5 зарӕг
Чырысти махӕн у фӕзминаг
1. Йегъовӕ йе стыр уарзт
Ысбӕлвырд кодта раст,
Йӕ Фырты зӕхмӕ куы рарвыста, уӕд.
Йӕ уарзондӕр Хъӕбул
Ысси «уӕларвон дзул»,
Цӕмӕй ӕнустӕм фӕрнӕй мах цӕрӕм.
2. Чырыстийы фӕзмӕм –
Нӕ куывды-иу зӕгъӕм,
Цӕмӕй Йегъовӕйы ном рухс кӕна,
Цӕмӕй йӕ Паддзахад
Ӕрцӕуа зӕхмӕ тагъд,
Цӕмӕй нӕм боны фаг дзул алкӕд уа.
3. Хуыцауы Фырт зӕххыл
Дзырдта рӕстдзинадыл,
Йӕ фӕдыл чи цыд – фӕлмӕн сӕм уыди.
Хорз хабар тауӕм, цӕй,
Ӕдзух ӕнувыдӕй,
’Мӕ уӕд ыссардзыстӕм фарн ӕмӕ цин.
(Кӕс ма Матф. 6:9–11; Иоан. 3:16; 6:31–51; Еф. 5:2.)