Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ia 16 сӕр, 135–144 фф.
  • Архайдта ӕмбаргӕйӕ, хъӕбатырӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Архайдта ӕмбаргӕйӕ, хъӕбатырӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ
  • Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Зыдта, дзурын кӕд хъӕуы, уый
  • Фӕразондзинад байгом кӕны фӕндаг рӕстдзинадӕн
  • Хъӕбатырӕй дзырдта
  • Удуӕлдайӕ архайдта Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ адӕмы тыххӕй
  • Ӕмбаргӕ, хъӕбатыр ӕмӕ удуӕлдай сылгоймаг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Хуыцауы адӕмы сӕрыл рахӕцыд
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Есфиры чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Хуыцауы адӕмы сӕрыл сдзырдта
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
Фылдӕр фенын
Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
ia 16 сӕр, 135–144 фф.
Паддзахы ус Есфир

ӔХСӔРДӔСӔМ СӔР

Архайдта ӕмбаргӕйӕ, хъӕбатырӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ

1–3. а) Есфирӕн ӕнцон уыдаид йӕ сӕрыхицауы паддзахбадӕны размӕ бацӕуын? ӕ) Паддзах Есфиры куы федта, уӕд куыд бакодта?

ЕСФИР сындӕггай фӕцӕуы паддзахбадӕны размӕ. Куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ йӕ зӕрдӕ тынгдӕр гуыпп-гуыпп кӕны. Сузӕйы Персы паддзахы галуаны мидӕггаг кӕрты афтӕ сабыр у, ӕмӕ Есфир йӕ къӕхты уынӕр ӕмӕ йӕ дарӕсы сыр-сыр дӕр хъусы. Паддзахы стыр кӕрты рӕсугъддзинад, йӕ бӕрзонд цӕджындзтӕ ӕмӕ Ливанӕй ласт кедртӕй конд рӕсугъд нывӕфтыд цар адӕймаджы дисы ӕфтауынц. Фӕлӕ ныртӕккӕ уыдӕттӕм кӕсыны рӕстӕг нӕу. Есфир кӕсы, паддзахбадӕныл чи бады, уымӕ. Йӕ цард уыцы адӕймаджы къухы ис.

2 Паддзах Есфирмӕ ӕдзынӕг кӕсы ӕмӕ йӕм йӕ сызгъӕрин лӕдзӕгӕй ацамыдта. Афтӕмӕй Есфирӕн йӕ цард бахъахъхъӕдта. Йӕ лӕдзӕгӕй йӕм кӕй бацамыдта, уый ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ йӕм ӕнӕхонгӕйӕ кӕй ӕрбацыд, уый йын ныххатыр кодта. Ныр Есфир паддзахбадӕнмӕ хӕстӕгдӕр бацыд ӕмӕ лӕдзӕгӕн йӕ кӕроныл андзӕвыд, бузныг, мӕ буц хицау, зӕгъгӕ (Есф. 5:1, 2).

Есфир бацыд Паддзах Ахашверошмӕ ӕмӕ йӕ уый йӕ сызгъӕрин лӕдзӕгӕй ацамыдта

Есфир бузныг уыд, паддзах ӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй равдыста, уый тыххӕй

3 Галуаны алцыдӕр дзурӕг уыди, паддзах Ахашверош ӕмбисонды хъӕздыг ӕмӕ стыр тыхы хицау кӕй у, ууыл. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Персы паддзӕхты дарӕсӕн йӕ аргъ уыд цалдӕр сӕдӕ милуан доллӕры. Фӕлӕ уӕддӕр Есфир йӕ сӕрыхицауы цӕстыты федта йӕ зӕрдӕйы хъарм. Зыдта йӕ, йӕ сӕрыхицау ӕй кӕй уарзы. Паддзах загъта: «Исты хабар у, паддзахы ус Есфир? Цы дӕ хъӕуы? Паддзахады ӕмбис мӕ куы ракурай, уӕд дӕр дын ӕй ратдзынӕн!» (Есф. 5:3).

4. Есфирмӕ цавӕр зындзинад ӕнхъӕлмӕ каст?

4 Есфир равдыста фидар уырнындзинад ӕмӕ диссаджы хъӕбатырдзинад. Паддзахмӕ бацыд, цӕмӕй йӕ адӕмы сӕрыл рахӕцыдаид ӕмӕ сӕ ныццӕгъдын ма бауагътаид. Ӕмӕ йӕм кӕд паддзах хорз цӕстӕй ракаст, уӕддӕр ӕм разӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы ноджы стырдӕр зындзинад. Хъуамӕ уыцы сӕрбӕрзонд паддзахы баууӕндын кӕна, йӕ хуыздӕр уынаффӕгӕнӕг ыл хинӕй кӕй рацыд ӕмӕ Есфиры адӕмӕн мӕлӕты тӕрхон кӕй рахӕссын кодта, ууыл. Цымӕ Есфир паддзахимӕ куыд ныхас кӕндзӕн? Ӕмӕ йӕ уырнындзинадӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Зыдта, дзурын кӕд хъӕуы, уый

5, 6. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Есфир архайдта, Екклесиасты 3:1, 7 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ? ӕ) Есфир йӕ сӕрыхицауимӕ ныхас кӕнгӕйӕ ӕмбаргӕдзинад куыд равдыста?

5 Цымӕ, Есфиры цы тыхсын кодта, уый паддзахӕн йӕ лӕггадгӕнджыты раз райдыдта дзурын? Афтӕ куы бакодтаид, уӕд ӕй сӕ цӕсты бафтыдтаид, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ уынаффӕгӕнӕг Аманӕн рӕстӕг уыдаид, цӕмӕй йӕхи сраст кодтаид. Уӕдӕ куыд бакодта Есфир? Цалдӕр ӕнусы размӕ Хуыцау зондджын паддзах Соломонӕн ахӕм ныхӕстӕ ныффыссын кодта: «Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон... ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ рӕстӕг дзурынӕн» (Еккл. 3:1, 7). Ӕвӕццӕгӕн-иу ацы ныхӕстӕ Есфирӕн йӕ хъомылгӕнӕг, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Мардохей, иу ӕмӕ дыууӕ хатты йӕ зӕрдыл не ’рлӕууын кодта. Уӕдӕ Есфир ӕмбӕрста, паддзахимӕ аныхас кӕнын хуыздӕр кӕд уыдзӕн, ууыл ӕй лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын кӕй хъуыди.

6 Есфир загъта: «Кӕд паддзах разы у, уӕд ын цы куывд скодтон, уырдӕм абон Аманимӕ ӕрбацӕуӕд» (Есф. 5:4). Паддзах сразы ӕмӕ Аманы дӕр куывдмӕ фӕхуыдта. Есфир куыд ӕмбаргӕ ныхас кодта, уый бафиппайдтай? Иуӕй, йӕ сӕрыхицауы кад не ’рдӕлӕмӕ кодта. Иннӕмӕй та бацархайдта, цӕмӕй йӕ зӕгъинаг загътаид, хуыздӕр кӕм уыдаид, уым ӕмӕ, хуыздӕр кӕд уыдаид, уӕд. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 10:19.)

7, 8. Есфир цавӕр куывд скодта ӕмӕ паддзахимӕ уыцы куывды цӕуылнӕ аныхас кодта?

7 Есфир, бӕгуыдӕр, бацархайдтаид, цӕмӕй куывды алцыдӕр уыдаид, йӕ сӕрыхицау куыд уарзта, афтӕ. Фынгыл ӕрӕвӕрдта ӕппӕты хуыздӕр сӕн, цӕмӕй паддзахы зӕрдӕ бахъӕлдзӕг уыдаид (Пс. 104:15). Ахашверош тынг райгондӕй баззад ӕмӕ та Есфиры ногӕй бафарста, цавӕр курдиат дӕм ис, зӕгъгӕ. Цымӕ Есфирӕн уый рӕстӕг ӕрцыд, цӕмӕй йӕ зӕгъинаг загътаид?

8 Есфир афтӕ нӕ хъуыды кодта. Паддзахы ӕмӕ та Аманы дыккаг бон дӕр куывдмӕ фӕхуыдта (Есф. 5:7, 8). Цымӕ ма Есфир цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст? Хъуыддаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ паддзахы бардзырдмӕ гӕсгӕ йӕ адӕммӕ ӕнхъӕлмӕ каст мӕлӕт. Ӕмӕ Есфир хъуыды кодта, цымӕ ныр ӕппӕты хуыздӕр рӕстӕг у паддзахимӕ аныхас кӕнынӕн ӕви нӕ. Гъемӕ сфӕнд кодта ноджыдӕр банхъӕлмӕ кӕсын, ӕмӕ йын уый фӕрцы ног фадат фӕзынд, йӕ сӕрыхицауы куыд тынг нымайы, уый равдисынӕн.

9. Фӕразондзинад ахсджиаг миниуӕг цӕмӕн у ӕмӕ нӕ бон куыд у уыцы хъуыддаджы Есфиры бафӕзмын?

