ДЫУУАДӔСӔМ СӔР
Йӕ Хуыцау ын удӕнцой радта
1, 2. Уыцы диссаджы бон цавӕр хабӕрттӕ ӕрцыд?
ИЛИЙА уыцы къӕвдайы размӕ згъоры. Изреел нырма кӕм ӕмӕ кӕм ис. Ӕмӕ кӕд ӕрыгон нал у, уӕддӕр йӕ фӕллад суадзынмӕ иу ран дӕр не ’рлӕууыд, уымӕн ӕмӕ йыл ис «Йегъовӕйы къух». Йе уӕнгты уыйбӕрц хъару никуыма банкъардта. Паддзах Ахавы бӕхуӕрдон размӕ цы бӕхтӕ скъӕфынц, уыдоны дӕр ма фӕстейӕ фӕуагъта! (Бакӕс 1 Паддзӕхты 18:46.)
2 Ӕмӕ ныр иунӕгӕй уыцы фӕндагыл дарддӕр размӕ тындзы. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: Илийайӕн къӕвдайы ӕртӕхтӕ йӕ цӕсгом хойынц ӕмӕ згъоргӕ-згъорын хъуыды кӕны, уыцы бон цы диссаджы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоныл. Уыцы бон дзы никуы ферох уыдзӕн. Илийа йӕхи цӕстӕй федта, йӕ Хуыцау Йегъовӕ куыд скадджын ӕмӕ раст дин куыд фӕуӕлахиз, уый. Кармилы хох кӕмдӕр фӕстейӕ баззад ӕмӕ ныр къӕвда ӕмӕ мигътӕй зынгӕ дӕр нал кӕны. Раст уым Йегъовӕ диссаджы хуызы дзуапп радта йӕ пехуымпары куывдӕн ӕмӕ равдыста, Ваал мӕнг хуыцау кӕй у. Уым Ваалы цалдӕр сӕдӕ пехуымпарӕн сӕ цӕстфӕлдахӕн митӕ хурмӕ хаст ӕрцыдысты ӕмӕ сӕм цы тӕрхон ӕмбӕлд, уый сӕ сӕр баййӕфта. Уый фӕстӕ Илийа Йегъовӕмӕ скуывта, цӕмӕй кӕрон скодтаид, ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕг чи ахаста, уыцы хус рӕстӕгӕн. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр къӕвда ныккалдта! (1 Пад. 18:18–45).
3, 4. а) Илийа Изреелмӕ куы фӕцӕйзгъордта, уӕд дзы стыр ныфс цӕмӕн уыди? ӕ) Ацы сӕры цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?
3 Уыцы уарыны Изреелмӕ згъоргӕйӕ Илийайы стыр ныфс ис, ныр уавӕр кӕй фӕивдзӕн. Ахав, цытӕ федта, уый фӕстӕ куыннӕ хъуамӕ аива! Ӕнӕмӕнг афтӕ уыдзӕн – ныр Ваалӕн нал кувдзӕн, йӕ ус Йезавелӕн йӕ рохтыл ӕрхӕцдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты фӕдыл дӕр нал зилдзӕн!
«Илийа... суанг Изреелмӕ Ахавы разӕй лыгъд»
4 Хъуыддӕгтӕ, мах куыд фӕнды, афтӕ куы рауайынц, уӕд нӕ ныфс бацӕуы. Афтӕ нӕм фӕкӕсы, нӕ зындзинӕдтӕ иууылдӕр фӕстейӕ баззадысты, ӕмӕ ныр алцыдӕр хорз уыдзӕн. Кӕд Илийа дӕр афтӕ хъуыды кодта, уӕд уым диссагӕй ницы ис, уымӕн ӕмӕ уый дӕр «мах хуызӕн адӕймаг» уыд (Иак. 5:17). Фӕлӕ йӕ зындзинӕдтӕ нырма разӕй уыдысты. Уыцы хабӕрттӕй цалдӕр сахаты йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ Илийайы тас бацыд. Ӕмӕ йӕ ныфс афтӕ тынг асаст, ӕмӕ мӕлӕтмӕ бабӕллыд. Цымӕ цы ’рцыд ӕмӕ Йегъовӕ йӕ пехуымпарӕн куыд баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ уырнындзинад сфидар уыдаид ӕмӕ фӕныфсджын уыдаид? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.
