-
Израилӕгтӕ сӕхицӕн паддзах ӕрдомдтойБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
9 СӔР
Израилӕгтӕ сӕхицӕн паддзах ӕрдомдтой
Израилы фыццаг паддзах Саул хивӕнд разынд. Йӕ фӕстӕ паддзах сси Давид. Хуыцау йемӕ бадзырд скодта, ӕнустӕм чи уыдзӕн, уыцы паддзахады тыххӕй
САМСОНЫ фӕстӕ израилӕгтӕн сӕ пехуымпар ӕмӕ сӕ тӕрхонгӕнӕг уыди Самуил. Адӕм ын загътой, цӕмӕй сын иннӕ адӕмтау паддзах сӕвӕра. Ахӕм фӕнд сӕм кӕй фӕзынд, уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, фӕлӕ уӕддӕр Самуилӕн загъта, цӕмӕй сӕм байхъуса. Хуыцау паддзахӕй равзӕрста сӕрныллӕг адӕймаг Саулы. Фӕлӕ Саул сси сӕрбӕрзонд ӕмӕ хивӕнд. Хуыцау Самуилӕн загъта, цӕмӕй ӕндӕр паддзах сӕвӕрдтаид. Уый уыди ӕрыгон лӕппу Давид. Фӕлӕ цалынмӕ Давид паддзахбадӕныл ӕрбадт, уӕдмӕ рацыд бирӕ азтӕ.
Давид нырма хӕрзӕрыгон уыд, афтӕмӕй ацыд, Саулы ӕфсад кӕм лӕууыд, уырдӕм йе ’фсымӕрты бабӕрӕг кӕнынмӕ. Ӕфсӕддонты тас бацыд, уымӕн ӕмӕ сын се знӕгтӕй иу, уӕйыгарӕзт лӕг Голиаф, сӕхицӕй дӕр ӕмӕ сӕ Хуыцауӕй дӕр хынджылӕг кодта. Давид уыдӕттӕ куы федта, уӕд йӕ маст рафыхт ӕмӕ паддзахӕн загъта, ӕз йемӕ схӕцдзынӕн, зӕгъгӕ. Йӕ къухы дурӕхсӕн ӕмӕ цалдӕр дуры йеддӕмӕ ницы уыд, афтӕмӕй рацыд ӕртӕ метры дӕргъӕн лӕджы ныхмӕ. Голиаф дзы хынджылӕг кӕнын куы райдыдта, уӕд ын Давид загъта: «Ды мӕ ныхмӕ хӕцӕнгарзимӕ рацыдтӕ, ӕз та дӕ ныхмӕ цӕуын мӕ Хуыцау Йегъовӕйы номимӕ!» Давид Голиафы иу гыццыл дурӕй амардта, стӕй йын йӕхи хъамайӕ йӕ сӕр ахауын кодта. Ӕмӕ уӕд филистимӕгты ӕфсад лидзӕг фӕци.
Саулы дисы бафтыдта Давиды хъӕбатырдзинад ӕмӕ йӕ йе ’фсады сӕргъы сӕвӕрдта. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Саул Давидмӕ хӕлӕг кӕнын райдыдта. Давиды бирӕ азты дӕргъы бахъуыд рамбӕхс-бамбӕхс кӕнын, цӕмӕй йӕ цард бахъахъхъӕдтаид. Кӕд ӕй Саул марынмӕ хъавыд, уӕддӕр Давид йӕ ныхмӕ никуы рацыд, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, Йегъовӕ йӕ кӕй сӕвӕрдта паддзахӕй. Фӕстагмӕ Саул тохы быдыры фӕмард. Уый фӕстӕ Давид сси паддзах, Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ.
