Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwbr18 июнь 1–11 фф.
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2018
  • Сӕргӕндтӕ
  • 4–10 ИЮНЫ
  • 11–17 ИЮНЫ
  • 18–24 ИЮНЫ
  • 25 ИЮНЫ – 1 ИЮЛЫ
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2018
mwbr18 июнь 1–11 фф.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ

4–10 ИЮНЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | МАРЧЫ 15, 16

«Йесо сӕххӕст кодта пехуымпарад»

(Марчы 15:3–5) Фӕлӕ йӕ сауджынты хистӕртӕ райдыдтой бирӕ хъуыддӕгты аххосджын кӕнын. 4 Ӕмӕ та йӕ уӕд Пилат ногӕй бафарста: «Ницы дзурыс? Кӕс-ма, дӕ ныхмӕ цас цыдӕртӕ дзурынц». 5 Фӕлӕ йын Йесо ницыуал загъта, ӕмӕ Пилат дисы бафтыд.

(Марчы 15:24) Ӕмӕ йӕ хъӕдыл байтыгътой, йӕ уӕлӕдарӕсыл та йын хӕлттӕ сӕппӕрстой, кӕмӕ дзы цы ’рхауа, уый ахӕссӕд, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй кӕрӕдзийыл байуӕрстой.

(Марчы 15:29, 30) Сӕ рӕзты-иу чи фӕцӕйцыд, уыдон-иу сӕ сӕртӕ батылдтой ӕмӕ йын алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтой: «Гъей! Кувӕндон куы хӕлдтай ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ куы арӕзтай! 30 Дӕхи фервӕзын кӕн – ӕрхиз хъизӕмӕртты хъӕдӕй!»

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мч 15:24, 29 стихтӕм

йӕ уӕлӕдарӕсыл та йын хӕлттӕ сӕппӕрстой Иоанны 19:23, 24 стихты фыст ис, Матфейы, Марчы ӕмӕ Лукайы Евангелиты чи нӕй, ахӕм хабӕрттӕ: ромаг ӕфсӕддонтӕ хӕлттӕ сӕппӕрстой, ӕвӕццӕгӕн, ӕддаг дарӕс ӕмӕ хӕдоны тыххӕй; йе ’ддаг дарӕс ын «цыппар дихы акодтой – алы ӕфсӕддонӕн дӕр фӕйнӕ хайы»; йӕ хӕдон дих кӕнын сӕ нӕ бафӕндыд, ӕмӕ та хӕлттӕ сӕппӕрстой. Афтӕмӕй сӕххӕст, Мессийӕйы тыххӕй Псалом 22:18 стихы цы пехуымпарад фыст уыд, уый. Ӕвӕццӕгӕн, сӕм ахӕм ӕгъдау уыд, ӕмӕ-иу хъӕдыл байтындзынмӕ кӕй хъавыдысты, уымӕн-иу йӕ дарӕс ӕмӕ йӕм цы уыд, уыдӕттӕ байстой, ӕмӕ-иу афтӕмӕй адӕймаджы ноджы тынгдӕр ӕгад кодтой.

сӕ сӕртӕ батылдтой Афтӕмӕй-иу равдыстой, адӕймагыл былысчъил кӕй кӕнынц, сӕ сӕрмӕ йӕ кӕй нӕ хӕссынц. Сӕ сӕртӕ-иу куы батылдтой, уӕд-иу арӕх ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ дӕр кодтой. Йесойы рӕзты чи цыд, уыдон ӕй ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодтой, афтӕмӕй сӕ митӕй сӕххӕст кодтой Псалом 22:7 стихы фыст пехуымпарад.

(Марчы 15:43) Ӕрцыд иу аримафейаг лӕг, Иосиф, зӕгъгӕ. Уый уыд Уынаффӕдоны уӕнг, нымад лӕг, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕнхъӕлмӕ каст Хуыцауы Паддзахадмӕ. Иосиф уӕндонӕй бацыди Пилатмӕ ӕмӕ дзы Йесойы мард ракуырдта.

(Марчы 15:46) Ӕмӕ Иосиф дӕр ӕппӕты хуыздӕр кӕттаг хъуымац балхӕдта, Йесойы мард хъӕдӕй ӕриста ӕмӕ йӕ уыцы хъуымацы батыхта. Стӕй йӕ бавӕрдта, къӕдзӕхы кӕй бакъахта, уыцы зӕппадзы ӕмӕ йын йӕ бахизӕныл дур бафӕлдӕхта.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мч 15:43 стихмӕ

Иосиф Евангелитӕ чи фыста, уыдонӕй алчидӕр Иосифы тыххӕй цавӕрдӕр лыстӕг хабӕрттӕ ныффыста. Хъалонисӕг Матфей ныффыста, «хъӕздыг лӕг» кӕй уыди; Марк (фыста сӕйраджыдӕр ромӕгтӕм) ныффыста, зӕгъгӕ, «уыд Уынаффӕдоны уӕнг, нымад лӕг» ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст Хуыцауы Паддзахадмӕ; Лука та ныффыста, кӕй уыд «хорз ӕмӕ рӕстаг адӕймаг», уый разы нӕ уыд, Уынаффӕдоны Йесойы ныхмӕ цы сфӕнд кодтой ӕмӕ цы арӕзтой, уыимӕ; ӕрмӕстдӕр Иоанн ныффыста, зӕгъгӕ, «Йесойы ахуыргӕнинаг уыди, фӕлӕ йӕ нӕ хъӕр кодта, уымӕн ӕмӕ дзуттӕгты разамонджытӕй тарст» (Мф 27:57–60; Мч 15:43–46; Лк 23:50–53; Ин 19:38–42).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Марчы 15:25) Тындзгӕ та йӕ бакодтой ӕртыккӕгӕм сахатыл.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мч 15:25 стихмӕ

