-
Чырысти райгас!Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
21 СӔР
Чырысти райгас!
Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕзынд, цӕмӕй сын уынаффӕтӕ радтаид ӕмӕ сӕ бафидар кодтаид
ЧЫРЫСТИ куы амард, уымӕй ӕртӕ боны фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй цалдӕр сылгоймаджы зӕппадзмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ федтой, йӕ бахизӕны дур кӕй нал уыд, мидӕгӕй та – афтид!
Уӕд сӕм фӕзынд дыууӕ зӕды. Ӕмӕ сӕ иу загъта: «Назаретаг Йесойы агурут»? «Ам нӕй – райгас» (Марчы 16:6). Сылгоймӕгтӕ уый куыддӕр фехъуыстой, афтӕ азгъордтой, цӕмӕй хабар апостолтӕн радзырдтаиккой. Фӕндагыл сыл Йесо фембӕлд ӕмӕ сын загъта: «Ма тӕрсут! Цӕут ӕмӕ ме ’фсымӕртӕн фӕхабар кӕнут, цӕмӕй Галилеймӕ ацӕуой. Уым мӕ фендзысты» (Матфейы 28:10).
Уыцы бон фӕстӕдӕр Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйӕ фӕцӕйцыдысты Иерусалимӕй иу хъӕумӕ, Еммаус, зӕгъгӕ. Фӕндагыл сӕм иу адӕймаг ӕрбаиу ӕмӕ сӕ бафарста, цӕуыл ныхас кӕнынц, уымӕй. Уый уыди Чырысти, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ базыдтой. Ӕнкъардӕй йын загътой, Йесойы тыххӕй кӕй ныхас кӕнынц. Уӕд сын уыцы адӕймаг райдыдта ӕмбарын кӕнын, Чырыстийы тыххӕй Сыгъдӕг Фыстады цы фыст ис, уыдӕттӕ. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Чырыстийы тыххӕй дзы цы пехуымпарӕдтӕ уыд, уыдон лыстӕг хабӕртты онг сӕххӕст сты. Уыцы дыууӕ ахуыргӕнинаджы куы бамбӕрстой, семӕ чи ныхас кодта, уый Йесо кӕй у ӕмӕ кӕй райгас, уӕд Чырысти фӕцыдӕр.
Уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ уайтагъд фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ раздӕхтысты. Апостолты баййӕфтой ӕмбырдӕй иу хӕдзары, сӕ дуар ӕхгӕд, афтӕмӕй. Цы сыл ӕрцыди, уый тыххӕй сын куыд дзырдтой, афтӕ Чырысти се ’хсӕн февзӕрд. Апостолты дисӕн кӕрон нал уыд ӕмӕ сӕ цӕстытыл нӕ баууӕндыдысты. Йесо сӕ бафарста: «Цӕмӕй фӕтарстыстут ӕмӕ дызӕрдыг кӕнын цӕмӕн райдыдтат?... Афтӕ фыст у, зӕгъгӕ, Чырысти фӕхъизӕмар кӕндзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй райгас уыдзӕн» (Лукайы 24:38, 46).
Чырысти йӕ райгасы фӕстӕ 40 боны дӕргъы алыхуызон уавӕрты фӕзынд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм. Иухатт фӕзынд 500 адӕймагӕй фылдӕрмӕ! Ӕвӕццӕгӕн сын уӕд бахӕс кодта иу ахсджиаг хъуыддаг: «Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ... Ӕмӕ сын амонут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ куыд ӕххӕст кӕной. Ӕмӕ цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матфейы 28:19, 20).
Йесо йӕ 11 иузӕрдион апостолимӕ фӕстаг хатт куы фембӕлд, уӕд сын зӕрдӕ бавӕрдта: «Сымах райсдзыстут тых, сыгъдӕг уд уыл куы ’рцӕуа, уӕд, ӕмӕ мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ... суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 1:8). Уый фӕстӕ Чырысти уӕлӕрвтӕм ссыд ӕмӕ куыд уӕлдӕр кодта, афтӕ сӕм мигътӕй нал зынд.
Матфейы 28 сӕр; Марчы 16 сӕр; Лукайы 24 сӕр; Иоанны 20 ӕмӕ 21 сӕртӕ; 1 Коринфӕгтӕм 15:5, 6.
-
-
Апостолтӕ хъусын кодтой ныфсджынӕйБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
22 СӔР
Апостолтӕ хъусын кодтой ныфсджынӕй
Чырыстӕттӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой, кӕд сӕ ныхмӕ цыдысты ӕмӕ сӕ ӕфхӕрдтой, уӕддӕр
НӔ ЭРӔЙЫ 33 азы, Чырысти уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уымӕй дӕс боны фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй 120 бӕрц ӕрӕмбырд сты Иерусалимы иу хӕдзары, цӕмӕй сбӕрӕг кодтаиккой дзуттаг бӕрӕгбон, Фӕндзайӕм бон, зӕгъгӕ. Ӕвиппайды, цыма тыхджын дымгӕ сыстад, уыйау райхъуыст уынӕр, ӕмӕ цы хӕдзары бадтысты, уый уынӕрӕй байдзаг. Ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ диссаджы хуызы алы ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой. Ацы ӕнахуыр хабӕрттӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты? Хуыцау Йесойы ахуыргӕнинӕгты схайджын кодта йӕ тыхӕй.
Уыцы рӕстӕг уынджы ӕрӕмбырд тынг бирӕ адӕм, уымӕн ӕмӕ алы бӕстӕтӕй бӕрӕгбонмӕ ӕрцыдысты. Алчи дӕр сӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгты йӕ мадӕлон ӕвзагыл дзургӕ куы фехъуыста, уӕд сӕ дисӕн кӕрон нал уыд. Цы ’рцыд, уый ӕмбарын кӕнгӕйӕ, Петр загъта пехуымпар Иоилы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Хуыцау йӕ тыхӕй кӕй схайджын кӕна, уыдонмӕ фӕзындзӕн диссаджы курдиӕттӕ (Иоил 2:28, 29). Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй ахӕм диссаг кӕй сарӕзта, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ ныр Хуыцау дзуттӕгтӕн кӕй нал арфӕ кодта, фӕлӕ чырыстон ӕмбырдӕн. Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уый хъуамӕ суыдаид Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг.
Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ знӕгтӕ чырыстӕтты ныхмӕ тынгӕй-тынгдӕр цыдысты ӕмӕ иухатт апостолты ахӕстоны бакодтой. Фӕлӕ ӕхсӕвы Йегъовӕйы зӕд ахӕстоны дуӕрттӕ байгом кодта ӕмӕ апостолтӕн загъта, цӕмӕй дарддӕр хъусын кодтаиккой. Ӕмӕ куыддӕр ӕрбабон, афтӕ та хъусын кӕнын райдыдтой. Кувӕндонмӕ бацыдысты ӕмӕ адӕмӕн Йесойы тыххӕй хорз хабар дзырдтой. Се знӕгтӕ фырмӕстӕй рафыхтысты ӕмӕ сын карзӕй загътой, цӕмӕй мауал хъусын кодтаиккой. Фӕлӕ сын апостолтӕ ныфсджынӕй загътой: «Махӕн нӕ хицау Хуыцау у, ӕмӕ хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ» (Хъуыддӕгтӕ 5:28, 29).
Знӕгтӕ чырыстӕтты карзӕй-карздӕр ӕфхӕрдтой. Дзуттӕгтӕй чидӕртӕ Стефаны фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ йӕ Хуыцауы фаугӕ фехъуыстам, ӕмӕ йӕ дуртӕй амардтой. Тарсӕй иу ӕрыгон нӕлгоймаг Савл дӕр се ’хсӕн уыди ӕмӕ уыцы хабар растыл нымадта. Фӕстӕдӕр ацыд Дамаскмӕ, цӕмӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты ӕрцахстаид. Фӕндагыл куыд фӕцӕйцыд, афтӕ йӕ алыварс бӕстӕ ныррухс ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: «Савл, Савл, цӕмӕн зилыс мӕ фӕдыл?» Уыцы рухсӕй Савл бакуырм ӕмӕ йӕ бафарста: «Чи дӕ?» Уый йын загъта: «Ӕз дӕн Йесо» (Хъуыддӕгтӕ 9:3–5).
Ӕртӕ боны фӕстӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинаг Ананийы арвыста, цӕмӕй Савлы цӕстӕй ракӕсын кодтаид. Савл донаргъуыд райста ӕмӕ ныфсджынӕй Чырыстийы тыххӕй хъусын кӕнын райдыдта. Фӕстӕдӕр Савлы хонын райдыдтой апостол Павел, ӕмӕ сси зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕг.
Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодтой ӕрмӕстдӕр дзуттӕгтӕн ӕмӕ самарийӕгтӕн. Фӕлӕ иухатт зӕд фӕзынд, Хуыцауӕй чи тарст, иу ахӕм ромаг ӕфсады хицау Корнилимӕ ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй искӕй апостол Петрмӕ арвыстаиккой. Петры куы ’рбакодтой, уӕд Корнили ӕмӕ, йӕ хӕдзары чи уыди, уыдонӕн хорз хабар радзырдта. Петр семӕ куы ныхас кодта, уӕд сыл Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕрцыд ӕмӕ сын Петр загъта, цӕмӕй Йесойы номӕй донаргъуыд райстаиккой. Афтӕмӕй ӕппӕт адӕмыхӕттытӕн дӕр фӕзынд ӕнустӕм царыны ныфс. Уыцы хабары фӕстӕ чырыстӕттӕ цӕттӕ уыдысты, цӕмӕй хорз хабар алы рӕтты хъусын кодтаиккой.
-
-
Библийы рӕстӕгамонӕн схемӕБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
н. э. 33 азы 6 сиван, Фӕндзайӕм бон; Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕрцыд (сиван – майы дыккаг ӕмбисӕй июны фыццаг ӕмбисмӕ)
н. э. 36 азы Корнили чырыстон дин райста
н. э. 47–48 азмӕ ’ввахс Павелы фыццаг балц
н. э. 49–52 азмӕ ’ввахс Павелы дыккаг балц
н. э. 52–56 азмӕ ’ввахс Павелы ӕртыккаг балц
-