Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ
2–8 АПРЕЛЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | МАТФЕЙЫ 26
«Куадзӕн ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕр иухуызон цӕмӕй сты ӕмӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц»
(Матфейы 26:17–20) Донгонд дзулты бӕрӕгбонӕн йӕ фыццаг бон ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты Йесомӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Куыд дӕ фӕнды, кӕм дын ӕрӕвӕрӕм Куадзӕны фынг?» 18 Уый сын дзуапп радта: «Ацӕут горӕтмӕ, ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймагмӕ, ӕмӕ йын зӕгъут, зӕгъгӕ, Ахуыргӕнӕг афтӕ зӕгъы: „Мӕ афон ӕрхӕццӕ, ӕмӕ Куадзӕн мӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ дӕ хӕдзары бӕрӕг кӕндзынӕн“». 19 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, куыддӕриддӕр сын загъта, афтӕ бакодтой, ӕмӕ, Куадзӕнмӕ цы хъуыди, уыдӕттӕ ӕрцӕттӕ кодтой. 20 Уӕдмӕ баизӕр. Йесо йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагимӕ бадти фынгыл.
nwtsty, нывтӕ
Куадзӕны ӕхсӕвӕр
Куадзӕн-иу куы бӕрӕг кодтой, уӕд-иу фынгыл хъуамӕ уыдаид 1) зынгыл фых уӕрыкк (йе стджытӕ хъуамӕ ӕнӕхъӕн уыдаиккой), 2) донгонд дзултӕ ӕмӕ 3) маст кӕрдӕджытӕ (Рц 12:5, 8; Нм 9:11). Ӕвӕццӕгӕн, дзуттӕгтӕн маст кӕрдӕджытӕ сӕ зӕрдыл лӕууын кодтой, Египеты цагъартӕ куы уыдысты, уӕд куыд удхар кодтой, уый. Йесо донгонд дзулӕй загъта, уый кӕй нысан кодта йӕ буар, ӕххӕст буар (Мф 26:26). Апостол Павел Йесойы схуыдта «Куадзӕны уӕрыкк» (1Кр 5:7). Фыццаг ӕнусмӕ Куадзӕны ӕхсӕвӕры рӕстӕг 4) сӕн дӕр нуӕзтой. Йесо сӕн райста ӕмӕ загъта, уый кӕй у йӕ туг, адӕмы тыххӕй кӕй ныккалдзӕн, уыцы туг (Мф 26:27, 28).
(Матфейы 26:26) Нырма хӕргӕ кодтой, афтӕ Йесо дзул райста, Хуыцауӕн раарфӕ кодта ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ ӕрсаста, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ сын загъта: «Айсут ӕмӕ хӕрут. Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар».
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мф 26:26 стихмӕ
нысан кӕны Ацы стихы грекъаг дзырд «эсти́н» (комкоммӕ нысан кӕны «у») ис ратӕлмац кӕнӕн «амоны; нысан кӕны; дзурӕг у». Апостолтӕ уый раст ӕмбӕрстой, уымӕн ӕмӕ Куадзӕны ӕхсӕвӕры уыдтой Чырыстийы ӕххӕст буар ӕмӕ фынгыл та – кӕй хъуамӕ бахордтаиккой, уыцы донгонд дзул. Уымӕ гӕсгӕ дзул Чырыстийы буар нӕ уыд. Уыцы грекъаг дзырд ма ӕмбӕлы Мф 12:7 стихы, ӕмӕ йӕ бирӕ тӕлмацты ныффыстой «нысан кӕны», зӕгъгӕ.
(Матфейы 26:27, 28) Стӕй та райста сӕны къус, уый тыххӕй дӕр Хуыцауӕн бузныг загъта, алӕвӕрдта сӕм ӕй ӕмӕ сын загъта: «Уе ’ппӕт дӕр дзы бануазут, 28 уымӕн ӕмӕ ацы сӕн нысан кӕны мӕ туг – „бадзырды туг“, ӕмӕ ныккӕлдзӕн бирӕты тыххӕй, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой».
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мф 26:28 стихмӕ
бадзырды туг Ног бадзырд арӕзт ӕрцыд Йегъовӕ ӕмӕ сӕрст чырыстӕтты ’хсӕн, ӕмӕ йӕ тыхы бацыд Чырыстийы нывонды фӕрцы (Дзт 8:10). Матфейы 26:28 стихы Чырысти загъта, Йегъовӕ израилӕгтимӕ Синайы хохыл Закъоны бадзырд куы скодта, уӕд Моисей цы ныхӕстӕ загъта, уыдон (Рц 24:8; Дзт 9:19–21). Закъоны бадзырд, Йегъовӕ израилӕгтимӕ кӕй скодта, уыцы бадзырд, йӕ тыхы бацыд уӕнгуыты ӕмӕ сӕгъты туджы фӕрцы. Йегъовӕ уӕларвон Израилимӕ цы бадзырд хъуамӕ скодтаид, уый та хъуамӕ йӕ тыхы бацыдаид Чырыстийы туджы фӕрцы. Уыцы ног бадзырд йӕ тыхы бацыд нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм боны (Дзт 9:14, 15).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Матфейы 26:17) Донгонд дзулты бӕрӕгбонӕн йӕ фыццаг бон ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты Йесомӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Куыд дӕ фӕнды, кӕм дын ӕрӕвӕрӕм Куадзӕны фынг?»
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мф 26:17 стихмӕ
Донгонд дзулты бӕрӕгбонӕн йӕ фыццаг бон Донгонд дзулты бӕрӕгбон-иу райдыдта 15 нисаны, Куадзӕны фӕстӕ дыккаг бон (14 нисаны) ӕмӕ-иу ахаста авд боны. (Кӕс sgd 19 хай.) Фӕлӕ Йесойы заман Куадзӕн уыцы бӕрӕгбонимӕ афтӕ ӕнгом баст уыд, ӕмӕ аст боны дӕр, уыимӕ 14 нисан дӕр, иуӕй-иу хатт хуыдтой «Донгонд дзулты бӕрӕгбон» (Лк 22:1). Дзырдбаст «йӕ фыццаг бон» ма ратӕлмац кӕнӕн ис «йӕ рӕзмӕ» дӕр. Уӕдӕ грекъаг текст ӕмӕ, дзуттӕгтӕм цы ӕгъдау уыд, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у зӕгъын, Чырыстимӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ацы фарста 13 нисаны кӕй радтой. 13 нисаны бонӕй ахуыргӕнинӕгтӕ бацӕттӕ кодтой, Куадзӕнмӕ цыдӕриддӕр хъуыд, уыдӕттӕ ӕмӕ йӕ сбӕрӕг кодтой, «куы баизӕр», уӕд – 14 нисаны (Мч 14:16, 17).
(Матфейы 26:39) Йӕхӕдӕг гыццыл фалдӕр ацыди, зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхауд ӕмӕ кувын райдыдта, стӕй загъта: «Мӕ Фыд, кӕд гӕнӕн ис, уӕд мӕ ацы къус нуазын ма бахъӕуӕд. Ӕниу, мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд».
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мф 26:39 стихмӕ
уӕд мӕ ацы къус нуазын ма бахъӕуӕд Библийы «къус» арӕх фӕамоны, Хуыцаумӕ адӕймаджы тыххӕй цы фӕнд ис кӕнӕ йын йӕ бӕрны цы хӕс бакодта, уымӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо тынг мӕт кодта, йӕ мӕлӕтӕй Хуыцауы ном куы фӕхудинаг уа, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцауы фауӕг ӕмӕ змӕнтӕг хуыдтой. Ӕмӕ уый тыххӕй куывта, «кӕд гӕнӕн ис, уӕд мӕ ацы къус нуазын ма бахъӕуӕд», зӕгъгӕ.
Библийӕ бакӕсинаг
(Матфейы 26:1–19) «Йесо йӕ ныхас куы фӕци, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: 2 «Сымах зонут, дыууӕ боны фӕстӕ кӕй уыдзӕн Куадзӕн, ӕмӕ уӕд Адӕймаджы Фырты хъӕдыл байтындздзысты». 3 Уӕд сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ адӕмы хистӕр лӕгтӕ ӕрӕмбырд сты хистӕр сауджын Кайафӕйы кӕрты 4 ӕмӕ бауынаффӕ кодтой Йесойы ӕрцахсынӕн исты хиндзинад ӕрымысын ӕмӕ йӕ амарын. 5 Фӕлӕ дзырдтой: «Ӕрмӕст бӕрӕгбоны нӕ, науӕд адӕм сызмӕнтдзысты». 6 Йесо Вифанийы, раздӕр хъотырӕй рынчын чи уыди, уыцы Симоны хӕдзары 7 фынгыл куы бадт, уӕд ӕм бацыд иу сылгоймаг дурынимӕ, дурыны мидӕг уыди зынаргъ хӕрздӕф сой, ӕмӕ йын сой йӕ сӕрыл уадзын райдыдта. 8 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд смӕсты сты ӕмӕ загътой: «Цӕмӕн хъуыди уыйбӕрц сой хардз кӕнын? 9 Уыцы сой бирӕ ӕхца райстаид, ӕмӕ уыцы ӕхца уыдаид мӕгуыртыл байуарӕн». 10 Йесо зыдта, сӕ кӕрӕдзийӕн афтӕтӕ кӕй дзурынц, ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн хъыгдарут ацы сылгоймаджы? Уый мӕнӕн хорздзинад ракодта. 11 Мӕгуыртӕ ӕдзухдӕр уемӕ сты, ӕз та уемӕ ӕдзух нӕ уыдзынӕн. 12 Ацы сылгоймаг мыл хӕрздӕф сой кӕй рауагъта, уымӕй мын мӕ буар ныгӕнынмӕ бацӕттӕ кодта. 13 Ӕцӕг уын зӕгъын: хорз хабар ӕгас дунейы кӕмфӕнды ма хъусын кӕной, уым-иу ӕрымысдзысты ацы сылгоймаджы ӕмӕ-иу зӕгъдзысты, цы бакодта, уый тыххӕй». 14 Уый фӕстӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, Иудӕ Искариот, зӕгъгӕ, сауджынты хистӕртӕм ацыди 15 ӕмӕ сын загъта: «Уӕ къухы уын ӕй куы бафтын кӕнон, уӕд мын цы ратдзыстут?» Уыдон ын зӕрдӕ бавӕрдтой ӕртын ӕвзист ӕхцайӕ. 16 Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ, сӕ къухы сын ӕй куыд бафтын кодтаид, уымӕн хорз фадат агуырдта. 17 Донгонд дзулты бӕрӕгбонӕн йӕ фыццаг бон ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты Йесомӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Куыд дӕ фӕнды, кӕм дын ӕрӕвӕрӕм Куадзӕны фынг?» 18 Уый сын дзуапп радта: «Ацӕут горӕтмӕ, ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймагмӕ, ӕмӕ йын зӕгъут, зӕгъгӕ, Ахуыргӕнӕг афтӕ зӕгъы: „Мӕ афон ӕрхӕццӕ, ӕмӕ Куадзӕн мӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ дӕ хӕдзары бӕрӕг кӕндзынӕн“». 19 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, куыддӕриддӕр сын загъта, афтӕ бакодтой, ӕмӕ, Куадзӕнмӕ цы хъуыди, уыдӕттӕ ӕрцӕттӕ кодтой».
9–15 АПРЕЛЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | МАТФЕЙЫ 27, 28
«Ацӕут ӕмӕ цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Цӕмӕн, кӕм ӕмӕ куыд?»
(Матфейы 28:18) Йесо та сӕм хӕстӕгдӕр бацыд ӕмӕ сын загъта: «Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр.
«Ацӕут ӕмӕ цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ»
4 Йесойӕн йӕ къухы ис йе ’мбырд, ӕмӕ 1914 азы та, Хуыцау йӕ Паддзахад куы сфидар кодта, уӕд ын уый дӕр йӕ бӕрны бакодта (Колоссӕгтӕм 1:13; Раргомад 11:15). Уый у архангел, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ дӕлбар ис сӕдӕгай милуан зӕдты ӕфсад (1 Фессалоникӕгтӕм 4:16; 1 Петры 3:22; Раргомад 19:14–16). Йӕ Фыдӕй ма йын уый бар дӕр ис, цӕмӕй Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдты ныхмӕ чи у, уыцы «сӕргълӕуджыты ӕмӕ алы хицауады, ӕмӕ тых» фесафа (1 Коринфӕгтӕм 15:24–26; Ефесӕгтӕм 1:20–23). Фӕлӕ Йесойы бар ӕрмӕст удӕгӕстыл нӕ цӕуы. Уый у «Тӕрхонгӕнӕг ӕгастӕн [дӕр] ӕмӕ мӕрдтӕн» дӕр ӕмӕ йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у мӕрдтӕ ӕгас кӕныны тых (Куыстытӕ 10:42; Иоанны 5:26–28). Дзырд дӕр ыл нӕй, ахӕм стыр бартӕ кӕй къухы ис, уый фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕй ахсджиагдӕр хъуыддаг нӕй. Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм ӕмӕ ӕнӕзивӕгӕй ӕххӕст кӕнӕм Йесойы фӕдзӕхст – «ацӕут ӕмӕ цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ».
(Матфейы 28:19) Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мф 28:19 стихмӕ
цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ Грекъаг мивдисӕг матете́уо ма ратӕлмац кӕнӕн ис «ахуыр кӕнын», цӕмӕй чидӕр ахуыргӕнинаг кӕнӕ фӕдылдзӕуӕг суа. (Мф 13:52 стихы ацы мивдисӕг ратӕлмац кодтой мивдисӕгӕй «базыдта». Ратӕлмац кӕнӕн ма йӕ ис «сахуыр кодтой».) Мивдисджытӕ «донаргъуыд дӕттын» ӕмӕ «ахуыр кӕнын»-ӕй бӕрӕг у, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ цы хауы, уый.
ӕппӕт адӕмтӕй дӕр Грекъаг тексты дзырд ууыл цӕуы, ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ «ӕппӕт адӕмты дӕр» ахуыр кодтаиккой. Фӕлӕ контекстӕй куыд зыны, афтӕмӕй ацы ныхӕстӕ хауынц ӕппӕт адӕмтӕй хицӕн адӕймӕгтӕм, уымӕн ӕмӕ грекъаг дзырдбаст «донаргъуыд дӕттын» хауы ӕппӕт адӕмтӕм нӕ, фӕлӕ хицӕн адӕймӕгтӕм. Библийы фыст ис, цалынмӕ Чырысти зӕххыл лӕггад кӕнын нӕ райдыдта, уӕдмӕ дӕр ӕндӕр адӕмтӕн сӕ бон кӕй уыд дзуттӕгтимӕ иумӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (1Пд 8:41–43). Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй хорз хабар хъусын кодтаиккой, ӕрмӕст дзуттӕгтӕн нӕ, фӕлӕ ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдонӕн дӕр, ӕмӕ афтӕмӕй бамбарын кодта, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны куыст ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр кӕй цӕудзӕн (Мф 10:1, 5–7; Мф 24:14; Рар 7:9).
(Матфейы 28:20) ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мф 28:20 стихмӕ
ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут Грекъаг дзырдбаст «ахуыр кӕнын» нысан кӕны амонын, ӕмбарын кӕнын ӕмӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссын. (Кӕс уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мф 3:1; 4:23 стихмӕ). Чырыстийы ныхӕстӕ, ахуыр сӕ кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын, зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы хъуыддаг хъуамӕ ӕдзухдӕр кодтаиккой. Хъуамӕ адӕмӕн амыдтаиккой, Чырысти цы амыдта, уыдӕттӕ, ӕххуыс сын кодтаиккой, цӕмӕй, цӕуыл ахуыр кодта, уымӕ гӕсгӕ цардаиккой ӕмӕ йӕ фӕзмыдтаиккой (Ин 13:17; Еф 4:21; 1Пт 2:21).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Матфейы 27:51) Уӕд, кувӕндоны мидӕг цы ӕмбӕрзӕн уыд, уый уӕлейӕ бынмӕ ӕрыскъуыд ӕмӕ дыууӕ дихы фӕци, стӕй зӕхх нынкъуысыд, ӕмӕ къӕдзӕхтӕ аскъуыдтӕ сты.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мф 27:51 стихмӕ
ӕмбӕрзӕн Кувӕндоны Ӕппӕты сыгъдӕг бынат Сыгъдӕг бынатӕй хицӕнгонд уыд рӕсугъд нывӕфтыд ӕмбӕрзӕнӕй. Дзуттаг историмӕ гӕсгӕ уыцы ӕмбӕрзӕн уыд уӕззау. Йӕ дӕргъ уыд 18 метры, йӕ уӕрх – 9 метры ӕмӕ уыд 7 сантиметры бӕзджынӕн. Дыууӕ дихы кӕй фӕци, уый ӕрмӕст ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ Йегъовӕйӕн, йӕ Фырты йын чи амардта, уыдонмӕ йӕ маст рафыхт, фӕлӕ ма уӕд кӕй фӕзынд уӕлӕрвтӕм цӕуыны фадат дӕр (Дзт 10:19, 20).
кувӕндон Ацы стихы дзуттаг дзырд нао́с амоны, кувӕндоны Ӕппӕты сыгъдӕг бынат ӕмӕ Сыгъдӕг бынат кӕм уыдысты, уыцы хаймӕ.
(Матфейы 28:7) Ӕмӕ рӕвдздӕр ацӕут, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ын зӕгъут, мӕрдтӕй райгас ӕмӕ Галилейӕмӕ уӕ разӕй фӕцӕуы, уым ӕй фендзыстут, зӕгъгӕ. Уый уын мӕ зӕгъинаг.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мф 28:7 стихмӕ
йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ын зӕгъут, мӕрдтӕй райгас Йесо кӕй райгас, уый тыххӕй фыццаг уыцы сылгоймӕгтӕ фехъуыстой. Ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр фехъусын кодтаиккой (Мф 28:2, 5, 7). Дзуттӕгты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сылгоймӕгтӕн уый бар нӕ уыд, цӕмӕй-иу тӕрхондоны ӕвдисӕнтӕ уыдаиккой. Фӕлӕ Йегъовӕйы зӕд сылгоймӕгты стыр кады аккаг скодта – бахӕс сын кодта уыцы цины хабар иннӕтӕн фехъусын кӕнын.
Библийӕ бакӕсинаг
(Матфейы 27:38–54) Йемӕ ма хъӕдтыл байтыгътой дыууӕ абырӕджы дӕр – сӕ иуы йӕ рахиз фарс, иннӕйы та йӕ галиу фарс. 39 Сӕ рӕзты-иу чи фӕцӕйцыди, уыдон та-иу сӕ сӕртӕ батылдтой ӕмӕ йын алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтой: 40 «Кувӕндон куы хӕлдтай ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ куы арӕзтай! Дӕхи фервӕзын кӕн! Кӕд Хуыцауы фырт дӕ, уӕд хъизӕмӕртты хъӕдӕй ӕрхиз!» 41 Афтӕ дзы хынджылӕг кодтой сауджынты хистӕртӕ, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ дӕр: 42 «Иннӕты ирвӕзын кодта, йӕхи фервӕзын кӕнын та йӕ бон нӕу! Израилы Паддзах куы у – ӕрхизӕд хъизӕмӕртты хъӕдӕй, ӕмӕ йыл уӕд баууӕнддзыстӕм. 43 Хуыцауӕй уыди ныфсджын, гъемӕ кӕд Хуыцауы хъӕуы, уӕд ӕй фервӕзын кӕнӕд. Афтӕ куы дзырдта: „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн“». 44 Суанг ма йын, йемӕ кӕй байтыгътой, уыцы абырджытӕ дӕр алы ӕвзӕртӕ дзырдтой. 45 Ӕхсӕзӕм сахатыл бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг, ӕмӕ афтӕ уыди суанг фарӕстӕм сахатмӕ. 46 Фарӕстӕм сахатмӕ ’ввахс Йесо хъӕрӕй сдзынӕзта: «Ели, Ели, лама савахфани?», ома, «мӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, цӕмӕн мӕ ныууагътай?» 47 Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, уым чи лӕууыд, уыдонӕй чидӕртӕ загътой: «Илийамӕ дзуры». 48 Ӕмӕ уайтагъд сӕ иу ауад, губкӕ раскъӕфта, туаг сӕны йӕ атылдта, стӕй йӕ хъӕз лӕдзӕгыл ӕрсагъта ӕмӕ йын ӕй йӕ дзыхмӕ схаста. 49 Фӕлӕ иннӕтӕ дзырдтой: «Уадз ӕй! Бакӕсӕм ӕм, кӕддӕра йӕм Илийа ӕрцӕуид ӕмӕ йӕ фервӕзын кӕнид». Сӕ иу арц фелвӕста, йӕ фарс ын дзы барӕхуыста, ӕмӕ дзы ракалд туг ӕмӕ дон. 50 Йесо та ногӕй хъӕрӕй сдзынӕзта ӕмӕ амард. 51 Уӕд, кувӕндоны мидӕг цы ӕмбӕрзӕн уыд, уый уӕлейӕ бынмӕ ӕрыскъуыд ӕмӕ дыууӕ дихы фӕци, стӕй зӕхх нынкъуысыд, ӕмӕ къӕдзӕхтӕ аскъуыдтӕ сты. 52 Зӕппӕдзтӕ дӕр фегом сты, ӕмӕ сыгъдӕджытӕй бирӕты мӕрдтӕ ӕддӕмӕ рахаудысты, 53 ӕмӕ сӕ бирӕтӕ федтой. (Ӕмӕ уӕлмӕрды чи уыд, уыдон, Йесо куы райгас, уый фӕстӕ ӕрцыдысты сыгъдӕг горӕтмӕ.) 54 Ӕфсӕддон хицау ӕмӕ ма йемӕ Йесойы чи хъахъхъӕдта, уыдон та зӕххӕнкъуыст ӕмӕ, цы ’рцыд, ӕппӕт уыдӕттӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты ӕмӕ дзырдтой: «Ацы адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыди».
16–22 АПРЕЛЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | МАРЧЫ 1, 2
«Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ»
(Марчы 2:3–5) Уыцы рӕстӕг ӕм цыппар лӕгӕй ӕрбахастой, паралич кӕй ныццавта, ахӕм адӕймаджы. 4 Фӕлӕ йӕм адӕмӕй бацӕуӕн кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ хӕдзарӕн йӕ сӕр систой, цары хуынкъ скодтой ӕмӕ рынчыны йӕ хуыссӕныл бынмӕ ӕруагътой. 5 Йесо сын сӕ уырнындзинад куы федта, уӕд рынчынӕн загъта: «Хъӕбул, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».
«Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ»
Йесо адӕмы кӕм ахуыр кодта, уыцы уаты къух бакӕнӕн нал уыди. Ӕмӕ йӕм уыцы рӕстӕг цыппар лӕджы хуыссӕныл ӕрбахастой, паралич кӕй ныццавта, ахӕм адӕймаджы. Фӕндыди сӕ, цӕмӕй сын Йесо се ’мбалы сдзӕбӕх кодтаид. Фӕлӕ йӕм «адӕмӕй бацӕуӕн... нӕ уыд» (Марчы 2:4). Уӕдӕ ныр куыд кӕной? Хӕдзар тъӕпӕнсӕр уыди. Гъемӕ йӕ сӕрмӕ сбырыдысты, цары хуынкъ скодтой ӕмӕ рынчыны уырдыгӕй йӕ хуыссӕныл бынмӕ ӕруагътой.
Цымӕ сӕм Йесо, кӕй йӕ бахъыгдардтой, уый тыххӕй смӕсты? Ӕппындӕр нӕ. Ахӕм фидар уырнындзинад сӕм кӕй уыди, уый ма йын ӕхсызгон дӕр уыд. Ӕмӕ, паралич кӕй ныццавта, уыцы лӕгӕн загъта: «Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ» (Матфейы 9:2). Фӕлӕ цымӕ Йесойӕн йӕ бон ӕцӕгдӕр уыд тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын? Чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ ууыл тынг дызӕрдыг кодтой. Сӕхинымӕр хъуыды кодтой: «Ацы лӕг афтӕтӕ куыд дзуры? Ай Хуыцауы куы фауы! Кӕй бон у Хуыцауы йеддӕмӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын?» (Марчы 2:7).
Йесо сын сӕ хъуыдытӕ зыдта, ӕмӕ сын загъта: «Афтӕтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнут? Цы ӕнцондӕр у, рынчынӕн афтӕ зӕгъын: „Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ“ ӕви: „Сыст, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу“?» (Марчы 2:8, 9). Цасдӕры фӕстӕ Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй хъуамӕ ӕрхастаид, уый фӕрцы йӕ бон уыди уыцы лӕгӕн йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕнын.
(Марчы 2:6–12) Уым уыди чиныджыдӕснытӕй дӕр чидӕртӕ. Уыдон бадтысты ӕмӕ сӕхинымӕр хъуыды кодтой: 7 «Ацы лӕг афтӕтӕ куыд дзуры? Ай Хуыцауы куы фауы! Кӕй бон у Хуыцауы йеддӕмӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын?» 8 Йесо уайтагъд бамбӕрста, сӕхинымӕр афтӕ кӕй хъуыды кӕнынц, уый ӕмӕ сын загъта: «Афтӕтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнут? 9 Цы ӕнцондӕр у, рынчынӕн афтӕ зӕгъын: „Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ“ ӕви: „Сыст, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу“? 10 Фӕлӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ зонат: Адӕймаджы Фыртмӕ ис уыцы бар, цӕмӕй зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна». Ӕмӕ рынчынӕн загъта: 11 «Дӕумӕ дзурын: сыст, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ уӕхимӕ ацу». 12 Уый дӕр сыстад, йӕ хуыссӕн фелвӕста ӕмӕ адӕмы рӕзты ацыди. Уый фенгӕйӕ иууылдӕр дисы бафтыдысты, ӕмӕ Хуыцауы кадджын кодтой, ахӕм диссаг никуы федтам, зӕгъгӕ.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мч 2:9 стихмӕ
Цы ӕнцондӕр у Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ, зӕгъгӕ, зӕгъын ӕнцондӕр уыд, уымӕн ӕмӕ уыцы ныхӕстӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕ хъуыд. Фӕлӕ, сыст... ӕмӕ цу, зӕгъгӕйӕ та хъуыди диссаг равдисын, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр федтаиккой, Чырыстийӕн тӕригъӕдтӕ хатыр кӕныны бар кӕй уыд. Ацы стих ӕмӕ Ис 33:24 стихӕй бӕрӕг у, тӕригъӕдджын кӕй стӕм, рынчын уый тыххӕй кӕй кӕнӕм.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Марчы 1:11) Ӕмӕ уӕд уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: «Ды дӕ мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт».
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мч 1:1 стихмӕ
уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс Йегъовӕ адӕмимӕ кӕй дзырдта, уый фӕдыл Евангелиты цы ӕртӕ хабары ис фыст, уыдонӕй ацы хабар уыд фыццаг. (Кӕс уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мч 9:7; Ин 12:28.)
Ды дӕ мӕ... Фырт Чырыстийы Хуыцау йӕхӕдӕг сфӕлдыста ӕмӕ уыд йӕ Фырт (Ин 3:16). Чырысти зӕххыл куы райгуырд, уӕд сси «Хуыцауы Фырт», ӕххӕст адӕймаг Адам куыд уыд йӕ фырт, афтӕ (Лк 1:35; 3:38). Фӕлӕ ацы стихы Хуыцауы ныхӕстӕ ӕрмӕст ууыл дзурӕг нӕ уыдысты, ӕмӕ Чырысти йӕ Фырт у. Афтӕ йӕ кӕй схуыдта ӕмӕ йӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй схайджын кодта, уый, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Чырысти сси йӕ сыгъдӕг тыхӕй гуырд Фырт – «ногӕй райгуырд», ома йын фӕзынд фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм ссӕуыны фадат ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы Паддзахӕй ӕмӕ Хистӕр сауджынӕй кӕй сӕвӕрдта (Ин 3:3–6; 6:51; абар Лк 1:31–33; Дзт 2:17; 5:1, 4–10; 7:1–3).
мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт Кӕнӕ «мӕ зӕрдӕ кӕмӕй рухс кӕны, уый; мӕ зӕрдӕ кӕмӕй райы, уый». Ацы дзырдбаст ма ӕмбӕлы Мф 12:18 стихы, ист у Ис 42:1 стихӕй ӕмӕ хауы, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Мессийӕмӕ кӕнӕ Чырыстимӕ. Хуыцау йӕ Фырты сыгъдӕг тыхӕй кӕй схайджын кодта ӕмӕ афтӕ кӕй загъта, мӕ Фырт у, зӕгъгӕ, уый амыдта, Йесо зӕрдӕвӕрд Мессийӕ кӕй у, уымӕ. (Кӕс уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мф 3:17; 12:18.)
(Марчы 2:27, 28) Стӕй ма сын ноджыдӕр загъта: «Хуыцау адӕймаджы сабаты тыххӕй не скодта – сабат скодта адӕймаджы тыххӕй. 28 Уӕдӕ Адӕймаджы Фыртӕн сабатыл дӕр цӕуы йӕ бар».
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мч 2:28 стихмӕ
сабатыл дӕр цӕуы йӕ бар Йесо йӕхи тыххӕй афтӕ кӕй загъта (Мф 12:8; Лк 6:5), уымӕй равдыста, йӕ уӕларвон Фыд ын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый йӕ бон сабаты кӕнын дӕр кӕй у. (Абар Иоанны 5:19; 10:37, 38.) Йесо ӕппӕты стырдӕр диссӕгтӕй иуӕй-иутӕ арӕзта сабаты, зӕгъӕм, адӕмы сӕ низтӕй дзӕбӕх кодта (Лк 13:10–13; Ин 5:5–9; 9:1–14). Уымӕй бӕрӕг у, Паддзах куы уа, уӕд адӕмӕн цы удӕнцой хӕсдзӕн, уый. Уыцы рӕстӕг уыдзӕн сабатбоны – улӕфты боны хуызӕн (Дзт 10:1).
Библийӕ бакӕсинаг
(Марчы 1:1–15) Йесо Чырыстийы тыххӕй хорз хабар райдыдта афтӕ. 2 Пехуымпар Исайы чиныджы фыст у: «Ӕз фервитын дӕ разӕй мӕ фидиуӕджы, ӕмӕ дын уый ӕрцӕттӕ кӕндзӕн фӕндаг. 3 Байхъусут! Ӕдзӕрӕг быдыры чидӕр хъӕр кӕны: „Йегъовӕйӕн фӕндаг ӕрцӕттӕ кӕнут! Алӕгъз ын кӕнут йӕ цӕуӕнтӕ!“» 4 Афтӕ фӕзынд ӕдзӕрӕг быдыры Аргъауӕг Иоанн ӕмӕ адӕмӕн хъусын кодта, уӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ донаргъуыд райсут, цӕмӕй уын хатыргонд ӕрцӕуой, зӕгъгӕ. 5 Ӕмӕ йӕм уырдӕм цыдысты ӕгас Иудейӕ ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр, ӕмӕ сӕ аргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны, ӕмӕ-иу ӕргом басастысты сӕ тӕригъӕдтыл. 6 Иоанн дардта теуайы хъуынӕй дарӕс, йӕ астӕуыл та баст уыд сӕрак рон. Хӕргӕ та кодта мӕтыхтӕ ӕмӕ хъӕддаг мыд. 7 Уый адӕмӕн хъусын кодта: «Мӕ фӕстӕ ’рбацӕуы, мӕнӕй фылдӕр бартӕ кӕмӕ ис, уый. Ӕз, ӕргуыбыр кӕнон ӕмӕ йын йӕ дзабырты бӕттӕнтӕ райхалон, уый аккаг дӕр нӕ дӕн. 8 Ӕз уын аргъуыд лӕвӕрдтон донӕй, уый та уын аргъуыд дӕтдзӕн Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй». 9 Уыцы рӕстӕг галилейаг горӕт Назаретӕй уырдӕм ӕрбацыди Йесо дӕр, ӕмӕ йын Иоанн Иорданы цӕугӕдоны донаргъуыд радта. 10 Куыддӕр донӕй рахызт, афтӕ ауыдта, арв куыд фегом ӕмӕ йӕ сӕрмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых бӕлоны хуызы куыд ӕрцӕйцыд, уый. 11 Ӕмӕ уӕд уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: «Ды дӕ мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт». 12 Тӕккӕ уыцы сахат ӕй Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕдзӕрӕг быдырмӕ фӕцӕуӕг кодта. 13 Ӕдзӕрӕг быдыры фӕци цыппор боны, ӕмӕ йӕ уым Сайтан фӕлвӕрдта. Уыцы ран Йесо уыди хъӕддаг сырдты ’хсӕн, ӕмӕ йын зӕдтӕ лӕггад кодтой. 14 Уый фӕстӕ, Иоанны куы ’рцахстой, уӕд, Йесо ацыди Галилейӕмӕ ӕмӕ уым хъусын кодта Хуыцауы хорз хабар 15 ӕмӕ дзырдта: «Афон ӕрцыд, Хуыцауы паддзахад ӕрхӕстӕг. Ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ хорз хабарыл баууӕндут».
23–29 АПРЕЛЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | МАРЧЫ 3, 4
«Рынчынты сабаты дзӕбӕх кӕнӕн уыд?»
(Марчы 3:1, 2) Ӕмӕ та ногӕй бацыд ӕмбырдгӕнӕнмӕ. Уым уыди, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыд, ахӕм лӕг. 2 Фарисейтӕ та лӕмбынӕг кастысты Йесомӕ, кӕддӕра йӕ сабаты сдзӕбӕх кӕнид, зӕгъгӕ – куыд ӕй фӕаххосджын кодтаиккой, уый агуырдтой.
Сабаты цы ’мбӕлы аразын?
Иу сабаты та Йесо ӕмбырдгӕнӕнмӕ бацыд. Уый, ӕвӕццӕгӕн, уыд Галилейӕйы. Ӕмӕ уым федта, йӕ рахиз къух хуыскъ кӕмӕн уыд, иу ахӕм лӕджы (Лукайы 6:6). Чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ Йесомӕ лӕмбынӕг кастысты. Цымӕ цӕмӕн? Сӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый рабӕрӕг, Йесойы цӕмӕй бафарстой, уымӕй: «Сабаты рынчынты дзӕбӕх кӕнын ӕмбӕлы?» (Матфейы 12:10).
Дзуттаг дины разамонджытӕ ахӕм хъуыдыйыл хӕст уыдысты, ӕмӕ, дам, адӕймаджы сабаты сдзӕбӕх кӕнӕн ис, йӕ цардӕн тӕссаг куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд. Зӕгъӕм, адӕймагӕн йӕ къух кӕнӕ йӕ къах куы фелвӕстаид, уӕд ын ӕй сабатбон бабӕттын не ’мбӕлди, уымӕн ӕмӕ уымӕй мӕлгӕ нӕ акодтаид. Бӕлвырд у, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейты уыцы мӕгуыр адӕймаджы мӕт кӕй нӕ уыди. Уыдон Йесойы уый тыххӕй бафарстой, цӕмӕй йӕ исты хъуыддаджы фӕаххосджын кодтаиккой.
(Марчы 3:3, 4) Уый та, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыд, уыцы лӕгӕн загъта: «Сыст ӕмӕ размӕ рацу». 4 Стӕй уыдоны бафарста: «Сабаты цы ’мбӕлы – хорз хъуыддаг саразын ӕви ӕвзӕр? Искӕй фервӕзын кӕнын ӕви фесафын?» Фӕлӕ сӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд.
Сабаты цы ’мбӕлы аразын?
Фӕлӕ сын Йесо сӕ зыгъуыммӕ хъуыдытӕ зыдта. Закъоны фыст уыди, сабаты мацы кус, зӕгъгӕ, фӕлӕ уыдон уыцы закъон бынтондӕр сзыгъуыммӕ кодтой, ӕмӕ адӕмӕн фезмӕлӕн дӕр нал уыд (Рацыд 20:8–10). Йесо хорз хъуыддӕгтӕ кӕй арӕзта, уый тыххӕй ма йӕ уый размӕ дӕр ӕнаххосӕй ӕфхӕрдтой. Ӕмӕ ныр Йесо цы загъта, уымӕй, зӕгъӕн ис, ӕмӕ фарисейты ӕмӕ чиныджыдӕсныты йӕхӕдӕг йӕхи ныхмӕ скодта. Йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыд, уыцы лӕгмӕ бадзырдта: «Сыст ӕмӕ размӕ рацу» (Марчы 3:3).
(Марчы 3:5) Уӕд сыл мӕстыйӕ йӕ цӕст ахаста – тынг хъыг ын уыд, афтӕ дурзӕрдӕ кӕй сты, уый. Стӕй лӕгӕн загъта: «Дӕ къух-ма мӕм ӕрбадар». Уый йӕм йӕ къух бадардта, ӕмӕ йын адзӕбӕх.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мч 3:5 стихмӕ
Уӕд сыл мӕстыйӕ йӕ цӕст ахаста – тынг хъыг ын уыд Дзуттаг дины разамонджытӕ афтӕ дурзӕрдӕ кӕй уыдысты, уый уынгӕйӕ Чырысти тынг кӕй смӕсты, уый тыххӕй ныффыста ӕрмӕстдӕр Марк (Мф 12:13; Лк 6:10). Ӕвӕццӕгӕн, Маркӕн Петр радзырдта, Чырысти куыд смӕсты, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг тӕвдтуг уыд. (Кӕс видеоролик «Разныхас Марчы чиныгмӕ».)
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Марчы 3:29) Фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй чи зӕгъа фауӕн ныхас, уымӕн хатыр никуы уыдзӕн – уыцы тӕригъӕд ыл уыдзӕн ӕнусмӕ.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мч 3:29 стихмӕ
Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй чи зӕгъа фауӕн ныхас Фауын нысан кӕны, Хуыцауы ныхмӕ кӕнӕ, Хуыцауӕн кувынимӕ баст цы у, уыдӕтты ныхмӕ ӕгадгӕнаг, мӕнг кӕнӕ ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕнын. Сыгъдӕг тых Хуыцауӕн йӕхицӕй кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ сыгъдӕг тых фауын Йегъовӕйы фауынӕй уӕлдай нӕу. Мф 12:24, 28 ӕмӕ Мч 3:22 стихтӕй куыд зыны, афтӕмӕй дзуттаг дины разамонджытӕ ӕмбӕрстой, Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы кӕй арӕзта. Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ дзырдтой, Хӕйрӕджы хъаруйӕ, дам, сӕ аразы.
уыцы тӕригъӕд ыл уыдзӕн ӕнусмӕ Ӕвӕццӕгӕн, ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ сыгъдӕг тыхы ныхмӕ зонгӕ-зонын тӕригъӕд чи аразы, уымӕн ӕнустӕм дӕр ныххатыр кӕнӕн нӕй, ӕмӕ йӕ ницавӕр нывондӕй ис балхӕнӕн. (Кӕс уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг ацы стихы ныхӕстӕм Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй чи зӕгъа фауӕн ныхас ӕмӕ ма уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мф 12:31 стихмӕ дӕр.)
(Марчы 4:26–29) Ноджыдӕр ма сын загъта: «Хуыцауы паддзахад абарӕн ис, мыггаг зӕххы чи ныппӕрста, ахӕм адӕймагимӕ. 27 Уый ӕхсӕвы фынӕй фӕкӕны, бонӕй сысты. Уӕдмӕ мыггаг ӕвзар суадзы, сырӕзы – куыд, уый та адӕймаг зонгӕ дӕр нӕ кӕны. 28 Афтӕ зӕхх йӕхӕдӕг сабыргай ратты тыллӕг: фыццаг мӕнӕу ссӕуы, уый фӕстӕ скӕны ӕфсир, стӕй уӕд ӕфсиры нӕмыг ныннӕрсы. 29 Куыддӕр сцӕттӕ вӕййы, афтӕ та йыл ӕхсырф рауадзы, уымӕн ӕмӕ ӕрцыд йӕ кӕрдын афон».
bw553 12, 13 фф., 6–8 абз.
Ды та «Фыстад ӕмбарыс»?
6 Ацы фӕсномыг ныхасӕй цы базыдтам, уый нын цы пайда хӕссы? Фыццаджыдӕр, хъуамӕ ӕмбарӕм уый, ӕмӕ, адӕймагӕн йӕ уырнындзинад куыд тагъд рӕздзӕн, ууыл махӕн нӕ бар нӕ цӕуы. Бонзонгӕ куы уӕм, уӕд, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕн донаргъуыд тыхӕй нӕ исын кӕндзыстӕм. Махӕн нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй адӕймагӕн ӕххуыс кӕнӕм. Фӕлӕ уый дӕр ӕмбарӕм, алчи йӕхӕдӕг кӕй скъуыддзаг кӕны, Хуыцауӕн йӕхи снывонд кӕндзӕн ӕви нӕ. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын адӕймаг йӕхи снывонд кӕна, уарзгӕ йӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй (Пс. 51:12; 54:6; 110:3).
7 Дыккаджы та уый, ӕмӕ, ацы фӕсномыг ныхасӕн йӕ хъуыды куы ӕмбарӕм, уӕд-иу нӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн, нӕ фыдӕбон уайтагъд тыллӕг кӕй не ’рхӕссы, уый тыххӕй. Хъуамӕ уӕм фӕразон (Иак. 5:7, 8). Кӕд, нӕ бон цыдӕриддӕр уыди, уый сарӕзтам, фӕлӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы рӕстдзинады мыггаг нӕ сырӕзт, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕвзӕр ахуыргӕнджытӕ стӕм. Йегъовӕ уыцы мыггаг сырӕзын кӕны, ивындзинӕдтӕ аразынмӕ цӕттӕ чи у, ӕрмӕстдӕр ахӕм сӕрныллӕг адӕймаджы зӕрдӕйы (Матф. 13:23). Уӕдӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдонӕй донаргъуыд цалӕй райстой, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ма барӕм, ӕнтыстджын хъусынгӕнджытӕ стӕм ӕви нӕ. Йегъовӕ дӕр уымӕ нӕ кӕсы – уый аргъ кӕны нӕ фыдӕбонӕн. (Бакӕс Лукайы 10:17–20; 1 Коринфӕгтӕм 3:8.)
8 Ӕртыккаг уый, ӕмӕ, адӕймаджы зӕрдӕйы цы ивындзинӕдтӕ цӕуы, уый мах нӕ уынӕм. Зӕгъӕм, иу миссионерӕн, Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыцы бинонтӕ иу афон загътой, кӕй сӕ фӕнды, цӕмӕй ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджытӕ суой. Ӕфсымӕр сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, фыццаг уал сӕ тамако кӕй хъуамӕ ныууадзой. Ӕмӕ йын афтӕ куы загътой, цалдӕр мӕйы размӕ йӕ ныууагътам, зӕгъгӕ, уӕд тынг бадис кодта. Уыцы бинонтӕ бамбӕрстой, сусӕгӕй дӕр куы дымой, уӕддӕр сӕ Йегъовӕ кӕй уындзӕн, стӕй зыдтой, Хуыцау цӕстмӕмитӕй йе сӕфт кӕй уыны. Ӕмӕ сӕхицӕн загътой, кӕнӕ ӕфсымӕрӕн йӕхи раз дӕр дымдзыстӕм, кӕнӕ нӕ тамако бынтондӕр ныууадздзыстӕм, зӕгъгӕ. Уыцы бинонтӕ ахӕм стыр ивындзинад кӕй скодтой, уый тыххӕй не ’фсымӕр зонгӕ дӕр нӕ кодта. Фӕлӕ уыдон, Йегъовӕйы кӕй бауарзтой, уый фӕрцы раст уынаффӕ рахастой.
Библийӕ бакӕсинаг
(Марчы 3:1–19а) Ӕмӕ та ногӕй бацыд ӕмбырдгӕнӕнмӕ. Уым уыди, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыд, ахӕм лӕг. 2 Фарисейтӕ та лӕмбынӕг кастысты Йесомӕ, кӕддӕра йӕ сабаты сдзӕбӕх кӕнид, зӕгъгӕ – куыд ӕй фӕаххосджын кодтаиккой, уый агуырдтой. 3 Уый та, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыд, уыцы лӕгӕн загъта: «Сыст ӕмӕ размӕ рацу». 4 Стӕй уыдоны бафарста: «Сабаты цы ’мбӕлы – хорз хъуыддаг саразын ӕви ӕвзӕр? Искӕй фервӕзын кӕнын ӕви фесафын?» Фӕлӕ сӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд. 5 Уӕд сыл мӕстыйӕ йӕ цӕст ахаста – тынг хъыг ын уыд, афтӕ дурзӕрдӕ кӕй сты, уый. Стӕй лӕгӕн загъта: «Дӕ къух-ма мӕм ӕрбадар». Уый йӕм йӕ къух бадардта, ӕмӕ йын адзӕбӕх. 6 Уӕд фарисейтӕ уырдыгӕй рацыдысты ӕмӕ, Ироды фарс чи уыди, уыдонимӕ уынаффӕ кӕнын райдыдтой, куыд ӕй амарой, ууыл. 7 Фӕлӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ йӕхи айста денджызы ’рдӕм. Ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыди дуне адӕм Галилейӕйӕ ӕмӕ Иудейӕйӕ. 8 Ӕмӕ ма Иерусалимы, Идумейӕйы ӕмӕ Иорданы фаллаг фарс, стӕй Тир ӕмӕ Сидоны алыварс цӕрджытӕ куы фехъуыстой, цас диссӕгтӕ аразы, уый, уӕд ӕм суанг уырдыгӕй дӕр ӕрцыд дуне адӕм. 9 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста иу гыццыл бӕлӕгъ цӕттӕйӕ дарын, адӕм ӕгӕр куы гуылф кӕной, зӕгъгӕ, 10 уымӕн ӕмӕ бирӕты сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ йыл ныр, алыхуызон уӕззау низтӕ кӕмӕ уыд, уыдон иууылдӕр сӕхи ӕппӕрстой, цӕмӕй-иу ыл андзӕвыдаиккой. 11 Суанг ма-иу ӕй дӕлимонтӕ дӕр куы федтой, уӕд-иу йӕ разы ӕрхаудтой ӕмӕ-иу хъӕр кодтой: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» 12 Фӕлӕ-иу сӕ уый тынг бафӕдзӕхста, чи дӕн, уый ма дзурут, зӕгъгӕ. 13 Уый фӕстӕ ссыд хохмӕ, стӕй фӕдзырдта, кӕмӕ йӕ фӕндыд, уыдонмӕ, ӕмӕ йӕм ӕрбацыдысты. 14 Ӕмӕ дзы равзӕрста дыууадӕс адӕймаджы, схуыдта сӕ апостолтӕ, цӕмӕй уой йемӕ, хъусын кӕнынмӕ сӕ ӕрвита 15 ӕмӕ сӕ бон уа адӕмӕй хӕйрӕджыты сурын. 16 Уыцы дыууадӕс ахуыргӕнинаджы уыдысты: Симон, схуыдта ма йӕ Петр дӕр; 17 Зеведейы фырттӕ Иаков ӕмӕ Иоанн – уыдоны та схуыдта Воанергес, ома «арвнӕрды фырттӕ»; 18 Андрей, Филипп, Варфоломей, Матфей, Фома, Алфейы фырт Иаков, Фаддей, Симон Кананит 19 ӕмӕ Иудӕ Искариот, фӕстӕдӕр ӕй чи ауӕй кодта, уый.
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
(Марчы 4:9) Стӕй ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Хъустӕ хъусынӕн кӕуыл ис, уый хъусӕд».
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мч 4:9 стихмӕ
Хъустӕ хъусынӕн кӕуыл ис, уый хъусӕд Тауӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас радзурыны размӕ Чырысти загъта: «Байхъусут» (Мч 4:3). Стӕй фӕсномыг ныхас фӕци ахӕм ныхӕстӕй: «Хъустӕ хъусынӕн кӕуыл ис, уый хъусӕд». Афтӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджыты баразӕнгард кодта, цӕмӕй йӕ амындмӕ лӕмбынӕг хъуыстаиккой. Ахӕм ныхӕстӕ ма фыст ис Мф 11:15; 13:9, 43; Мч 4:23; Лк 8:8; 14:35; Рар 2:7, 11, 17, 29; 3:6, 13, 22; 13:9.
30 АПРЕЛЫ – 6 МАЙЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | МАРЧЫ 5, 6
«Йесойӕн йӕ бон у, чи нын амард, уыдоны райгас кӕнын»
(Марчы 5:38) Ӕмбырдгӕнӕны хистӕры хӕдзармӕ куы ’рцыдысты, уӕд дзы адӕмы баййӕфта тыхстӕй, кӕугӕ ӕмӕ хъарӕггӕнгӕ.
(Марчы 5:39–41) Уӕд мидӕмӕ бахызт ӕмӕ сын загъта: «Цӕуыл стыхстыстут ӕмӕ цӕуыл кӕут? Сывӕллон мӕлгӕ нӕ акодта, фынӕй у». 40 Уыдон ыл худын райдыдтой. Фӕлӕ уый се ’ппӕты дӕр ӕддӕмӕ рарвыста ӕмӕ, сывӕллон кӕм уыд, уырдӕм бахызт – йемӕ мидӕмӕ бакодта сывӕллоны фыд ӕмӕ мады, стӕй йе ’мбӕлтты дӕр. 41 Уый фӕстӕ гыццыл чызджы къухыл рахӕцыд ӕмӕ йӕм бадзырдта: «Талифа куми», ома: «Чызг, дӕумӕ дзурын, сыст!»
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мч 5:39 стихмӕ
мӕлгӕ нӕ акодта, фынӕй у Библийы мард адӕймаг арӕх барст фӕцӕуы фынӕй адӕймагимӕ (Пс 13:3, фип.; Ин 11:11–14; Хъд 7:60, фип.; 1Кр 7:39, фип.; 15:51; 1Фс 4:13, фип.). Чырысти чызджы райгас кӕнынмӕ хъавыд. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ацы ныхӕстӕй бамбарын кодта, тарффынӕй чи кӕны, уыцы адӕймаджы куыд ӕнцон у райхъал кӕнын, афтӕ – мӕрдты райгас кӕнын дӕр. Чырысти уыцы чызджы райгас кодта йӕ Фыды хъаруйы фӕрцы, «мӕрдты чи ӕгас кӕны ӕмӕ, цы нӕй, уымӕй дӕр, цыма ис, афтӕ чи дзуры», уый фӕрцы (Ро 4:17).
(Марчы 5:42) Ӕмӕ чызг,– цыди йыл дыууадӕс азы,– уайтагъд сыстад ӕмӕ цӕуын райдыдта. Ныййарджытӕ ма фырцинӕй цы акодтаиккой, уый нал зыдтой.
Гыццыл чызг райгас!
Уымӕй размӕ дӕр-иу Йесо искӕй куы сдзӕбӕх кодта, уӕд-иу сын загъта, цӕмӕй йӕ макӕмӕн радзырдтаиккой. Ӕмӕ чызджы ныййарджытӕн дӕр уый ныффӕдзӕхста. Фӕлӕ уыдон дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр уыцы цины хабар ӕнӕ радзургӕ куыд хъуамӕ фӕлӕууыдаиккой! Ӕмӕ уайтагъд хабар айхъуыст «ӕппӕт уыцы бӕстӕйыл дӕр» (Матфейы 9:26). Уӕвгӕ, дӕ зӕрдӕйӕн адджын чи у, уыдонӕй исчи куы райгас уаид, уӕд ӕй ды дӕр фырцинӕй иннӕтӕн нӕ дзурис? Уӕд Йесо дыккаг хатт райгас кодта адӕймаджы.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Марчы 5:19, 20) Фӕлӕ йӕ нӕ ауагъта. Загъта йын: «Ацу уӕхимӕ ӕмӕ дӕ хиуӕттӕн ӕппӕт дӕр радзур – Йегъовӕ дын цы хорздзинад ракодта ӕмӕ дын куыд батӕригъӕд кодта, уый». 20 Уый дӕр ацыд ӕмӕ Дӕссахарыл айхъуысын кодта, Йесо йын цы сарӕзта, ӕппӕт уыдӕттӕ. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр дисӕй мардысты.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мч 5:19 стихмӕ
ӕппӕт дӕр радзур Чырысти-иу цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй-иу иннӕтӕн дзурын нӕ уагъта (Мч 1:44; 3:12; 7:36). Фӕлӕ ацы хатт уыцы нӕлгоймагӕн йӕхӕдӕг загъта, цӕмӕй хабар йӕ хиуӕттӕн радзырдтаид. Ӕвӕццӕгӕн ын афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ йӕ уыцы бӕстӕйӕ цӕуын кодтой, ӕмӕ йӕ бон нӕ уыдаид уым хорз хабар фехъусын кӕнын. Стӕй адӕм уыцы хабар лӕгӕн йӕхицӕй куы фехъуыстаиккой, уӕд, хуытӕ кӕй фесӕфтысты, уый тыххӕй афтӕ тынг нал мӕсты кодтаиккой.
(Марчы 6:11) Кӕм уӕ не суазӕг кӕной ӕмӕ уӕм кӕм нӕ байхъусой, уырдыгӕй рацӕугӕйӕ та-иу уӕ къӕхты рыг ӕрцӕгъдут, цӕмӕй йӕ зоной, кӕй рӕдийынц.
nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мч 6:11 стихмӕ
уӕ къӕхты рыг ӕрцӕгъдут Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ-иу сӕ къӕхты рыг кӕй ӕрцагътой, уый-иу ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ адӕймаджы Хуыцауы бар ныууагътой. Ахӕм хъуыды ма ӕмбӕлы Мф 10:14 ӕмӕ Лк 9:5 стихы. Фӕлӕ ма йӕм Марк ӕмӕ Лука бафтыдтой дзырдбаст, цӕмӕй йӕ зоной, кӕй рӕдийынц, зӕгъгӕ. Павел ӕмӕ Варнавӕ афтӕ бакодтой, Писидийы Антиохийы куы уыдысты, уӕд (Хъд 13:51). Павел Коринфы куы уыд, уӕд та йӕ дарӕс ӕрцагъта ӕмӕ, афтӕ цӕмӕн бакодта, уый сын бамбарын кодта: «Уӕ туг уӕхиуыл ис, ӕз сыгъдӕг дӕн» (Хъд 18:6). Уыцы ӕгъдау ахуыргӕнинӕгтӕ хорз зыдтой; дзуттӕгтӕ-иу, ӕндӕр адӕмтӕ кӕм цардысты, уыцы зӕххыл куы цыдысты, уӕд-иу фӕстӕмӕ сӕхи зӕхмӕ бацӕуыны размӕ сӕ къӕхты рыг ӕрцагътой, уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ сыгъдӕгыл нымад нал уыдзысты. Фӕлӕ Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд ӕй бынтон ӕндӕр цыдӕр зӕгъын фӕндыд.
Библийӕ бакӕсинаг
(Марчы 6:1–13) Уырдыгӕй рараст ӕмӕ ӕрцыд йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр уыдысты йемӕ. 2 Сабат куы ралӕууыд, уӕд та бацыд ӕмбырдгӕнӕнмӕ адӕмы ахуыр кӕнынмӕ. Чи йӕм хъуыста, уыдонӕн сӕ фылдӕр дис кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ацы адӕймаг адӕттӕ кӕцӕй зоны? Ахӕм зонд уымӕ цӕмӕн хъуамӕ уа ӕмӕ ахӕм диссӕгтӕ уый цӕмӕн хъуамӕ араза? 3 Ай мӕнӕ хъӕддӕсны нӕу, Марийӕйы фырт? Иаков, Иосиф, Иудӕ ӕмӕ Симоны ӕфсымӕр нӕу? Ӕмӕ йӕ хотӕ дӕр мӕнӕ ам немӕ не сты?» Ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдысты. 4 Йесо та сын загъта: «Пехуымпарӕн алы ран дӕр вӕййы кад, йӕ райгуырӕн бӕстӕйы, йӕ хиуӕтты ’хсӕн ӕмӕ йӕхи хӕдзары йеддӕмӕ». 5 Ӕмӕ уым диссӕгтӕ нӕ сарӕзта, ӕрмӕст дзы цалдӕр рынчын адӕймагыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ сӕ сдзӕбӕх кодта. 6 Ӕнӕуи та дис кодта, куыд ницы сӕ уырны, ууыл. Ӕмӕ ацыд, хӕстӕг хъӕутыл зылди ӕмӕ адӕмы ахуыр кодта. 7 Уый фӕстӕ фӕдзырдта йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сӕ райдыдта адӕммӕ дыгӕйттӕй ӕрвитын. Ӕмӕ сын радта тых, сӕ бар куыд цӕуа дӕлимонтыл. 8 Стӕй сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй лӕдзӕг йеддӕмӕ семӕ фӕндагмӕ мацы райстаиккой – нӕдӕр дзул, нӕдӕр хызын, нӕдӕр ӕрхуы ӕхца сӕ роны бастӕй, 9 нӕдӕр ивӕн хӕдон, ӕмӕ цӕмӕй сӕ къӕхтыл скодтаиккой дзабыртӕ. 10 Ӕмӕ сын загъта: «Кӕмфӕнды ма уат, цы хӕдзармӕ бацӕуат, уым-иу ӕрлӕуут, цалынмӕ уыцы ранӕй нӕ рацӕуат, уӕдмӕ. 11 Кӕм уӕ не суазӕг кӕной ӕмӕ уӕм кӕм нӕ байхъусой, уырдыгӕй рацӕугӕйӕ та-иу уӕ къӕхты рыг ӕрцӕгъдут, цӕмӕй йӕ зоной, кӕй рӕдийынц». 12 Гъемӕ уыдон дӕр ацыдысты ӕмӕ адӕмӕн хъусын кодтой, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтаиккой. 13 Ӕмӕ адӕмӕй фӕсырдтой бирӕ хӕйрӕджыты, бирӕ рынчынты сойӕ сӕрстой ӕмӕ сӕ дзӕбӕх кодтой.