-
Уырнындзинад, хӕрзӕгъдау цард ӕмӕ уарзондзинадБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
25 СӔР
Уырнындзинад, хӕрзӕгъдау цард ӕмӕ уарзондзинад
Иаков, Петр, Иоанн ӕмӕ Иудӕ сӕ фыстӕджытӕй бафидар кодтой иннӕ чырыстӕтты
ИАКОВ ӕмӕ Иудӕ уыдысты Йесойӕн йе ’фсымӕртӕ, Петр ӕмӕ Иоанн та – йӕ апостолтӕ. Цыппарӕй ӕдӕппӕтӕй ныффыстой авд фыстӕджы ӕмӕ сӕ бакӕсӕн ис Чырыстон Грекъаг Фыстыты. Сӕ фыстӕджытӕ хӕссынц сӕ нӕмттӕ. Хуыцауы фӕндӕй дзы цы уынаффӕтӕ ӕрцыдис фыст, уыдон стыр ӕххуыс сты чырыстӕттӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Паддзахадыл иузӕрдионӕй баззайой.
Уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисут. Адӕймаг ӕнӕуи дзура, Хуыцау мӕ уырны, зӕгъгӕ, уый фаг нӕу. Ӕцӕг уырнындзинад бӕрӕг вӕййы хъуыддӕгтӕй. Иаков ныффыста: «Уырнындзинад... ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у» (Иаковы 2:26). Адӕймагӕн йӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы ’рцӕуы, уӕд ӕм равзӕры ӕндӕр миниуӕг – фидардзинад. Цӕмӕй чырыстон адӕймаг фидар уа, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауӕй кура зонд ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕна, кӕй йын баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Адӕймаг фӕлварӕнты рӕстӕг фидар куы фӕлӕууы, уӕд райсы Хуыцауы хорзӕх (Иаковы 1:2–6, 12). Йегъовӕ Хуыцауыл йӕ лӕггадгӕнджытӕ иузӕрдионӕй куы баззайынц, уӕд сӕ уый дӕр нӕ ныууадзы. «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн»,– ныффыста Иаков (Иаковы 4:8).
Чырыстонӕн йӕ уырнындзинад хъуамӕ уа фидар, цӕмӕй йӕ бон уа алыхуызон ӕнӕпайда ӕмӕ хӕлд хъуыддӕгты ныхмӕ фӕлӕууын. Иудӕ ӕмбӕрста, ацы дунейы хӕлд зондахаст чырыстӕттӕн тӕссаг кӕй у, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ фӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ уырнындзинадыл «ӕппӕт хъарутӕй тох кӕной» (Иудӕйы 3).
Хӕрзӕгъдау цард кӕнут. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ уой сыгъдӕг, ома алы хъуыддаджы дӕр уой ӕнӕфау. Петр ныффыста: «Алы хъуыддаджы дӕр ут сыгъдӕг. Фыст дӕр афтӕ у: „Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ ӕз [Йегъовӕ] дӕн сыгъдӕг“» (1 Петры 1:15, 16). Ацы хъуыддаджы чырыстӕттӕн ис, кӕй бафӕзмой, уый. «Чырысти дӕр сымах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат»,– загъта Петр (1 Петры 2:21). Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уый тыххӕй ӕфхӕрд дӕр баййафынц, фӕлӕ уӕддӕр сӕ цӕсгом у сыгъдӕг (1 Петры 3:16, 17). Петр чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй, Хуыцауы тӕрхоны бонмӕ ӕмӕ «рӕстдзинад кӕм уыдзӕн», уыцы ног дунемӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, хӕрзӕгъдау цард кӕной ӕмӕ, Хуыцауыл ӕнувыд кӕй сты, уый хъуыддагӕй ӕвдисой (2 Петры 3:11–13).
«Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8)
Уарзондзинад хъуыддагӕй ӕвдисут. «Хуыцау у уарзондзинад»,– ныффыста апостол Иоанн ӕмӕ бамбарын кодта, йе ’стыр уарзондзинад нӕм уымӕй кӕй равдыста, Йесойы нӕ тӕригъӕдты тыххӕй нывондӕн кӕй радта. Чырыстӕттӕ Хуыцауы уарзондзинадӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн? Иоанн загъта: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, кӕд нӕ Хуыцау афтӕ бауарзта, уӕд мах дӕр хъуамӕ нӕ кӕрӕдзийы уарзӕм» (1 Иоанны 4:8–11). Ахӕм уарзондзинад нӕм кӕй ис, уый бӕрӕг уыдзӕн, не ’мчырыстӕттӕм уазӕгуарзон кӕй стӕм, уымӕй дӕр (3 Иоанны 5–8).
Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн? Иоанн загъта: «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ та зынӕххӕстгӕнӕн не сты» (1 Иоанны 5:3; 2 Иоанны 6). Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон йӕ уарзтӕй ӕнӕхай никуы фӕуыдзысты ӕмӕ цӕрдзысты ӕнустӕм (Иудӕйы 21).
Иаковы; 1 Петры; 2 Петры; 1 Иоанны; 2 Иоанны; 3 Иоанны ӕмӕ Иудӕйы фыстӕджытӕ.
-
-
Зӕххыл та ногӕй уыдзӕн дзӕнӕт!Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
26 СӔР
Зӕххыл та ногӕй уыдзӕн дзӕнӕт!
Йегъовӕ Хуыцау йӕ Паддзахады сӕргъы сӕвӕрдта Чырыстийы. Уыцы Паддзахады фӕрцы Йегъовӕ йӕ ном скадджын кӕндзӕн ӕмӕ сбӕлвырд кӕндзӕн, Дун-дунейы Хицау кӕй у, стӕй кӕрон скӕндзӕн ӕвзӕрдзинадӕн
БИБЛИЙЫ фӕстаг чиныг Раргомад, кӕнӕ Апокалипсис, адӕмӕн дӕтты стыр ныфс. Ацы чиныджы Йегъовӕ апостол Иоаннӕн цӕстылуайӕнты равдыста, йӕ фӕнд кӕронмӕ куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый.
Фыццаг цӕстылуайӕны ӕвдыст у, Чырысти иуӕй-иу ӕмбырдтӕй куыд ӕппӕлы ӕмӕ сын куыд уайдзӕф кӕны, уый. Иннӕ цӕстылуайӕны та зӕдтӕ Хуыцауы уӕларвон паддзахбадӕны раз лӕууынц ӕмӕ йӕ кадджын кӕнынц.
Хуыцауы Уӕрыкк Йесо Чырыстийӕн лӕвӕрд ӕрцыд, авд мыхуыры кӕуыл ис, ахӕм тыхтон. Фыццаг цыппар мыхуыры ист куы ’рцыдысты, уӕд фӕзынд цыппар «барӕджы». Фыццаг барӕг урс бӕхыл у Паддзах Йесо Чырысти. Уый фӕстӕ цӕуынц, алыхуызон бӕхтыл чи бады, ахӕм барджытӕ. Уыцы барджытӕ нысан кӕнынц хӕст, ӕххормагдзинад ӕмӕ фыднизтӕ. Ацы хабӕрттӕ цӕуынц ацы дунейы фӕстаг бонты. Ӕвдӕм мыхуыр ист куы ’рцыд, уӕд райхъуыст, Хуыцауы тӕрхӕттӕ чи хъусын кодта, уыцы авд уадындзы уасын. Уый хӕдфӕстӕ ӕрцыд авд «бӕллӕхы», уыдон ӕвдисынц Хуыцауы маст.
Иннӕ цӕстылуайӕны та ӕвдыст цӕуы ноггуырд лӕппу, ома Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты куыд ӕрфидар, уый. Ӕмӕ уӕд уӕлӕрвты хӕст райдыдта, ӕмӕ Хӕйрӕг йӕ дӕлимонтимӕ зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд. «Додой зӕххӕн»,– райхъуыст тыхджын хъӕлӕс. Хӕйрӕг у тынг мӕсты, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад (Раргомад 12:12).
Иоанн уӕлӕрвты федта Уӕрыччы, ома Йесойы, ӕмӕ ма зӕххӕй ӕвзӕрст чи ’рцыд, уыцы 144 000 адӕймаджы. Уыдон Чырыстиимӕ уыдзысты паддзӕхтӕ. Афтӕмӕй нын Раргомады чиныг ӕвдисы, байзӕддагимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон ӕдӕппӕтӕй кӕй сты 144 000 (Раргомад 14:1; 20:6).
Ацы дунейы паддзӕхтӕ ӕмбырд кӕнынц Армагеддонмӕ, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕстмӕ». Уыцы паддзӕхтӕ тохы бацӕудзысты, уӕларвон ӕфсады сӕргъы чи ис ӕмӕ урс бӕхыл чи бады, уыимӕ – Йесо Чырыстиимӕ. Ацы дунейы паддзӕхтӕй иу дӕр нал баззайдзӕн, бынсӕфт ӕрцӕудзысты. Хӕйрӕг баст ӕрцӕудзӕн, Йесо ӕмӕ 144 000 та адӕмӕн паддзӕхтӕ уыдзысты мин азы. Мин азы кӕрон Хӕйрӕгӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн (Раргомад 16:14; 20:4).
Чырысти ӕмӕ йемӕ разамынд чи дӕтдзӕн, уыдон мин азы паддзӕхтӕ куы уой, уӕд уый коммӕгӕс адӕмӕн цы ’рхӕсдзӕн? Иоанн ныффыста: «[Йегъовӕ] сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Раргомад 21:4). Ӕгас зӕхх дӕр суыдзӕн дзӕнӕт!
Уӕдӕ йӕ уынӕм, Библийы цы ахсджиаг хабар ис, уый кӕй фӕуд кӕны Раргомады чиныджы. Чырысти йӕ сӕргъы кӕмӕн ис, уыцы Паддзахады фӕрцы Йегъовӕ йӕ ном срухс кӕндзӕн ӕмӕ сбӕлвырд кӕндзӕн, Дун-дунейы Хицау уа, уый бар ын кӕй ис!
-
-
Библийы ахсджиаг хабар. ЦыбыртӕйБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
Библийы ахсджиаг хабар
Йегъовӕ сфӕлдыста Адам ӕмӕ Евӕйы, цӕмӕй ӕнустӕм Дзӕнӕты цардаиккой. Хӕйрӕг Хуыцауы номыл цъыф бакалдта ӕмӕ, Дун-дунейы хицау уа, уый бар ын кӕй ис, уый сдзырддаг кодта. Адам ӕмӕ Евӕ Хӕйрӕджы зондыл ацыдысты, ӕмӕ сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгты дӕр тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты хай бакодтой
Йегъовӕ тӕрхон рахаста, йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдонӕн ӕмӕ зӕрдӕ бавӕрдта Ирвӕзынгӕнӕгӕй, кӕнӕ Байзӕддагӕй. Уый фесафдзӕн Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ фыдхъуыддӕгтӕ, стӕй адӕмы тӕригъӕдӕй ссӕрибар кӕндзӕн
Йегъовӕ Авраам ӕмӕ Давидӕн зӕрдӕ бавӕрдта, ӕнустӕм Паддзах чи уыдзӕн, уыцы Байзӕддаг, ома Чырысти, сӕ хӕдзарвӕндагӕй кӕй рацӕудзӕн
Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ныффыссын кодта, Чырысти адӕмы кӕй фервӕзын кӕндзӕн тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй. Йесо ӕмӕ ма йемӕ Хуыцауы Паддзахады разамынд чи дӕтдзӕн, уыдон кӕрон скӕндзысты хӕстытӕн, низтӕн ӕмӕ суанг мӕлӕтӕн дӕр
Йегъовӕ йӕ Фырты рарвыста зӕхмӕ ӕмӕ бамбарын кодта, Йесо зӕрдӕвӕрд Ирвӕзынгӕнӕг кӕй у. Чырысти хъусын кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ йӕ цард нывондӕн ӕрхаста. Стӕй йӕ Йегъовӕ уӕларвон цардмӕ райгас кодта
Йегъовӕ йӕ Фырты уӕлӕрвты Паддзахӕй сӕвӕрдта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ райдыдтой ацы дунейы фӕстаг бонтӕ. Чырысти уӕлӕрвтӕй разамынд дӕтты йӕ фӕдылдзӕуджытӕн, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕной
Йегъовӕ йӕ Фыртӕн бахӕс кодта, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр йӕ Паддзахады бартӕ ӕрфидар кӕна. Уӕларвон Паддзахад ныппырх кӕдзӕн зӕххон паддзахӕдтӕ, зӕххӕй дзӕнӕт скӕндзӕн ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион адӕм алцӕмӕй ӕххӕст суыдзысты. Йегъовӕ хицау уа, ууыл никуы ничиуал дызӕрдыг кӕндзӕн ӕмӕ йӕ ном ӕнустӕм скадджын уыдзӕн
-
-
Библийы рӕстӕгамонӕн схемӕБибли. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
-
-
н. э. 66 азы дзуттӕгтӕ Ромы ныхмӕ рацыдысты
н. э. 70 азы Ромӕгтӕ ныппырх кодтой Иерусалим ӕмӕ кувӕндон
н. э. 96 азмӕ ’ввахс Иоанн ныффыста Раргомады чиныг
н. э. 100 азмӕ ’ввахс Фӕстаг апостол Иоанн амард
-