Уый ӕнхъӕл нӕ уыд
5. Цӕмӕй бӕрӕг у, Кармилы хохыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны фӕстӕ дӕр Ахав Йегъовӕйы кӕй ницӕмӕ дардта?
5 Ахав Изреелмӕ йӕ галуанмӕ бахӕццӕ. Ӕмӕ цымӕ йӕ хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кодта? Библийы фыст ис: «Ахав Йезавелӕн радзырдта, Илийа цыдӕриддӕр сарӕзта, уый тыххӕй. Радзырдта йын, пехуымпарты куыд ныццагъта, уый дӕр» (1 Пад. 19:1). Дӕ хъус-ма ӕрдар, уыцы бон цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй дзургӕйӕ Ахав Илийайы Хуыцау Йегъовӕйы кой кӕнгӕ дӕр не скодта. Ахав хъуыддӕгтӕм каст адӕймаджы цӕстӕй ӕмӕ загъта, уыдӕттӕ, дам, Илийа сарӕзта. Куыд уынӕм, афтӕмӕй Ахав дарддӕр дӕр Йегъовӕйы ницӕмӕ дардта. Цымӕ уыцы хабӕрттӕ фехъусгӕйӕ йӕ налат ус та куыд бакодта?
6. Йезавел Илийамӕ цавӕр ныхӕстӕ арвыста ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты?
6 Йезавел мӕстӕй рафыхт ӕмӕ Илийамӕ арвыста ахӕм ныхас: «Хуыцӕутты фыдӕх мӕ баййафӕд, ӕз дӕ райсом ацафон сӕ фӕдыл мӕрдтӕм куы нӕ барвитон, уӕд!» (1 Пад. 19:2). Уымӕй карздӕр ӕртхъирӕн ма цы хъуамӕ уыдаид! Йезавел йӕхицӕй расомы кодта, Ваалы пехуымпарты тыххӕй Илийайӕ иу бонмӕ йӕ маст кӕй райсдзӕн. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: Илийа уыцы ӕвзӕр къӕвда бон Изреелы цыдӕр ӕнӕбары агъуысты фынӕй кӕны ӕмӕ йӕ уалынмӕ чидӕр райхъал кодта – Йезавелы ’рвыст лӕг ӕм ӕрбахӕццӕ, цӕмӕй йын уыцы ныхӕстӕ фехъусын кодтаид. Цымӕ Илийа куыд фӕци?
Йӕ ныфс асаст ӕмӕ дзы тас бацыд
7. Йезавелы ӕртхъирӕнтӕ фехъусгӕйӕ Илийа куыд фӕци ӕмӕ цы сарӕзта?
7 Кӕд Илийа афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Ваалы динимӕ тох йӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны, уӕд йӕ ныфсы мӕсгуытӕ ӕвиппайды ӕркалдысты. Йезавелы ницы басаста. Уымӕй размӕ дӕр йӕ бардзырдмӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы иузӕрдион пехуымпартӕй бирӕты амардтой, ӕмӕ ныр Илийа, ӕвӕццӕгӕн, загъта, иннӕ та ӕз уыдзынӕн, зӕгъгӕ. Библийы кӕсӕм: «Илийа фӕтарст». Чи зоны, Илийайӕн йӕ цӕстытыл ауад, Йезавел ӕй цы ӕвирхъау мардӕй мардзӕн, уый. Кӕд уыцы хъуыдытыл сси, уӕд йӕ ныфс, ай-гъай дӕр, асаст. Ӕмӕ Илийа алыгъд, цӕмӕй «йӕ цард бахъахъхъӕдтаид» (1 Пад. 18:4; 19:3).
