-
Хуыцауы фӕндон цӕй мидӕг ис?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
Хуыцауы фӕндон цӕй мидӕг ис?
Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй зӕххыл ӕнустӕм фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрӕм!
Чи зоны, хъуыды кӕныс, уый гӕнӕн куыд ис, зӕгъгӕ. Библийы фыст ис, уый Хуыцауы Паддзахад кӕй сараздзӕн. Хуыцауы фӕндон уый мидӕг ис, цӕмӕй алчидӕр базона, уыцы Паддзахад цы у ӕмӕ адӕмӕн цы диссаджы фидӕн ӕрцӕттӕ кодта, уый тыххӕй (Псалом 37:11, 29; Исай 9:7).
Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нын хорз уа.
Уарзӕгой фыды йӕ сывӕллоны хорз куыд фӕнды, афтӕ нӕ уӕларвон Фыды дӕр фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм амондджынӕй цӕрӕм (Исай 48:17, 18). Библийы фыст ис: «Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый... цӕрдзӕн ӕнустӕм» (1 Иоанны 2:17).
Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕндӕгтыл цӕуӕм.
Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй нын не Сфӕлдисӕг «йӕ фӕндӕгтӕ» амоны ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй сыл цӕуӕм (Исай 2:2, 3). Хуыцау йӕхицӕн равзӕрста, «йӕ ном ын чи хӕссы, ахӕм адӕм». Уыдон ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕнынц, йӕ фӕндон цӕй мидӕг ис, уый (Хъуыддӕгтӕ 15:14).
Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йын иумӕ кувӕм.
Иунӕг ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн чи кувы, уыдон хицӕн къордтыл дихтӕ не сты, фӕлӕ се ’хсӕн ис ӕцӕг уарзондзинад ӕмӕ иудзинад (Иоанны 13:35). Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнӕн куыд ис, уый абон ӕгас зӕххыл дӕр адӕмӕн чи ӕмбарын кӕны? Уый базондзынӕ ацы брошюрӕйы фӕрцы.
-
-
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕр адӕм сты?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
1 СӔР
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕр адӕм сты?
Дани
Тайвань
Венесуэлӕ
Инди
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕй зоныс? Чи зоны дзы чидӕртӕ сты дӕ сыхӕгтӕ йе та де ’мкусджытӕ кӕнӕ демӕ ахуыр кӕнынц. Йе та дзы, чи зоны, чидӕртӕ демӕ ныхас кодтой Библийыл. Уӕдӕ бӕлвырдӕй чи стӕм? Стӕй, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй иннӕтӕн цӕмӕн дзурӕм?
Мах дӕр стӕм иннӕ адӕмы хуызӕн. Не ’хсӕн ис, алыхуызон бинонты ’хсӕн чи схъомыл ӕмӕ алыхуызон уавӕрты чи цӕры, ахӕм адӕймӕгтӕ. Бирӕтӕ нӕ раздӕр хӕст уыдысты ӕндӕр динтыл, кӕйдӕрты та Хуыцау бынтондӕр нӕ уырныдта. Фӕлӕ нӕ алчидӕр, цалынмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн не сси, уӕдмӕ цасдӕр рӕстӕг Библи лӕмбынӕг иртӕста (Хъуыддӕгтӕ 17:11). Афтӕмӕй нӕ алчидӕр бамбӕрста, Библийы цы фыст ис, уый рӕстдзинад кӕй у ӕмӕ уый фӕстӕ сфӕнд кодта Йегъовӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын.
Библи кӕй ахуыр кӕнӕм, уый нын хӕссы стыр пайда. Иннӕ адӕмау мах дӕр ӕмбӕлӕм алыхуызон зындзинӕдтыл, стӕй нӕ алкӕмӕ дӕр ис цыдӕр хъӕндзинӕдтӕ. Фӕлӕ мах алы хъуыддаджы дӕр архайӕм Библимӕ гӕсгӕ, ӕмӕ уый нӕ цардыл хуыздӕрырдӕм фӕзыны (Псалом 128:1, 2). Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй фӕнды, нӕхӕдӕг Библийӕ цы базыдтам, уый иннӕтӕн дӕр дзурын.
