый фӕрцы. Ӕмӕ уыцы туг, «бадзырды туг», Хуыцауӕн уый фадат дӕтты, цӕмӕй «тынг бирӕ адӕмӕн» дӕр сӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна. Йереми афтӕ кӕй загъта, Хуыцау адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ нал ӕрхъуыды кӕндзӕн, зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ рохгӕнаг у ӕмӕ, адӕймаг цы тӕригъӕд саразы, уый нал фӕхъуыды кӕны. Йеремийы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ чи ӕрфӕсмон кӕны, уыцы адӕймагӕн Хуыцау зонд куы бацамоны ӕмӕ йын стӕй куы ныххатыр кӕны, уӕд уыцы тӕригъӕд йӕ «сӕрты фӕстӕмӕ фехсы». Ӕрхъуыды-ма кӕн, паддзах Давид цӕй стыр тӕригъӕдтӕ сарӕзта, уый. Вирсавиимӕ фӕрӕдыд ӕмӕ ма йын йӕ лӕджы дӕр амарын кодта. Хуыцау Давиды бафхӕрдта ӕмӕ паддзах, цы байтыдта, уый ӕркарста (2 Сам. 11:4, 15, 27; 12:9–14; Ис. 38:17). Фӕлӕ дзы Хуыцау уыцы тӕригъӕдты тыххӕй цӕрӕнбонты йӕ маст нӕ иста. (Бакӕс 2 Азфыстытӕ 7:17, 18.) Ног бадзырдмӕ гӕсгӕ, Хуыцау Чырыстийы нывонды фӕрцы иу хатт цы тӕригъӕд ныххатыр кодта, уый дыккаг хатт нал ӕрхъуыды кӕндзӕн (Йез. 18:21, 22).
18, 19. Библийы ног бадзырды тыххӕй цы фыст ис, уый нын куыд ӕххуыс кӕны иннӕтӕн хатыр кӕнынӕн?
18 Куыд федтам, афтӕмӕй ног бадзырд хорз ӕвдисы, Йегъовӕ тӕригъӕдджын адӕммӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый. Йегъовӕ хатыр кӕны, ног бадзырд кӕимӕ скодта, уыдонӕн дӕр, ома сӕрст чырыстӕттӕн, ӕмӕ зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕн дӕр. Уӕдӕ йӕ зон: Йегъовӕ дын иухатт кӕй ныххатыр кодта, уыцы тӕригъӕд дын дӕ цӕстмӕ никуыуал бадардзӕн. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ афтӕ архайӕм. Алчидӕр нӕ ахъуыды кӕнӕд: «Исчи мӕ куы фӕхъыг кӕны ӕмӕ йын куы фӕзӕгъын, хатыр дын ӕй кӕнын, зӕгъгӕ, уӕд ма йын ӕй йӕ цӕстмӕ фӕдарын ӕви йын Йегъовӕйау йӕ рӕдыд ферох кӕнын?» (Матф. 6:14, 15). Уый хауы ӕрмӕст гыццыл рӕдыдтытӕм нӕ, фӕлӕ стыр тӕригъӕдтӕм дӕр, зӕгъӕм, чырыстоныл йӕ цардӕмбал гадзрахатӕй куы рацӕуа, уымӕ. Чырыстон йӕ цардӕмбалӕн йӕ тӕригъӕд куы ныххатыр кӕна, уӕд ын ӕй хъуамӕ мауал «ӕрхъуыды кӕна». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, искӕй рӕдыд дӕ сӕрты фӕстӕмӕ фехсай, уый ӕнцон нӕу. Фӕлӕ афтӕмӕй архайдзыстӕм Йегъовӕйауa.
19 Нӕ хатыргӕнаг Хуыцауы бафӕзмын ма нӕ бон у, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, ахӕм адӕймаг куы ’рфӕсмон кӕна ӕмӕ та Хуыцауӕн лӕггад кӕнын куы райдайа, уӕд дӕр. Кӕд дын уыцы адӕймаг исты зиан ракодта кӕнӕ дын дӕ номыл цъыф бакалдта, уӕд ӕм ныр цы цӕстӕй кӕсдзынӕ? Йеремийы 31:34 цы базыдтай, уый куыд фӕзындзӕн дӕ зондахастыл ӕмӕ, иннӕтӕм цы цӕстӕй кӕсыс, ууыл? Тӕригъӕд чи ракодта, уымӕн ныххатыр кӕндзынӕ ӕмӕ ууыл архайдзынӕ, цӕмӕй йын йӕ рӕдыд йӕ цӕстмӕ макуы бадарай? (2 Кор. 2:6–8). Ног бадзырдӕн чи аргъ кӕны, уыдон се ’ппӕт дӕр хъуамӕ афтӕ кӕной.