Цӕмӕй цыфӕнды уавӕры дӕр ныфсджын уӕм, уый тыххӕй-иу тасӕфтауӕг хъуыдытӕн нӕ зонды бынат ма скӕнӕм
8. а) Петр дӕр Илийайау цавӕр уавӕры бахауд? ӕ) Илийайы ӕмӕ Петры хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
8 Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй Илийайы йеддӕмӕ йӕ зӕрдӕйы тас никуы никӕмӕн бацыд. Илийайы замантӕй бирӕ фӕстӕдӕр ахӕм уавӕры бахауд апостол Петр дӕр. Иухатт Йесойы ныхасмӕ гӕсгӕ доныл бацыд. Фӕлӕ йӕ алыварс куы акаст ӕмӕ, «куыд тынг дымы, уый куы федта», уӕд фӕтарст ӕмӕ ныгъуылын райдыдта. (Бакӕс Матфейы 14:30.) Илийайы ӕмӕ Петры хабарӕй ахуыр кӕнӕм иу ахсджиаг хъуыддагыл: цӕмӕй цыфӕнды уавӕры дӕр ныфсджын уӕм, уый тыххӕй-иу тасӕфтауӕг хъуыдытӕн нӕ зонды бынат ма скӕнӕм. Фӕлӕ-иу хъуыды кӕнӕм, ныфс ӕмӕ нын хъарутӕ чи дӕтты, уыцы Хуыцауыл.
«Мӕ бон нал у!»
9. Радзур, Илийа кӕдӕм алыгъд ӕмӕ цы уавӕры уыд, уый тыххӕй.
9 Илийа афтӕ тынг фӕтарст, ӕмӕ Изреелӕй алыгъд хуссар-ныгуылӕнырдӕм, горӕт Вирсавимӕ – уый уыд Иудӕйӕн йӕ хуссайраг арӕнмӕ ’ввахс. Уырдӕм та цӕуын хъуыд 150 километры бӕрц. Уым Илийа йӕ лӕггадгӕнӕджы ныууагъта ӕмӕ йӕхӕдӕг иунӕгӕй ӕдзӕрӕг быдырмӕ ацыд. Уыцы ӕдзӕрӕг быдыры «иу бон фӕцыд». Ӕвӕццӕгӕн, райсомӕй раджы сыстад ӕмӕ ацыд, йемӕ ӕппындӕр ницы райста, афтӕмӕй. Илийа йӕхимӕ бынтон ныхъхъуыста. Ӕдзӕрӕг быдыры уыцы судзгӕ хуры цыд ӕмӕ цыд – йӕ зӕрдӕйы цы тас уыд, уый йӕ размӕ тардта. Хуры цалх бындӕр куыд тылди ӕмӕ сырхӕй-сырхдӕр куыд кодта, афтӕ Илийайы хъарутӕ та кодтой къаддӕрӕй-къаддӕр, ӕмӕ йӕм фӕстагмӕ тых ӕппындӕр нал баззад. Гъемӕ къутӕрбӕласы бын ӕрбадт – уыцы ӕдзӕрӕг быдыры бахсӕвиуат кӕнынӕн ӕндӕр бынат не ссардта (1 Пад. 19:4).
10, 11. а) Йегъовӕмӕ кувгӕйӕ Илийа цы ныхӕстӕ загъта, уыдонӕн сӕ хъуыды цы у? ӕ) 11-ӕм абзацы кӕрон цы стихтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ радзур, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй-иу кӕмӕдӕрты цавӕр хъуыдытӕ фӕзынд, уый тыххӕй.
10 Илийа уый онг сси, ӕмӕ Хуыцауӕй мӕлӕт куырдта. Куывта йӕм: «Ӕз мӕ фыдӕлтӕй ницӕмӕй хуыздӕр дӕн». Илийа зыдта, йӕ фыдӕлтӕ сыджыты хай кӕй баисты ӕмӕ сӕ бон кӕй никӕмӕнуал у баххуыс кӕнын (Еккл. 9:10). Ӕмӕ йӕхимӕ дӕр ахӕм цӕстӕй каст, зӕгъгӕ, ӕз дӕр афтӕ ницы дӕн. Афтӕ дӕр уымӕн загъта: «Мӕ бон нал у!» Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, мӕ цард ма цы у, зӕгъгӕ.