Нӕ цард аразӕм Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ. Библийы уынаффӕтӕм кӕй хъусӕм, уый фӕрцы нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ райы. Уымӕй уӕлдай ма иннӕтӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ семӕ стӕм хӕларзӕрдӕ, стӕй сайгӕ дӕр никӕй кӕнӕм. Хуыцауы закъӕтты фӕрцы ӕгъдауджын цард кӕнӕм ӕмӕ нӕ бинонтӕ кӕрӕдзийыл сты ӕнувыд. Стӕй адӕмӕн ӕвзӕрӕй ницы аразӕм, стӕм хорз кусджытӕ, хорз сыхӕгтӕ. Мах ӕй зонӕм, «Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, кӕцыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уӕм ӕмӕ кӕцыфӕнды бӕстӕйы ма цӕрӕм,– нӕ кӕрӕдзи нымайӕм иу бинонтыл, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотыл. Уӕдӕ кӕд хицӕнтӕй хуымӕтӕг адӕймӕгтӕ стӕм, уӕддӕр ӕмткӕй райсгӕйӕ мах хуызӕн адӕм нӕй (Хъуыддӕгтӕ 4:13; 10:34, 35).
Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр иннӕ адӕмы хуызӕн сты?
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ цард Библимӕ гӕсгӕ кӕй аразынц, уый сын цы пайда хӕссы?
-
-
Нӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕн хонӕм?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
2 СӔР
Нӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕн хонӕм?
Ной
Авраам ӕмӕ Саррӕ
Моисей
Йесо Чырысти
Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дин ӕрӕджы фӕзынди. Фӕлӕ 2 700 азы размӕ дӕр иунӕг ӕцӕг Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты хуыдта, «ме ’вдисӕнтӕ», зӕгъгӕ (Исай 43:10–12). Адӕм нӕ 1931 азы онг зыдтой Библииртасджытӕй. Ӕмӕ уӕдӕ нӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хонын цӕмӕн райдыдтам?
Уыцы ном ӕвдисы, нӕ Хуыцау чи у, уый. Рагон къухфыстытӕй куыд зыны, афтӕмӕй Хуыцауы ном Йегъовӕ Библийы ӕмбӕлы иу-7 000 хатты. Бирӕ тӕлмацты йын йӕ ном баивтой ахӕм дзырдтӕй, «Хицау», «Дунедарӕг» кӕнӕ «Хуыцау», зӕгъгӕ. Фӕлӕ ӕцӕг Хуыцау Моисеймӕ куы фӕзынд, уӕд ын раргом кодта йӕ ном, Йегъовӕ, ӕмӕ йын загъта: «Уыцы номӕй мӕ зондзысты фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ» (Рацыд 3:15). Ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, цыдӕриддӕр мӕнг хуыцӕуттӕ ис, уыдонимӕ йын иумӕйагӕй кӕй ницы ис. Мах сӕрыстыр стӕм, Хуыцауы сыгъдӕг ном кӕй хӕссӕм, уымӕй.
Уыцы номӕй бӕрӕг у, цы хъуыддаджы лӕуд стӕм, уый. Зӕххыл рагӕй фӕстӕмӕ дӕр уыди, Йегъовӕйыл чи ӕууӕндыд ӕмӕ йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕвдисӕн чи лӕууыд, ахӕм адӕймӕгтӕ. Библи сӕ хоны «ӕвдисӕнты... стыр мигъ». Уыдонӕй фыццаг уыд рӕстгӕнӕг Авел. Се ’хсӕн ма ноджыдӕр уыдысты Ной, Авраам ӕмӕ Саррӕ, Моисей, Давид ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр чидӕртӕ (Дзуттӕгтӕм 11:4–12:1, кӕс фиппаинаг). Ӕнаххос адӕймагӕн куы фӕтӕрхон кӕнынц, уӕд ӕвдисӕн йӕ сӕрыл куыд фӕдзуры, афтӕ мах дӕр иннӕтӕн дзурӕм, нӕ Хуыцау ӕцӕгӕй чи у, уый тыххӕй.
Афтӕмӕй фӕзмӕм Йесо Чырыстийы. Библи Йесойы хоны «иузӕрдион ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕн» (Раргомад 3:14). Йесо йӕхӕдӕг загъта, адӕмӕн Хуыцауы ном кӕй «раргом кодта» ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй ӕвдисӕн кӕй лӕууыд (Иоанны 17:26; 18:37). Уӕдӕ Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ дӕр хъуамӕ Йегъовӕйы ном хӕссой ӕмӕ йӕ адӕмӕн ӕргом кӕной. Раст афтӕ кӕнынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
Библииртасджытӕ сӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хонын цӕмӕн райдыдтой?
Йегъовӕйӕн зӕххыл ӕвдисӕнтӕ кӕдӕй нырмӕ ис?
Йегъовӕйы сӕйраг Ӕвдисӕн чи у?
-