«Ӕз ын йӕ паддзахбадӕн сфидар кӕндзынӕн ӕнустӕм» (2 Самуилы 7:13)
Давиды тынг фӕндыд Йегъовӕйы номыл кувӕндон саразын. Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта, кувӕндон йӕ байзӕддаг кӕй сараздзӕн. Уый разынд йӕ фырт Соломон. Фӕлӕ Хуыцау Давидӕн уӕддӕр раарфӕ кодта – йемӕ сарӕзта диссаджы бадзырд. Зӕрдӕ йын бавӕрдта, йӕ байзӕддӕгтӕ ӕнустӕм кӕй уыдзысты паддзӕхтӕ. Ӕппынфӕстаг йӕ хӕдзарвӕндагӕй фӕзынд, Хуыцау Едемы цӕхӕрадоны зӕрдӕ цы Ирвӕзынгӕнӕгӕй, кӕнӕ Байзӕддагӕй, бавӕрдта, уый. Уый уыд Чырысти, Хуыцауы ’взӕрст лӕггадгӕнӕг. Йегъовӕ загъта, Чырыстийы кӕй сӕвӕрдзӕн, ӕнустӕм чи уыдзӕн, уыцы Паддзахады сӕргъы.
Давид тынг бузныг уыд Хуыцауӕй, уымӕ гӕсгӕ кувӕндон аразынӕн ӕрцӕттӕ кодта бирӕ ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин, стӕй цыдӕриддӕр хъуыди, уый. Давид ма Хуыцауы фӕндӕй ныффыста бирӕ кады зарджытӕ. Йӕ царды кӕрон загъта: «Йегъовӕйы тых дзырдта мӕн уылты, ӕмӕ йӕ ныхас уыди ме ’взагыл» (2 Самуилы 23:2).
1 Самуилы чиныг; 2 Самуилы чиныг; 1 Азфыст; Исайы 9:7; Матфейы 21:9; Лукайы 1:32; Иоанны 7:42.
-
-
Соломоны стыр зондБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
10 СӔР
Зондджын паддзах Соломон
Йегъовӕ Хуыцау паддзах Соломоны стыр зондӕй схайджын кодта. Соломоны рӕстӕг Израилы уыд сабырдзинад ӕмӕ адӕм хъӕздыг цардысты
ЦЫМӔ цавӕр цард уыдаид, адӕм дӕр ӕмӕ сӕ паддзах дӕр Йегъовӕйы сӕ хицауыл куы нымадтаиккой ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ куы ’ххӕст кодтаиккой, уӕд? Ацы фарстайӕн дзуапп лӕвӕрд ӕрцыд, Соломон 40 азы дӕргъы Израилы паддзах куы уыд, уӕд.
Давид йӕ мӕлӕты размӕ йӕ фырт Соломоны йӕхи бӕсты паддзахӕй сӕвӕрдта. Хуыцау Соломонмӕ фыны фӕзынд ӕмӕ йын загъта, цы дӕ хъӕуы, уый мӕ ракур, зӕгъгӕ. Соломон дзы ракуырдта зонд, цӕмӕй адӕмӕн рӕстӕй ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ разамынд лӕвӕрдтаид. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыдысты Соломоны ныхӕстӕ ӕмӕ йын радта зонд дӕр ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад дӕр. Стӕй ма йын Йегъовӕ загъта, йӕ коммӕ куы кӕса, уӕд ын кӕй ратдзӕн хъӕздыгдзинад, кад ӕмӕ бирӕ цӕрӕнбонтӕ.
Соломоны зонды кой дардыл айхъуыст. Иухатт ӕм дыууӕ сылгоймаджы ӕрбахастой иу сывӕллоны ӕмӕ дзы алчидӕр дзырдта, ай мӕ лӕппу у, зӕгъгӕ. Уӕд Соломон загъта, цӕмӕй сывӕллоны хъамайӕ дыууӕ дихы фӕкӕной ӕмӕ дзы алы сылгоймагӕн дӕр иу ӕмбис радтой. Сылгоймӕгтӕй иу сразы, фӕлӕ йе ’цӕг мад чи уыд, уый та паддзахӕн ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй сывӕллоны иннӕ сылгоймагӕн радтой. Соломон бамбӕрста, сывӕллонӕн чи фӕтӕригъӕд кодта, уый кӕй уыди йе ’цӕг мад ӕмӕ йын ӕй радта. Уыцы хабар уайтагъд ӕнӕхъӕн Израилыл айхъуыст ӕмӕ адӕм бамбӕрстой, Соломонӕн уыцы зонд Хуыцауӕй лӕвӕрд кӕй у.