11 Цымӕ нӕм хъуамӕ диссаг кӕса, Хуыцауы лӕггадгӕнӕг йӕхимӕ афтӕ тынг кӕй ныхъхъуыста, уый? Уым диссагӕй ӕппындӕр ницы ис. Библийы фыст ис, Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыцы нӕлгоймӕгтӕй ӕмӕ сылгоймӕгтӕй дӕр-иу чидӕртӕ уый онг кӕй систы, ӕмӕ-иу мӕлӕтмӕ бӕллыдысты, зӕгъӕм, Ревеккӕ, Иаков, Моисей ӕмӕ Иов (Райд. 25:22; 37:35; Ным. 11:13–15; Иов 14:13).
12. Дӕхимӕ куы ныхъхъусай, уӕд дӕ бон куыд уыдзӕн Илийайы бафӕзмын?
12 Мах «тынг уӕззау рӕстӕджы» цӕрӕм. Ӕмӕ бирӕтӕ, суанг Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр, сӕхимӕ кӕй ныхъхъусынц, уый диссаг нӕу (2 Тим. 3:1). Кӕд ды дӕр хатт ахӕм уавӕры вӕййыс, ӕмӕ дӕ сӕрӕн ницыуал фӕзоныс, уӕд-иу ды дӕр Илийайау дӕ рыст, дӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ иууылдӕр Хуыцауӕн радзур. Йегъовӕ у «удӕнцойдӕттӕг Хуыцау». (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4.) Ӕмӕ цымӕ Илийайӕн дӕр удӕнцой радта?
Йегъовӕ йӕ пехуымпарӕн радта, цы йӕ хъуыди, уый
13, 14. а) Йегъовӕ зӕды уылты йӕ пехуымпарыл куыд батыхст? ӕ) Йегъовӕ нӕ алкӕй тыххӕй дӕр алцыдӕр кӕй зоны, уый нын удӕнцойы хос цӕмӕн у?
13 Куыд дӕм кӕсы, Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ нӕ фӕрыст, йӕ зынаргъ пехуымпар ӕдзӕрӕг быдыры къутӕрбӕласы бын куыд бадт ӕмӕ мӕлӕт куыд куырдта, уымӕ кӕсгӕйӕ? Куыннӕ. Илийа куы бафынӕй, уӕд ӕм Йегъовӕ зӕды арвыста. Зӕд Илийамӕ арӕхстгай бавнӕлдта, райхъал ӕй кодта ӕмӕ йын загъта: «Сыст ӕмӕ ахӕр». Илийа дӕр сыстад ӕмӕ бахордта, зӕд ын цы хуымӕтӕг хӕринаг ӕрӕвӕрдта, уый – хъарм дзул ӕмӕ дон. Зӕдӕн бузныг загъта ӕви нӕ, уый дӕр нӕ зонӕм. Библийы ӕрмӕст фыст ис, зӕгъгӕ, пехуымпар бахордта, банызта ӕмӕ та фӕстӕмӕ бафынӕй. Чи зоны, йӕ бон дзурын дӕр нӕ уыди. Куыдфӕнды ма уыдаид,– зӕд та йӕ дыккаг хатт дӕр райхъал кодта, ӕвӕццӕгӕн, боныцъӕхтыл, ӕмӕ та йын загъта: «Сыст ӕмӕ бахӕр». Ӕмӕ ма стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Кӕннод фӕндагыл нӕ бафӕраздзынӕ» (1 Пад. 19:5–7).
14 Ахъуыды-ма кӕнӕм ацы ныхӕстыл. Хуыцауы фӕрцы зӕд зыдта, Илийайы кӕдӕм цӕуын хъуыди, уый. Зыдта ма уый дӕр, Илийайӕн йӕхимӕ уыйбӕрц хъару кӕй нӕ уыд, цӕмӕй уыцы дард фӕндагыл бафӕрӕзтаид. Цас удӕнцой нын хӕссы, ахӕм Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый! Йегъовӕ йӕ нӕхицӕй дӕр хуыздӕр зоны, цавӕр фӕндтӕ нӕм ис, стӕй, нӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу, уый дӕр. (Бакӕс Псалом 103:13, 14.) Илийайӕн та цымӕ уыцы хӕринаг исты пайда фӕци?
15, 16. а) Йегъовӕ Илийайӕн цы хӕринаг радта, уый фӕрцы йӕ бон цы баци? ӕ) Йегъовӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы дӕтты, уымӕн цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм?
15 Библи зӕгъы: «Илийа сыстад, бахордта ӕмӕ банызта. Хъарутӕ та йӕм фӕзынд, ӕмӕ цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы фӕцыд Хоривы онг, ӕцӕг Хуыцауы хохы онг» (1 Пад. 19:8). Илийа 40 боны ӕмӕ 40 ӕхсӕвы хӕринаджы хъӕстӕ нӕ фӕци. Уыйбӕрц рӕстӕг ма хӕринаг нӕ хордтой Моисей ӕмӕ Чырысти дӕр (Моисей цард Илийайӕ иу-ӕхсӕз ӕнусы раздӕр, Чырысти та – иу-дӕс ӕнусы фӕстӕдӕр) (Рац. 34:28; Лук. 4:1, 2). Илийа хӕринаг кӕй бахордта, уый йӕ йе ’ппӕт бӕллӕхтӕй нӕ фервӕзын кодта, фӕлӕ дзы диссаджы хуызы хъарутӕ бауагъта. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: ацӕргӕ пехуымпар, фӕндаг бӕрӕг кӕм нӕй, ахӕм ӕдзӕрӕг быдыры цӕуы ӕмӕ цӕуы, бон боны фӕдыл, къуыри къуырийы фӕдыл, ӕмӕ афтӕ мӕй ӕмӕ ӕрдӕджы бӕрц!
16 Абон дӕр Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн дӕтты, цы сӕ хъӕуы, уый. Ӕнӕуи хӕринаг сын диссаджы хуызы нӕ ратты, фӕлӕ сӕ цух нӕ уадзы, уырнындзинад чи фидар кӕны, ахӕм хӕринагӕй, ӕмӕ уый та у ноджы ахсджиагдӕр (Матф. 4:4). Библийӕ ӕмӕ, Библи чи ӕмбарын кӕны, уыцы литературӕйӕ Хуыцауы тыххӕй цы базонӕм, уый руаджы нӕ уырнындзинад бафидар вӕййы. Уыцы хӕринагӕй нӕхи кӕй ӕфсадӕм, уый нӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй нӕ ирвӕзын кӕны, фӕлӕ нын ӕххуыс кӕны, нӕхи бон сфӕразын цы нӕу, уыдӕттӕ сфӕразынӕн. Уымӕй уӕлдай ма нын уыцы хӕринаджы фӕрцы ис «ӕнустӕм цӕрыны» ныфс дӕр (Иоан. 17:3).
17. Илийа кӕдӕм бахӕццӕ ӕмӕ уыцы бынат зындгонд цӕмӕй уыд?
17 Илийа фӕцыд 320 километры бӕрц ӕмӕ ӕппынфӕстаг бахӕццӕ Хоривы хохмӕ. Уый уыд зындгонд бынат. Кӕддӕр Йегъовӕ зӕды уылты уым Моисеймӕ фӕзынд судзгӕ къутӕры, фӕстӕдӕр та Израилимӕ уым скодта Закъонимӕ баст бадзырд. Гъемӕ уыцы ран Илийа лӕгӕтмӕ бацыд, цӕмӕй дзы бахсӕвиуат кодтаид.
Йегъовӕ йӕ пехуымпарӕн удӕнцой радта ӕмӕ йӕ бафидар кодта
18, 19. а) Йегъовӕйы зӕд Илийайы цӕмӕй бафарста ӕмӕ йын Илийа цавӕр дзуапп радта? ӕ) Илийа йӕхимӕ цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы тыххӕй ныхъхъуыста?
18 Хоривы хохыл Йегъовӕ, ӕвӕццӕгӕн, зӕды уылты, Илийайы бафарста: «Илийа, ам цы кусыс?» Ацы ныхӕстӕ фӕлмӕнӕй загътаид, уымӕн ӕмӕ Илийайы бафӕндыд, цыдӕриддӕр ӕй тыхсын кодта, уый радзурын. Ӕмӕ йӕ тыппыртӕ суагъта: «Ӕз ӕнувыдӕй лӕггад кодтон ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕйӕн, фӕлӕ Израилы фырттӕ дӕ бадзырдыл сӕ къух систой, дӕ нывондхӕссӕнтӕ дын ныппырх кодтой, дӕ пехуымпарты та дын ныццагътой, ӕрмӕстдӕр ма дзы ӕз баззадтӕн. Ӕмӕ мӕн дӕр марынмӕ хъавынц» (1 Пад. 19:9, 10). Илийайы ныхӕстӕй базонӕн ис, йӕхимӕ ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хъуыддаджы тыххӕй кӕй ныхъхъуыста.