ӕртыккӕгӕм сахатыл Кӕнӕ райсомы 9 сахатыл. Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Иоанн 19:14–16 цы фыст ис, уый раст нӕу. Уым фыст ис, Пилат «ӕхсӕзӕм сахатыл» Йесойы дзуттӕгты къухмӕ кӕй радта, цӕмӕй йӕ байтыгътаиккой. Кӕд Фыстад бӕлвырд не ’мбарын кӕны, алыхуызон рӕстӕг амынд дзы цӕмӕн ӕрцыд, уый, уӕддӕр цалдӕр хъуыддаджы фӕрцы бамбарӕн ис, афтӕ цӕмӕн рауад: Йесойыл фӕстаг бон кӕцы сахат цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон цыппар Евангелийы дӕр ӕмхуызон сты. Алкӕцыйы дӕр фыст ис, сауджынтӕ ӕмӕ адӕмы хистӕр лӕгтӕ кӕй ӕрӕмбырд сты, куыддӕр ӕрбабон, афтӕ, ӕмӕ стӕй Йесойы кӕй акодтой ромаг хицау Понтий Пилатмӕ (Мф 27:1, 2; Мч 15:1; Лк 22:66–23:1; Ин 18:28). Матфей, Марк ӕмӕ Лука ныффысстой, Йесо хъӕдыл ауыгъд куы уыди, уӕд ӕхсӕзӕм сахатыл бӕстӕ ӕгасӕй дӕр кӕй баталынг, ӕмӕ афтӕ кӕй уыди «суанг фарӕстӕм сахатмӕ» (Матф. 27:45, 46; Мар. 15:33, 34; Лук. 23:44). Иу хъуыддаг ма зӕгъын хъӕуы, Йесойы цы рӕстӕг байтыгътой, уый тыххӕй. Адӕймаджы-иу ехсӕй кӕй фӕнадтой, уый хауди, хъӕдыл-иу ӕй кӕй байтыгътой, уыцы ӕфхӕрдмӕ. Хатт-иу адӕймаджы ахӕм над фӕкодтой, ӕмӕ-иу амард. Йесойы дӕр тынг кӕй фӕнадтой, ӕвӕццӕгӕн, ын йӕ хъизӕмӕртты хъӕд ӕндӕр адӕймагӕн уый тыххӕй ахӕссын кодтой (Лук. 23:26; Иоан. 19:17). Кӕд-иу ӕфхӕрд ехсӕй нӕмынӕй райдыдта, уӕд цасдӕр рӕстӕг хъуамӕ рацыдаид, цалынмӕ Йесойы хъӕдыл не ’рцауыгътой, уӕдмӕ. Афтӕ кӕй уыд, уый бӕрӕг у, Мф 27:26 ӕмӕ Мч 15:15 иумӕ фыст кӕй сты, кӕй йӕ фӕнадтой ӕмӕ йӕ хъӕдыл кӕй байтыгътой, уый. Уымӕ гӕсгӕ, Йесойы кӕд байтыгътой, уый тыххӕй Евангелиты фысджытӕ иу рӕстӕджы кой нӕ кӕнынц, уымӕн ӕмӕ дзы чидӕр рӕстӕг нымадта, куы йӕ фӕнадтой, уӕдӕй. Уый фӕрцы бамбарӕн ис, Пилатмӕ диссаг цӕмӕн фӕкаст, Йесойы куы байтыгътой, уӕд афтӕ тагъд кӕй амард, уый (Мч 15:44). Стӕй ма Библийы фысджытӕ рӕстӕг нымадтой, уыцы заман куыд нымадтой, афтӕ: бон дӕр, ӕхсӕв куыд дих кодтой, афтӕ дих кодтой цыппар хайыл, ӕмӕ алы хайы дӕр уыди ӕртӕ сахаты. Уымӕй бӕрӕг у, Библийы арӕх ӕртыккаг, ӕхсӕзӕм кӕнӕ фарӕстӕм сахаты кой кӕй фӕцӕуы, ӕмӕ рӕстӕг кӕй нымадтой хурыскастӕй, райсомы иу-6 сахатӕй (Мф 20:1–5; Ин 4:6; Хъд 2:15; 3:1; 10:3, 9, 30). Адӕмӕн сӕ бон нӕ уыд рӕстӕг бӕлвырд зонын, уымӕ гӕсгӕ-иу загътой, уыцы сахатыл кӕнӕ уыцы сахатмӕ ’ввахс, зӕгъгӕ, уый бӕрӕг у Ин 19:14 стихӕй (Мф 27:46; Лк 23:44; Ин 4:6; Хъд 10:3, 9). Уӕдӕ Марк, ӕвӕццӕгӕн, рӕстӕг нымадта, Йесойы нӕмын куы райдыдтой ӕмӕ йӕ куы байтыгътой, уӕдӕй, Иоанн та, ӕвӕццӕгӕн, нымадта, хъӕдыл ӕй куы байтыгътой, уӕдӕй. Дыууӕйӕ дӕр рӕстӕг нымадтой, хабар цы сахатмӕ ӕввахс ӕрцыд, уыцы рӕстӕгӕй, Иоанн дӕр афтӕ уымӕн ныффыста, «сахатмӕ ’ввахс», зӕгъгӕ. Уый фӕрцы бамбарӕн ис, алы рӕстӕджы кой цӕмӕн кӕнынц, уый. Иоанн йӕ Евангели бирӕ фӕстӕдӕр кӕй ныффыста ӕмӕ дзы ӕндӕр рӕстӕджы кой кӕй кӕны, уый бӕлвырд кӕны, Иоанн йӕ чиныг Марчы Евангелийӕ кӕй нӕ рафыста.

(Марчы 16:8, фип.) Ӕмӕ куыддӕр зӕппадзӕй рацыдысты, афтӕ лидзынмӕ фесты, уымӕн ӕмӕ фыртӕссӕй ӕмӕ фырдиссагӕй сӕхи дӕр нал ӕмбӕрстой. Ӕмӕ никӕмӕн ницы радзырдтой, уымӕн ӕмӕ сӕ тас бацыд.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мч 16:8 стихмӕ

уымӕн ӕмӕ сӕ тас бацыд Рагон къухфыстытӕм гӕсгӕ Марчы Евангели фӕуд кӕны 16 сӕры 8 стихы ныхӕстӕй. Иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ ма дзы цыдӕр фыст хъуамӕ уыдаид, цӕмӕй йӕ кӕрон лӕгъздӕр уыдаид. Фӕлӕ Марк хабӕрттӕ цыбыртӕй кӕй фыста, уымӕ гӕсгӕ уыцы хъуыды раст нӕу. Стӕй цыппӕрӕм ӕнусы ахуыргӕндтӕ Евсеви ӕмӕ Иероним дӕр дзырдтой, Марчы чиныджы фӕстаг ныхӕстӕ кӕй сты «ӕмӕ сӕ тас бацыд».

Грекъаг къухфыстытӕй ӕмӕ тӕлмацтӕй иуӕй-иуты 8 стихы фӕстӕ ис даргъ кӕронбӕттӕн кӕнӕ цыбыр кӕронбӕттӕн. Даргъ кӕронбӕттӕн (ис дзы 12 стихы) ӕмбӕлы Александриаг кодексы, Ефремы ӕмӕ Безӕйы кодексты (Кембриджы кодекс), фыст ӕрцыдысты нӕ эрӕйы 5 ӕнусы. Стӕй ма ӕмбӕлы латинаг Вульгатӕйы, Кьюртойнаг сириаг къухфысты ӕмӕ сириаг Пешиттӕйы. Фӕлӕ даргъ кӕронбӕттӕн не ’мбӕлы рагондӕр къухфыстытӕй дыууӕйы, 4 ӕнусы фыст грекъаг къухфыстыты – Синайы кодексы ӕмӕ Ватиканы кодексы ӕмӕ 4 кӕнӕ 5 ӕнусы фыст Синайаг сириаг къухфысты, йе та 5 ӕнусы фыст Марчы чиныг коптаг ӕвзагыл саидаг ныхасыздӕхтыл. Ӕппӕты рагондӕр къухфыстыты сомихаг ӕмӕ гуырдзиаг ӕвзӕгтыл Марчы Евангели фӕуд кӕны 8 стихӕй.

Фӕстӕдӕр ӕнусты грекъаг ӕвзагыл цы къухфыстытӕ ӕмӕ тӕлмацтӕ фӕзынд, уыдоны иуӕй-иу ӕвзӕгты ис цыбыр кӕронбӕттӕн (ис дзы ӕрмӕст дыууӕ хъуыдыйады). Паддзахы кодексы (фыст ӕрцыд нӕ эрӕйы 8 ӕнусы) ис цыбыр кӕронбӕттӕн ӕмӕ даргъ кӕронбӕттӕн. Алы кӕронбӕттӕны размӕ дӕр дзы фыст ис, кӕмыты ма ӕмбӕлы, уый, фӕлӕ дзы иу ран дӕр фыст нӕй, уыдонӕй искӕцы ӕууӕнчы аккаг у, ӕви нӕ.

ЦЫБЫР КӔРОНБӔТТӔН

Мч 16:8 стихы фӕстӕ цы цыбыр кӕронбӕттӕн ис, уый Хуыцауы комытӕфӕй фыст нӕу. Фыст дзы ис:

Ӕмӕ сын цы бафӕдзӕхста, уый цыбыртӕй радзырдтой Петрӕн ӕмӕ, йемӕ чи уыд, уыдонӕн. Ӕппӕт уыцы хабӕртты фӕстӕ сын Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ хӕссой ӕнусон ирвӕзындзинады сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕивгӕ хабар.

ДАРГЪ КӔРОНБӔТТӔН

Мч 16:8 стихы фӕстӕ цы даргъ кӕронбӕттӕн ис, уый Хуыцауы комытӕфӕй фыст нӕу. Фыст дзы ис:

9 Къуырийӕн йӕ фыццаг бон сӕумӕраджы Йесо куы райгас, уӕд фыццаг фӕзынд Марийӕ Магдалинӕмӕ, авд дӕлимоны кӕмӕй расырдта, уымӕ. 10 Уый ацыд ӕмӕ хабар радзырдта Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон хъыг кодтой ӕмӕ куыдтой. 11 Фӕлӕ, Йесо кӕй райгас ӕмӕ йӕ Марийӕ кӕй федта, уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ нӕ бауырныдта. 12 Уый фӕстӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйӕ хъӕумӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд сӕм Йесо йӕхи равдыста ӕндӕр хуызы ӕмӕ дарддӕр семӕ ацыд. 13 Уыдон фӕстӕмӕ раздӕхтысты ӕмӕ хабар радзырдтой иннӕтӕн дӕр. Фӕлӕ адоныл дӕр нӕ баууӕндыдысты. 14 Ӕппынфӕстаг фӕзынд йӕ иуӕндӕс ахуыргӕнинагмӕ сӕхимӕ дӕр, фынгыл куы бадтысты, уӕд. Ӕмӕ сын бауайдзӕф кодта, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыди, хъӕбӕрзӕрдӕ кӕй разындысты ӕмӕ йӕ йӕ райгасы фӕстӕ чи федта, уыдоныл кӕй нӕ баууӕндыдысты, уый тыххӕй. 15 Ӕмӕ сын загъта: «Цӕут ӕмӕ ӕрзилут ӕгас дунейыл ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнут ӕппӕт адӕмӕн дӕр. 16 Чи баууӕнда ӕмӕ донаргъуыд чи райса, уый фервӕздзӕн. Чи нӕ баууӕнда, уый та ӕрцӕудзӕн тӕрхонгонд. 17 Уырнджытӕ та ӕвдисдзысты ахӕм диссӕгтӕ: мӕ номӕй сурдзысты дӕлимонты, дзурдзысты ӕндӕр ӕвзӕгтыл, 18 кӕлмыты исдзысты сӕ къухтӕм ӕмӕ, марг куы бануазой, уӕд дӕр сын ницы уыдзӕн. Сӕ къухтӕ ӕвӕрдзысты рынчынтыл, ӕмӕ-иу рынчынтӕ сдзӕбӕх уыдзысты».

19 Хицау Йесо семӕ ныхас куы фӕци, уӕд уӕларвмӕ ацыд ӕмӕ Хуыцауы рахиз фарс ӕрбадт. 20 Ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ацыдысты ӕмӕ алы ран хъусын кодтой хорз хабар. Хицау сын ӕххуыс кодта, ӕмӕ цӕмӕй, цы хабар хъусын кодтой, ууыл баууӕндыдаиккой, уый тыххӕй ӕвдыста диссӕгтӕ.

Библийӕ бакӕсинаг

(Марчы 15:1–15) Куыддӕр ӕрбабон, афтӕ сауджынты хистӕртӕ, хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ – иудзырдӕй, Сӕйраг тӕрхондон ӕгасӕй дӕр – ӕрӕмбырд сты ӕмӕ бауынаффӕ кодтой. Ӕмӕ уый фӕстӕ Йесойы сбастой, акодтой йӕ ӕмӕ йӕ Пилаты къухмӕ радтой. 2 Гъемӕ йӕ Пилат бафарста: «Ды дзуттӕгты паддзах дӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс». 3 Фӕлӕ йӕ сауджынты хистӕртӕ райдыдтой бирӕ хъуыддӕгты аххосджын кӕнын. 4 Ӕмӕ та йӕ уӕд Пилат ногӕй бафарста: «Ницы дзурыс? Кӕс-ма, дӕ ныхмӕ цас цыдӕртӕ дзурынц». 5 Фӕлӕ йын Йесо ницыуал загъта, ӕмӕ Пилат дисы бафтыд. 6 Пилатмӕ ахӕм ӕгъдау уыди, ӕмӕ-иу уыцы бӕрӕгбоны рауагъта иу ахст лӕджы – адӕм-иу ӕм кӕй тыххӕй бахатыдысты, уый. 7 Уыцы рӕстӕг ахӕстоны бадтис иу лӕг, хуыдтой йӕ Вараввӕ, йемӕ ма бадт ӕндӕр змӕнтджытӕ дӕр. Бадгӕ та уый тыххӕй кодтой, ӕмӕ змӕсты рӕстӕг кӕйдӕр амардтой. 8 Гъемӕ адӕм ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Пилатӕй курын райдыдтой, цӕмӕй та уыцы хатт дӕр, цы ӕгъдау ӕм уыди, уымӕ гӕсгӕ бакодтаид. 9 Ӕмӕ сӕ уӕд Пилат бафарста: «Фӕнды уӕ, ӕмӕ уын уӕ паддзахы рауадзон?» 10 Афтӕ сӕ уымӕн бафарста, ӕмӕ йӕ зыдта, сауджынты хистӕртӕ йын Йесойы йӕ къухмӕ уый тыххӕй кӕй радтой, ӕмӕ йӕм хӕлӕг кодтой. 11 Фӕлӕ сауджынты хистӕртӕ адӕмы сардыдтой, зӕгъгӕ, дзурут, цӕмӕй уын Йесойы бӕсты Вараввӕйы рауадза. 12 Ӕмӕ та сӕ уӕд Пилат бафарста: «Дзуттӕгты паддзах кӕй хонут, уымӕн та куыд бакӕнон?» 13 Уыдон ногӕй ныхъхъӕр кодтой: «Хъӕдыл ӕй байтындз!» 14 Фӕлӕ та сӕ Пилат бафарста: «Цӕмӕн? Ӕвзӕрӕй цы ракодта?» Фӕлӕ уыдон ноджы тынгдӕр хъӕр кӕнын райдыдтой: «Хъӕдыл ӕй байтындз!» 15 Уӕд Пилат, адӕмы ӕрсабыр кӕныны тыххӕй, Вараввӕйы рауагъта. Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй йӕ хъӕдыл байтыгътаиккой.

