Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • yb15 54 ф.–57 ф., 2 абз.
  • Америкӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Америкӕ
  • 2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
  • Сӕргӕндтӕ
  • Сидзӕртӕ ӕмбырдтӕм цӕуынц
  • Габриэль йӕ мадыфыдӕн баххуыс кодта
  • «Дзӕгъӕлы не ’рбацыдтӕ»
  • Хорз хабар фехъусын кодтой тап-тапы
2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
yb15 54 ф.–57 ф., 2 абз.
Ныв 54 фарсыл

ӔГАС ЗӔХХЫЛ ДӔР ХЪУСЫН КӔНӔМ ӔМӔ АДӔМЫ АХУЫР КӔНӔМ

Америкӕ

  • БӔСТӔТӔ 57

  • ЦӔРДЖЫТӔ 980 780 095

  • ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ 4 034 693

  • АХУЫРГӔНИНӔГТӔ 4 339 285

Сидзӕртӕ ӕмбырдтӕм цӕуынц

Анджелӕ цӕры Суринамы, ӕмӕ иухатт бацыд, йӕ хӕдзары фарсмӕ чи уыд, уыцы сидзӕрдонмӕ. Уыцы сидзӕрдоны хицау уыд, ӕмбырдтӕм чи нӕ цыд, ахӕм хо, ӕмӕ сразы, цӕмӕй Анджелӕ сывӕллӕттӕн хорз хабар радзырдтаид. Анджелӕ дзы 85 сывӕллонимӕ аныхас кодта ӕмӕ сын нӕ сайты видеороликтӕ равдыста. Ӕмӕ дзы бирӕтимӕ райдыдта Библи ахуыр кӕнын. Фӕстӕдӕр ма сывӕллӕттимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой дыууӕ пионер-хойы, ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр уыд йӕхи къорд. Сидзӕрдоны хицау сын загъта, сывӕллӕтты кӕй ахуыр кодта нӕ организацийы зарджытӕ зарын ӕмӕ-иу сын фынӕй кӕныны размӕ «Мӕ библион радзырдты чиныг» кӕй каст. Стӕй сын загъта, кӕй йӕ фӕнды ӕмбырдтӕм цӕуын, фӕлӕ йӕ бон кӕй нӕу 85 сывӕллоны иунӕгӕй ныууадзын. Ӕмӕ уӕд ӕфсымӕртӕ бацархайдтой, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон суыдаид Паддзахады залмӕ ацӕуын. Паддзахады зал сӕм хӕстӕг уыд, ӕмӕ сӕ ӕфсымӕртӕ уырдӕм семӕ акодтой. Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы хо ӕмӕ 85 сывӕллоны ӕмбырдтӕм ӕдзухдӕр цӕуынц.

Габриэль йӕ мадыфыдӕн баххуыс кодта

Ныв 56 фарсыл

Парагвай: Габриэль йӕ мадыфыдимӕ ныхас кӕны

Парагвайы иу 6-аздзыд лӕппу, Габриэль, конгрессӕй хӕдзармӕ куы цыд, уӕд хъуыды кодта, хорз хабар хъусын кӕнын куыд ахсджиаг у, ууыл. Ӕмӕ уӕд йӕ зӕрдыл йӕ мадыфыд ӕрбалӕууыд – тынг ӕй фӕндыд, цӕмӕй уый дӕр Дзӕнӕты цӕра. Фӕлӕ йӕ мадыфыд рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ нӕ иста, ӕмӕ йӕ бинойнаг ӕмӕ йӕ цоты ныхмӕ цыд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты, уый тыххӕй.

Уыцы бон Габриэль йӕ ныййарджытӕн загъта, цӕмӕй йын йӕ мадыфыдмӕ Аргентинӕмӕ Интернеты уылты адзырдтаиккой. Габриэль йӕ мадыфыдӕн бамбарын кодта, Библи ахуыр кӕнын тынг ахсджиаг кӕй у, ӕмӕ йӕ комкоммӕ бафарста: «Деду, нӕ дӕ фӕндид, цӕмӕй демӕ Библи ахуыр кӕнын райдайон?» Уый сразы. Габриэль ын загъта, брошюрӕ «Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай» кӕй ахуыр кӕндзысты, ӕмӕ йӕ цалдӕр мӕйы ахуыр кодтой. Дыууӕйӕ дӕр кӕсын хорз кӕй нӕ зыдтой, уымӕ гӕсгӕ-иу сӕ алчидӕр ӕрмӕг рагацау бакаст. Габриэль-иу алы ахуырмӕ дӕр йӕхи бацӕттӕ кодта ӕмӕ-иу йӕ уӕлӕ хӕдон ӕмӕ галстук скодта.

Гыццыл фӕстӕдӕр Габриэлы мадыфыд ӕмӕ мадымад Парагваймӕ цалдӕр къуыримӕ ӕрцыдысты. Цалынмӕ уым уыдысты, уӕдмӕ йӕ мадыфыд бинонтимӕ иумӕ ӕмбырдтӕм цыд. Фӕстӕмӕ Аргентинӕмӕ куы аздӕхт, уӕд уым иу ӕфсымӕримӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта, ӕмӕ фӕстӕдӕр ӕнаргъуыд хъусынгӕнӕг сси. Габриэлы мадыфыд ӕмӕ мадымад алы бон дӕр иумӕ Хуыцаумӕ фӕкувынц. Габриэль дӕр рӕстдзинады фӕндагыл размӕ цӕуы, уый дӕр ӕнаргъуыд хъусынгӕнӕг сси. Йӕ мадыфыды та бафӕндыд донаргъуыд райсын.

«Дзӕгъӕлы не ’рбацыдтӕ»

Бразилийы иу хо, Дженнифер, парахат кодта буклет «Чи амард, уыдон райгас уыдзысты?». Ӕмӕ иу хӕдзармӕ куы бахоста, уӕд ӕм иу сылгоймаг ракаст ӕмӕ йын загъта, йе ’мбал кӕй амард ӕмӕ зианмӕ кӕй тагъд кӕны. Дженнифер ын загъта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый кой кӕм цӕуы, ахӕм буклет ын раттынмӕ кӕй хъавыд. Сылгоймаг бадис кодта, ӕмӕ йӕ райста. Дженнифер ын загъта, зӕгъгӕ, дам, дӕ кӕд фӕнды, уӕд дзы фылдӕр райс ӕмӕ, дам, зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕн дзы ратт. Уый йӕм хорз фӕкаст, ӕмӕ ма дзы фараст райста.

Дженнифер уыцы сылгоймагмӕ дыккаг хатт куы ’рбацыд, уӕд ын сылгоймаг загъта: «Уыцы бон мӕм дзӕгъӕлы кӕй не ’рбацыдтӕ, уый фӕстӕдӕр бамбӕрстон. Хуыцау дӕ рарвыста, цӕмӕй мын мӕ зӕрдӕ чи ӕрсабыр кодтаид, уыцы хорз хабар фехъуыстаин». Ӕмӕ зианы уыцы буклеттӕ иууылдӕр байуӕрста. Бинонты хӕстӕджытӕй иу раныхасы куы рацыд, уӕд буклет хъӕрӕй бакаст. Сылгоймагӕй иууылдӕр фӕбузныг сты, уымӕн ӕмӕ сӕ уыцы буклет стыр ныфс бауагъта. Дженнифер ын Библи ахуыр кӕныны тыххӕй куы загъта, уӕд сразы.

Хорз хабар фехъусын кодтой тап-тапы

Гаитийы Вефилы чи лӕггад кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй ӕртӕйӕ фӕцӕйцыдысты, тап-тап чи хуыйны, ахӕм автобусыл. Фӕндагыл цыдысты 2 сахаты ӕмӕ ӕрдӕг, ӕмӕ автобусы иннӕтӕн хорз хабар дзырдтой. Уыдон байуӕрстой 50 брошюрӕйы ӕмӕ 30 буклеты. Ӕфсымӕртӕй иу, йӕ ном Гурвич, кӕмӕндӕр журнал «Райхъал ут!»-ӕй иу абзац бакаст. Иу ӕрыгон нӕлгоймаг сӕм хъуыста, ӕмӕ уый дӕр семӕ ныхас кӕнын райдыдта. Йӕ ном хуынди Пепе. Уый сын загъта, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтаиккой, ӕмӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй, Гурвич ӕмбырдтӕм кӕдӕм цыд, уырдӕм хӕстӕг цард. Уый уыд 2014 азы январы, ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ Пепе ӕдзух ӕмбырдтӕм цӕуы ӕмӕ конгрессты дӕр вӕййы. Уый иннӕтӕн дӕр фӕдзуры, йӕхӕдӕг цы базыдта, уый тыххӕй, ӕмӕ йӕ ныфс ис, тагъд ӕнаргъуыд хъусынгӕнӕг кӕй суыдзӕн.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын