38 зарӕг
Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр
1. О Хуыцау, мӕ куывд мын фехъус,
Курын, раргом кӕн дӕхи.
’Ркӕс мӕм, фехъус мын мӕ лӕгъстӕ,
Мӕтӕй ма хӕрон мӕхи.
БАЗАРД
Сӕвӕр де ’ппӕт уаргъ Хуыцауыл,
Алкӕд дын кӕндзӕн ӕххуыс.
Дӕу нӕ бауадздзӕн фӕцудын,
Фидар дын кӕндзӕн дӕ ныфс.
2. Ехх, ӕмӕ бӕлон куы фестин!
Атӕхин уӕд ме знӕгтӕй.
Уым фыдадӕмӕй хызт уаин,
Хъахъхъӕд уаин се ’фхӕрдӕй.
БАЗАРД
Сӕвӕр де ’ппӕт уаргъ Хуыцауыл,
Алкӕд дын кӕндзӕн ӕххуыс.
Дӕу нӕ бауадздзӕн фӕцудын,
Фидар дын кӕндзӕн дӕ ныфс.
3. Ме скаст у мӕнӕн Йегъовӕ,
Йе ’ххуыс агурдзынӕн ӕз.
Ратдзӕн удӕнцой зын сахат,
Хъару ратдзӕн ӕмӕ ныфс.
БАЗАРД
Сӕвӕр де ’ппӕт уаргъ Хуыцауыл,
Алкӕд дын кӕндзӕн ӕххуыс.
Дӕу нӕ бауадздзӕн фӕцудын,
Фидар дын кӕндзӕн дӕ ныфс.