11–17 ИЮНЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛУКАЙЫ 1

«Марийӕйау сӕрныллӕг ут»

(Лукайы 1:38) Уӕд Марийӕ загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕйы цагъар. Мӕн тыххӕй куыддӕриддӕр загътай, афтӕ уӕд». Ӕмӕ уӕд зӕд ацыд.

ia 149 ф., 12 абз.

«Ӕз дӕн Йегъовӕйы цагъар»

12 Марийӕ Гавриилӕн цы дзуапп радта, уымӕй бӕрӕг у, куыд сӕрныллӕг ӕмӕ коммӕгӕс уыд, уый: «Ӕз дӕн Йегъовӕйы цагъар. Мӕн тыххӕй куыддӕриддӕр загътай, афтӕ уӕд» (Лук. 1:38). Цагъар-иу уыд лӕггадгӕнджытӕй се ’ппӕтӕй къаддӕр, стӕй-иу йӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыд йӕ хицауы къухы. Ӕмӕ Марийӕ йӕхи нымадта ахӕм цагъарыл ӕмӕ йӕхи бакодта йӕ Хицау Йегъовӕйы бар. Марийӕ зыдта, Йегъовӕйы къухы йын тӕссаг кӕй ницӕмӕй у. Зыдта ма уый дӕр, ӕмӕ Йегъовӕ алкӕддӕр иузӕрдион кӕй вӕййы, иузӕрдион ыл чи у, уыдоныл, ӕмӕ уыцы зын хӕс сӕххӕст кӕныныл ӕппӕт удӕй куы архайа, уӕд ын кӕй арфӕ кӕндзӕн (Пс. 18:25)

(Лукайы 1:46–55) Ӕмӕ Марийӕ загъта: «Мӕ уд бӕрзонд кӕны Йегъовӕйы, 47 ӕмӕ куыннӕ цин кӕна мӕ зӕрдӕ мӕ Хуыцауыл, мӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл! 48 Ӕз ницы дӕн, фӕлӕ уый ӕркаст йӕ цагъармӕ. Ӕмӕ мӕ нырӕй фӕстӕмӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ адӕм хондзысты амондджын, 49 уымӕн ӕмӕ мын Ӕппӕтхъомысджын сарӕзта ахӕм стыр хорздзинӕдтӕ. Сыгъдӕг у йӕ ном! 50 Чи дзы тӕрсы, уыдон фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ хайджын сты йӕ хорзӕхӕй. 51 Йӕ цонджы хъаруйӕ сарӕзта стыр хъуыддӕгтӕ. Хъалзӕрдӕ чи у, уыдоны алырдӕмты ныппырх кодта. 52 Барджынты сӕ бынӕттӕй раппӕрста ӕмӕ мӕгуырты сбӕрзонд кодта. 53 Ӕххормӕгты хорздзинӕдтӕй бафсӕста, хъӕздгуыты та ӕнӕ ницӕмӕй арвыста. 54 Ӕрцыд ӕххуысмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ, Израилмӕ, цӕмӕй йын равдиса, кӕй дзы нӕ ферох йӕ зӕрдӕвӕрд, зӕгъгӕ, мӕ хорзӕхӕй ӕнустӕм хайджын уыдзысты 55 Авраам ӕмӕ йӕ байзӕддаг – нӕ фыдӕлтӕн куыд загъта, афтӕ».

ia 150, 151 фф., 15, 16 абз.

«Ӕз дӕн Йегъовӕйы цагъар»

15 Ныр та Марийӕ райдыдта дзурын. Йӕ ныхӕстӕ йын иууылдӕр Хуыцау йӕ Ныхасы ныффыссын кодта. (Бакӕс Лукайы 1:46–55.) Библийы Марийӕйы ныхӕстӕ кӕм ис фыст, уыцы скъуыддзӕгтӕй ай у ӕппӕты стырдӕр, ӕмӕ дзы бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн, цавӕр адӕймаг уыди, уый тыххӕй. Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, куыд бузныг уыди Йегъовӕйӕ, ахӕм стыр кады аккаг ӕй кӕй скодта, цӕмӕй Мессийӕйы мад уыдаид. Стӕй ма дзы фенӕн ис, цы фидар уырнындзинады хицау уыди, уый дӕр – Марийӕ дзуры, барджынты ӕмӕ, хъалзӕрдӕ чи у, уыдоны Йегъовӕ кӕй ӕрныллӕг кӕны, мӕгуыр чи у ӕмӕ йӕ зӕрдӕйӕ чи агуры, уыдоны та кӕй сбӕрзонд кӕны. Фенӕн ма дзы ис, Хуыцауы Ныхас куыд хорз зыдта, уый дӕр. Иртасджытӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Дзуттаг Фыстытӕй ӕрхаста 20 хъуыдыйӕ фылдӕр!

16 Куыд уынӕм, афтӕмӕй Марийӕ Хуыцауы Ныхасыл арф хъуыды кодта ӕмӕ йӕ бон уыдаид, цы зыдта, уымӕ гӕсгӕ йӕхи хъуыдытӕ зӕгъын дӕр. Фӕлӕ уый уыд сӕрныллӕг адӕймаг ӕмӕ йӕхи хъуыдыты бӕсты дзырдта комкоммӕ Фыстадӕй. Ӕмӕ, йӕ гуыбыны кӕй хаста, уыцы фырт дӕр фӕстӕдӕр раст ахӕм зондыл хӕст уыди. Уый афтӕ дзырдта: «Ӕз цӕуыл ахуыр кӕнын, уый мӕхицӕй нӕу, фӕлӕ мӕ чи рарвыста, уымӕй» (Иоан. 7:16). Хорз уаид, махӕй дӕр алчидӕр куы ахъуыды кӕнид: «Ӕз дӕр Хуыцауы Ныхасӕн афтӕ аргъ кӕнын ӕмӕ йӕ афтӕ бӕрзонд ӕвӕрын? Ӕви мӕм мӕхи хъуыдытӕ хуыздӕр ӕмӕ растдӕр фӕкӕсынц?» Ацы хъуыддаджы нӕ бон у Марийӕйы бафӕзмын.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Лукайы 1:69) Йӕ лӕггадгӕнӕг Давиды хӕдзарвӕндагӕй нын радта домбай ирвӕзынгӕнӕджы.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 1:69 стихмӕ (фип.)

ирвӕзындзинады сыкъа Кӕнӕ «хъомысджын ирвӕзынгӕнӕг». Библийы цӕрӕгойты сыкъатӕ арӕх фӕамонынц тыхмӕ ӕмӕ уӕлахиздзинадмӕ (1См 2:1; Пс 75:4, 5, 10; 148:14). Стӕй ма фӕамонынц паддзӕхтӕм (рӕстгӕнджытӕм дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕм дӕр); сӕ уӕлахиздзинӕдтӕ барст фӕцӕуынц, цӕрӕгой йӕ сыкъатӕй кӕйдӕр куыд ныццӕвы, уыимӕ (Д.з 33:17; Дан 7:24; 8:2–10, 20–24). Ацы стихы дзырдбаст «ирвӕзындзинады сыкъа» амоны Мессийӕмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕм ис ирвӕзын кӕныны тых.

