-
Доны хъаймӕтБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
3 СӔР
Доны хъаймӕт
Хуыцау фесӕфта фыдгӕнджыты, Нойы ӕмӕ йӕ бинонты та фервӕзын кодта
АДӔМ куыд фылдӕр кодтой, афтӕ тӕригъӕд ӕмӕ ӕвзӕрдзинад дӕр зӕххыл апарахат сты. Зӕххыл уыди ӕрмӕстдӕр иу рӕстгӕнӕг адӕймаг, Енох. Уый хъусын кодта, зӕгъгӕ, ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ Хуыцау ӕвзӕр адӕмы фесафдзӕн. Фӕлӕ ӕвзӕрдзинад фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Зӕдтӕй иуӕй-иутӕ Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты, уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ӕрцыдысты, адӕймӕгты хуыз райстой ӕмӕ сылгоймӕгтимӕ цӕрын райдыдтой. Фӕзынд сын ӕнахуыр стыр цот – уӕйгуытӕ, хуыдтой сӕ нефилимтӕ. Уыдоны аххосӕй зӕхх байдзаг тыхми ӕмӕ тугкалдӕй. Хуыцауӕн тынг зын уыди, адӕм кӕй фехӕлдысты, уымӕ кӕсын.
Енохы мӕлӕты фӕстӕ зӕххыл царди, фыдгӕнджытӕй чи хицӕн кодта, ахӕм адӕймаг, Ной, зӕгъгӕ. Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ архайдтой, цӕмӕй сӕ цардӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кодтаиккой. Хуыцау фыдгӕнджыты фесафын куы сфӕнд кодта, уӕд ӕй бафӕндыд Ной ӕмӕ йӕ бинонты фервӕзын кӕнын. Хуыцау ын загъта, цӕмӕй сарӕзтаид стыр цыппӕрдигъон нау (ковчег). Уым сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ бирӕ алыхуызон цӕрӕгойтӕ дӕр фервӕзтаиккой Доны хъаймӕты рӕстӕг. Ной байхъуыста Хуыцаумӕ ӕмӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта. 40–50 азы дӕргъы арӕзта нау, стӕй «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» дӕр уыди (2 Петры 2:5). Ной адӕмы фӕдзӕхста, тагъд кӕй уыдзӕн Доны хъаймӕт, фӕлӕ йын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ дардтой. Рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд Ной цӕрӕгойты наумӕ бакодта ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр йӕ бинонтимӕ наумӕ бахызт. Хуыцау сын сӕ фӕстӕ дуар бахгӕдта ӕмӕ райдыдта къӕвда.
Къӕвда сӕх-сӕхӕй уарыд 40 боны ӕмӕ ӕхсӕвы, цалынмӕ ӕнӕхъӕн зӕхх доны бын нӕ фӕци, уӕдмӕ. Фыдгӕнджытӕ фесӕфтысты. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ дон фӕкъаддӕр ӕмӕ нау хӕхтыл ӕрлӕууыд. Цасдӕры фӕстӕ, науы чи уыд, уыдон ӕддӕмӕ рахызтысты. Фесты дзы ӕнӕхъӕн аз. Ной тынг бузныг уыд Йегъовӕ Хуыцауӕй ӕмӕ йын нывонд ӕрхаста. Хуыцау ын йӕ нывондӕй разыйӕ баззад ӕмӕ Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, доны хъаймӕт кӕй никуыуал рауадздзӕн. Йӕ ныхас кӕй нӕ фӕсайдзӕн, уый равдисынӕн радта арвӕрдын.
Доны хъаймӕты фӕстӕ Хуыцау адӕмӕн радта цалдӕр ног закъоны. Радта сын дзидза хӕрыны бар, фӕлӕ сын туг хӕрыны бар нӕ уыд. Хуыцау ма Нойы байзӕддӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй зӕххыл ахӕлиу уыдаиккой. Фӕлӕ йӕм иуӕй-иутӕ нӕ байхъуыстой. Иу лӕг, Нимрод, зӕгъгӕ, адӕмы ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ горӕт Вавилоны райдыдтой стыр мӕсыг аразын. Нӕ сӕ бафӕндынд Хуыцауы ныхасмӕ байхъусын, зӕхх уӕ цотӕй байдзаг кӕнут, зӕгъгӕ. Фӕлӕ сын Хуыцау сӕ фӕнд фехӕлдта, се ’взаг сын схӕццӕ кодта ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой. Сӕ кӕрӕдзи кӕй нал ӕмбӕрстой, уый тыххӕй сӕ фӕнд ныууагътой ӕмӕ алырдӕмты ныппырх сты.
-
-
Хуыцау Авраамимӕ скодта бадзырдБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
4 СӔР
Хуыцау Авраамимӕ скодта бадзырд
Авраам Хуыцауыл баууӕндыд ӕмӕ йӕ коммӕ бакаст; Йегъовӕ йын загъта, кӕй йын раарфӕ кӕндзӕн ӕмӕ йын йӕ цот кӕй сбирӕ кӕндзӕн
ДОНЫ хъаймӕтӕй рацыд иу-350 азы бӕрц. Авраам царди хъӕздыг горӕт Уры (ныртӕккӕ уыцы бынат хауы Иракмӕ). Авраам Хуыцауыл тынг ӕууӕндыд. Фӕлӕ иухатт йӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцыд.
Йегъовӕ Хуыцау Авраамӕн загъта, цӕмӕй йӕ райгуырӕн бӕстӕ ныууагътаид ӕмӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕмӕ, Ханаанмӕ, ацыдаид. Авраам ӕнӕ уӕлдай ныхасӕй сразы. Йӕ ус Саррӕ, йе ’фсымӕры лӕппу Лот ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дар акодта дард фӕндагыл. Ӕппынфӕстаг сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Ханааны ӕмӕ уым ӕрцардысты. Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддӕгты йын кӕй сбирӕ кӕндзӕн ӕмӕ Ханааны зӕхх сӕхи кӕй бакӕндзысты. Стӕй ма Авраамӕн загъта, йӕ фӕрцы зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты.
Авраам ӕмӕ Лот хъӕздыгӕй-хъӕздыгдӕр кодтой ӕмӕ сӕм фӕзынд бирӕ фос. Авраам хӕларзӕрдӕ адӕймаг уыди ӕмӕ Лотӕн загъта, цӕмӕй ӕрцардаид, йӕ зӕрдӕмӕ цы зӕххытӕ цыдысты, уым. Лот равзӕрста Иорданы цӕугӕдонмӕ ’ввахс бӕркадджын зӕххытӕ ӕмӕ горӕт Содоммӕ хӕстӕг ӕрбынат кодта. Фӕлӕ уыцы горӕты цӕрджытӕ уыдысты тынг хӕлд ӕмӕ Йегъовӕйы цӕсты стыр тӕригъӕдтӕ кодтой.
Фӕстӕдӕр та Йегъовӕ ногӕй Авраамӕн загъта, йӕ байзӕддӕгтӕ стъалытау кӕй сбирӕ уыдзысты. Авраам Хуыцауы ныхасыл баууӕндыд. Фӕлӕ йӕ уарзон бинойнаг Саррӕ ӕнӕзӕнӕг уыди. Авраамыл 99 азы куы цыд, Саррӕйыл та 90 азмӕ ’ввахс, уӕд ын Хуыцау загъта, Саррӕйӕн кӕй райгуырдзӕн лӕппу. Хуыцауы ныхас нӕ фӕмӕнг – Саррӕйӕн райгуырд Исахъ. Авраамӕн ма ноджыдӕр уыди сывӕллӕттӕ, фӕлӕ Хуыцау Едемы цӕхӕрадоны зӕрдӕ цы Ирвӕзынгӕнӕгӕй бавӕрдта, уый хъуамӕ фӕзындаид Исахъы цотӕй.
Уыцы рӕстӕг Лот йӕ бинонтимӕ царди Содомы, фӕлӕ раст адӕймаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ уыцы горӕты хӕлд цӕрджыты хуызӕн не сси. Йегъовӕ Содом фесафынвӕнд куы скодта, уӕд йӕ зӕдты арвыста, цӕмӕй Лоты бафӕдзӕхстаиккой. Зӕдтӕ йын загътой, цӕмӕй йӕ бинонтимӕ горӕтӕй алыгъдаид ӕмӕ фӕстӕмӕ дӕр ма фӕкастаид. Уый фӕстӕ Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл къӕвдайау ныккалдта зынг. Чи дзы цард, уыдон иууылдӕр амардысты. Фервӕзтысты ма Лот ӕмӕ йӕ дыууӕ чызджы. Лоты усӕн та йӕ зӕрдӕ йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕм ӕхсайдта ӕмӕ фӕстӕмӕ фӕкасти. Хуыцауы коммӕ кӕй нӕ бакаст, уый тыххӕй фесӕфт.
-
-
Библийы рӕстӕгамонӕн схемӕБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
н. э. размӕ 2370 азы Доны хъаймӕт райдыдта
н. э. размӕ 2018 азы Авраам райгуырд
н. э. размӕ 1943 азы Авраамимӕ бадзырд
-