-
13 фарста. Библийы кусыны тыххӕй цы фыст ис?Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис
-
-
13 ФАРСТА
Библийы кусыны тыххӕй цы фыст ис?
«Искуы федтай, йӕ куысты дӕсны чи у, ахӕм адӕймаджы? Уый хуымӕтӕг адӕмы раз нӕ лӕудзӕн – уый лӕудзӕн паддзӕхты раз»
«Чи давы, уый мауал давӕд, фӕлӕ фыдӕбон кӕнӕд, йӕхи къухтӕй хорзӕй исты аразӕд, цӕмӕй йӕ бон уа, хъуаг чи ӕййафы, уымӕн исты фӕхай кӕнын»
«Адӕймаг хъуамӕ хӕра ӕмӕ нуаза ӕмӕ йӕ уӕззау фыдӕбонӕй хорзӕй исты уына. Уый у Хуыцауы лӕвар»
-
-
14 фарста. Дӕ бон куыд у дӕ исбон ӕмӕ де ’хцайӕ раст пайда кӕнын?Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис
-
-
14 ФАРСТА
Дӕ бон куыд у дӕ исбон ӕмӕ де ’хцайӕ раст пайда кӕнын?
«Хъазын ӕмӕ худын йеддӕмӕ ӕндӕр кӕй ницы мӕт ис, уый смӕгуыр уыдзӕн; сӕн ӕмӕ сой чи уарзы, уый не схъӕздыг уыдзӕн»
«Ӕфстау чи райста, уый у ӕфстаудӕттӕджы цагъар»
«Сымахӕй исчи мӕсыг самайын куы сфӕнд кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕн ӕмӕ, йӕ саразынӕн цас бахъӕудзӕн, уый нӕ банымайдзӕн, цӕмӕй йӕ зона, йӕ саразыны фаг ӕм ис ӕви нӕ? Кӕннод бындур куы ӕрӕвӕра, фӕлӕ йӕ йӕ бон кӕронмӕ саразын куы нӕ бауа, уӕд ӕй чи фена, уыдон ыл иууылдӕр худдзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ацы лӕг аразын райдыдта, фӕлӕ йӕ кӕронмӕ фӕуын йӕ бон не сси“»
«Адӕм куы бафсӕстысты, уӕд та йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: „Цы къӕбӕртӕ дзы баззад, уыдон ӕрӕмбырд кӕнут, цӕмӕй дзы мацы фесӕфа“»
(Иоанны 6:12).
-
-
15 фарста. Амондджын цӕй фӕрцы уыдзынӕ?Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис
-
-
15 ФАРСТА
Амондджын цӕй фӕрцы уыдзынӕ?
«Цӕйнӕфӕлтау уӕм нард гал уа, ӕмӕ кӕрӕдзийӕ уе сӕфт уынат, фӕлтау уӕм уӕд халсартӕй хӕринаг, ӕмӕ кӕрӕдзи уарзут»
«Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны»
(Исай 48:17).
«Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон, уымӕн ӕмӕ уыдоны у уӕларвон паддзахад»
(Матфейы 5:3).
«Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ»
«Куыд [уӕ] фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр»
(Лукайы 6:31).
«Амондджын уыдон сты, Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны!»
(Лукайы 11:28).
«Адӕймагмӕ алцыдӕр парахатӕй куы уа, уӕд дӕр йӕ цард, цы йӕм ис, уымӕй кӕнгӕ нӕу»
(Лукайы 12:15).
«Уӕдӕ нын хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрӕм, уый куы уа, уӕд уый фагыл нымайӕм»
«Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у»
-
-
16 фарста. Дӕ бон цы у саразын, истӕуыл куы тыхсай, уӕд?Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис
-
-
16 ФАРСТА
Дӕ бон цы у саразын, истӕуыл куы тыхсай, уӕд?
«Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр, ӕмӕ дын уый баххуыс кӕндзӕн. Никуы бауадздзӕн рӕстгӕнӕджы фӕцудын»
(Псалом 55:22).
«Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда, тагъд чи кӕны, уымӕн та йӕ фӕстаг цӕуы мӕгуырмӕ»
«Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн. Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн. Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз дыл фидар хӕцдзынӕн мӕ рахиз къухӕй, рӕстдзинады къухӕй»
(Исай 41:10).
«Куы мӕт кӕнат, уӕд уӕ уымӕй йӕ цардыл иу гыццыл дӕр исчи бафтаудзӕн?»
(Матфейы 6:27).
«Ӕмӕ, райсом цы уыдзӕн, ууыл макуы катай кӕнут, уымӕн ӕмӕ райсомы бонӕн уыдзӕн йӕхи катӕйттӕ. Алы бонӕн дӕр йӕхи зындзинӕдтӕ фаг сты»
(Матфейы 6:34).
«Ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнут»
«Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый. Ӕмӕ уын Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн, Йесо Чырыстийы фӕрцы бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд»
-
-
17 фарста. Библи дӕ бинонтӕн куыд баххуыс кӕндзӕн?Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис
-
-
17 ФАРСТА
Библи дӕ бинонтӕн куыд баххуыс кӕндзӕн?
ЛӔГТӔ/ФЫДӔЛТӔ
«Раст афтӕ лӕгтӕ дӕр, сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты. Йӕ усы чи уарзы, уый уарзы йӕхи дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ буарӕй йе сӕфт никуы ничи уыдта, фӕлӕ йӕм алчидӕр зилы ӕмӕ йӕ буц дары... ...Сымахӕй алчи, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы дӕр»
«Фыдӕлтӕ, сымах... уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, фӕлӕ сӕ хъомыл кӕнут, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут»
УСТЫТӔ
«Ус... хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа»
«Устытӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ ӕмбӕлы»
СЫВӔЛЛӔТТӔ
«Сывӕллӕттӕ, уӕ ныййарджытӕм хъусут, Хуыцауы фӕндон куыд у, афтӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕ цӕсты раст у. „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“ – уый у зӕрдӕвӕрдимӕ лӕвӕрд фыццаг фӕдзӕхст. Зӕрдӕвӕрд та у ахӕм: „Цӕмӕй дын уа хорз ӕмӕ зӕххыл бирӕ фӕцӕрай“»
«Сывӕллӕттӕ, алы хъуыддаджы дӕр уӕ ныййарджытӕм хъусут, уымӕн ӕмӕ уый цӕуы нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ»
-