(Лукайы 1:76) Дӕу та, мӕ хъӕбул, хондзысты Иунӕг Стыр Хуыцауы пехуымпар, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы разӕй ацӕудзынӕ, цӕмӕй йын фӕндаг ӕрцӕттӕ кӕнай.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 1:76 стихмӕ

Йегъовӕйы разӕй ацӕудзынӕ Аргъауӕг Иоанн хъуамӕ Йесойӕн фӕндаг ӕрцӕттӕ кодтаид. Йесо та хъуамӕ зӕхмӕ ӕрцыдаид йӕ Фыды номӕй ӕмӕ адӕмӕн йӕ Фыды тыххӕй фехъусын кодтаид (Ин 5:43; 8:29).

Библийӕ бакӕсинаг

(Лукайы 1:46–66) Ӕмӕ Марийӕ загъта: «Мӕ уд бӕрзонд кӕны Йегъовӕйы, 47 ӕмӕ куыннӕ цин кӕна мӕ зӕрдӕ мӕ Хуыцауыл, мӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл! 48 Ӕз ницы дӕн, фӕлӕ уый ӕркаст йӕ цагъармӕ. Ӕмӕ мӕ нырӕй фӕстӕмӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ адӕм хондзысты амондджын, 49 уымӕн ӕмӕ мын Ӕппӕтхъомысджын сарӕзта ахӕм стыр хорздзинӕдтӕ. Сыгъдӕг у йӕ ном! 50 Чи дзы тӕрсы, уыдон фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ хайджын сты йӕ хорзӕхӕй. 51 Йӕ цонджы хъаруйӕ сарӕзта стыр хъуыддӕгтӕ. Хъалзӕрдӕ чи у, уыдоны алырдӕмты ныппырх кодта. 52 Барджынты сӕ бынӕттӕй раппӕрста ӕмӕ мӕгуырты сбӕрзонд кодта. 53 Ӕххормӕгты хорздзинӕдтӕй бафсӕста, хъӕздгуыты та ӕнӕ ницӕмӕй арвыста. 54 Ӕрцыд ӕххуысмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ, Израилмӕ, цӕмӕй йын равдиса, кӕй дзы нӕ ферох йӕ зӕрдӕвӕрд, зӕгъгӕ, мӕ хорзӕхӕй ӕнустӕм хайджын уыдзысты 55 Авраам ӕмӕ йӕ байзӕддаг – нӕ фыдӕлтӕн куыд загъта, афтӕ». 56 Марийӕ Елизаветӕимӕ фӕци ӕртӕ мӕйы бӕрц, стӕй уӕд сӕхимӕ рацыд. 57 Уӕдмӕ Елизаветӕйӕн йӕ арыны афон ӕрхӕццӕ ӕмӕ йын райгуырд лӕппу. 58 Йӕ сыхӕгтӕ ӕмӕ йӕ хиуӕттӕ фехъуыстой, Йегъовӕ йӕм афтӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй разынд, ӕмӕ йемӕ цин кодтой. 59 Ӕстӕм бон та сӕм ӕрбацыдысты сывӕллонӕн сунӕт кӕнынмӕ, ӕмӕ сӕ фӕндыд ноггуырдыл йӕ фыды ном сӕвӕрын, ома Захари. 60 Фӕлӕ сын мад загъта: «Нӕ, нӕ! Йӕ ном Иоанн уыдзӕн». 61 Уыдон та йын афтӕ бакодтой: «Уӕ хиуӕттӕй ахӕм ном куы никӕмӕн ис». 62 Уӕд фыдӕн, къухтӕй амонгӕйӕ, бамбарын кодтой, зӕгъгӕ, дӕу та куыд фӕнды, куыд ӕй схонӕм. 63 Уый сын ӕрбахӕссын кодта фӕйнӕджы гӕбаз ӕмӕ йыл ныффыста: «Йӕ ном у Иоанн». Уӕд се ’ппӕт дӕр дисы бафтыдысты. 64 Тӕккӕ уыцы сахат Захарийӕн йе ’взаг райхӕлд, ӕмӕ сдзырдта ӕмӕ райдыдта Хуыцауӕн арфӕ кӕнын. 65 Сӕ сыхӕгты та се ’ппӕты дӕр тас бацыд. Ӕмӕ хӕхбӕсты, ӕгас Иудейӕйы, ӕндӕр дзырд нал кодтой. 66 Хабар чидӕриддӕр фехъуыста, уыдон ӕй сӕ зӕрдыл бадардтой ӕмӕ дзырдтой: «Цымӕ ацы сывӕллон чи уыдзӕн?» Бӕрӕг уыди, Йегъовӕ йемӕ кӕй ис.

18–24 ИЮНЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛУКАЙЫ 2, 3

«Ӕрыгӕттӕ, Йегъовӕимӕ уӕ хӕлардзинад фидардӕр кӕнут?»

(Лукайы 2:41, 42) Йӕ ныййарджытӕ алы аз дӕр цыдысты Иерусалиммӕ Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ. 42 Йесойыл дыууадӕс азы куы цыди, уӕд дӕр та бӕрӕгбоны ӕгъдаумӕ гӕсгӕ уырдӕм ацыдысты.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 2:41 стихмӕ

йӕ ныййарджытӕ алы аз дӕр цыдысты Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ ӕнӕмӕнг нӕ уыд, цӕмӕй-иу сылгоймӕгтӕ дӕр Куадзӕн бӕрӕг кӕнынмӕ ацыдаиккой. Фӕлӕ-иу Марийӕ алы аз дӕр Иосифимӕ Иерусалиммӕ бӕрӕгбонмӕ ацыд, кӕд ын сывӕллӕттимӕ фӕндагыл ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр (Рц 23:17; 34:23). Дыууӕрдӕм сӕ цӕуын хъуыд 300 километры.

(Лукайы 2:46, 47) ӕмӕ йӕ ӕртӕ боны фӕстӕ ссардтой кувӕндоны – уым ахуыргӕнджыты ’хсӕн бадт ӕмӕ сӕм хъуыста ӕмӕ сӕм фарстатӕ лӕвӕрдта. 47 Чи йӕм хъуыста, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ дисӕн кӕрон нал уыд, куыд ӕмбаргӕ у ӕмӕ цы дзуаппытӕ дӕтты, зӕгъгӕ.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 2:46, 47 стихтӕм

ӕмӕ сӕм фарстатӕ лӕвӕрдта Йесо хуымӕтӕг фарстатӕ кӕй нӕ лӕвӕрдта, уый бӕрӕг уыд, чи йӕм хъуыста, уыдон кӕй дис кодтой, уымӕй (Лк 2:47). «Фарстатӕ лӕвӕрдта» цы грекъаг дзырдӕй ратӕлмац кодтой, уый иуӕй-иу хатт контекстмӕ гӕсгӕ фӕхауы, тӕрхоны рӕстӕг кӕй фӕдӕттынц, ахӕм фарстатӕм (Мф 27:11; Мч 14:60, 61; 15:2, 4; Хъд 5:27). Историктӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй-иу бӕрӕгбӕтты фӕстӕ зындгонд дины разамонджытӕй чидӕртӕ кувӕндоны баззадысты ӕмӕ-иу мидӕггаг кӕрты адӕмы ахуыр кодтой. Адӕм-иу сӕ къӕхты раз бадтысты, хъуыстой-иу сӕм ӕмӕ-иу сӕм фарстатӕ лӕвӕрдтой.