19 Фыццаг: Илийамӕ афтӕ каст, ӕмӕ йӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы уыд. Кӕд Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы «ӕнувыдӕй лӕггад кодта» ӕмӕ йын йӕ ном рухс кӕнынӕй сӕйрагдӕр ницы уыд, уӕддӕр уавӕр фыддӕр йеддӕмӕ хуыздӕр нӕ кодта. Израилӕгтӕ Хуыцауы ныхас ницӕмӕ дардтой ӕмӕ ӕдзух йӕ ныхмӕ цыдысты, мӕнг дин та парахат кодта. Дыккаг: Илийамӕ афтӕ каст, ӕмӕ иунӕг у. «Ӕрмӕстдӕр ма дзы ӕз баззадтӕн»,– загъта Илийа, цыма Израилы адӕмӕй уый йеддӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕппындӕр ничиуал лӕггад кодта, уыйау. Ӕртыккаг: Илийа фӕтарст. Йегъовӕйы пехуымпартӕй бирӕты амардтой, ӕмӕ Илийа загъта, ныр та мӕн мардзысты, зӕгъгӕ. Ӕнцон ын кӕм уыдаид, цы йӕ тыхсын кодта, ууыл басӕттын. Фӕлӕ сӕрбӕрзонд нӕ уыд ӕмӕ йӕм худинаг нӕ фӕкаст уыдӕтты тыххӕй Йегъовӕйӕн радзурын. Йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый йӕ Хуыцауӕн кӕй раргом кодта, уымӕй фӕзминаг у Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр (Пс. 62:8).
20, 21. а) Радзур, Хоривы хохрӕбын лӕгӕты бахизӕны лӕугӕйӕ Илийа цы федта, уый тыххӕй. ӕ) Йегъовӕ йӕ тых куыд равдыста, уымӕй Илийа цы бамбӕрста?
20 Йегъовӕ Илийайӕн куыд баххуыс кодта? Зӕд Илийайӕн загъта, цӕмӕй лӕгӕты бахизӕны слӕууыдаид. Илийа дӕр афтӕ бакодта, фӕлӕ, дарддӕр цы уыдзӕн, уый нӕ зыдта. Уалынмӕ ахӕм тыхджын дымгӕ сыстад, ӕмӕ хӕхтӕ скъуыдтӕ кодтой, къӕдзӕхтӕ згъӕлдысты. Ӕвӕццӕгӕн, йӕ хъӕрӕй хъустӕ къуырма кодтой. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Илийа йӕ иу къухӕй йӕ цӕстытӕ куыд ӕмбӕрзы, иннӕ къухӕй та йӕ уӕззау пӕлӕзыл куыд хӕцы, цӕмӕй йын ӕй дымгӕ йӕ уӕлӕ афтӕ тынг ма хойа. Уый фӕстӕ зӕхх афтӕ тынг нынкъуысыд, афтӕ базмӕлыд, ӕмӕ Илийа, гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ ахаудаид. Зӕххӕнкъуысты фӕстӕ йӕхимӕ нӕма ’рцыд, афтӕ та йӕ разы ссыгъд стыр арт, ӕмӕ Илийа фӕстӕмӕ лӕгӕтмӕ балыгъд (1 Пад. 19:11, 12).
