Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwbr18 мартъи 1–10 фф.
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2018
  • Сӕргӕндтӕ
  • 5–11 МАРТЪИЙЫ
  • 12–18 МАРТЪИЙЫ
  • 19–25 МАРТЪИЙЫ
  • 26 МАРТЪИЙЫ – 1 АПРЕЛЫ
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2018
mwbr18 мартъи 1–10 фф.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ

5–11 МАРТЪИЙЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | МАТФЕЙЫ 20, 21

«Кӕй уӕ фӕнды, цӕмӕй кадджын уа, уый уын хъуамӕ уа лӕггадгӕнӕг»

(Матфейы 20:3) Ӕртыккаг сахатмӕ ’ввахс дӕр та рацыд ӕмӕ ма базары фӕзы федта ноджы кӕйдӕрты ӕгуыстӕй лӕугӕ.

nwtsty, нывтӕ

Базары фӕз

Нывӕй куыд зыны, афтӕмӕй-иу базары фӕзы уыд, адӕм-иу кӕй уылты цыдысты, ахӕм фӕндаг. Уӕйгӕнджытӕм-иу уыйбӕрц уӕйгӕнинӕгтӕ уыд, ӕмӕ-иу уыцы уынджы ацӕуӕнтӕ нӕ уыд. Уӕй-иу дзы кодтой алыхуызон дзауматӕ: ӕлыгӕй конд ӕмӕ авгӕй конд зынаргъ мигӕнӕнтӕ, стӕй хӕринӕгтӕ. Уыцы заман холодильниктӕ кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ-иу адӕмы базармӕ цӕуын хъуыд алы бон дӕр. Базары-иу ӕлхӕнджытӕ кӕрӕдзийӕ ног хабӕрттӕ базыдтой кӕнӕ-иу уӕйгӕнджытӕй исты фехъуыстой, уым-иу сывӕллӕттӕ хъазыдысты, куыст кӕмӕн нӕ уыд, уыдон та-иу ӕнхъӕлмӕ кастысты, цӕмӕй сӕ исчи баххуырстаид. Базары фӕз-иу Чырысти рынчынты дзӕбӕх кодта, Павел та хорз хабар хъусын кодта (Хъд 17:17). Сӕрбӕрзонд чиныджыдӕсныты ӕмӕ фарисейты зӕрдӕмӕ цыди, базары фӕзы сӕм адӕм се ’ргом кӕй здӕхтой ӕмӕ сын салам кӕй лӕвӕрдтой, уый.

(Матфейы 20:20, 21) Уӕд ӕм Зеведейы ус йӕ дыууӕ фыртимӕ бацыди, йӕ сӕрӕй йын ныллӕг акуывта ӕмӕ йӕм цӕйдӕр тыххӕй бахатыд. 21 Йесо йӕ бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?» Сылгоймаг загъта: «Дзырд мын ратт, дӕ паддзахады мӕ дыууӕ фыртӕй иу дӕ рахиз фарс кӕй ӕрбаддзӕн, иннӕ та – дӕ галиу фарс».

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мф 20:20, 21 стихтӕм

Зеведейы ус йӕ дыууӕ фыртимӕ Уый уыди апостол Иаков ӕмӕ Иоанны мад. Йӕ ном хуынди Саломи. Марчы Евангелийы фыст ис, Иаков ӕмӕ Иоанн Чырыстимӕ кӕй бацыдысты. Ӕвӕццӕгӕн, уыдон сӕ фӕндоны тыххӕй сӕ мадӕн загътой, ӕмӕ уӕд Саломи Чырыстиимӕ аныхас кодта. Ӕвӕццӕгӕн, Саломи йӕ мады хо уыд (Мф 27:55, 56; Мч 15:40, 41; Ин 19:25).

иу дӕ рахиз фарс кӕй ӕрбаддзӕн, иннӕ та – дӕ галиу фарс Дыууӕ бынаты дӕр уыдысты кадджын ӕмӕ-иу дзы бадтысты, стыр бартӕ кӕмӕн уыд, уыдон, фӕлӕ рахиз фарс кадджындӕр бынатыл нымад уыд (Пс 110:1; Хъд 7:55, 56; Ро 8:34).

(Матфейы 20:25–28) Фӕлӕ сӕм Йесо фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Сымах зонут, ацы дунейы хицӕуттӕ сӕхи адӕмтӕн ӕлдӕрттӕ кӕй кӕнынц ӕмӕ сын кадджын лӕгтӕ сӕхи хицау кӕй кӕнынц. 26 Фӕлӕ сымах хъуамӕ афтӕ ма кӕнат. Кӕй уӕ фӕнды, цӕмӕй кадджын уа, уый уын хъуамӕ уа лӕггадгӕнӕг. 27 Ӕмӕ уӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй уа фыццаг, уый уын хъуамӕ уа цагъар. 28 Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, цӕмӕй йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй».

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мф 20:26, 28 стихтӕм

лӕггадгӕнӕг Библийы дзырд диа́конос арӕх фӕамоны, иннӕтӕн сӕрныллӕгӕй чи фӕлӕггад кӕны, ахӕм адӕймагмӕ. Библи Чырыстийы дӕр афтӕ хоны (Ро 15:8), Чырыстийы лӕггадгӕнджыты дӕр (1Кр 3:5–7; Кл 1:23), кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты дӕр (Фп 1:1; 1Тм 3:8), хӕдзары чи лӕггад кодта, уыдоны дӕр (Ин 2:5, 9) ӕмӕ хицӕутты дӕр (Ро 13:4).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай

(Матфейы 21:9) Йӕ разӕй ӕмӕ йӕ фӕстӕ цы адӕм цыди, уыдон та хъӕр кодтой: «О Хуыцау, курӕм дӕ, фервӕзын кӕн Давиды Фырты! Арфӕгонд у, Йегъовӕйы номӕй чи ’рцӕуы, уый! О бӕрзондылбадӕг Хуыцау, курӕм дӕ, фервӕзын ӕй кӕн!»

