Фӕнды дӕ, Хуыцауы Паддзахад цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдон дӕхи цӕстӕй фенын?
7 ХАЙ
Хуыцауы Паддзахады арфӕдзинӕдтӕ. «Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!»
КЪАЛИУӔЙ стыр рӕгъӕд фӕткъуы ӕртыдтай, ӕмӕ йӕ адджын тӕф дӕ фындзыл сӕмбӕлд. Ныр цалдӕр сахаты кусыс, фӕлӕ ӕппындӕр нӕ бафӕлладтӕ – ноджыдӕр ма кусис. Ӕнӕхъӕн бинонтӕй тонут фӕткъуытӕ ӕмӕ уын уе ’мбӕлттӕ дӕр ӕххуыс кӕнынц. Гыццыл фалдӕр фӕткъуытӕ тоны дӕ мад ӕмӕ иннӕтимӕ уыцы хъӕлдзӕг ныхас кӕны. Ды йӕм кӕсыс ӕмӕ дис кӕныс, куыд ӕрыгон ӕмӕ куыд рӕсугъд у – ахӕм уыди, ды ма гыццыл куы уыдтӕ, уӕд. Уырнгӕ дӕр дӕ нӕ кӕны, йӕ кой дӕр кӕмӕн нал ис, уыцы дунейы кӕй базӕронд, уый. Дӕхи цӕстӕй федтай, низ ӕй куыд бахордта. Дӕ цӕстыты раз батад. Стӕй, ды йын йӕ къухыл хӕцыдтӕ, афтӕмӕй амард. Куы йӕ ӕвӕрдтой, уӕд йӕ ингӕны раз кӕуынӕй нал ӕнцадтӕ. Фӕлӕ ныр у ӕгас ӕмӕ раздӕрау ӕнӕниз! Ӕмӕ ахӕм адӕм дӕ алыварс ис бирӕ.
Мах ӕй зонӕм, ахӕм рӕстӕг ӕнӕмӕнг кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцау йӕ ныхас никуы фӕсайы. Нӕ чиныджы фӕстаг хайы ӕркӕсдзыстӕм, тагъд рӕстӕджы Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн, уымӕ. Фыццаг уал аныхас кӕндзыстӕм, Армагеддоны размӕ цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уыдоныл. Ноджыдӕр ма ӕркӕсдзыстӕм, уый фӕстӕ Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уымӕ. Уӕд Хуыцауы Паддзахадӕн йӕ бар цӕудзӕн ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр ӕмӕ, «цыдӕриддӕр сараза,– ӕппӕт дӕр уыдзӕн ног»! (Рарг. 21:5). Куыд амондджын уыдзыстӕм, уыцы диссӕгтӕ нӕхи цӕстӕй куы фенӕм!