Ацы сӕрӕй хатыр кӕныны тыххӕй цы базыдтай, уымӕй царды куыд спайда кӕндзынӕ?
НОГ БАДЗЫРДЫ АРФӔДЗИНӔДТӔ – АБОН ДӔР ӔМӔ ФИДӔНЫ ДӔР
20. Йеремийы рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгтӕй уӕлдай ды Йегъовӕйы тыххӕй цы хъуыды кӕныс?
20 Йеремийы рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгтӕй бирӕтӕ сӕхицӕн дзырдтой: «Йегъовӕ хорзӕй дӕр ницы сараздзӕн ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр» (Соф. 1:12). Ӕмӕ кӕд, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый зыдтой, уӕддӕр сӕм афтӕ каст, ӕмӕ сӕ домгӕ дӕр ницы кӕны ӕмӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕм дӕр никуы ӕркӕсдзӕн. Фӕлӕ мах та зонӕм, Хуыцау алцыдӕр кӕй уыны. Мах нӕ фӕнды Йегъовӕйы зӕрдӕхудты бацӕуын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕрдзинадӕй дард лӕууӕм (Йер. 16:17). Зонӕм ма уый дӕр, ӕмӕ нӕ нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ тынг уарзы. Ӕмӕ нын нӕ хорз хъуыддӕгтӕ иннӕтӕ куы нӕ бафиппайой, уӕд дӕр сӕ уый уыны (2 Аз. 16:9).
Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр арфӕдзинӕдтӕ
21, 22. Афтӕ дзурын дын цӕуылнӕуал хъӕуы, Йегъовӕйы базон, зӕгъгӕ?
21 Ног бадзырдӕн йӕ сӕйраг нысан цы у, уый Йегъовӕ афтӕ бамбарын кодта: «Мӕ закъон [сын] бавӕрдзынӕн сӕ мидӕг, сӕ зӕрдӕты сын ӕй ныффысдзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ.– Ӕз суыдзынӕн сӕ Хуыцау... Ӕмӕ уӕд иу иннӕмӕн ӕмӕ ӕфсымӕр ӕфсымӕрӕн нал амондзӕн ӕмӕ йын нал дзурдзӕн: „Йегъовӕйы базон!“, уымӕн ӕмӕ мӕ стырӕй-чысылӕй иууылдӕр зондзысты» (Йер. 31:33, 34). Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон сӕ цардӕй ӕвдисынц, Хуыцауы закъон ӕцӕгдӕр сӕ зӕрдӕты кӕй ис. Уыдон уыцы закъон уарзынц ӕмӕ сӕ ныфс адӕмы зондыл нӕ дарынц. Ӕмӕ Библийӕ сӕхӕдӕг цы базонынц, уый зӕрдиагӕй ӕргом кӕнынц «тынг бирӕ адӕмӕн» дӕр, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕн. Уый фӕрцы бирӕтӕ Йегъовӕйы базыдтой ӕмӕ йӕ бауарзтой, ӕмӕ ныр йӕ коммӕ ӕнӕзивӕгӕй кӕсынц ӕмӕ сӕ фидарӕй уырны, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, дӕуӕй дӕр ис уый зӕгъӕн. Ды дӕр Йегъовӕйы базыдтай ӕмӕ йӕм баввахс дӕ, де ’мбалы куыд хорз зонай ӕмӕ йӕм куыд ӕввахс уай, афтӕ. Уымӕй стырдӕр арфӕдзинад ма цы хъуамӕ уа!
22 Цӕй фӕрцы баввахс дӕ Йегъовӕмӕ? Ӕвӕццӕгӕн ӕй хъуыды кӕныс, дӕ куывдтытӕн-иу дын дзуапп куыд радта. Афтӕмӕй-иу ноджы хуыздӕр бамбӕрстай, Йегъовӕ цӕй диссаджы Хуыцау у, уый. Ӕвӕццӕгӕн дын Библийы фӕрцы дӕр иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ баххуыс кодта. Исты фӕлварӕны-иу куы бахаудтӕ, уӕд-иу, чи зоны, Библийӕ цавӕрдӕр стих ӕрхъуыды кодтай, ӕмӕ-иу уый фӕрцы фидар фӕлӕууыдтӕ. Ахӕм хабӕрттӕ дӕ зӕрдӕйы хӕзнайау ӕвӕрдӕй дар. Ӕмӕ йын йӕ Ныхас дарддӕр дӕр куы ахуыр кӕнай, уӕд бонӕй-бонмӕ хуыздӕр ӕмбардзынӕ, цавӕр Хуыцау у, уый. Ӕмӕ уый дӕр кӕуылты арфӕдзинад у!