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мф 21:9 стихмӕ

курӕм дӕ, фервӕзын кӕн комкоммӕ нысан кӕны «осаннӕ». Ацы грекъаг дзырд равзӕрд дзуттаг дзырдбастӕй «курӕм дӕ, фервӕзын кӕн» кӕнӕ «фервӕзын кӕн, дӕ хорзӕхӕй». Ам дзырд «осаннӕ» нысан кӕны, адӕм Хуыцауӕн кӕй лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сын ирвӕзындзинад кӕнӕ уӕлахиздзинад радтаид. Ӕмӕ йӕ ис афтӕ ратӕлмац кӕнӕн дӕр «курӕм дӕ, фервӕзын кӕн Давиды Фырты». Уыцы дзырдӕй фыццаг пайда кодтой, лӕгъстӕ-иу куы кодтой, уӕд, фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр дзурын райдыдтой, Хуыцауы-иу куы кадджын кодтой, уӕд дӕр. Дзуттаг ӕвзаджы ахӕм хъуыды кӕмӕн ис, уыцы дзырд ӕмбӕлы Пс 118:25. Ацы псалом хауы, Пс 113–118 цы зарджытӕ ис, уыдонмӕ. Уыцы зарджытӕ-иу алы аз дӕр зарыдысты Куадзӕны рӕстӕг. Уӕдӕ диссаг нӕу, Чырысти Иерусалиммӕ къӕлӕуыл куы бацыд, уӕд адӕм ацы ныхӕстӕ кӕй дзырдтой. Хуыцау уыцы куывд кӕй фехъуыста, фервӕзын кӕн Давиды Фырты, зӕгъгӕ, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, уыдонӕй иу у, Йесойы кӕй райгас кодта, уый. Мф 21:42 фыст ис, Чырысти кӕй загъта Пс 118:22, 23 фыст ныхӕстӕ ӕмӕ кӕй бамбарын кодта, Мессийӕмӕ кӕй хауынц.

Давиды Фырты Адӕм ацы ныхӕстӕ кӕй хъӕр кодтой, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ ӕмбӕрстой, Йесо кӕй хӕдзарвӕндагӕй у, уый ӕмӕ, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Мессийӕ кӕй у.

(Матфейы 21:18, 19) Райсомӕй раджы фӕстӕмӕ горӕтмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд сӕххормаг. 19 Иу ран фӕндаггӕрон ауыдта легъуибӕлас, хӕстӕг ӕм бацыди, фӕлӕ йыл сыфтӕр йеддӕмӕ куы ницы ссардта, уӕд ын загъта: «Дыргъ дыл макуыуал ӕрзайӕд». Ӕмӕ легъуибӕлас ӕвиппайды бахус.

jy 244 ф., 4–6 абз.

Легъуибӕласы фӕрцы ӕмбарын кӕны, уырнындзинад куыд ахсджиаг у

Цымӕ Йесо уыцы бӕлас цӕмӕн бахус кодта? Уый базонӕн ис, Петрӕн цы дзуапп радта, уымӕй: «Ӕцӕг уын зӕгъын: уырнындзинад уӕм куы уа ӕмӕ дызӕрдыг куы нӕ кӕнат, уӕд, ӕз ацы легъуибӕласӕн цы сарӕзтон, канд уый нӕ сараздзыстут, фӕлӕ мӕнӕ ацы хохӕн афтӕ куы зӕгъат, сыст ӕмӕ дӕхи уӕртӕ денджызы баппар, зӕгъгӕ, уӕд афтӕ бакӕндзӕн. Уырнындзинад уӕм уӕд, ӕндӕр Хуыцауӕй цыфӕнды ма ракурат,– сӕххӕст уын кӕндзӕн уӕ курдиат» (Матфейы 21:21, 22). Афтӕмӕй та ногӕй загъта, уырнындзинады тыххӕй уымӕй размӕ цы загъта, уый (Матфейы 17:20).

Уӕдӕ, уыцы бӕлас кӕй бахус кодта, уый фӕрцы бамбарын кодта, Хуыцауыл ӕууӕндын куыд ахсджиаг у. Йесо загъта: «Цӕйфӕнды тыххӕй ма куват ӕмӕ цыфӕнды ма курат,– афтӕ йӕ нымайут, цыма уӕ курдиат сӕххӕст, ӕмӕ уын ӕнӕмӕнгӕй сӕххӕст уыдзӕн» (Марчы 11:24). Ахӕм уырнындзинад хъуамӕ уа Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр! Уый уӕлдай ахсджиаг та уыд йӕ апостолтӕн, уымӕн ӕмӕ сӕм разӕй стыр фӕлварӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ каст. Фӕлӕ ма, чи бахус, уыцы легъуибӕлас ӕмӕ уырнындзинады хабар ноджыдӕр иу цӕмӕйдӕр уыдысты ӕмхуызон.

Уыцы легъуибӕласау Израилы адӕм дӕр сӕхи ӕвдыстой, цыхуызӕн нӕ уыдысты, ахӕмтӕй. Кӕддӕр Хуыцау семӕ скодта бадзырд, ӕмӕ, чи зоны, афтӕ зынди, цыма йын йӕ Закъон ӕххӕст кодтой. Фӕлӕ сӕм ӕцӕгӕй та, иуӕй-иуты йеддӕмӕ, уырнындзинад нӕ уыд ӕмӕ хорз дыргъ нӕ хастой. Суанг ма Хуыцауӕн йӕ Фыртыл дӕр нӕ баууӕндыдысты! Уӕдӕ Йесо, хуыскъ легъуибӕлас кӕй бахус кодта, уымӕй равдыста, дыргъ чи нӕ хаста ӕмӕ уырнындзинад кӕмӕ нӕ уыд, уыцы адӕммӕ цы кӕрон ӕнхъӕлмӕ каст, уый.