Соломон цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй ӕппӕты диссагдӕр уыди, Йегъовӕйӕн Иерусалимы цы кувӕндон сарӕзта, уый. Уыцы стыр ӕмӕ рӕсугъд кувӕндонмӕ адӕм цыдысты ӕнӕхъӕн Израилӕй. Кувӕндон арӕзт куы фӕци, уӕд Соломон Йегъовӕмӕ скуывта: «Уӕлӕрвты ӕмӕ суанг арвы кӕрӕтты дӕр куы нӕ цӕуыс, уӕд дын ӕз кӕй сарӕзтон, уыцы хӕдзары та куыд бацӕудзынӕ!» (1 Паддзӕхты 8:27).
Соломоны тыххӕй иннӕ бӕстӕты дӕр базыдтой, суанг ма дард Аравийы, Савӕйы паддзахады. Савӕйы ус-паддзах ӕм ӕрбацыд, цӕмӕй йын йӕ кад ӕмӕ йӕ хъӕздыгдзинад йӕхи цӕстӕй федтаид ӕмӕ йӕ бафӕлвӕрдтаид, ӕцӕгдӕр ахӕм стыр зонды хицау у ӕви нӕ. Соломоны зонд ӕмӕ израилӕгты хъӕздыг цард куы федта, уӕд йӕ дисӕн кӕрон нал уыд, ӕмӕ Йегъовӕйы скадджын кодта, ахӕм зондджын адӕймаджы паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, уый тыххӕй. Йегъовӕ Соломонӕн кӕй арфӕ кодта, уымӕ гӕсгӕ, Соломоны рӕстӕджы Израилы адӕм куыд хъӕздыг ӕмӕ сабыр цардысты, афтӕ никуы.
Фӕлӕ фӕстагмӕ Соломон Йегъовӕйы коммӕ нал каст. Хуыцауы закъоны сӕрты ахызт ӕмӕ бирӕ устытӕ ракуырдта. Бирӕтӕ дзы куывтой мӕнгхуыцӕуттӕн. Фӕстагмӕ Соломон йӕ устыты зондыл ацыд – Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ сивта ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувын райдыдта. Йегъовӕ Соломонӕн загъта, йӕ паддзахады фылдӕр хай йын кӕй байсдзӕн, фӕлӕ йӕ фыд Давидимӕ цы бадзырд сарӕзта, уый тыххӕй йын йӕ байзӕддӕгтӕн иу хай кӕй ныууадздзӕн. Кӕд Соломон Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй нал лӕггад кодта, уӕддӕр Йегъовӕ, Давидимӕ паддзахады тыххӕй цы бадзырд скодта, уый нӕ фехӕлдта.
1 Паддзӕхты 1–11 сӕртӕ; 2 Азфыст 1–9 сӕртӕ; Дыккаг закъон 17:17.
-
-
Библийы рӕстӕгамонӕн схемӕБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
н. э. размӕ 1117 азы Саул сси паддзах
н. э. размӕ 1070 аз Хуыцау Давидӕн зӕрдӕ бавӕрдта Паддзахадӕй
н. э. размӕ 1037 азы Соломон сси паддзах
н. э. размӕ 1027 азы Иерусалимы кувӕндон арӕзт фӕци
н. э. размӕ 1020 азмӕ ’ввахс Зарджыты чиныг фыст фӕци
-