9 Фӕразондзинад ахсджиаг миниуӕг у, фӕлӕ бирӕтӕм нӕй. Кӕд Есфир тынг тыхсти ӕмӕ йӕ фӕндыд, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый радзурын, уӕддӕр фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст, хуыздӕр рӕстӕг кӕд уыдзӕн, уымӕ. Есфиры хабарӕй бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. Алчидӕр нӕ фӕуыны, сраст кӕнын кӕй хъӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Ӕмӕ нӕ куы фӕнда, уыцы хъуыддӕгтӕн дзуапп чи дӕтты, уыимӕ аныхас кӕнын, уӕд хъуамӕ Есфиры бафӕзмӕм ӕмӕ уӕм фӕразон. Ӕмбисӕндты 25:15 стихы фыст ис: «Фӕразондзинад ӕрфӕлмӕн кӕны хицауы зӕрдӕ дӕр, ӕмӕ фӕлмӕн ӕвзаг стӕг дӕр асӕтты». Фӕразонӕй куы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм хуыздӕр рӕстӕгмӕ ӕмӕ Есфирау фӕлмӕнӕй, сабырӕй куы ныхас кӕнӕм, уӕд, суанг нӕ ныхмӕ карзӕй чи цӕуы, уыдоны зӕрдӕтӕм дӕр фӕндаг ссардзыстӕм. Цымӕ, Есфир афтӕ фӕразон ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй уыд, уый тыххӕй йын йӕ Хуыцау Йегъовӕ раарфӕ кодта?

Фӕразондзинад байгом кӕны фӕндаг рӕстдзинадӕн

10, 11. Аман куывдӕй куы рацыд, уӕд цӕуыл смӕсты? Йӕ ус ӕмӕ йын йе ’мбӕлттӕ цы бауынаффӕ кодтой?

10 Есфиры фӕразондзинады фӕрцы ӕрцыд диссаджы хабӕрттӕ. Аман фыццаг бон куывдӕй уыцы «зӕрдӕрухсӕй ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй» рацыд. Паддзах ӕмӕ йын йӕ ус иннӕтӕй уӕлдай ахӕм кад скодтой, ӕмӕ ма фырцинӕй зӕххыл дӕр кӕм лӕууыд. Фӕлӕ паддзахы галуаны кулдуары раз ауыдта дзуттаг лӕг Мардохейы. Ӕмӕ та ацы хатт дӕр Аманы раз йӕ зонгуытыл не ’рхауд. Амӕйразмӕйы сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Мардохей Аманӕн фыдӕнӕн ми нӕ кодта. Йе ’фсарм ын уый бар нӕ лӕвӕрдта, стӕй йӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕйы зӕрдӕхудты бацӕуын нӕ фӕндыд, ӕмӕ Аманимӕ йӕхи афтӕ уымӕн дардта. Фӕлӕ уӕддӕр Аман «мӕстӕй рафыхт» (Есф. 5:9).

11 Аман йӕ усӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн радзырдта, Мардохей йӕ куыд ницӕмӕ дары, уый тыххӕй. Ӕмӕ йын уӕд уыдон бауынаффӕ кодтой, зӕгъгӕ, 22 метры дӕргъӕн цӕджындз ӕрцӕттӕ кӕн ӕмӕ паддзахӕй бар ракур, цӕмӕй йыл Мардохейы ӕрцауындзай. Уыцы хъуыды Аманы зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕнынмӕ ӕвӕстиатӕй бавнӕлдта (Есф. 5:12–14).

12. Паддзах азфыстыты чиныг хъӕрӕй цӕмӕн кӕсын кодта ӕмӕ уый фӕрцы цы базыдта?

12 Фӕлӕ хабар бынтон ӕндӕрхуызон рауад. «Уыцы ӕхсӕв паддзахӕн йӕ хуыссӕг фӕлыгъд»,– фыст ис Библийы. Гъемӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта, цӕмӕй йын азфыстыты чиныг хъӕрӕй бакастаиккой. Чиныджы йын бакастысты, Ахашверошы марынмӕ кӕй хъавыдысты, уый тыххӕй, ӕмӕ уыцы хабар йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд. Ӕрхъуыды кодта, марынмӕ йӕ чи хъавыд, уыдоны кӕй ӕрцахстой ӕмӕ сӕ кӕй амардтой, уый дӕр. Фӕлӕ цымӕ, ацы фыдвӕнд чи раргом кодта, уыцы Мардохей та цы баци? Уыцы хъуыды ӕвиппайды паддзахы сӕрмӕ ӕрцыд ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты афарста, Мардохейӕн цавӕр хорздзинад ракодтой, уымӕй. Ӕмӕ йын цавӕр дзуапп радтой? Загътой йын, уыцы адӕймагӕн, дам, ӕппындӕр ницы хӕрзиуӕг ракодтой. (Бакӕс Есфир 6:1–3.)

13, 14. а) Тӕбӕгъы дон иннӕрдӕм куыд фӕкъул? ӕ) Аманӕн йӕ ус ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ цы загътой?