Библийӕ бакӕсинаг

(Матфейы 20:1–19) «Уӕларвон паддзахад абарӕн ис, райсомӕй раджы йӕ сӕнӕфсирдонмӕ кусджытӕ баххуырсынмӕ чи рацыд, ахӕм адӕймагимӕ. 2 Кусджытимӕ бон фӕйнӕ динарыл баныхас кодта, ӕмӕ сӕ стӕй йӕ сӕнӕфсирдонмӕ арвыста. 3 Ӕртыккаг сахатмӕ ’ввахс дӕр та рацыд ӕмӕ ма базары фӕзы федта ноджы кӕйдӕрты ӕгуыстӕй лӕугӕ 4 ӕмӕ сын загъта: „Ацӕут сымах дӕр мӕ сӕнӕфсирдонмӕ, ӕмӕ уын цы ’мбӕла, уый уын ратдзынӕн“. 5 Ӕмӕ уыдон дӕр ацыдысты. Уый фӕстӕ та рацыди ӕхсӕзӕм сахатмӕ ’ввахс, стӕй та фарӕстӕм сахатмӕ ’ввахс дӕр ӕмӕ та афтӕ бакодта. 6 Фӕстаг хатт ма рацыд иуӕндӕсӕм сахатмӕ ’ввахс ӕмӕ уым лӕугӕ баййӕфта ноджыдӕр кӕйдӕрты, ӕмӕ сӕ бафарста: „Ӕнӕхъӕн бон ӕгуыстӕй цӕмӕн лӕуут?“ 7 Уыдон ын дзуапп радтой: „Ничи нӕ баххуырста“. Ӕмӕ уӕд уыдонӕн дӕр загъта: „Сымах дӕр мӕ сӕнӕфсирдонмӕ ацӕут“. 8 Куы баизӕр, уӕд сӕнӕфсирдоны хицау, йӕ исбон кӕй бар уыди, уымӕн загъта, зӕгъгӕ, кусджытӕм фӕдзур ӕмӕ сын сӕ мызд бафид – райдай фӕстӕгтӕй ӕмӕ фӕу фыццӕгтӕй. 9 Кусынмӕ иуӕндӕсӕм сахатыл чи ’рбацыд, уыдонӕй алчидӕр райста фӕйнӕ динары. 10 Уымӕ гӕсгӕ, фыццӕгтӕ куы ’рбацыдысты, уӕд ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ фылдӕр райсдзысты. Фӕлӕ уыдон дӕр райстой фӕйнӕ динары. 11 Ӕмӕ уӕд сӕнӕфсирдоны хицауыл хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой: 12 „Мӕнӕ фӕстагмӕ кӕй ӕрбакодтай, уыдон дын иу сахат йеддӕмӕ нӕ бакуыстой, ӕмӕ сын махимӕ ӕмхуызон бафыстай, кӕд ӕмӕ мах та уыцы тӕвды ӕнӕхъӕн бон фӕфыдӕбон кодтам“. 13 Фӕлӕ дзы хицау сӕ иуӕн афтӕ зӕгъы: „Мӕ хӕлар, куы ницӕмӕй дӕ фӕсайдтон. Иу динарыл нӕ баныхас кодтам? 14 Цы дӕм ӕмбӕлы, уый айс ӕмӕ ацу. Мӕн афтӕ фӕнды, ӕмӕ фӕстӕгтӕн дӕр, дӕуӕн цас бафыстон, уыйбӕрц раттон. 15 Ау, цы мӕм ис, уый мӕ бар нӕу? Ӕви сӕм хӕларзӕрдӕ кӕй дӕн, уый сын дӕ цӕст нӕ уарзы?“ 16 Афтӕ фӕстӕгтӕ уыдзысты фыццӕгтӕ, фыццӕгтӕ та – фӕстӕгтӕ». 17 Уый фӕстӕ Йесо, Иерусалиммӕ цӕугӕйӕ, фӕндагыл йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы иуварс акодта ӕмӕ сын загъта: 18 «Ныр мах цӕуӕм Иерусалиммӕ. Уым Адӕймаджы Фырты ратдзысты сауджынты хистӕрты ӕмӕ чиныджыдӕсныты къухтӕм, ӕмӕ йын уыдон мӕлӕты тӕрхон рахӕсдзысты. 19 Стӕй йӕ ратдзысты ӕндӕр адӕмты къухмӕ, цӕмӕй дзы уыдон фӕхынджылӕг кӕной, ехсӕй йӕ фӕнӕмой ӕмӕ йӕ хъӕдыл байтындзой, фӕлӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн».

12–18 МАРТЪИЙЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | МАТФЕЙЫ 22, 23

«Ӕппӕты сӕйрагдӕр чи у, уыцы дыууӕ фӕдзӕхсты ӕххӕст кӕн»

(Матфейы 22:36–38) «Ахуыргӕнӕг, Закъоны фӕдзӕхстытӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕцы у?» 37 Уый йын дзуапп радта: «„Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“. 38 Уый у фыццаг ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст».

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мф 22:37 стихмӕ

зӕрдӕйӕ Ахӕсгӕ хуызы зӕрдӕ фӕамоны, адӕймаг мидӕгӕй цавӕр у, уымӕ. Фӕлӕ, «уд» ӕмӕ «зонд» фыст кӕм ис, уым куы вӕййы йӕ кой, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ацы дзырд фӕамоны адӕймаджы ӕнкъарӕнтӕм ӕмӕ фӕндтӕм. Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ ацы стихы «зӕрдӕ», «уд» ӕмӕ «зонд» сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц. Уыдон иумӕ бӕлвырддӕрӕй ӕмӕ ирддӕрӕй ӕвдисынц, Хуыцауы ӕнӕкӕрон уарзтӕй кӕй хъуамӕ уарзӕм.

зондӕй Ам дзырд цӕуы зондыл, хъуыды кӕныныл. Адӕймаг хъуамӕ йӕ зондӕй пайда кӕна, цӕмӕй Хуыцауы базона ӕмӕ йӕ тынгдӕр уарза (Ин 17:3, фип.; Ро 12:1). Ацы стихы фыст ӕрцыдысты Д.з 6:5 стихы ныхӕстӕ. Уым дзуттаг ӕвзагыл фыст ис ныхӕстӕ «зӕрдӕ», «уд» ӕмӕ «хъару». Фӕлӕ грекъаг ӕвзагыл Матфейы Евангелийы «хъаруйы» бӕсты фыст ис «зонд». Афтӕ фыст кӕй у, уымӕн ис цалдӕр аххосаджы. Фыццаг, рагон дзуттаг ӕвзаджы нӕ уыд дзырд «зонд», уый бӕсты-иу пайда кодтой, «зӕрдӕ» чи нысан кӕны, уыцы дзырдӕй. Ахӕсгӕ хуызы зӕрдӕ фӕамоны, адӕймаг мидӕгӕй цавӕр у, уымӕ, стӕй ма йӕ хъуыдытӕм, йе ’нкъарӕнтӕм, йӕ зӕрдӕйы уагмӕ ӕмӕ йӕ бӕллицтӕм (Д.з 29:4; Пс 26:2; 64:6; кӕс уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг ацы стихы дзырдмӕ зӕрдӕйӕ). Уымӕ гӕсгӕ, дзуттаг тексты, «зӕрдӕ» чи нысан кӕны, уыцы дзырд фыст кӕм ис, уым Септуагинтӕйы грекъагау арӕх фыст вӕййы, «зонд» чи нысан кӕны, уыцы ныхас (Рд 8:21; 17:17; Ӕм 2:10; Ис 14:13). Дыккаг, Д.з 6:5 «хъару» кӕнӕ «царды тых» чи нысан кӕны, уыцы дзуттаг дзырд ма, гӕнӕн ис, нысан кӕна хъару ӕмӕ зонд дӕр. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр, дзуттаг ӕмӕ грекъаг дзырдты хъуыды иу кӕй у, уый фӕрцы бамбарӕн ис, Евангелитӕ чи фыста, уыдон Дыккаг закъонӕй стих алыхуызӕттӕ цӕмӕн ратӕлмац кодтой, уый.

