97 зарӕг
Размӕ, Паддзахады лӕггадгӕнджытӕ!
1. Цӕуӕм размӕ, хъусын кӕнӕм мах
Йегъовӕйы Паддзахад.
Фӕнды нӕ, цӕмӕй сабыр адӕм
Ыссарой йӕ рӕстдзинад.
Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кад у,
Йӕ ныхас ын хъусын кӕнӕм.
Зӕрдиагӕй кусӕм йӕ «хуымты»,
Йӕ номӕн ӕвдисӕн лӕууӕм.
БАЗАРД
Размӕ, алкӕм хорз хабар
ныфсджынӕй фехъусын кӕнӕм!
Размӕ ’мвӕндӕй,
алкӕддӕр Йегъовӕйыл ӕнувыд уӕм!
2. Цӕуӕм мах ӕцӕг цардмӕ, размӕ,
Хуыцау нын ӕххуыс кӕны.
Фӕзмӕм мах Чырыстийы алкӕд,
Нӕ зӕрдӕтӕ сног ысты.
Тагъд ралӕудзӕн ног дуне, ног цард –
Уый алкӕмӕн хъуамӕ зӕгъӕм.
Йегъовӕ нӕ ныфс у, нӕ хъару,
Йӕ фӕрцы хъӕбатыр ыстӕм!
БАЗАРД
Размӕ, алкӕм хорз хабар
ныфсджынӕй фехъусын кӕнӕм!
Размӕ ’мвӕндӕй,
алкӕддӕр Йегъовӕйыл ӕнувыд уӕм!
3. Гыццыл дзуг ’мӕ ’ндӕр фыстӕ иумӕ
Ӕмвӕндӕй лӕггад кӕнынц.
Лӕгӕй-усӕй, стырӕй-чысылӕй
Рӕстдзинады рухс хӕссынц.
Нӕ лӕггад у кадджын, сыгъдӕг у,
Нӕ хъару йын не ’вгъау кӕнӕм.
Йегъовӕйӕн аккаг уыдзыстӕм,
Йӕ цӕсты ӕнаипп куы уӕм.
БАЗАРД
Размӕ, алкӕм хорз хабар
ныфсджынӕй фехъусын кӕнӕм!
Размӕ ’мвӕндӕй,
алкӕддӕр Йегъовӕйыл ӕнувыд уӕм!
(Кӕс ма Пс. 23:4; Хъуыд. 4:29, 31; 1 Пет. 2:21.)