Йегъовӕ йӕ диссаджы тыхы фӕрцы Илийайӕн удӕнцой радта ӕмӕ йӕ бафидар кодта
21 Фӕлӕ, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй Йегъовӕ нӕ уыд нӕдӕр дымгӕйы, нӕдӕр зӕххӕнкъуысты, нӕдӕр арты мидӕг. Илийа зыдта, Йегъовӕ цавӕрдӕр ӕрымысгӕ ӕрдзы бардуаг кӕй нӕу. Зӕгъӕм, Ваалы йӕ лӕггадгӕнджытӕ хуыдтой «мигътыл бадӕг» ӕмӕ йӕ нымадтой къӕвдайы бардуагыл. Адӕймаджы дисы чи ӕфтауы, уыцы ӕрдзы тыхтӕ иууылдӕр Йегъовӕ сфӕлдыста. Фӕлӕ, цы сфӕлдыста, уыдонӕй йемӕ ницы ис абарӕн. Йегъовӕ суанг уӕлӕрвты дӕр куы нӕ цӕуы! (1 Пад. 8:27). Илийа ӕппӕт уыдӕттӕ кӕй федта, уый йын куыд баххуыс кодта? Ӕрхъуыды-ма кӕн, куыд тынг тарст, уый. Фӕлӕ ныр бамбӕрста, ахӕм стыр тых кӕмӕ ис, уыцы Хуыцау Йегъовӕ йӕ фарсмӕ кӕй ис, ӕмӕ ма уӕд Ахав ӕмӕ Йезавелӕй цӕмӕн хъуамӕ тӕрса?! (Бакӕс Псалом 118:6.)
22. а) «Фӕлмӕн, сабыр хъӕлӕс» фехъусгӕйӕ Илийа цы бамбӕрста? ӕ) Илийамӕ уыцы «фӕлмӕн, сабыр хъӕлӕсӕй» чи дзырдтаид? (Кӕс фиппаинаг.)
22 Арт куы ахуыссыд, уӕд бӕстӕ ныссабыр, ӕмӕ Илийа фехъуыста «фӕлмӕн, сабыр хъӕлӕс». Чидӕр та йӕ ногӕй бафарста, ам цы кусыс, зӕгъгӕ, ӕмӕ Илийа дыккаг хатт дӕр радзырдта, цы йӕ тыхсын кодта, уыйa. Ӕмӕ йын уымӕй дӕр куыннӕ фенцондӕр уыдаид. Фӕлӕ йын ноджы ӕнцондӕр та фӕци, фӕстӕдӕр кӕй фехъуыста, уыцы ныхӕстӕй. Йегъовӕ йын бамбарын кодта, стыр аргъ ын кӕй кӕны. Цымӕ куыд? Загъта йын, дарддӕр кӕй фӕнд кӕны Ваалы динимӕ тох кӕнын. Уӕдӕ Илийайы фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ Хуыцау йӕ фӕнд дарддӕр ӕххӕст кодта. Уымӕй уӕлдай Илийа базыдта, Йегъовӕйы къухы дарддӕр дӕр хъӕугӕ мигӕнӕн кӕй уыдзӕн. Уый бӕрӕг у, йӕ бар ын бӕлвырд хӕстӕ кӕй бакодта, уымӕй (1 Пад. 19:12–17).
23. Цӕмӕй Илийамӕ афтӕ ма кастаид, ӕмӕ иунӕг у, уый тыххӕй йын Йегъовӕ цавӕр дыууӕ хъуыддагӕй баххуыс кодта?
23 Цӕмӕй Илийамӕ афтӕ ма кастаид, ӕмӕ иунӕг у, уый тыххӕй та Йегъовӕ цы бакодта? Дыууӕ хъуыддагӕй йын баххуыс кодта. Фыццаг уый, ӕмӕ Илийайӕн загъта, цӕмӕй, йӕхицӕй ӕрыгондӕр чи уыд, уыцы Елисейы пехуымпарӕй сӕвӕрдтаид ӕмӕ йӕ фӕстӕ пехуымпарӕй уый лӕггад кодтаид. Елисей уый фӕстӕ цалдӕр азы дӕргъы ӕдзухдӕр уыд Илийаимӕ ӕмӕ йын ӕххуыс кодта. Уый йын стыр ныфсы хос куыннӕ уыд! Дыккаг та уый, ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта диссаджы хабар: «Ӕз Израилы ныууагътон авд мин адӕймаджы – уыдон Ваалы раз сӕ зонгуытыл нӕ лӕууыдысты ӕмӕ йын нӕ пъатӕ кодтой» (1 Пад. 19:18). Уӕдӕ Илийа иунӕг нӕ уыд! Цалдӕр мин иузӕрдион адӕймаджы Ваалӕн кӕй нӕ бакуывтой, уый йын ӕхсызгон куыннӕ уыдаид. Уыцы уӕззау рӕстӕджы се ’ппӕты дӕр Илийайы сӕр тынг хъуыди: дарддӕр дӕр афтӕ иузӕрдион ӕмӕ фидар куы уыдаид, уӕд сын уыдаид фӕзминаг ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдтаид. Илийайы зӕрдӕ тынг бацагайдта, Йегъовӕ йын йӕ минӕвары уылты цы загъта, уый – уый уыд йӕ Хуыцауы «фӕлмӕн, сабыр хъӕлӕс».
Библийӕн уый бар куы дӕттӕм, цӕмӕй нын царды разамынд дӕтта, уӕд нын уыдзӕн ахӕм «фӕлмӕн, сабыр хъӕлӕсы» хуызӕн
24, 25. а) Абон мах Йегъовӕйы «фӕлмӕн, сабыр хъӕлӕс» куыд фехъусӕм? ӕ) Цӕмӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ цы сарӕзта, уый Илийайӕн удӕнцой кӕй ӕрхаста?
24 Мах дӕр, ӕвӕццӕгӕн, дисы бафтауынц ӕрдзы тыхтӕ. Ӕмӕ, уӕвгӕ, ӕндӕр куыд хъуамӕ уа! Сфӕлдисӕджы тых ирдӕй зыны йе сконд хъуыддӕгты (Ром. 1:20). Йегъовӕ ныр дӕр йе стыр тыхӕй ӕххуыс кӕны йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн, уый йын ӕхсызгон у (2 Аз. 16:9). Фӕлӕ уӕддӕр немӕ фылдӕр ныхас кӕны Библийы уылты. (Бакӕс Исайы 30:21.) Библийӕн уый бар куы дӕттӕм, цӕмӕй нын царды разамынд дӕтта, уӕд нын уыдзӕн уыцы «фӕлмӕн, сабыр хъӕлӕсы» хуызӕн. Йегъовӕ нын уый уылты нӕ рӕдыдтытӕм амоны, нӕ ныфсыл нын ныфс ӕфтауы ӕмӕ нын дзуры, тынг нӕ кӕй уарзы.
25 Йегъовӕ Хоривы хохыл цы сарӕзта, уый Илийайӕн ӕцӕгдӕр удӕнцой ӕрхаста. Гыццыл фӕстӕдӕр та уыцы иузӕрдион пехуымпар хъӕбатырӕй ӕмӕ ныфсджынӕй тох кодта мӕнг дины ныхмӕ. Мах дӕр Хуыцауы ныхӕстӕ, ома, «Фыстад цы удӕнцой дӕтты», уый, нӕ зӕрдӕмӕ арф куы исӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ уырнындзинад Илийайы уырнындзинадау фидар уыдзӕн (Ром. 15:4).
a Ӕвӕццӕгӕн, уыцы «фӕлмӕн, сабыр хъӕлӕс» уыд, Илийа ма уымӕй размӕ дӕр кӕй фехъуыста, уыцы хъӕлӕс. Уый тыххӕй фыст ис 1 Паддзӕхты 19:9 стихы. Ӕмӕ та 15-ӕм стихы дӕр кӕсӕм, «Йегъовӕ» Илийаимӕ кӕй ныхас кодта. Ацы стихтӕ кӕсгӕйӕ, чи зоны, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Израилы адӕмы ӕдзӕрӕг быдыры чи кодта ӕмӕ Хуыцау афтӕ кӕмӕй загъта, «уый мӕ ном хӕссы», зӕгъгӕ, уыцы зӕд (Рац. 23:21). Фидарӕй нӕ бон зӕгъын нӕу, ӕмӕ, Йегъовӕ Илийаимӕ цы зӕды уылты ныхас кодта, уый у, Рацыды чиныджы кӕй кой цӕуы, уыцы зӕд. Фӕлӕ бафиппайын хъӕуы, Йесо цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ кӕй уыд «Дзырд», ома Йегъовӕйы сӕрмагонд Минӕвар (Иоан. 1:1).