-
Не ’мбырдтӕм куы цӕуай, уӕд дын уый цы пайда уыдзӕн?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
5 СӔР
Не ’мбырдтӕм куы цӕуай, уӕд дын уый цы пайда уыдзӕн?
Аргентинӕ
Сьерра-Леоне
Бельги
Малайзи
Бирӕтӕ аргъуантӕм ӕмӕ ӕндӕр ахӕм кувӕн бынӕттӕм нал цӕуынц, уымӕн ӕмӕ дзы удӕнцой не ссардтой, стӕй сын царды ахсджиагдӕр фарстатӕн дзуапп ничи радта. Уӕдӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс: «Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕмӕн хъӕуы цӕуын?» Ӕркӕсӕм, уый дын цы пайда уыдзӕн, уымӕ.
Уым уыдзынӕ, иннӕты чи уарзы ӕмӕ сыл чи тыхсы, ахӕм адӕмы ӕхсӕн. Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ-иу ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй-иу Хуыцауӕн иумӕ куывтаиккой, йӕ Ныхас ын ахуыр кодтаиккой ӕмӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтыдтаиккой (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Стӕй кӕрӕдзи хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртау сӕ зӕрдӕйы хъармӕй тавтой, кӕрӕдзийӕн уыдысты ӕцӕг ӕмбӕлттӕ (2 Фессалоникӕгтӕм 1:3; 3 Иоанны 14). Абон мах дӕр кӕрӕдзийӕн афтӕ стӕм, ӕмӕ нын уый хӕссы стыр циндзинад.
Уым базондзынӕ, дӕ бон куыд у дӕ цард Библимӕ гӕсгӕ аразын. Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытау абон мах дӕр, нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй, стырӕй-чысылӕй, иумӕ ӕрӕмбырд вӕййӕм, ӕмӕ нын фӕлтӕрд ахуыргӕнджытӕ фӕамонынц, нӕ бон куыд у нӕ цард Библимӕ гӕсгӕ аразын (Дыккаг закъон 31:12; Нееми 8:8). Исты ӕрмӕг иумӕ куы февзарӕм, уӕд алкӕмӕн дӕр йӕ бон вӕййы йӕ хъуыды зӕгъын, стӕй иумӕ фӕзарӕм. Ӕмӕ нын афтӕмӕй фадат вӕййы, цӕмӕй нын цы ныфс ис, уый тыххӕй ӕргом дзурӕм (Дзуттӕгтӕм 10:23).
Уым дӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн. Апостол Павел фыццаг ӕнусы ӕмбырдтӕй сӕ иумӕ ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Тынг бӕллын уӕ фенынмӕ... цӕмӕй кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уӕм – ӕз сымах уырнындзинадӕй, сымах та мӕн уырнындзинадӕй» (Ромӕгтӕм 1:11, 12). Мах дӕр ӕмбырдты не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотимӕ алы къуыри дӕр кӕй фембӕлӕм, уый фӕрцы нӕ уырнындзинад бафидар вӕййы ӕмӕ нӕ ноджы тынгдӕр фӕфӕнды нӕ цард Библимӕ гӕсгӕ аразын.
Фӕнды дӕ, цӕй кой кодтам, уыдӕттӕ дӕхи цӕстӕй фенын? Зӕрдиагӕй дӕ хонӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ. Уым дыл зӕрдиагӕй бацин кӕндзысты. Ӕмбырдмӕ алкӕй бон дӕр у ӕрбацӕуын. Ӕхца фидын дзы нӕ хъӕуы.
Абон не ’мбырдтӕ куыд уадзӕм, уымӕй кӕй фӕзмӕм?
Ӕмбырдтӕм куы цӕуай, уӕд дын уый цы пайда уыдзӕн?
-
-
Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ цӕмӕн фембӕлӕм?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
6 СӔР
Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ цӕмӕн фембӕлӕм?
Мадагаскар
Норвеги
Ливан
Итали
Мах тынг аргъ кӕнӕм не ’мбырдтӕн. Ӕмӕ нӕ фистӕгӕй дӕр бирӕ цӕуын куы фӕхъӕуы науӕд боныхъӕд ӕвзӕр куы вӕййы, уӕд дӕр не ’мбырдтӕ нӕ фӕцух кӕнӕм. Нӕ нӕ бауромынц зындзинӕдтӕ дӕр ӕмӕ, фӕскуыст фӕллад кӕй вӕййӕм, уый дӕр. Цымӕ не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотимӕ фембӕлыныл афтӕ зӕрдиагӕй цӕмӕн фӕархайӕм?
Уый фӕрцы нын ӕнцондӕр у нӕ зындзинӕдтимӕ тох кӕнын. Апостол Павел чырыстӕттӕн загъта, «уӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнут», зӕгъгӕ (Дзуттӕгтӕм 10:24). Ацы ныхӕстӕ нӕ разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзи хуыздӕр базоныныл архайӕм ӕмӕ кӕрӕдзийыл тыхсӕм. Ӕмбырды чи ис, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ мах хуызӕн зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты. Ӕмӕ уыцы зындзинӕдты сӕрты куыд ахызтысты, уый тыххӕй нын куы радзурынц, уӕд нын уый стыр ӕххуыс фӕвӕййы.
