ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЕСФИР 6–10
Есфир удуӕлдайӕ архайдта Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ адӕмы тыххӕй
Есфир йӕ адӕмы сӕрыл хъӕбатырӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ тох кодта
Есфир ӕмӕ Мардохейы цардӕн тӕссаг ницӕмӕй уыд. Фӕлӕ Аман дзуттӕгты ныццӕгъдыны тыххӕй цы бардзырд раттын кодта, уый тыххӕй хабархӕсджытӕ Персы стыр паддзахады алы къуымты фехъусын кодтой
Есфир та йӕ цард тӕссаг уавӕры баппӕрста – ногӕй та паддзахмӕ ӕнӕхонгӕйӕ бацыд. Цӕссыгкалгӕйӕ йын ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ адӕмы тыххӕй цы бардзырд радта, уый аивтаид
Паддзах-иу кӕй ӕрфидар кодта, уыцы закъӕттӕн аивӕн нал уыд. Уымӕ гӕсгӕ паддзах Есфирӕн ӕмӕ Мардохейӕн бар радта, цӕмӕй ног закъон ныффыстаиккой
Йегъовӕйы фӕрцы йӕ адӕм фӕуӕлахиз сты
Ног закъон дзуттӕгтӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ цард бахъахъхъӕдтаиккой
Хабархӕсджытӕ фыстӕджытимӕ араст сты Персы паддзахады алы къуымтӕм, ӕмӕ дзуттӕгтӕ сӕхи бацӕттӕ кодтой тохмӕ
Бирӕтӕ сӕхи цӕстӕй федтой, Хуыцау дзуттӕгтӕн кӕй арфӕ кӕны, ӕмӕ сын сӕ дин райстой