13 Паддзахы фӕндыд уыцы хъуыддаг сраст кӕнын. Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты бафарста, зӕгъгӕ, фӕсдзӕуинтӕй ныртӕккӕ кӕрты чи ис, цӕмӕй мын баххуыс кӕна. Ӕмӕ дзы, дӕумӕ гӕсгӕ, чи уыди? Аман! Райсомӕй раджы паддзахы кӕртмӕ ӕрбахӕццӕ, цӕмӕй Мардохейы ӕрцауындзыны тыххӕй бар ракуырдтаид. Фӕлӕ зӕгъгӕ дӕр ницыма кодта, афтӕ паддзах йӕ разӕй фӕци ӕмӕ йӕ афарста, йӕ хорзӕх ын чи ссардта, уымӕн куыд хуыздӕр скад кӕна, уымӕй. Аман ӕнхъӕлдта, ӕмӕ паддзах йӕ кой кӕны. Ӕмӕ алыхуызон диссӕгтӕ ранымадта: уыцы адӕймагыл скӕнӕнт паддзахы уӕлӕдарӕс, паддзахы бӕхыл ӕй сбадын кӕнӕнт ӕмӕ йӕ кадджындӕр кънйӕзтӕй сӕ иу Сузӕйы фӕзыл ӕрзилын кӕнӕд, иннӕтӕ та йӕ разӕй цӕуӕнт ӕмӕ йӕ хъӕрӕй кадджын кӕнӕнт. Аман уый куы фехъуыста, ӕмӕ ахӕм кад Мардохейӕн скӕндзысты, уӕд, хӕрзаг, афӕлурс. Цымӕ паддзах Мардохейы хъӕрӕй кадджын кӕнын кӕмӕн бахӕс кодта? Аманӕн йӕхицӕн! (Есф. 6:4–10).

14 Аманы уыцы ӕгады хъуыддаг кӕнын куы нӕ бахъуыдаид ӕмӕ фӕлтау куы амардаид. Фӕлӕ йын ӕндӕр гӕнӕн нӕ уыд. Гъемӕ йӕ хӕс тыххӕйты сӕххӕст кодта ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ зӕрдӕсастӕй ацыд. Тӕбӕгъы дон кӕцырдӕм фӕкъул, уый йӕ ус ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ куы базыдтой, уӕд ын загътой, де сӕфт ӕрцыд, уыцы дзуттаг Мардохейы ныхмӕ нӕ фӕлӕудзынӕ, зӕгъгӕ (Есф. 6:12, 13).

15. а) Есфирмӕ фӕразондзинад кӕй уыд, уый цӕмӕ ӕркодта? ӕ) «Цас хъӕуы, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсын» хорз цӕмӕн у?

15 Есфирмӕ уыди фӕразондзинад ӕмӕ паддзахӕн йӕ фӕндон зӕгъыныл нӕ фӕтагъд кодта, ноджыдӕр ма иу бон банхъӕлмӕ каст. Уый фӕрцы Аманӕн рӕстӕг уыд, цӕмӕй йӕхицӕн дзыхъхъ скъахтаид. Ӕмӕ йын чи цы зоны, кӕд Йегъовӕ Хуыцау бакодта афтӕ, цӕмӕй паддзахӕн йӕ хуыссӕг фӕлыгъдаид (Ӕмб. 21:1). Хуыцауы Ныхас нын уымӕн дзуры, цӕмӕй, «цас хъӕуы, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм». (Бакӕс Михейы 7:7.) Хуыцаумӕ куы фенхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд ӕй фенӕм, нӕ хъуыддаг нын, нӕхӕдӕг куыд хъуыды кодтам, уымӕй бирӕ хуыздӕр кӕй аскъуыддзаг кӕны.

Хъӕбатырӕй дзырдта

16, 17. а) Есфирӕн дзурыны рӕстӕг кӕд ӕрцыд? ӕ) Есфир Ваштийӕ цӕмӕй хицӕн кодта?

16 Есфир паддзахы нал фӕлвӕрдта. Сфӕнд кодта, дыккаг бон ын куывды алцыдӕр кӕй радзурдзӕн. Фӕлӕ куыд? Паддзах ын йӕхӕдӕг радта ахӕм фадат – ногӕй та йӕ бафарста, цы дӕ хъуыди, зӕгъгӕ (Есф. 7:2). Ӕмӕ ныр Есфирӕн дзурыны рӕстӕг ӕрцыд.

17 Ӕвӕццӕгӕн, йӕхинымӕр йӕ Хуыцаумӕ скуывта ӕмӕ уый фӕстӕ паддзахӕн загъта: «Кӕд дын дӕ хорзӕх ссардтон, паддзах, ӕмӕ дӕ кӕд фӕнды, уӕд дӕ курӕг дӕн, мӕ цард мын бахъахъхъӕн, ӕмӕ дын лӕгъстӕ кӕнын, мӕ адӕмы мын сафын ма бауадз» (Есф. 7:3). Есфир равдыста, паддзахӕн кӕй кад кӕны ӕмӕ йын йӕ уынаффӕтыл кӕй нӕ дызӕрдыг кӕны. Куыд тынг хицӕн кодта Есфир Ваштийӕ – паддзахӕн йӕ размӕ цы ус уыд ӕмӕ йӕ сӕрыхицауы иннӕты цӕсты чи бафтыдта, уымӕй! (Есф. 1:10–12). Стӕй Есфир паддзахӕн нӕ бауайдзӕф кодта, Аманыл кӕй ӕууӕндыд, уый тыххӕй. Фӕлӕ йын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид.