23. Йегъовӕйы кӕй зоныс, уый дын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй, цы тӕригъӕдтӕ сарӕзтай, уыдоны тыххӕй дӕхи мауал хӕрай?
23 Фӕлӕ ма нын ног бадзырд абон ноджыдӕр иу арфӕдзинад хӕссы. Йегъовӕ нын ныххатыр кодта, кӕддӕр цы рӕдыдтытӕ ӕруагътам, уыдон, ӕмӕ уый фӕрцы нӕхи фӕсмонӕй нал хӕрӕм. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕ цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдтой, уӕдмӕ скодтой аборт. Ӕмӕ сын, чи зоны, ӕнцой нӕ дӕтты, сӕ хуылфы удӕгас адӕймаджы кӕй амардтой, уый. Иннӕтӕ та кӕддӕр хӕсты кӕйдӕр амардтой, ӕмӕ уый тыххӕй фӕудхар кӕнынц. Фӕлӕ Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы, зӕрдӕйӕ чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуынц. Ӕмӕ нын иугӕр Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн кӕрон скодта. Уӕдӕ нын Йегъовӕ цӕстуарзонӕй кӕй ныххатыр кодта, уыцы тӕригъӕдтӕ хъуамӕ нӕ зӕрдӕйӕ аппарӕм.
24. Йеремийы 31:20 фыст ныхӕстӕ дӕ ныфс куыд уадзынц?
24 Йегъовӕ куыд хатыргӕнаг Хуыцау у, уый бӕрӕг у, Йеремийы 31:20 цы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ фыст ис, уыдонӕй. (Бакӕс сӕ.) Ацы стихы Ефрем, ӕппӕты стырдӕр мыггаг, ӕвдисы Израилы цӕгат паддзахад ӕнӕхъӕнӕй. Израилы адӕм мӕнгхуыцӕуттӕн кӕй куывтой, уый тыххӕй сӕ Йегъовӕйы фыдӕх баййӕфта – се знӕгтӕ сӕ уацары акодтой. Уый уыди, Йереми куы цард, уымӕй цалдӕр дӕсазы раздӕр. Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауӕн уыцы адӕммӕ йӕ зӕрдӕ нӕ фӕхъӕбӕр. Фыд йӕ «буцхаст хъӕбулы» куыд фӕуарзы, афтӕ сӕ фӕлмӕн уарзтӕй уарзта. Сӕ тӕригъӕдмӕ кӕсгӕйӕ йӕ «зӕрдӕ скъуыдтӕ кодта». Ацы ныхӕстӕ Йегъовӕ загъта, ног бадзырды кой куы кодта, уӕд ӕмӕ уыдонӕй дӕр бӕрӕг у, йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кӕны, уыдонмӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у ӕмӕ сын куыд хатыр кӕны, уый.
25. Йегъовӕйӕ ног бадзырды тыххӕй бузныг цӕмӕн дӕ?
25 Йегъовӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕндзӕн, зӕгъгӕ, уыцы зӕрдӕвӕрд кӕронмӕ сӕххӕст уыдзӕн, Чырыстийы Миназон хицаудзинад куы фӕуа, уӕд. Йесо Чырысти ӕмӕ, йемӕ чи лӕггад кӕндзӕн, уыцы 144 000 сауджыны ӕххуысӕй Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ суыдзысты алцӕмӕй ӕххӕст адӕймӕгтӕ. Ӕмӕ фӕстаг фӕлварӕны иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдонӕй ӕцӕгдӕр зӕгъӕн уыдзӕн, Йегъовӕйӕн дун-дунейы цы стыр бинонтӕ ис, уыдонӕй кӕй сты. (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:19–22.) Миназты дӕргъы адӕм уыдысты тӕригъӕды ахӕсты ӕмӕ удхар кодтой. Фӕлӕ уӕд Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн уыдзӕн, «Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад», ома тӕригъӕдӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар уыдзысты. Фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ ног бадзырды фӕрцы ды дӕр арфӕгонд уыдзынӕ. Уӕдӕ ӕппӕт хъарутӕй архай, цӕмӕй, Давиды «бындар» адӕмӕн цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдонӕй абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр хайджын уай ӕмӕ, Йегъовӕ зӕххыл «рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» куыд архайдзӕн, уый дӕхи цӕстӕй фенай (Йер. 9:24; 33:15).
Ног бадзырд дын абон цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы? Ӕмӕ дын фидӕны та цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн?
a Хуыцау куыд хатыргӕнаг у, уый хорз зыны, пехуымпар Оси йӕ ус Гомерӕн куыд уыди, уымӕй. Осийы 2:14–16 стихтӕ куыд ӕмбарын кӕнынц, уый фӕдыл кӕс чиныг «Живи, помня о дне Иеговы», 128–130 фӕрстӕ.