Уый фӕрцы ссарӕм ӕцӕг ӕмбӕлттӕ. Ӕмбырды кӕимӕ фембӕлӕм, уыдон нын ӕнӕуи зонгӕтӕ не сты, фӕлӕ не ’ввахс ӕмбӕлттӕ. Стӕй кӕрӕдзи ӕрмӕст ӕмбырды нӕ фенӕм, фӕлӕ ма нӕ рӕстӕг ӕнӕуи дӕр иумӕ фервитӕм, нӕхи иумӕ аирхӕфсӕм. Уый нын цавӕр пайда хӕссы? Афтӕмӕй ахуыр кӕнӕм нӕ кӕрӕдзийӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын, кӕрӕдзи тынгдӕр уарзын. Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕцӕг ӕмбӕлттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ исчи зын уавӕры куы бахауы, уӕд уайтагъд йӕ фарсмӕ балӕууӕм (Ӕмбисӕндтӕ 17:17). Не ’мбырды алкӕмӕн дӕр рӕстӕг кӕй арӕм, уымӕй ӕвдисӕм, нӕ кӕрӕдзийыл кӕй тыхсӕм, уый (1 Коринфӕгтӕм 12:25, 26).
Фӕнды дӕ, цӕмӕй, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыдон де ’мбӕлттӕ уой? Ахӕм ӕмбӕлттӕ ссардзынӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн. Уый бар макӕмӕн ӕмӕ мацӕмӕн ратт, цӕмӕй дӕ ацы хъуыддаджы бакъуылымпы кӕна.
Ӕмбырды нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ кӕй фембӕлӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны?
Кӕд дын уыдзӕн уый фадат, цӕмӕй ӕмбырдмӕ ӕрбацӕуай ӕмӕ дзы чи ис, уыдонимӕ базонгӕ уай?
-
-
Не ’мбырдты цы вӕййы?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
7 СӔР
Не ’мбырдты цы вӕййы?
Ног Зеланди
Япони
Угандӕ
Литва
Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ-иу се ’мбырдты иумӕ зарыдысты, Хуыцаумӕ куывтой, стӕй-иу Фыстад кастысты ӕмӕ-иу ыл ныхас кодтой (1 Коринфӕгтӕм 14:26). Ӕмӕ абон махӕн дӕр не ’мбырдты ахӕм ӕгъдау ис.
Цы нын амонынц, уый у Библийӕ ӕмӕ нын хӕссы пайда. Сабат кӕнӕ нын хуыцаубоны вӕййы дыууӕ хайӕ конд фембӕлд. Фыццаг уал байхъусӕм Библийыл арӕзт раныхасмӕ, вӕййы 30 минуты. Дзырд дзы фӕцӕуы, Библи нын царды куыд ӕххуыс кӕны йе та дзы нӕ рӕстӕджы тыххӕй цы фыст ис, ууыл. Раныхас кӕмӕн вӕййы, уый Библийӕ стихтӕ куы фӕкӕсы, уӕд алчидӕр уыцы стихтӕ йӕхи Библийы ссары. Уый фӕстӕ та сахаты дӕргъы вӕййы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр ӕмӕ дзы статья февзарӕм фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ. Ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон вӕййы йӕ хъуыдытӕ зӕгъын. Ӕрмӕгыл иумӕ кӕй фӕныхас кӕнӕм, уый фӕрцы хуыздӕр бамбарӕм, Библийы уынаффӕтӕй царды куыд ис пайда кӕнӕн. Ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ис 110 000 ӕмбырдӕй фылдӕр ӕмӕ дзы алкӕцыйы дӕр фӕахуыр кӕнынц уыцы иу ӕрмӕг.
Уым нын ӕххуыс кӕнынц Хуыцауы Ныхас хуыздӕр амонынӕн. Къуырийы мидӕг ма нын иу изӕр вӕййы ӕртӕ хайӕ конд фембӕлд, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад», зӕгъгӕ. Цы ӕрмӕг дзы ӕвзӕрст цӕудзӕн, уый алы мӕй дӕр фыст вӕййы уыцы фембӕлды «Кусӕн тетрады». Фембӕлды фыццаг хай хуыйны «Хуыцауы Ныхасы хӕзнатӕ» ӕмӕ нӕ базонгӕ кӕны, Библийӕ рагацау кӕй бакӕсӕм, уыцы сӕрты дзырд цӕуыл цӕуы, уыимӕ. Иннӕ хай хуыйны «Арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕн» ӕмӕ дзы вӕййы равдыстытӕ, адӕмимӕ Библийыл куыд ныхас кӕнӕм, уый фӕдыл. Уынаффӕтӕ чи фӕдӕтты, уый нын нӕ хъус ӕрдары, хӕслӕвӕрдты цы бафиппайдта, уымӕ, цӕмӕй хорз кӕсын ӕмӕ адӕмимӕ арӕхстджынӕй ныхас кӕнын сахуыр уӕм (1 Тимофеймӕ 4:13). Фӕстаг хайы та, «Нӕ чырыстон цард», зӕгъгӕ, дзырд фӕцӕуы, Библийы уагӕвӕрдтӕй нӕ царды куыд пайда кӕнӕм, ууыл. Ӕрмӕг дзы февзарӕм фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ ӕмӕ уый фӕрцы, Библийы цы фыст ис, уый хуыздӕр бамбарӕм.
Не ’мбырдты Библийӕ цы базонӕм ӕмӕ цӕуыл сахуыр вӕййӕм, уый ницӕимӕ ис абарӕн. Ӕмӕ уый дӕхӕдӕг дӕр фендзынӕ, не ’мбырдтӕй искӕцымӕ куы ӕрбацӕуай, уӕд (Исай 54:13).
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты цы вӕййы?
Алы къуыри дӕр нын цы фембӕлдтӕ вӕййы, уыдонӕй дӕ кӕцымӕ фӕнды ӕрбацӕуын?
-