(Матфейы 22:39) Дыккаг фӕдзӕхст дӕр уый хуызӕн у: „Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мф 22:39 стихмӕ

Дыккаг Мф 22:37 Чырысти фарисейы фарстайӕн комкоммӕ дзуапп радта, стӕй йын загъта дыккаг фӕдзӕхсты ныхӕстӕ дӕр (Лв 19:18). Уый фӕрцы бамбарын кодта, уыцы дыууӕ фӕдзӕхсты кӕрӕдзийыл ӕнгом баст кӕй сты ӕмӕ Закъон ӕмӕ Пехуымпарты чингуытӕ дӕр уыдоныл арӕзт кӕй сты (Мф 22:40).

Иннӕты «Иннӕтӕ» (комкоммӕ «дӕ хион») цы грекъаг дзырдӕй ратӕлмац кӕнынц, уый хауы, адӕймагӕн йӕ алыварс чи вӕййы, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр (Лк 10:29–37; Ро 13:8–10).

(Матфейы 22:40) Ацы дыууӕ фӕдзӕхстыл лӕууынц ӕгас Закъон дӕр ӕмӕ Пехуымпарты чингуытӕ дӕр.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мф 22:40 стихмӕ

Закъон... ӕмӕ Пехуымпарты Библийы чингуытӕ Райдианӕй Дыккаг закъоны онг хуыдтой «Закъон». «Пехуымпартӕ» та – Дзуттаг Фыстытӕм хаст чи ӕрцыд, уыцы пехуымпарты чингуытӕ. Фӕлӕ ацы дыууӕ ныхасы иумӕ куы вӕййынц, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ амоной Дзуттаг Фыстытӕм ӕнӕхъӕнӕй (Мф 7:12; 22:40; Лк 16:16).

лӕууынц Грекъаг мивдисӕг комкоммӕ нысан кӕны «ауыгъд». Фӕлӕ ам Чырысти бамбарын кодта, ӕрмӕст Закъон ӕмӕ Дӕс фӕдзӕхсты нӕ, фӕлӕ Дзуттаг Фыстытӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр сӕ бындур кӕй у уарзондзинад (Ро 13:9).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай

(Матфейы 22:21) Уыдон ын дзуапп радтой: «Паддзахы». Ӕмӕ сын уӕд уый дӕр загъта: «Уӕдӕ, паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн».

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мф 22:21 стихмӕ

паддзахы цы у, уый паддзахӕн Комкоммӕ нысан кӕны «цезӕрӕн», ома Ромы императорӕн (кӕс Мф 22:17, фип.). Чырысти цезӕры кой кодта ӕрмӕст иу хатт – ацы стихы (ацы ныхӕстӕ ма ӕмбӕлынц Мч 12:17 ӕмӕ Лк 20:25). «Паддзахӕн» кӕнӕ «цезӕрӕн» амоны, хицауадӕн цавӕрдӕр куыстыты тыххӕй хъалонтӕ фидын, хицауадӕн аргъ кӕнын ӕмӕ сын сӕ закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын, кӕд Хуыцауы закъӕтты ныхмӕ не сты, уӕд (Ро 13:1–7).

Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн Уый та амоны, адӕймаг Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕны, ӕппӕт удӕй йӕ кӕй уарзы ӕмӕ йӕм алы хъуыддаджы дӕр кӕй хъусы, уый (Мф 4:10; 22:37, 38; Хъд 5:29; Ро 14:8).

(Матфейы 23:24) Куырм разамонджытӕ! Уӕ сӕн фӕрсудзгӕ кӕнут, цӕмӕй дзы къогъо ма уа, теуайы та ныхъуыргӕ акӕнут!

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мф 23:24 стихмӕ

фӕрсудзгӕ кӕнут, цӕмӕй дзы къогъо ма уа, теуайы та ныхъуыргӕ акӕнут Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ чъизийыл нымад чи уыд, уыцы цӕрӕгойтӕй къогъойӕ гыццылдӕр нӕ уыд, теуа та уыд стырдӕр цӕрӕгойтӕй иу (Лв 11:4, 21–24). Ам Чырысти къогъо теуаимӕ худӕджы тыххӕй абарста. Ӕмӕ загъта, дины разамонджытӕ сӕ нуазинаг кӕй фӕрсыгътой, цӕмӕй дзы къогъо ма бахаудаид ӕмӕ чъизийыл нымад ма ӕрцыдаиккой. Фӕлӕ Закъоны цы ахсджиаг фӕдзӕхстытӕ уыд, уыдон та ницӕмӕ дардтой. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн уыд, теуайы ныхъуырдтой.