сӕ дисӕн кӕрон нал уыд «Дис кӕнынӕй» цы грекъаг мивдисӕг ратӕлмац кодтой, уый амоны, йӕ алы ныхасыл дӕр ын кӕй дис кодтой.

(Лукайы 2:51, 52) Ӕмӕ семӕ рацыд ӕмӕ ӕрцыдысты Назаретмӕ, ӕмӕ сын уыд коммӕгӕс. Йӕ мад та уыцы ныхӕстӕ иууылдӕр йӕ зӕрдыл бадардта. 52 Йесо та зондджынӕй-зондджындӕр кодта ӕмӕ рӕзыд Хуыцауӕн ӕмӕ адӕмӕн уарзонӕй.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 2:51, 52 стихтӕм

уыд коммӕгӕс Кӕнӕ «дарддӕр дӕр хъуыста». Ацы дзырдбаст цы грекъаг мивдисӕгӕй ратӕлмац кодтой, уый амоны дӕргъвӕтин архайдмӕ. Йесо Хуыцауы Ныхас куыд зыдта, уымӕй кувӕндоны ахуыргӕнджыты дисы куы бафтыдта, уӕд хӕдзармӕ ӕрыздӕхт ӕмӕ сӕрныллӕгӕй йӕ ныййарджыты коммӕ каст. Коммӕгӕс кӕй уыд, уый ахсджиаг уыд; афтӕмӕй Моисейы закъон сӕххӕст кодта (Рц 20:12; Га 4:4).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Лукайы 2:14) Кад уӕлӕрвты бӕрзондылбадӕг Хуыцауӕн! Зӕххыл та, йӕ хорзӕх кӕй ис, уыцы адӕмы ’хсӕн фарн!

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 2:14 стихмӕ

йӕ хорзӕх кӕй ис, уыцы адӕмы ’хсӕн фарн Иуӕй-иу къухфыстытӕм гӕсгӕ, уыцы ныхӕстӕ ис афтӕ ратӕлмац кӕнӕн дӕр, «зӕххыл фӕрнджын уӕнт, Хуыцау кӕуыл ауды, уыдон», зӕгъгӕ, ӕмӕ йын ахӕм хъуыды ис иуӕй-иу тӕлмацты. Фӕлӕ «Ног дунейы тӕлмац»-ыл куы куыстой, уӕд пайда кодтой ӕппӕты рагондӕр къухфыстытӕй. Зӕдтӕ цы ныхӕстӕ загътой, уыдон адӕммӕ се ’ппӕтмӕ нӕ хауынц, сӕхи куыдфӕнды ма дарой ӕмӕ сын цавӕрфӕнды зондахаст ма уа, уӕддӕр. Фӕлӕ хауынц, Хуыцауыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи ӕууӕнды ӕмӕ йӕ Фырты фӕдыл чи цӕуы ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ зӕрдӕ чи рухс кӕны, уыдонмӕ.

йӕ хорзӕх кӕй ис, уыцы адӕмы Грекъаг дзырд эудоки́а ацы стихы ратӕлмац кодтой «хорзӕх», зӕгъгӕ, фӕлӕ ма йӕ ис ратӕлмац кӕнӕн «фӕнд, райгонд, хорзӕх». Зӕдтӕ цы ныхӕстӕ загътой, уыдон ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ Хуыцауы хорзӕхӕй адӕм се ’ппӕт дӕр хайджын сты. Уыцы ныхӕстӕ хауынц, Хуыцауыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи ӕууӕнды ӕмӕ йӕ Фырты фӕдыл чи цӕуы ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ зӕрдӕ чи рухс кӕны, уыдонмӕ. Иуӕй-иу хатт грекъаг дзырд эудоки́а фӕамоны адӕмы хорзӕхмӕ (Ро 10:1; Фп 1:15). Арӕхдӕр фӕамоны Хуыцауы хорзӕхмӕ кӕнӕ, райгонд кӕй вӕййы, уымӕ (Мф 11:26; Лк 10:21; Еф 1:5, 9; Фп 2:13; 2Фс 1:11). Септуагинтӕйы Пс 51:18 (50:20, LXX) стихы дзырд цӕуы Хуыцауы хорзӕхыл.

(Лукайы 3:23) Йесо йӕ хъуыддагмӕ куы бавнӕлдта, уӕд ыл цыди ӕртын азмӕ ’ввахс. Ӕмӕ куыд дзырдтой, афтӕмӕй уыд Иосифы фырт, Иосиф та уыд Илийы фырт.

bp170 9 ф., 1–3 абз.

Зыдтай йӕ?

Иосифы фыд чи уыди?

Иосиф, хъӕддӕсны Назаретӕй, уыд Йесо Чырыстийы кӕнгӕ фыд. Фӕлӕ Иосифы фыд та чи уыд? Матфейы Евангелийы Йесойы хӕдзарвӕндаджы номхыгъды фыст ис, зӕгъгӕ, Иосиф уыди Иаковы фырт, Лука та йӕ хоны Илийы фырт. Цымӕ афтӕ цӕмӕн у? (Лукайы 3:23; Матфейы 1:16).

Матфей ныффыста: «Иаковӕн райгуырд Иосиф». Ам Матфей цы грекъаг дзырдӕй спайда кодта, уый амоны, Иаков кӕй уыд Иосифы ныййарӕг фыд. Уӕдӕ Матфей Иосифы хӕдзарвӕндаджы номхыгъд ныффыста фыдӕй фыртмӕ. Уый уыди паддзах Давиды хӕдзарвӕндаджы байзӕддӕгты номхыгъд ӕмӕ закъонмӕ гӕсгӕ Иосифы кӕнгӕ фырт Йесойӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй паддзахбадӕныл ӕрбадтаид.

Лукайы Евангелийы та фыст ис: «Иосиф... уыд Илийы фырт». Дзырд «фырт», гӕнӕн ис, ӕмӕ нысан кӕна «сиахс» дӕр. Уыцы дзырдӕн ма ахӕм нысаниуӕг ис Лукайы 3:27 стихы дӕр. Уым фыст ис, Йехонийы фырт Салафиил кӕй уыд «Нирийы фырт» (1 Азфыстыты 3:17; Матфейы 1:12). Салафиил ракуырдта Нирийы чызджы ӕмӕ сси йӕ сиахс. Иосиф дӕр Илийы «фырт» уыцы хуызы уыди, ӕмӕ йӕ ус уыд Илийы чызг Марийӕ. Уӕдӕ Лука Йесойы хӕдзарвӕндаджы номхыгъд ныффыста, йӕ ныййарӕг мад Марийӕ «туг ӕмӕ стӕгӕй» кӕй байзӕддаг уыди, уыдоны номхыгъдмӕ гӕсгӕ (Ромӕгтӕм 1:3). Куыд федтам, афтӕмӕй Библийы Йесойӕн ис дыууӕ хӕдзарвӕндаджы номхыгъды.

