-
Пехуымпар федта цӕстылуайӕн фидӕны тыххӕйБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
15 СӔР
Пехуымпар федта цӕстылуайӕн фидӕны тыххӕй
Пехуымпар Данел федта цӕстылуайӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ Чырыстийы ӕрцыды тыххӕй. Вавилон бацахстой
ИЕРУСАЛИМ куы нӕма ныппырх кодтой, уый размӕ Хуыцауыл иузӕрдион лӕппу Данелы ӕмӕ иннӕ ӕрыгон дзуттаг лӕппуты Иудӕйӕ Вавилонмӕ уацары акодтой. Ӕмӕ кӕд уацары уыдысты, уӕддӕр сын цыдӕр бартӕ лӕвӕрд уыд. Хуыцау арфӕ кодта Данелӕн, суанг ма йӕ домбӕйттӕм дзыхъмӕ куы ныппӕрстой, уӕд дӕр ӕй фервӕзын кодта. Стӕй йын цӕстылуайӕнты равдыста, фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттӕ. Данел сӕйраджыдӕр дзырдта Чырысти ӕмӕ йӕ хицаудзинады тыххӕй.
Данел банымадта, Чырысти кӕд хъуамӕ ӕрцыдаид, уый. Хуыцау Данелӕн раргом кодта, Иерусалимы къултӕ ногӕй саразыны тыххӕй бардзырд куы рацӕуа, уӕдӕй Мессийӕйы (Чырыстийы) фӕзындмӕ кӕй рацӕудзӕн 69 азон къуырийы. Къуырийы ис авд боны, азон къуырийы та – авд азы. Уыцы бардзырд рацыд, Данел куы амард, уымӕй бирӕ фӕстӕдӕр – н. э. размӕ 455 азы. Уӕдӕ уыцы азӕй 69 «къуырийы», кӕнӕ 483 азы, куы анымайӕм, уӕд ӕрцӕудзыстӕм н. э. 29 азмӕ. Иннӕ сӕрӕй базондзыстӕм, уыцы аз цы ’рцыд, уый. Данел ма йӕ пехуымпарады загъта, Чырыстийы кӕй амардзысты, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдтӕй фервӕзын кӕна (Данел 9:24–26).
Чырысти хъуамӕ суа уӕларвон Паддзах. Данел ӕнахуыр цӕстылуайӕны уӕлӕрвты федта «адӕймаджы фырты хуызӕн» кӕйдӕр. Уый уыди Чырысти ӕмӕ лӕууыд Йегъовӕйы паддзахбадӕны раз. Йегъовӕ йын радта «хицауы бартӕ, кад ӕмӕ паддзахад». Уыцы Паддзахад уыдзӕн ӕнустӕм. Данел ма Хуыцауы Паддзахады тыххӕй базыдта ӕндӕр диссаджы хабӕрттӕ дӕр: Паддзахимӕ ма разамынд дӕтдзысты ӕндӕртӕ дӕр. Данел сӕ схуыдта «Бӕрзондылбадӕджы сыгъдӕг адӕм» (Данел 7:13, 14, 27).
Хуыцауы Паддзахад ныппырх кӕндзӕн зӕххон паддзахӕдтӕ. Хуыцау Данелӕн раргом кодта, Вавилоны паддзах Навуходоносоры тасы чи бафтыдта, уыцы фын. Паддзах фыны федта стыр дурцырт. Йӕ сӕр уыди сызгъӕринӕй, йӕ риу ӕмӕ йӕ къухтӕ ӕвзистӕй, йӕ гуыбын ӕмӕ йӕ ӕгъдтӕ ӕрхуыйӕ, йӕ зӕнгтӕ ӕфсӕйнагӕй, фадхъултӕй дӕлӕмӕ та – ӕфсӕйнаг ӕлыгимӕ хӕццӕйӕ. Хохӕй рахауд дур ӕмӕ сӕмбӕлд дурцырты фадхъултыл ӕмӕ сӕ лыстӕг пырх ныккодта. Данел бамбарын кодта, уыцы дурцырт кӕй амоны, кӕрӕдзийы чи ивдзӕн, уыцы тыхджындӕр паддзахӕдтӕм. Сызгъӕрин сӕр амоны сӕ фыццагмӕ – Вавилонмӕ. Данел загъта, уыцы паддзахӕдтӕй фӕстаджы рӕстӕг Хуыцауы Паддзахад зӕххы хъуыддӕгтӕм кӕй ӕркӕсдзӕн. Уый ныппырх кӕндзӕн, ацы фыддунейы хицауӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм (Данелы 2 сӕр).
Хӕрззӕрондӕй Данел йӕхи цӕстӕй федта, Вавилон куыд ныппырх кодтой, уый. Хуыцауы пехуымпартӕ куыддӕриддӕр загътой, афтӕ ’рцыд – паддзах Кир горӕт бацахста. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ дзуттӕгты уацарӕй ссӕрибар кодтой. Уыцы хабар ӕрцыд, сӕ бӕстӕ 70 азы ӕдзӕрӕг куы уыд, уый фӕстӕ. Хуыцауыл иузӕрдион разамонджытӕ, сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ адӕмы разӕнгард кодтой, цӕмӕй Иерусалим ӕмӕ Йегъовӕйы кувӕндон ногӕй сарӕзтаиккой. Цымӕ цы ’рцыд, 483 азы куы фесты, уӕд?