Библийӕ бакӕсинаг

(Матфейы 22:1–22) Йесо ма сын радзырдта ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр: 2 «Уӕларвон паддзахад абарӕн ис, йӕ лӕппуйӕн чындзӕхсӕв чи кодта, ахӕм паддзахимӕ. 3 Паддзах йӕ цагъарты арвыста, цӕмӕй, чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи уыд, уыцы адӕммӕ фӕдзырдтаиккой, фӕлӕ уыдоны нӕ бафӕндыд ӕрбацӕуын. 4 Уӕд та арвыста ӕндӕр цагъарты, зӕгъгӕ, хуынд адӕмӕн зӕгъут: „Фынгтӕ ӕвӕрд сты, аргӕвстон галтӕ ӕмӕ хаст фос. Ӕппӕт дӕр цӕттӕ у. Рацӕут чындзӕхсӕвмӕ“. 5 Фӕлӕ сын уыдон сӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой, ӕмӕ сӕ чи йӕ хуыммӕ ацыд, чи та – базары хъуыддӕгты фӕдыл. 6 Иннӕтӕ та йын йӕ цагъарты ӕрцахстой, фӕнадтой сӕ ӕмӕ сӕ амардтой. 7 Паддзах смӕсты, уыцы лӕгмартӕм йе ’фсӕдтӕ арвыста, ӕмӕ сӕ ныццагътой, сӕ горӕт та сын басыгътой. 8 Уый фӕстӕ йӕ цагъартӕн загъта: „Чындзӕхсӕвы фынгтӕ цӕттӕ сты, фӕлӕ хуынд адӕм аккаг нӕ разындысты. 9 Уӕдӕ ацӕут, горӕтӕй цы фӕндӕгтӕ цӕуы, уырдӕм, ӕмӕ дзы кӕуылдӕриддӕр сӕмбӕлат,– фӕхонут сӕ чындзӕхсӕвмӕ“. 10 Цагъартӕ дӕр фӕндӕгтӕм рацыдысты ӕмӕ кӕуыл сӕмбӕлдысты, уыдоны се ’ппӕты дӕр, ӕвзӕрты дӕр ӕмӕ хӕрзты дӕр, ӕрӕмбырд кодтой. Ӕмӕ, чындзӕхсӕв кӕм кодтой, уыцы уаты фынгтӕ адӕмӕй байдзаг сты. 11 Паддзах йӕ уазджыты фенынмӕ куы бацыд, уӕд дзы йӕ цӕст ӕрхӕцыд, чындзӕхсӕвы дарӕс кӕуыл нӕ уыд, ахӕм адӕймагыл. 12 Ӕмӕ йӕ бафарста: „Хорз лӕг, чындзӕхсӕвы дарӕс дыл куы нӕй, уӕд ардӕм куыд ӕрбацыдтӕ?“ Лӕгӕн йӕ дзыхӕй сыбыртт дӕр не схауд. 13 Ӕмӕ уӕд паддзах йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: „Йӕ къухтӕ ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕ сбӕттут ӕмӕ йӕ ӕддӕмӕ, талынгмӕ аппарут. Уырдыгӕй цӕудзӕн йӕ кӕуын ӕмӕ йӕ хъӕрзын“. 14 О, хуынд адӕм бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ та – гыццыл». 15 Уӕд фарисейтӕ ацыдысты ӕмӕ бауынаффӕ кодтой, Йесойы ныхасӕй куыд ӕрцахсой, ууыл. 16 Ӕмӕ йӕм сӕ ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ, Ироды фарс чи уыди, уыдоны барвыстой, ӕмӕ йын уыдон загътой: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕй зонӕм, ды сайгӕ нӕ кӕныс ӕмӕ Хуыцауы фӕндаг раст амоныс. Иннӕтӕ цы зӕгъдзысты, ууыл нӕ мӕт кӕныс, уымӕн ӕмӕ, адӕмы ’хсӕн чи цавӕр бынат ахсы, уымӕ нӕ кӕсыс. 17 Зӕгъ-ма нын, уӕдӕ, паддзахӕн хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?» 18 Фӕлӕ сын Йесо зыдта сӕ фыдвӕнд ӕмӕ сын загъта: «Цы мӕ къахут, цӕстмӕхъустӕ? 19 Равдисут-ма мӕм, хъалон цы ӕхцайӕ фидут, уый». Уыдон ӕм ӕрбахастой динар. 20 Уӕд сӕ бафарста: «Кӕй ныв ӕмӕ кӕй ном ис ацы ӕхцайыл?» 21 Уыдон ын дзуапп радтой: «Паддзахы». Ӕмӕ сын уӕд уый дӕр загъта: «Уӕдӕ, паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн». 22 Уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд дисы бафтыдысты, ӕмӕ йӕ ныууагътой ӕмӕ ацыдысты.

19–25 МАРТЪИЙЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | МАТФЕЙЫ 24

«Ацы фӕстаг бонты ма бафынӕй ут»

(Матфейы 24:12) Ӕмӕ, фыдхъуыддӕгтӕ кӕй сарӕх уыдзысты, уый аххосӕй адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн.

it-U «Любовь», дӕлсӕргонд «Любовь может охладеть»

Уарзондзинад

Гӕнӕн ис, ӕмӕ уарзондзинад ӕруазал уа Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куы дзырдта, фидӕны цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй, уӕд сын бамбарын кодта, йӕхи уырнӕг чи хоны, уыдонӕй бирӕтӕн сӕ уарзондзинад (ага́пе) кӕй ӕруазал уыдзӕн (Мф 24:3, 12). Апостол Павел загъта, тынг уӕззау рӕстӕг кӕй скӕндзӕн, уый цы хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыдзӕн, уыдонӕй иу у, адӕм «ӕхцауарзаг» кӕй уыдзысты (2Тм 3:1, 2). Уымӕй бӕрӕг у, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ адӕймаг Хуыцауы закъӕттӕм раст цӕстӕй мауал кӕса ӕмӕ йӕм раздӕр цы уарзондзинад уыд, уый мауал уа. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр архайӕм, цӕмӕй нӕ уарзондзинад тыхджындӕр кӕна ӕмӕ йӕ хъуыддагӕй ӕвдисӕм, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, ууыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ дзы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрӕм (Еф 4:15, 22–24).

(Матфейы 24:39) Ӕмӕ сӕм нымады дӕр ницы уыди, цалынмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ фӕласта. Раст афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕг дӕр.

w99 1/12 15 ф., 5 абз.

Хуыцауы раз дӕ хӕс кӕронмӕ ӕххӕст кӕныс?

5 Абон цы уӕззау рӕстӕг ӕркодта, уый тыххӕй Йесо Чырысти ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Куыд уыд Нойы бонты, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыды дӕр: уымӕн ӕмӕ хъаймӕты размӕ бонты куыд хордтой, нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ моймӕ цыдысты, цалынмӕ Ной наумӕ бацыд, уыцы боны онг, ӕмӕ ӕнхъӕл нӕ уыдысты, хъаймӕт цалынмӕ ӕрцыд ӕмӕ фесӕфта ӕппӕты уӕдмӕ,– афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр» (Матфейы 24:37–39). Адӕймаг хӕрд ӕмӕ нуӕзтӕн ӕгъдау куы зона, уӕд дзы ӕвзӕрӕй ницы ис, уӕдӕ ӕмкъайадӕн дӕр Хуыцау йӕхӕдӕг ӕрӕвӕрдта бындур (Уӕвынад 2:20–24). Фӕлӕ ӕрвылбоны хъуыддӕгтӕ нӕ царды сӕйраг мӕт кӕй систы, уый куы фӕхатӕм, уӕд Хуыцаумӕ уый тыххӕй хъуамӕ ма кувӕм? Иегъовӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Паддзахады хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты ӕвӕрӕм, раст цы у, уый аразӕм ӕмӕ йӕ разы нӕ хӕс ӕххӕст кӕнӕм (Матфейы 6:33, НФ; Ромӕгтӕм 12:12; 2 Коринфӕгтӕм 13:7).

(Матфейы 24:44) Афтӕ сымах дӕр уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ, цы сахат ӕнхъӕл нӕ уат, уыцы сахат ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт.

jy 259 ф., 5 абз.

Апостолтӕ Йесойы фӕрсынц йе ’рцыды тыххӕй

Йесо загъта, зӕгъгӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ ма бафынӕй уой, ӕдзухдӕр уой къӕрцхъус ӕмӕ цӕттӕ. Уый ахсджиаг цӕмӕн у, уый сын бамбарын кодта ӕндӕр цӕвиттоны фӕрцы: «Иу хъуыддаг зонут: хӕдзары хицау, давӕг сӕм ӕхсӕвы цы афон бацӕудзӕн, уый куы зонид, уӕд йӕ цӕстытӕ цъынд дӕр не ’ркӕнид ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзармӕ бабырын нӕ бауадзид. Афтӕ сымах дӕр уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ, цы сахат ӕнхъӕл нӕ уат, уыцы сахат ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Матфейы 24:43, 44).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Матфейы 24:8) Ӕппӕт уыдӕттӕ уыдзысты тухитӕн сӕ райдиан.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мф 24:8 стихмӕ

тухитӕн Грекъагау ацы дзырд комкоммӕ нысан кӕны, сылгоймаг аргӕ-арын цы рыстытӕ февзары, уый. Ӕмӕ кӕд ацы дзырд ацы стихы ӕнӕуи рыст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕм амоны, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Матфейы 24:21 стихы стыр бӕллӕхы райдианы размӕ цы рӕстӕджы кой цӕуы, уыцы рӕстӕг ацы дунейы зындзинӕдтӕ, арӕг сылгоймаджы рыстытау, тынгӕй-тынгдӕр, арӕхӕй-арӕхдӕр кӕй кӕндзысты ӕмӕ фылдӕр рӕстӕг кӕй ахӕсдзысты.

(Матфейы 24:20) Кувут, цӕмӕй уӕ зымӕгон кӕнӕ сабатбон ма бахъӕуа лидзын.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мф 24:20 стихмӕ

зымӕгон Тыхджын къӕвдатӕ, донивылдтӕ ӕмӕ уазал боныхъӕды тыххӕй зымӕгон зын уыд искуыдӕм цӕуын, хӕринаг ӕмӕ цӕрӕнбынат агурын (Езд 10:9, 13).

сабатбон Сабатбоны закъонмӕ гӕсгӕ уыцы бон алцы кӕнӕн кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй иуӕй-иу рӕтты, зӕгъӕм, Иудейӕйы, зын уыд дард кӕдӕмдӕр цӕуын ӕмӕ бирӕ дзаумӕттӕ ласын. Уымӕй уӕлдай ма-иу сабаты горӕты дуӕрттӕ уыдысты ӕхгӕд. (Кӕс Хъд 1:12 ӕмӕ sgd 16 хай.)

Библийӕ бакӕсинаг

(Матфейы 24:1–22) Йесо кувӕндонӕй куы рацӕйцыд, уӕд ӕм йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой, акӕс-ма кувӕндоны агъуыстытӕм, зӕгъгӕ. 2 Йесо сын загъта: «Ацы агъуыстытӕ уынут? Ӕцӕг уын зӕгъын: афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы дур дурыл нал баззайдзӕн». 3 Ӕмӕ Йесо Оливӕбӕлӕсты хохыл куы бадти, уӕд ӕм йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хибарӕй бацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ, стӕй, кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?» 4 Йесо сын дзуапп радта: «Кӕсут, цӕмӕй уӕ мачи фӕсайа, 5 уымӕн ӕмӕ мӕ номӕй бирӕтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты, ӕз Чырысти дӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты. 6 Хъусдзыстут хӕстыты кой хӕстӕг ӕмӕ дард рӕттӕй. Ма-иу тӕрсут – уыцы хабӕрттӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, фӕлӕ уый нырма кӕрон нӕ уыдзӕн. 7 Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ. Стӕй куы иу ран, куы иннӕ ран адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг ӕмӕ уыдзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ. 8 Ӕппӕт уыдӕттӕ уыдзысты тухитӕн сӕ райдиан. 9 Уӕд уӕ кӕндзысты фыдӕвзарӕнты хай ӕмӕ уӕ мардзысты, ӕмӕ уӕ мӕ номы тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр се сӕфт уындзысты. 10 Стӕй бирӕтӕ уырнындзинадӕй ахаудзысты, кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕ се сӕфт уындзысты. 11 Уыцы рӕстӕг фӕзындзӕн бирӕ мӕнг пехуымпартӕ, ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты. 12 Ӕмӕ, фыдхъуыддӕгтӕ кӕй сарӕх уыдзысты, уый аххосӕй адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн. 13 Фӕлӕ кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн. 14 Ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон. 15 Уымӕ гӕсгӕ, пехуымпар Данел куыд дзырдта, афтӕ, бӕстӕ чи сафы, уыцы ӕлгъагдзинад сыгъдӕг бынаты лӕугӕ куы фенат,– ацы ныхӕстӕ чи кӕса, уый-иу ӕй бамбарӕд,– 16 уӕд, Иудейӕйы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм. 17 Ӕмӕ хӕдзары сӕр чи уа, уый йӕ хӕдзармӕ исты рахӕссынмӕ мауал бацӕуӕд. 18 Быдыры чи уа, уый дӕр хӕдзармӕ йӕ уӕлӕдарӕс рахӕссынмӕ мауал баздӕхӕд. 19 Мӕгуыры бон уыдзӕн уыцы бонты сывӕрджын ӕмӕ дзидзидарӕг сылгоймӕгтыл. 20 Кувут, цӕмӕй уӕ зымӕгон кӕнӕ сабатбон ма бахъӕуа лидзын, 21 уымӕн ӕмӕ уӕд уыдзӕн, дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыди, ахӕм стыр бӕллӕх – нӕ уыди, ӕмӕ нал дӕр уыдзӕн. 22 Ӕмӕ уыцы бонтӕ куы нӕ фӕцыбыр уой, уӕд ничи фервӕздзӕн. Фӕлӕ ӕвзӕрстыты тыххӕй фӕцыбыр уыдзысты уыцы бонтӕ.

26 МАРТЪИЙЫ – 1 АПРЕЛЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | МАТФЕЙЫ 25

«Ма бафынӕй ут»

(Матфейы 25:1–6) Уӕларвон паддзахад уыдзӕн, сиахсы размӕ ӕд цырӕгътӕ чи рацыд, ахӕм дӕс чызджы хуызӕн. 2 Уыдонӕй фондз уыдысты ӕнӕзонд, фондз та – зондджын. 3 Ӕнӕзонд чызджытӕ сӕ цырӕгътӕ рахастой, фӕлӕ семӕ сой нӕ райстой. 4 Зондджынтӕ та сӕ цырӕгътимӕ дурынты рахастой сой дӕр. 5 Сиахс куы нӕ ӕмӕ куы нӕ зынди, уӕд се ’ппӕтыл дӕр хуыссӕг фӕтых ӕмӕ ӕрфынӕй сты. 6 Ӕмбисӕхсӕв чидӕр ныхъхъӕр кодта: „Сиахс ӕрбацӕуы! Йӕ размӕ рацӕут!“

(Матфейы 25:7–10) Ӕмӕ чызджытӕ се ’ппӕт дӕр фестадысты ӕмӕ сӕ цырӕгътӕ барӕвдз кодтой. 8 Ӕмӕ уӕд ӕнӕзонд чызджытӕ зондджынтӕм бахатыдысты: „Уӕ сойӕ-ма нын авӕрут, кӕннод нӕ цырӕгътӕ ныртӕккӕ ахуысдзысты“. 9 Зондджын чызджытӕ та сын загътой: „Ӕмӕ уӕд нӕхи фаг дӕр куы нӕ суа ӕмӕ сымах фаг дӕр? Фӕлтау ацӕут уӕйгӕнджытӕм ӕмӕ уӕхицӕн сой балхӕнут“. 10 Цалынмӕ уыдон ӕлхӕнынмӕ цыдысты, уӕдмӕ сиахс ӕрбахӕццӕ, ӕмӕ, цӕттӕ чи уыди, уыцы чызджытӕ, чындзӕхсӕв кӕм кодтой, уырдӕм йемӕ бахызтысты, ӕмӕ уый фӕстӕ дуар ӕхгӕд ӕрцыд.

(Матфейы 25:11, 12) Уӕдмӕ иннӕ чызджытӕ дӕр ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ мидӕмӕ хъӕр кӕнын райдыдтой: „Сиахс, сиахс, дуар нын бакӕн!“ 12 Фӕлӕ сӕм уый радзырдта: „Чи стут? Ӕз уӕ нӕ зонын“.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Матфейы 25:31–33) «Адӕймаджы Фырт йе ’ппӕт зӕдтимӕ кадджын цыд куы ’ркӕна, уӕд ӕрбаддзӕн йӕ кадджын паддзахбадӕныл. 32 Ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр йӕ разы ӕрӕмбырд уыдзысты, ӕмӕ фыййау фысты сӕгътӕй куыд ахицӕн кӕны, афтӕ уый дӕр ахицӕн кӕндзӕн адӕмы. 33 Ӕмӕ фысты ӕрлӕууын кӕндзӕн йӕ рахиз фарс, сӕгъты та – йӕ галиу фарс».

bw556 27 ф., 7 абз.

Иузӕрдионӕй ӕххуыс кӕнӕм Чырыстийы ӕфсымӕртӕн

7 Абон фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхас бӕлвырд ӕмбарӕм. Мах зонӕм, «Адӕймаджы Фырт», кӕнӕ «паддзах», Йесо кӕй у. Паддзахы «ӕфсымӕртӕ» сты, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи у ӕмӕ Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон (Ром. 8:16, 17). «Фыстӕ» ӕмӕ «сӕгътӕ» сты, ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр чи сты, уыцы адӕм. Тӕрхонгонд та ӕрцӕудзысты, тынг тагъд чи райдайдзӕн, уыцы стыр бӕллӕхы кӕрон. Фыстӕ кӕнӕ сӕгътыл нымад та цӕмӕ гӕсгӕ ӕрцӕудзысты? Зӕххыл ма чи ис, уыцы сӕрст чырыстӕттӕм цы зӕрдӕ дардтой, уымӕ гӕсгӕ. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ нын Йегъовӕ ӕххуыс кодта ацы фӕсномыг ныхас ӕмӕ ма Матфейы 24 ӕмӕ 25 сӕрты ноджыдӕр цы фӕсномыг ныхӕстӕ ис, уыдон бамбарынӕн, ӕмӕ дзы уый тыххӕй бузныг куыннӕ стӕм!

(Матфейы 25:40) Ӕмӕ сын уӕд паддзах зӕгъдзӕн: „Ӕцӕг уын зӕгъын: мӕ гыццыл ӕфсымӕртӕй сӕ иуӕн цы сарӕзтат, уый мӕнӕн сарӕзтат“.

w09 15/10 16 ф., 16–18 абз.

Сымах «стут мӕ хӕлӕрттӕ»

16 Кӕд дын зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс ис, уӕд дӕ бон куыд у равдисын, Чырыстийы ӕфсымӕртӕм хорз зӕрдӕ кӕй дарыс? Ӕркӕсӕм ӕртӕ мадзалмӕ. Фыццаг, хорз хабар ӕппӕт зӕрдӕйӕ хъусын кӕнын. Чырысти йе ’фсымӕртӕн загъта, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕной ӕгас дунейы дӕр (Матф. 24:14). Фӕлӕ ма абон Чырыстийы ӕфсымӕртӕй зӕххыл чи ис, уыдонӕн се ’мбӕлттӕ, ӕндӕр фыстӕ, куы не ’ххуыс кодтаиккой, уӕд уыцы хъуыддаг сӕ къухы нӕ бафтыдаид. Ӕцӕгдӕр, ӕндӕр фыстӕ хорз хабар адӕмӕн куы фӕдзурынц, уӕд уымӕй алы хатт дӕр Чырыстийы ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕнынц сӕ ахсджиаг хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнынӕн. Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары къорд, стӕй Чырысти дӕр, ӕндӕр фыстӕн тынг аргъ кӕнынц, уыдон сӕм хорз зӕрдӕ кӕй дарынц, уый тыххӕй.

17 Дыккаг, ӕндӕр фыстӕ Чырыстийы ӕфсымӕртӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕххуыс кӕнынц ӕхцайӕ дӕр. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта, цӕмӕй сӕхицӕн ӕмбӕлттӕ агурой «мӕнгард хъӕздыгдзинады фӕрцы» (Лук. 16:9). Уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ Йесойы йе та Йегъовӕйы зӕрдӕ ӕхцайӕ балхӕнӕн ис. Мах нӕ мулк ӕмӕ не ’хцайӕ Паддзахады хъуыддӕгтӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый фӕрцы нӕ хӕлардзинад ӕмӕ нӕ уарзондзинад ӕрмӕст дзыхыныхасӕй не ’вдисӕм, фӕлӕ ма «хъуыддагӕй, стӕй уӕд сыгъдӕгзӕрдӕйӕ» (1 Иоан. 3:16–18). Уый бӕрӕг вӕййы, уацамынды нӕ фӕндаггӕгтӕ нӕхӕдӕг кӕй фидӕм, стӕй ма ӕппӕтдунеон уацамындон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ кӕй дӕттӕм, уымӕй дӕр. Не ’хца ма нӕ бавгъау кӕнӕм залтӕ аразынӕн дӕр ӕмӕ сӕ цалцӕг кӕнынӕн дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ мысайнӕгтӕ цасфӕнды ма уой, Йегъовӕ ӕмӕ сын Йесо аргъ кӕнынц, кӕд сӕ зӕрдиагӕй дӕттӕм, уӕд (2 Кор. 9:7).

18 Ӕртыккаг, Чырыстийы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уый ӕвдисӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ӕмгуыст кӕй кӕнӕм ӕмӕ сӕм кӕй хъусӕм, уымӕй. Чырысти ӕмбырды Сӕр кӕй у ӕмӕ йын разамынд сыгъдӕг уды фӕрцы кӕй дӕтты, уымӕ гӕсгӕ уыцы нӕлгоймӕгтӕ нысангонд ӕрцӕуынц сыгъдӕг уды фӕрцы (Еф. 5:23). «Разамынд уын чи дӕтты, уыдонмӕ... хъусут ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсут»,– фыста апостол Павел (Дзут. 13:17). Хатт нын чи зоны зын вӕййы, ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Библимӕ гӕсгӕ цы амындтӕ фӕдӕттынц, уыдонмӕ гӕсгӕ архайын. Чи зоны сын сӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ фӕуынӕм ӕмӕ сын уый аххосӕй сӕ уынаффӕтӕм нал фӕхъусӕм. Фӕлӕ Чырысти, ӕмбырды Сӕр, уыцы ӕнӕххӕст нӕлгоймӕгтӕй ӕхсызгонӕй пайда кӕны. Уымӕ гӕсгӕ сын цы бартӕ ис, уыдонмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый тынг ӕндавы нӕ ахастытыл Чырыстиимӕ. Хистӕр нӕлгоймӕгты рӕдыдтытӕ куы ницӕмӕ дарӕм ӕмӕ сын сӕ амындтӕм ӕнӕзивӕгӕй куы хъусӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Чырыстийы кӕй уарзӕм.

Библийӕ бакӕсинаг

(Матфейы 25:1–23) Уӕларвон паддзахад уыдзӕн, сиахсы размӕ ӕд цырӕгътӕ чи рацыд, ахӕм дӕс чызджы хуызӕн. 2 Уыдонӕй фондз уыдысты ӕнӕзонд, фондз та – зондджын. 3 Ӕнӕзонд чызджытӕ сӕ цырӕгътӕ рахастой, фӕлӕ семӕ сой нӕ райстой. 4 Зондджынтӕ та сӕ цырӕгътимӕ дурынты рахастой сой дӕр. 5 Сиахс куы нӕ ӕмӕ куы нӕ зынди, уӕд се ’ппӕтыл дӕр хуыссӕг фӕтых ӕмӕ ӕрфынӕй сты. 6 Ӕмбисӕхсӕв чидӕр ныхъхъӕр кодта: „Сиахс ӕрбацӕуы! Йӕ размӕ рацӕут!“ 7 Ӕмӕ чызджытӕ се ’ппӕт дӕр фестадысты ӕмӕ сӕ цырӕгътӕ барӕвдз кодтой. 8 Ӕмӕ уӕд ӕнӕзонд чызджытӕ зондджынтӕм бахатыдысты: „Уӕ сойӕ-ма нын авӕрут, кӕннод нӕ цырӕгътӕ ныртӕккӕ ахуысдзысты“. 9 Зондджын чызджытӕ та сын загътой: „Ӕмӕ уӕд нӕхи фаг дӕр куы нӕ суа ӕмӕ сымах фаг дӕр? Фӕлтау ацӕут уӕйгӕнджытӕм ӕмӕ уӕхицӕн сой балхӕнут“. 10 Цалынмӕ уыдон ӕлхӕнынмӕ цыдысты, уӕдмӕ сиахс ӕрбахӕццӕ, ӕмӕ, цӕттӕ чи уыди, уыцы чызджытӕ, чындзӕхсӕв кӕм кодтой, уырдӕм йемӕ бахызтысты, ӕмӕ уый фӕстӕ дуар ӕхгӕд ӕрцыд. 11 Уӕдмӕ иннӕ чызджытӕ дӕр ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ мидӕмӕ хъӕр кӕнын райдыдтой: „Сиахс, сиахс, дуар нын бакӕн!“ 12 Фӕлӕ сӕм уый радзырдта: „Чи стут? Ӕз уӕ нӕ зонын“. 13 Уӕдӕ ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр уыцы бон зонут, нӕдӕр уыцы сахат. 14 Уӕларвон паддзахад ма абарӕн ис, ӕндӕр бӕстӕм чи цыди, иу ахӕм лӕг куыд бакодта, уыимӕ. Уыцы лӕг йӕ цагъарты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уый сын сӕ бар бакодта. 15 Сӕ иуӕн дзы радта фондз таланты, иннӕмӕн – дыууӕ, ӕртыккагӕн та – иу, йӕ бон сӕ кӕмӕн цас уыди, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ балцы араст. 16 Фондз таланты кӕмӕн радта, уый уайтагъд ацыди, спайда сӕ кодта ӕмӕ дзы ноджыдӕр бакуыста фондз таланты. 17 Афтӕ бакодта, дыууӕ таланты кӕмӕн радта, уый дӕр, ӕмӕ дзы бакуыста ноджыдӕр дыууӕ таланты. 18 Иу талант кӕмӕн радта, уый та ацыд ӕмӕ йӕ хицауы ӕвзист ӕхца зӕххы баныгӕдта. 19 Рацыди бирӕ рӕстӕг. Уыцы цагъартӕн сӕ хицау фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт ӕмӕ сӕ ӕрфарста, чи сӕ цы сарӕзта, уымӕй. 20 Фыццаг ӕм бацыди, фондз таланты кӕмӕн радта, уый. Йемӕ ма ӕрбахаста ноджыдӕр фондз таланты ӕмӕ йын загъта: „Мӕ буц хицау, фондз таланты мӕм радтай, ӕмӕ дын мӕнӕ ноджыдӕр фондз таланты бакуыстон“. 21 Уӕд ын йӕ хицау загъта: „Тынг хорз, мӕ дзӕбӕх, ме ’ууӕнкджын цагъар! Гыццыл хъуыддаджы дӕхи ӕууӕнкджынӕй равдыстай, ӕмӕ дын дӕ бар стырдӕр хъуыддаг бакӕндзынӕн. Цин кӕн дӕ хицауимӕ“. 22 Уый фӕстӕ йӕм бацыди, дыууӕ таланты кӕмӕн радта, уыцы цагъар дӕр ӕмӕ йын загъта: „Мӕ буц хицау, дыууӕ таланты мӕм радтай, ӕмӕ дын мӕнӕ ноджыдӕр дыууӕ таланты бакуыстон“. 23 Хицау уымӕн дӕр загъта: „Тынг хорз, мӕ дзӕбӕх, ме ’ууӕнкджын цагъар! Гыццыл хъуыддаджы дӕхи ӕууӕнкджынӕй равдыстай, ӕмӕ дын дӕ бар стырдӕр хъуыддаг бакӕндзынӕн. Цин кӕн дӕ хицауимӕ“.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын