-
Районон цӕстдарджытӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
17 СӔР
Районон цӕстдарджытӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц?
Малави
Уацамындон фембӕлд
Хъусын кӕны
Хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ фембӕлд
Чырыстон Грекъаг Фыстыты арӕх дзырд цӕуы апостол Павел ӕмӕ Варнавӕйы тыххӕй. Уыдон лӕггад кодтой цӕуӕг цӕстдарджытӕй ӕмӕ бӕрӕг кодтой, фыццаг ӕнусы цы ӕмбырдтӕ уыди, уыдон. Сӕ нысан уыди ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты уырнындзинад фидар кӕнын. Павелы фӕндыд, цы горӕтты хъусын кодтой, уырдӕм «аздӕхын ӕмӕ... ӕфсымӕрты бабӕрӕг кӕнын ӕмӕ, куыд сты, уый фенын». Ӕмӕ уый тыххӕй цӕттӕ уыди сӕдӕгай километртӕ фӕцӕуынмӕ дӕр (Хъуыддӕгтӕ 15:36). Абон дӕр цӕуӕг цӕстдарджытӕ хотыл ӕмӕ ӕфсымӕртыл афтӕ тыхсынц.
Нӕ ныфсыл нын ныфс ӕфтауынц. Афӕдз дыууӕ хатты районон цӕстдарджытӕй алчидӕр бабӕрӕг кӕны иу-20 ӕмбырды ӕмӕ алы ӕмбырдимӕ дӕр иу къуыри балӕггад кӕны. Уыцы ӕфсымӕрты ӕмӕ сӕ бинойнӕгты лӕггадӕй бирӕ цыдӕртӕ ис зондӕн райсӕн. Уыдон ӕмбырды алкӕимӕ дӕр, ӕрыгӕттимӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтимӕ дӕр, базонгӕ вӕййынц. Немӕ зӕрдиагӕй фӕхъусын кӕнынц ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонмӕ немӕ ацӕуынц. Стӕй хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ӕмбырдӕй иуӕй-иуты бабӕрӕг кӕнынц. Уымӕй уӕлдай ма сын ӕмбырды ӕмӕ конгрессты цы раныхӕстӕ вӕййы, уыдоны фӕрцы нын нӕ ныфсыл ныфс бафтауынц (Хъуыддӕгтӕ 15:35).
Сӕ хъус дарынц ӕмбырды алцӕмӕ дӕр. Районон цӕстдарджытӕ сӕ хъус фӕдарынц, алы ӕмбырд дӕр цы уавӕры ис, уымӕ. Уыдон хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртимӕ фембӕлынц, цӕмӕй базоной, ӕмбырдӕн цы бантыст, уый ӕмӕ уыцы ӕфсымӕртӕн раттынц уынаффӕтӕ, сӕ бон сӕ хӕстӕ хорз ӕххӕст кӕнын куыд у, уый фӕдыл. Стӕй ма баххуыс кӕнынц пионертӕн дӕр – бацамонынц сын алыхуызон мадзӕлттӕ адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарынӕн. Уымӕй уӕлдай ма рӕстӕг ссарынц ногтӕн дӕр. Семӕ базонгӕ вӕййынц, афӕрстытӕ сӕ кӕнынц, рӕстдзинад куыд базыдтой ӕмӕ сӕ разы цавӕр нысӕнттӕ ӕвӕрынц, уымӕй. Уыцы ӕфсымӕртӕ сты не ’мкусджытӕ ӕмӕ «мах тыххӕй фыдӕбон кӕнынц» (2 Коринфӕгтӕм 8:23). Хъуамӕ сын мах дӕр сӕ уырнындзинад фӕзмӕм ӕмӕ Хуыцауыл уыдонау иузӕрдион уӕм (Дзуттӕгтӕм 13:7).
Районон цӕстдарджытӕ ӕмбырдтӕ цӕмӕн бӕрӕг кӕнынц?
Районон цӕстдарӕг уе ’мбырд куы бӕрӕг кӕна, уӕд уый дӕуӕн дӕр цы пайда ӕрхӕсдзӕн?
-
-
Зын сахат не ’фсымӕртӕн куыд баххуыс кӕнӕм?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
18 СӔР
Зын сахат не ’фсымӕртӕн куыд баххуыс кӕнӕм?
Доминиканы Республикӕ
Япони
Гаити
Исты стыр бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уайтагъд сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕм ӕххуысмӕ фӕзынынц. Уымӕй бӕрӕг у, кӕрӕдзи ӕцӕг уарзтӕй кӕй уарзынц, уый (Иоанны 13:34, 35; 1 Иоанны 3:17, 18). Не ’фсымӕртӕн ахӕм уавӕрты куыд баххуыс кӕнӕм?
Баххуыс сын кӕнӕм ӕхцайӕ. Фыццаг ӕнусы Иудейӕйы тынг ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд Антиохийы цӕрӕг чырыстӕттӕ се ’фсымӕртӕн уырдӕм ӕхца арвыстой (Хъуыддӕгтӕ 11:27–30). Абон мах дӕр ахӕм хабӕрттӕ куы фехъусӕм, ӕмӕ кӕмдӕр не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ зын уавӕры бахаудысты, уӕд сын не ’мбырды уылты мысайнӕгтӕ арвитӕм ӕмӕ сын афтӕмӕй сӕ зын фӕрог кӕнӕм (2 Коринфӕгтӕм 8:13–15).
Сӕ фарсмӕ балӕууӕм. Бӕллӕх кӕм ӕрцӕуы, уыцы ран бынӕттон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бацархайынц, цӕмӕй се ’мбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй алкӕй дӕр ссарой ӕмӕ, цы уавӕры сты, уый базоной. Ӕххуысы комитет алцыдӕр саразы, цӕмӕй сын уа хӕринаг, сыгъдӕг дон нуазынӕн, дзаумӕттӕ ӕмӕ, кӕм цӕрой, уый, стӕй сӕ кӕд хостӕ ӕмӕ дохтырты ӕххуыс хъӕуы, уӕд уый дӕр. Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ ахӕм рӕттӕм сӕхи хардзӕй ацӕуынц ӕмӕ се ’фсымӕрты фарсмӕ балӕууынц. Зӕгъӕм, сцалцӕг сын кӕнынц сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ Паддзахады залтӕ. Нӕ организацийы иудзинад кӕй ис ӕмӕ бирӕ хъуыддӕгтӕ иумӕ кӕй фӕаразӕм, уый фӕрцы нӕ бон вӕййы ахӕм уавӕрты уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзынын. Мах, «уырнындзинады фӕрцы иу бинонтӕ кӕимӕ стӕм», ӕрмӕст уыдоны фарсмӕ нӕ балӕууӕм. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ ма баххуыс кӕнӕм иннӕтӕн дӕр, цавӕрфӕнды диныл хӕст ма уой, уӕддӕр (Галатӕгтӕм 6:10).
Ныфс сӕ бауадзӕм Хуыцауы Ныхасӕй. Адӕймагыл исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд ӕй уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы бафидар кӕнын. Ахӕм рӕстӕг нын Йегъовӕ, «удӕнцойдӕттӕг Хуыцау», хъарутӕ ратты, цӕмӕй нӕ бон уа иннӕты дӕр ныфс уадзын (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4). Тыхст уавӕры чи вӕййы, уыдонӕн сӕ ныфс бафидар кӕнӕм, Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уымӕй. Радзурӕм сын, тагъд Хуыцауы Паддзахад кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕппӕт бӕллӕхтӕн дӕр ӕмӕ адӕм кӕй нал хъизӕмар кӕндзысты (Раргомад 21:4).
Исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уайтагъд ӕххуысмӕ цӕй фӕрцы фӕзынынц?
Бӕллӕхы чи бахауы, уыдонӕн сӕ ныфс куыд бафидар кӕнӕм?
-
-
Чи у ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар?Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
-
-
19 СӔР
Чи у ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар?
Уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг не ’ппӕтӕн дӕр хӕссы стыр пайда
Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ ныхас кодта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй цыппаримӕ – Петр, Иаков, Иоанн ӕмӕ Андреимӕ. Ӕмӕ сын, ацы дунейы фӕстаг бонтӕ кӕд ралӕудзысты ӕмӕ Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райсдзӕн, уый куы ӕмбарын кодта, уӕд загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар, йӕ хицау йӕ хӕдзаронты кӕй бар бакодта, цӕмӕй сын хӕринаг афоныл дӕтта?» (Матфейы 24:3, 45; Марчы 13:3, 4). Ацы ныхӕстӕй Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ «хицау», ома йӕхӕдӕг, йӕ фӕдылдзӕуджыты сӕргъы сӕвӕрдзӕн, чи сыл тыхсдзӕн, ахӕм адӕймӕгты ӕмӕ сын уыдон ацы дунейы фӕстаг бонты ӕдзухдӕр дӕтдзысты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Цымӕ чи у уыцы «цагъар»?
Уый у Чырыстийы сӕрст фӕдылдзӕуджыты гыццыл къорд. Уыцы цагъар у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет. Уый Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Уыцы ӕууӕнкджын цагъар куы нӕ уаид, уӕд «нӕ хӕринаджы хай афоныл» нӕ исиккам (Лукайы 12:42).
Уый Хуыцауы «бинонтӕн» разамынд дӕтты (1 Тимофеймӕ 3:15). Йесо цагъарӕн йӕ бар бакодта, Йегъовӕйы организаци зӕххыл цы стыр куыст кӕны, уый. Уыцы цагъар йӕ хъус дары организацийы исбонмӕ, разамынд дӕтты хъусын кӕныны хъуыддагӕн ӕмӕ нӕ ӕмбырдты уылты ахуыр кӕны. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» нын хӕринаг дӕтты алыхуызон публикациты уылты, стӕй ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты дӕр, ӕмӕ нын уый фӕрцы, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уый алкӕддӕр афоныл вӕййы.
Уыцы цагъар ӕууӕнкджын уымӕн у, ӕмӕ Хуыцауы Ныхасыл фидар хӕцы ӕмӕ йын йӕ Хицау цы бахӕс кодта, уый ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кӕны – хъусын кӕны хорз хабар. Зондджын та уымӕн у, ӕмӕ йын Чырысти зӕххыл йӕ бар цыдӕриддӕр бакодта, уымӕ йӕ хъус дары ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕмбаргӕйӕ архайы (Хъуыддӕгтӕ 10:42). Йегъовӕ арфӕ кӕны сӕ фыдӕбонӕн. Уый бӕрӕг у, йӕ лӕггадгӕнджытӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕнынц ӕмӕ сын уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг парахатӕй кӕй ис, уымӕй (Исай 60:22; 65:13).
Йесо кӕмӕн бахӕс кодта, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕн хӕринаг дӕтта?
Уыцы цагъар ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын кӕй у, уый цӕмӕй у бӕрӕг?
-