18. Есфир паддзахӕн хабар куыд бамбарын кодта?

18 Есфиры ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ паддзах арвы цӕфау куыннӕ фӕуыдаид. Чи бауӕндыд паддзахы усмӕ? Есфир ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕз дӕр ӕмӕ мӕ адӕм дӕр уӕйгонд ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй нӕ амарой, ныццӕгъдой нӕ ӕмӕ нӕ фесафой. Цагъартӕ нӕ куы скодтаиккой, уӕд ницы загътаин, фӕлӕ ацы бӕллӕхӕн нӕй ӕруадзӕн, уымӕн ӕмӕ уый паддзахӕн дӕр зиан ӕрхӕсдзӕн» (Есф. 7:4). Куыд федтам, афтӕмӕй Есфир паддзахӕн хабар ӕргом загъта ӕмӕ йын стӕй бамбарын кодта, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ адӕм дӕр ӕнӕуи цагъартӕй куы ӕрцыдаиккой уӕйгонд, уӕд кӕй ницы загътаид. Фӕлӕ ӕнӕхъӕн адӕмы куы ныццагътаиккой, уӕд уый паддзахӕн йӕхицӕн дӕр стыр зиан ӕрхастаид.

19. Адӕймаджы зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарӕн куыд ис, уый тыххӕй Есфирӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

19 Есфиры хабарӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн, адӕймаджы зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарӕн куыд ис, уый тыххӕй. Нӕ хионимӕ кӕнӕ нӕ суанг цавӕрдӕр хицауимӕ дӕр исты ахсджиаг хъуыддагыл аныхас кӕнын куы хъӕуа, уӕд нын стыр ӕххуыс уыдзӕн Есфиры цӕвиттон. Мах дӕр хъуамӕ уӕм фӕразон, хъуамӕ адӕймагӕн кад кӕнӕм ӕмӕ йемӕ ӕргом дзурӕм (Ӕмб. 16:21, 23).

20, 21. а) Есфир Аманы фыдвӕнд куыд раргом кодта ӕмӕ уыцы хабар фехъусгӕйӕ паддзах куыд фӕци? ӕ) Аманӕн йӕ фыдвӕнд куы раргом, уӕд куыд кодта?

20 Ахашверош Есфиры бафарста: «Чи у, афтӕ бакӕнын йӕ ныфс чи бахаста, уый? Кӕм ис уыцы адӕймаг?» Есфир Аманмӕ къухӕй ацамыдта ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ ацы фыдзӕрдӕ Аман у знаг ӕмӕ фыдгул». Ахӕм ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ Аман фыртӕссӕй барызт. Паддзахӕн фырмӕстӕй йӕ цӕсгом асырх – йӕ хуыздӕр уынаффӕгӕнӕг ыл хинӕй рацыд ӕмӕ йын йӕ зынаргъ бинойнаджы йӕхи къухӕй сафынвӕнд скодта! Ӕмӕ йӕхи дыргъдонмӕ айста, цӕмӕй йӕ маст ӕрсабыр уыдаид (Есф. 7:5–7).

Дыккаг куывды рӕстӕг Есфир паддзахӕн алцыдӕр радзырдта ӕмӕ Аманы фыдвӕнд хъӕбатырӕй раргом кодта

Есфир хъӕбатырӕй раргом кодта Аманы фыдвӕнд

21 Аманӕн йӕ фыдвӕнд куы раргом, уӕд фыртӕссӕй Есфиры къӕхты раз ӕрхауд ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнынмӕ фӕци. Уӕдмӕ паддзах дыргъдонӕй фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ куы федта, Есфир цы тъахтиныл бадти, Аман ууыл ныддӕлгом, уӕд мӕстӕй уыциу хъӕр фӕкодта, мӕ хӕдзары мын мӕ усӕн тыхми бакӕнынмӕ дӕр хъавыс, зӕгъгӕ. Уыцы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ Аманӕн йӕ мӕлӕт ӕрцыд. Йӕ цӕсгом ын ӕрӕмбӕрзтой ӕмӕ йӕ акодтой. Уый фӕстӕ паддзахы фӕсдзӕуинтӕй сӕ иу афтӕ, Аман, дам, Мардохейӕн стыр хъӕд ӕрцӕттӕ кодта. Уӕд Ахашверош бардзырд радта, цӕмӕй уыцы хъӕдыл Аманӕн йӕхи ӕрцауыгътаиккой (Есф. 7:8–10).

22. Есфиры цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

22 Ацы хӕрам дунейы адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ зӕххыл рӕстдзинад никуы уыдзӕн. Дӕумӕ дӕр, мыййаг, афтӕ фӕкӕсы? Есфирӕн йӕ ныфс никуы асаст ӕмӕ йӕ уырнындзинад дӕр нӕ фӕцудыдта. Рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд хъӕбатырӕй дзырдта, раст цы уыд, уый тыххӕй ӕмӕ уый фӕстӕ алцыдӕр Йегъовӕйы бар бакодта. Мах дӕр-иу хъуамӕ афтӕ бакӕнӕм. Йегъовӕ нӕ аивта. Аманӕн куыд бакодта, афтӕ ныр дӕр йӕ бон у фыдгӕнджыты сӕхи къӕппӕджы ӕрцахсын. (Бакӕс Псалом 7:11–16.)

Удуӕлдайӕ архайдта Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ адӕмы тыххӕй

23. а) Паддзах куыд схорзӕхджын кодта Мардохей ӕмӕ Есфиры? ӕ) Иаков йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ Вениамины тыххӕй цы ныхӕстӕ загъта, уыдон куыд сӕххӕст сты? (Кӕс рамкӕ «Пехуымпарад сӕххӕст».)

23 Кӕдӕй-уӕдӕй паддзах базыдта, Мардохей чи уыд, уый. Ӕрмӕст йӕ ирвӕзынгӕнӕг нӕ уыд, фӕлӕ Есфиры хъомылгӕнӕг дӕр. Ахашверош Аманы бӕсты Мардохейы сӕвӕрдта йӕ паддзахады дыккаг лӕгӕй. Аманы хӕдзар ӕмӕ йе стыр фӕллӕйттӕ та радта Есфирӕн, ӕмӕ сӕ уый Мардохейы бар бакодта (Есф. 8:1, 2).

24, 25. а) Аманы фыдвӕнд куы раргом, уӕд дӕр Есфирӕн ӕнцад бадӕн цӕуылнӕ уыд? ӕ) Есфир та йӕ цард ногӕй тӕссаг уавӕры куыд баппӕрста?

24 Ныр Есфир ӕмӕ Мардохейы цардӕн тӕссаг ницӕмӕйуал уыд. Ӕмӕ цымӕ Есфир йӕхицӕн ӕнцад сбадт? Афтӕ бакодтаид, ӕрмӕстдӕр йӕхи мӕт куы кодтаид, уӕд. Аман дзуттӕгты ныццӕгъдыны тыххӕй цы бардзырд раттын кодта, уый нырма йӕ тыхы уыд. Дзуттӕгты ныццӕгъдын хуыздӕр кӕцы бон уыдзӕн, уый сбӕрӕг кӕнынӕн Аман сӕппӕрста хӕлттӕ, кӕнӕ пур – ӕвӕццӕгӕн, афтӕмӕй дӕсны фарста (Есф. 9:24–26). Уыцы бонмӕ нырма цалдӕр мӕйы хъуыд, фӕлӕ уӕддӕр ӕнцад бадӕн нӕ уыд. Цымӕ ма исты уыди саразӕн?

25 Есфир та йӕ цард тӕссаг уавӕры баппӕрста – ногӕй та паддзахмӕ ӕнӕхонгӕйӕ бацыд. Ацы хатт ын цӕссыгкалгӕйӕ лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ адӕмы тыххӕй цы бардзырд радта, уый аивтаид. Фӕлӕ-иу Персы паддзах кӕй ӕрфидар кодта, уыцы закъӕттӕн аивӕн нал уыд (Дан. 6:12, 15). Уымӕ гӕсгӕ паддзах Есфир ӕмӕ Мардохейӕн бар радта, цӕмӕй ног закъон ныффыстаиккой. Уыцы закъон дзуттӕгтӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ цард бахъахъхъӕдтаиккой. Гъемӕ хабархӕсджытӕ фыстӕджытимӕ араст сты Персы паддзахады алы къуымтӕм ӕмӕ дзуттӕгтӕн уыцы хорз хабар хъусын кодтой. Ӕмӕ та сӕ зӕрдӕты ныфсы зынг ссыгъд (Есф. 8:3–16). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уыцы стыр паддзахады алы рӕтты дзуттӕгтӕ сӕхи тохмӕ куыд цӕттӕ кӕнынц, уый. Ног бардзырд куы нӕ рацыдаид, уӕд сын ахӕм фадат ницы хуызы уыдаид! Фӕлӕ ноджы ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ цымӕ «ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ» рахӕцдзӕн йӕ адӕмы сӕрыл? (1 Сам. 17:45).

Есфир ӕмӕ Мардохӕй дзурынц дыккаг бардзырды ныхӕстӕ, ӕрыгон нӕлгоймаг та сӕ фыссы

Есфир ӕмӕ Мардохей Персы паддзахады цӕрӕг дзуттӕгтӕм фыстӕджытӕ арвыстой

26, 27. а) Йегъовӕйы фӕрцы йӕ адӕм се знӕгтыл куыд фӕуӕлахиз сты? ӕ) Аманы фыртты кӕй амардтой, уымӕй цавӕр пехуымпарад сӕххӕст?

26 Уыцы бон куы ралӕууыд, уӕд Хуыцауы адӕм алцӕмӕй дӕр уыдысты цӕттӕ. Дзуттаг Мардохей Персы паддзахады дыккаг лӕг кӕй сси, уый паддзахы дӕлбар хицӕуттӕ куы фехъуыстой, уӕд уыдонӕй дӕр бирӕтӕ дзуттӕгты фарс рахӕцыдысты. Йегъовӕйы фӕрцы йӕ адӕм фӕуӕлахиз сты. Йегъовӕ йӕ адӕмы знӕгты бындзагъд фӕкодта, цӕмӕй сӕ ныхмӕ макуыуал рацыдаиккойa (Есф. 9:1–6).

27 Стӕй Аманы дӕс фырты дӕр амардтой, уымӕн ӕмӕ цалынмӕ уыдон удӕгас уыдысты, уӕдмӕ Мардохейӕн тӕссаг уыди Аманы хӕдзарӕн уынаффӕ кӕнын (Есф. 9:7–10). Афтӕмӕй сӕххӕст, Хуыцау раджы кӕй загъта, уыцы пехуымпарад – амаликӕгтӕй, йӕ адӕмы знӕгтӕй, иу дӕр кӕй нал баззайдзӕн (Дык. з. 25:17–19). Аманы фырттӕ уыдысты, уыцы адӕмӕй ма цы иугӕйттӕ баззад, уыдонӕй.

28, 29. а) Йегъовӕйы цӕмӕн фӕндыд, цӕмӕй Есфир ӕмӕ йӕ адӕм хӕцыдаиккой? ӕ) Есфиры цӕвиттон нын кӕй ис, уый хорз цӕмӕн у?

28 Ӕрыгон Есфиры уӕхсчытыл ӕрӕнцад уӕззау уаргъ – паддзахы номӕй Мардохеимӕ хъуамӕ ахӕм закъӕттӕ рауагътаиккой, цӕмӕй сын се знӕгтимӕ схӕцыны ӕмӕ сӕ ныццӕгъдыны бар уыдаид. Ӕмӕ уый ӕнцон кӕцӕй уыдаид. Фӕлӕ Есфир ӕмбӕрста, Йегъовӕйы фӕндон кӕй уыд, цӕмӕй йын йӕ адӕмы зӕххы цъарӕй фесафын ма бауагътаид. Израилы адӕмӕй хъуамӕ рацыдаид зӕрдӕвӕрд Мессийӕ – ӕппӕт адӕмӕн дӕр сӕ иунӕг ныфс! (Райд. 22:18). Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз нӕ исынц ӕмӕ хӕстыты нӕ архайынц, уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, Мессийӕ, ома Йесо Чырысти, зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн уый бар кӕй нал дӕтты (Матф. 26:52).

29 Фӕлӕ чырыстӕттӕ тох кӕнынц ӕндӕр хӕсты. Хӕйрӕг тынгӕй-тынгдӕр архайы, цӕмӕй Йегъовӕ Хуыцауыл мауал ӕууӕндӕм. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 10:3, 4.) Куыд хорз у, Есфиры цӕвиттон нын кӕй ис! Цӕй уӕдӕ мах дӕр Есфирау нӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисӕм. Искӕимӕ нӕ аныхас кӕнын куы хъӕуа, уӕд уӕм ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕразон, стӕй хъӕбатыр ӕмӕ Хуыцауы адӕмы тыххӕй нӕ цард раттынмӕ дӕр цӕттӕ уӕм.

Есфиры тыххӕй фарстатӕ

Мардохей Есфиры цӕмӕн бауагъта ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувӕг адӕймагмӕ смой кӕнын?

Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, Мардохей, дам, йӕхицӕн пайда агуырдта ӕмӕ уый тыххӕй сразы, цӕмӕй Есфир паддзахмӕ смой кодтаид. Фӕлӕ ахӕм ныхӕстӕн бындур нӕй. Мардохей Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг уыд, ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ хорз цӕстӕй ницы хуызы ракастаид (Дык. з. 7:3). Рагон дзуттаг истори куыд зӕгъы, афтӕмӕй Мардохей архайдта уыцы хъуыддаг бакъуылымпы кӕныныл. Фӕлӕ Мардохей дӕр ӕмӕ Есфир дӕр уыцы бӕстӕйы ӕцӕгӕлӕттӕ уыдысты. Стӕй паддзах йӕхӕдӕг хуыцауыл нымад уыд, ӕмӕ йӕ ныхмӕ сӕ бон цы хъуамӕ уыдаид. Рӕстӕг равдыста, Есфир паддзахы ус кӕй уыд, уымӕй Йегъовӕ кӕй спайда кодта йӕ адӕмы фервӕзын кӕнынӕн (Есф. 4:14).

Есфиры чиныджы Хуыцауы ном, Йегъовӕ, цӕуылнӕ ис?

Куыд зыны, афтӕмӕй Есфиры чиныг Мардохей ныффыста. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ацы чиныг фыццаг ӕвӕрд уыд Персы паддзахы документтимӕ ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ Иерусалиммӕ ахастой. Йегъовӕйы ном дзы куы ныффыстаид, уӕд тӕссаг уыди, Персы хуыцӕуттӕн кувӕг адӕм уыцы чиныг куы фесӕфтаиккой, уымӕй. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр бӕрӕг у, ацы чиныджы цы хабӕртты кой цӕуы, уыдоны Йегъовӕ кӕй архайдта. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ ацы чиныджы дзуттаг къухфыстыты Хуыцауы ном цыппар раны ӕмбӕлы акростихты хуызы. Кӕрӕдзийы фӕдыл цыппар дзырды афтӕ фыст ӕрцыдысты, цӕмӕй дзы фыццаг дамгъӕтӕй кӕнӕ фӕстаг дамгъӕтӕй Хуыцауы ном рауадаид.

Есфиры чиныг историмӕ гӕсгӕ раст у?

Критиктӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, ацы чиныг историмӕ гӕсгӕ раст нӕу. Фӕлӕ иннӕ ахуыргӕндтӕ та зӕгъынц, чиныджы фыссӕг тынг хорз кӕй зыдта, Персы паддзахы галуан куыд арӕзт уыди, чи дзы лӕггад кодта, стӕй персайнӕгтӕм цавӕр ӕгъдӕуттӕ уыди, уыдӕттӕ. Раст у, уыцы замантӕй цы документтӕ баззад, уыдоны паддзахы ус Есфиры кой никуы ис. Фӕлӕ Есфир иунӕг ахӕм нӕу. Уыцы документты, паддзахы галуаны чи цард, уыдонӕй ноджыдӕр бирӕты нӕмттӕ не ’мбӕлынц. Стӕй рагон документты фыст ис, Есфиры чиныджы цы рӕстӕджы кой цӕуы, уыцы рӕстӕджы Сузӕйы паддзахы галуаны стыр бынат кӕй ахста иу адӕймаг, Мардука, зӕгъгӕ (афтӕ у Мардохейы ном персайнагау).

Пехуымпарад сӕххӕст

Хуыцауы адӕмы сӕрыл тох кӕнгӕйӕ Есфир ӕмӕ Мардохей сӕххӕст кодтой, Библийы фыст чи ӕрцыд, ахӕм пехуымпарад. Уыцы заманӕй 12 ӕнусы раздӕр Йегъовӕ Иаковӕн йӕ фырттӕй иуы тыххӕй загъта: «Вениамин йӕ амӕттаджы скъуыдтӕ кӕндзӕн бирӕгъау. Райсомӕй хӕрдзӕн, цы ’рцахса, уый, ӕмӕ-иу изӕрӕй адих кӕндзӕн, йӕ къухы цы бафта, уый» (Райд. 49:27). «Райсомӕй» амыдта, Израилы паддзахад куы фӕзынд, уыцы рӕстӕгмӕ. Уӕд Йегъовӕйы адӕмы сӕрыл тох кодтой Вениамины байзӕддӕгтӕй паддзах Саул ӕмӕ ма ӕндӕр хъӕбатыр хӕстонтӕ дӕр. «Изӕрӕй» та амыдта, Израилы паддзахадӕн йӕ кӕрон куы ’рцыд, уыцы рӕстӕгмӕ. Уӕд та Йегъовӕйы знӕгтимӕ хъӕбатырӕй тох кодтой Есфир ӕмӕ Мардохей, сӕ дыууӕ дӕр уыдысты Вениамины мыггагӕй. Стӕй ма зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыдон адих кодтой, сӕ къухы цы бафтыд, уый, ома Аманы стыр бынтӕ.

a Паддзах дзуттӕгтӕн бар радта, цӕмӕй се знӕгтимӕ дыккаг бон дӕр хӕцыдаиккой ӕмӕ сыл кӕронмӕ фӕуӕлахиз уыдаиккой (Есф. 9:12–14). Абон дӕр дзуттӕгтӕ уыцы уӕлахизы бон бӕрӕг кӕнынц алы аз дӕр адары мӕйы. Нырыккон къӕлиндармӕ гӕсгӕ, адар райдайы февралы дыккаг ӕмбисы ӕмӕ фӕвӕййы мартъийы фыццаг ӕмбисы. Уыцы бӕрӕгбон хуыйны Пурим. Афтӕ йӕ схуыдтой, Аман хӕлттӕ кӕй сӕппӕрста, уый тыххӕй.

АХЪУЫДЫ КӔН...

  • Цӕмӕй бӕрӕг у, Есфир кӕй зыдта, дзурын кӕд хъӕуы, уый?

  • Есфирмӕ фӕразондзинад кӕй уыд, уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста?

  • Есфир йӕ адӕмы сӕрыл хъӕбатырӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ куыд тох кодта?

  • Цӕмӕй дӕ фӕндид Есфиры уырнындзинад бафӕзмын?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын