96 зарӕг
Аккаг адӕймӕгты агурут
1. Чырысти нын амыдта хъусын кӕнын,
Уый махӕн ныууагъта фӕдзӕхст:
«Кӕм уат, уым-иу агурут алкӕд сымах
Аккаг, растзӕрдӕ адӕмы ’рмӕст.
Зӕгъут-иу фыццаг: „Фарн уӕ хӕдзары уӕд“,–
Кӕд уой аккаг, уӕд сӕм фарн уыдзӕн.
Куы нӕ хъусой, ’рцӕгъдут уӕ къӕхты рыг уӕд
Ӕмӕ ацӕут иннӕ рӕттӕм».
2. Сымахмӕ чи байхъуса, уымӕн Хуыцау
Йӕ зӕрдӕ уӕд байгом кӕндзӕн.
Кӕй фӕнда ӕнустӕм цӕрын, уый ыстӕй
Стыр Хуыцауӕн Ӕвдисӕн уыдзӕн.
Цы зӕгъдзыстут, ууыл мӕт макуы кӕнут –
Зонд уын ратдзӕн Йегъовӕ уӕ фаг.
Уӕ дзыхыныхас уӕд фӕлмӕн ’мӕ уӕздан –
Уый уыдзӕни зӕрдӕтӕм фӕндаг.
(Кӕс ма Хъуыд. 13:48; 16:14; Кол. 4:6.)