-
-
Чырысти зӕхмӕ ӕрцыдБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
16 СӔР
Чырысти зӕхмӕ ӕрцыд
Йегъовӕ бамбарын кодта, назаретаг Йесо кӕй у, рагӕй кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы Чырысти
ЙЕГЪОВӔ адӕмӕн куыд раргом кодта, Чырысти чи уыдзӕн, уый? Ӕркӕсӕм, Дзуттаг Фыстытӕ фыст куы фесты, уымӕй иу-цыппар сӕдӕ ӕнусы фӕстӕ цы ’рцыди, уымӕ. Галилейы, горӕт Назареты, иу ӕрыгон сылгоймаг Марийӕмӕ фӕзынд ӕнахуыр уазӕг. Уый уыди зӕд Гавриил ӕмӕ Марийӕйӕн загъта, Хуыцау ыл йӕ сыгъдӕг тых кӕй ӕруадздзӕн ӕмӕ йын кӕй райгуырдзӕн лӕппу, кӕд нырма моймӕдзыд нӕ уыд, уӕддӕр. Уыцы лӕппу суыдзӕн, рагӕй фӕстӕмӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕмӕ ӕнустӕм чи уыдзӕн, уыцы Паддзах. Уыцы сывӕллон уыдзӕн Хуыцауы Фырт. Хуыцау афтӕ бакодта, ӕмӕ йӕ Фырты цард Марийӕйы гуыбыны сӕвзӕрын кодта.
Марийӕ сӕрныллӕгӕй сразы уыцы кадджын хӕс сӕххӕст кӕныныл. Фидыд кӕимӕ уыди, уыцы лӕг Иосифӕн Хуыцауы зӕд бамбарын кодта, Марийӕ куыд басывӕрджын, уый. Ӕмӕ йӕ уӕд Иосиф ракуырдта. Фӕлӕ, цымӕ, Чырысти Вифлеемы кӕй райгуырдзӕн, уыцы пехуымпарад та куыд сӕххӕст, кӕд уыцы гыццыл горӕт Назаретӕй 140 километры дарддӕр уыд, уӕд? (Михей 5:2).
Ромы хицау уынаффӕ рахаста, цӕмӕй адӕм сӕ райгуырӕн горӕтты ӕмӕ хъӕуты сӕхи ныффыстаиккой. Иосиф ӕмӕ Марийӕ дӕр ацыдысты Вифлееммӕ, уымӕн ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый сӕ райгуырӕн горӕт уыди (Лукайы 2:3). Уым Марийӕйӕн скъӕты райгуырд сывӕллон ӕмӕ йӕ кӕвдӕсы сӕвӕрдта. Уый фӕстӕ Хуыцау зӕды уылты фыййӕуттӕн фехъусын кодта, кӕй райгуырд зӕрдӕвӕрд Мессийӕ, кӕнӕ Чырысти.
Фӕстӕдӕр ма уыди ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр, Йесо Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй у, уымӕн. Пехуымпар Исай ныффыста, кӕй фӕзындзӕн, адӕмы Чырыстийы ӕрцыдмӕ чи бацӕттӕ кӕндзӕн, ахӕм адӕймаг (Исай 40:3). Уый уыди Аргъауӕг Иоанн. Йесойы куы федта, уӕд цингӕнгӕ загъта: «Уӕртӕ Хуыцауы Уӕрыкк, уый дуне йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн!» Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕй иуӕй-иутӕ уайтагъд Йесойы фӕдыл ацыдысты. Уыдонӕй сӕ иу загъта: «Мах ссардтам Мессийӕйы» (Иоанны 1:29, 36, 41).
Хуыцау ма радта ноджыдӕр иу бӕлвырдгӕнӕн. Иоанн Йесойӕн донаргъуыд куы лӕвӕрдта, уӕд уӕлӕрвтӕй райхъуыст Йегъовӕйы хъӕлӕс. Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тых Йесойыл ӕруагъта, ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, уый кӕй у Мессийӕ, кӕнӕ Чырысти, ӕмӕ загъта: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Матфейы 3:16, 17). Раджы заманты Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уый сбӕрӕг!
Кӕд? Н. э. 29 азы, Данел йӕ пехуымпарады цы 483 азы кой кодта, уыдон куы фесты, уӕд. Растдӕр уӕд сбӕлвырд, Йесо Мессийӕ, ома Чырысти, кӕй у. Цавӕр хабар хъусын кодта Чырысти, зӕххыл куы цард, уӕд?
-
-
Библийы рӕстӕгамонӕн схемӕБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
69 азон къуыриты райдиан
н. э. размӕ 443 азы фӕстӕ Малахи фыст фӕци йӕ чиныг
н. э. размӕ 2 азмӕ ’ввахс Чырысти райгуырд
н. э. 29 азы Чырысти донаргъуыд райста;
-