Библийӕ бакӕсинаг

(Лукайы 2:1–20) Уыцы рӕстӕг Ромы паддзах Августӕй рацыд бардзырд, цӕмӕй, уыцы паддзахады цы адӕм цард, уыдон иууылдӕр сӕхи ныффыстаиккой. 2 Ацы хабар уыди фыццаг хатт, скодтой йӕ, Сирийы бӕстӕйы хицау Квириний куы уыд, уӕд. 3 Ӕмӕ алчидӕр йӕхи ныффыссынмӕ ацыд, цы горӕты райгуырд, уырдӕм. 4 Гъемӕ Иосиф дӕр рараст Галилейӕйӕ, горӕт Назаретӕй, ӕмӕ ӕрцыд Иудейӕмӕ, Давиды горӕт Вифлееммӕ, уымӕн ӕмӕ уыди Давиды мыггаг ӕмӕ хӕдзарвӕндагӕй. 5 Йемӕ ракодта Марийӕйы дӕр, цӕмӕй сӕхи ныффыстаиккой. Уӕдмӕ Марийӕйы ракуырдта, ӕмӕ йын тагъд хъуамӕ сывӕллон райгуырдаид. 6 Вифлеемы куы уыдысты, уӕд Марийӕйӕн ӕрцыд йӕ арыны афон, 7 ӕмӕ йын райгуырд лӕппу, йӕ фыццаг хъӕбул. Марийӕ йӕ батыхта ӕмӕ йӕ нывӕрдта кӕвдӕсы, уымӕн ӕмӕ, ӕхсӕвы кӕм ӕрлӕууыдаиккой, ахӕм бынат не ссардтой. 8 Уым быдыры цардысты фыййӕуттӕ ӕмӕ ӕхсӕвыгон хъахъхъӕдтой сӕ дзугтӕ. 9 Ӕмӕ ӕваст сӕ разы февзӕрд Йегъовӕйы зӕд, ӕмӕ Йегъовӕйы кадӕй сӕ алыварс бӕстӕ ныррухс, ӕмӕ тынг фӕтарстысты. 10 Фӕлӕ сын зӕд загъта: «Ма тӕрсут. Ӕз уӕм ӕрхастон, ӕппӕт адӕмы зӕрдӕтӕ дӕр цинӕй чи байдзаг кӕндзӕн, ахӕм хорз хабар: 11 абон Давиды горӕты райгуырд уӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Хицау Чырысти! 12 Афтӕ кӕй у, уый базондзыстут уымӕй, ӕмӕ кӕвдӕсы, хӕцъилты тыхтӕй, ссардзыстут ноггуырд сывӕллоны». 13 Ӕмӕ ӕваст уыцы зӕды раз февзӕрд дуне зӕдтӕ ӕмӕ Хуыцауы кадджын кӕнын райдыдтой: 14 «Кад уӕлӕрвты бӕрзондылбадӕг Хуыцауӕн! Зӕххыл та, йӕ хорзӕх кӕй ис, уыцы адӕмы ’хсӕн фарн!» 15 Зӕдтӕ уӕларвмӕ куы аздӕхтысты, уӕд фыййӕуттӕ кӕрӕдзийӕн дзурын райдыдтой: «Рӕвдздӕр цомут Вифлееммӕ ӕмӕ, цы ’рцыд, Йегъовӕ нын цӕй тыххӕй фӕхабар кодта, уый фенӕм». 16 Гъемӕ уырдӕм атагъд кодтой ӕмӕ дзы ссардтой Марийӕ ӕмӕ Иосифы, ноггуырд та хуыссыд кӕвдӕсы. 17 Фыййӕуттӕ йӕ куы федтой, уӕд рахабар кодтой, сывӕллоны тыххӕй сын цы уыд загъд, уый. 18 Ӕмӕ цы радзырдтой, ууыл иууылдӕр тынг дис кодтой. 19 Марийӕ та сын сӕ ныхӕстӕ йӕ зӕрдыл бадардта ӕмӕ хъуыдытӕ кодта, уый цы уа, зӕгъгӕ. 20 Фыййӕуттӕ фӕстӕмӕ куы раздӕхтысты, уӕд Хуыцауы кадджын кодтой ӕмӕ йӕ бӕрзонд кодтой, уымӕн ӕмӕ, цы федтой ӕмӕ цы фехъуыстой,– ӕппӕт дӕр уыд, куыддӕриддӕр сын загъта, афтӕ.

25 ИЮНЫ – 1 ИЮЛЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛУКАЙЫ 4, 5

«Йесойау фӕлварӕнты фидар лӕуу»

(Лукайы 4:1–4) Йесо схайджын Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ Иорданы бӕстӕй ацыд. Ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тых ӕдзӕрӕг быдыры ракӕн-бакӕн кодта 2 цыппор боны. Уым ӕй Хӕйрӕг фӕлвӕрдта. Уыцы рӕстӕг Йесо ницы хордта, ӕмӕ цыппор боны куы аивгъуыдтой, уӕд сӕххормаг. 3 Ӕмӕ йын уӕд Хӕйрӕг загъта: «Кӕд Хуыцауы фырт дӕ, уӕд ацы дурӕн зӕгъ, ӕмӕ дзул феста». 4 Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Фыст у: „Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры“».

bw537 25 ф., 8 абз.

Ахъуыды кӕн, цавӕр адӕймаг хъуамӕ уай

8 Хӕйрӕг Йесойы ӕдзӕрӕг быдыры куы фӕлвӕрдта, уӕд дӕр спайда кодта уыцы мадзалӕй. Йесо 40 боны ӕмӕ 40 ӕхсӕвы куы ницы бахордта, уӕд ӕм Сайтан бацыд ӕмӕ йӕ фӕлварын райдыдта. Зыдта йӕ, Йесо ӕххормаг кӕй у, ӕмӕ йын загъта: «Кӕд Хуыцауы фырт дӕ, уӕд ацы дурӕн зӕгъ, ӕмӕ дзул феста» (Лук. 4:1–3). Йесойӕн йӕ бон уыд равзарын, йӕхи бафсадынӕн Хуыцауы лӕвӕрд тыхӕй спайда кӕна ӕви нӕ. Йесо зыдта, уыцы тых ын йӕ буары фӕндтӕ ӕххӕст кӕнынӕн лӕвӕрд кӕй нӕ уыд. Кӕд ӕххормаг уыди, уӕддӕр ын хӕринаг Йегъовӕйӕ сӕйрагдӕр нӕ уыд. Йесо Хӕйрӕгӕн загъта: «Фыст у: „Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр“» (Матф. 4:4; Лук. 4:4).

(Лукайы 4:5–8) Уӕд ӕй Хӕйрӕг скодта бӕрзонд ранмӕ ӕмӕ йын цӕстыфӕныкъуылдмӕ равдыста, зӕххыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдон, 6 ӕмӕ йын загъта: «Ӕппӕт ацы паддзахӕдтӕ дын сӕ кадимӕ ратдзынӕн, уымӕн ӕмӕ мӕнӕн лӕвӕрд сты, ӕмӕ мӕ кӕмӕн фӕнды, уымӕн сӕ дӕттын. 7 Куы мын бакувай, уӕд иууылдӕр уыдзысты дӕу». 8 Йесо та йын загъта: «Фыст у: „Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕн“».

bw537 25 ф., 10 абз.

Ахъуыды кӕн, цавӕр адӕймаг хъуамӕ уай

10 Хӕйрӕг Йесойы та куыд фӕлвӕрдта «цӕстыты монцты» фӕрцы? «Цӕстыфӕныкъуылдмӕ [йын] равдыста, зӕххыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдон, ӕмӕ йын загъта: „Ӕппӕт ацы паддзахӕдтӕ дын сӕ кадимӕ ратдзынӕн“» (Лук. 4:5, 6). Хӕйрӕг Йесойӕн ӕцӕгӕй ӕппӕт паддзахӕдтӕ нӕ фенын кодта, фӕлӕ йын цӕстылуайӕны равдыста сӕ кад. Ӕвӕццӕгӕн ӕм афтӕ каст, ӕмӕ, Йесо уыцы диссӕгтӕ куы фена, уӕд ын уый фӕлварӕн суыдзӕн. Гъемӕ йын афтӕ бакодта: «Куы мын бакувай, уӕд иууылдӕр уыдзысты дӕу» (Лук. 4:7). Йесойы нӕ фӕндыд, цӕмӕй дзы Хӕйрӕг цы ӕнхъӕл уыд, ӕцӕгӕй ахӕм разындаид. Уайтагъд ын дзуапп радта: «Фыст у: „Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕн“» (Лук. 4:8).

(Лукайы 4:9–12) Уӕд та йӕ Хӕйрӕг акодта Иерусалиммӕ, кувӕндоны алыварс цы къул уыди, уый сӕр ӕй ӕрлӕууын кодта ӕмӕ йын загъта: «Кӕд Хуыцауы фырт дӕ, уӕд дӕхи ардыгӕй аппар, 10 уымӕн ӕмӕ фыст у: „Йӕ зӕдтӕн дӕ бафӕдзӕхсдзӕн, цӕмӕй дӕ хъахъхъӕной“, 11 стӕй ма: „Сӕ къухтыл дӕ ахӕсдзысты, цӕмӕй дӕ къах дурыл ма скъуырай“». 12 Уӕд та йын Йесо загъта: «Афтӕ фыст у: „Ма фӕлвар дӕ Хуыцау Йегъовӕйы“».

nwtsty, видеоролик

Къул кувӕндоны алыварс

Хӕйрӕгӕн йӕ бон уыд Йесойы, «кувӕндоны алыварс цы къул уыд, уый сӕр [кӕнӕ кувӕндоны ӕппӕты бӕрзонддӕр ран]... ӕрлӕууын кӕнын» ӕмӕ йын зӕгъын, цӕмӕй уырдыгӕй йӕхи раппӕрстаид. Фӕлӕ Йесо кӕцы ран лӕууыдаид, уый бӕлвырд нӕу. «Кувӕндон», ӕвӕццӕгӕн, амоны кувӕндонмӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр. Чи зоны, Йесо лӕууыд (1) кувӕндоны хуссар-скӕсӕйнаг тигъыл. Чи зоны та ӕндӕр тигъыл лӕууыд. Йесо кувӕндоны сӕрӕй кӕцыфӕнды тигъӕй куы рагӕпп кодтаид, уӕддӕр ныппырх уыдаид, Йегъовӕ йӕ куы нӕ бахъахъхъӕдтаид, уӕд.

bw537 26 ф., 12 абз.

Ахъуыды кӕн, цавӕр адӕймаг хъуамӕ уай

12 Евӕйӕ уӕлдай Йесо равдыста диссаджы сӕрныллӕгдзинад. Хӕйрӕг архайдта, цӕмӕй Йесо иннӕты дисы бафтыдтаид ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы бафӕлвӕрдтаид. Уый та уыдаид сӕрбӕрзонддзинадыл дзурӕг! Фӕлӕ йын Йесо комкоммӕ ӕмӕ бӕлвырд загъта: «Афтӕ фыст у: „Ма фӕлвар дӕ Хуыцау Йегъовӕйы“». (Бакӕс Лукайы 4:9–12.)

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Лукайы 4:17) Радтой йӕм пехуымпар Исайы чиныджы тыхтон. Йесо йӕ райхӕлдта ӕмӕ дзы ссардта мӕнӕ ацы ныхӕстӕ:

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 4:17 стихмӕ

пехуымпар Исайы чиныджы тыхтон Мард денджызы цур ссардтой Исайы чиныджы тыхтон, арӕзт уыд 17 пергаментӕй, уыдысты кӕрӕдзийыл фидаргонд. Йӕ дӕргъ уыд 7,3 метры ӕмӕ дзы уыд 54 колонкӕйы. Ӕвӕццӕгӕн, Назареты кувӕндоны цы тыхтон уыд, уымӕн дӕр йӕ дӕргъ ахӕм уыд. Уыцы рӕстӕг текст сӕртӕ ӕмӕ стихтыл дих нӕ уыд, ӕмӕ Йесойӕн ӕнцон нӕ уыдаид, цы скъуыддзаг ӕй фӕндыд бакӕсын, уый ссарын. Фӕлӕ Йесо уыцы тыхтон куы райста, уӕд дзы уайтагъд ссардта, йӕхи тыххӕй дзы цы пехуымпарад уыд фыст, уый. Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Хуыцауы Ныхас хорз зыдта.

(Лукайы 4:25) Бауырнӕд уӕ, Илийайы заман арвӕй ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕг иу ӕртах дӕр куы не ’рхауд ӕмӕ ӕгас бӕстыл тынг ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд Израилы бирӕ идӕдз устытӕ цард.

nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Лк 4:25 стихмӕ

ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕг 1Пд 18:1 стихы фыст ис, Илийа кӕй загъта, «ӕртыккаг аз» къӕвда кӕй ӕруардзӕн. Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Йесойы ныхӕстӕ хицӕн кӕнынц, 1 Паддзӕхты цы фыст ис, уыцы ныхӕстӕй. Фӕлӕ Дзуттаг Фыстыты афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ хус рӕстӕг ӕртӕ азӕй къаддӕр уыд. Ныхӕстӕ «ӕртыккаг аз», ӕвӕццӕгӕн, амонынц, Илийа Ахавӕн хус рӕстӕджы тыххӕй фыццаг хатт куы фехъусын кодта, уыцы рӕстӕгмӕ (1Пд 17:1). Ӕвӕццӕгӕн, уый уыди, хус рӕстӕг куы райдыдта, уый фӕстӕ (арӕхдӕр-иу хус рӕстӕг ӕхсӕз мӕйы бӕрц ахаста, фӕлӕ уӕд фылдӕр рӕстӕг ахаста). Хус рӕстӕг нӕ фӕци, Илийа Ахавмӕ ногӕй куы ӕрбацыд, уыцы тӕккӕ, ома «ӕртыккаг аз». Фӕлӕ Кармилы хохы раз диссаджы хабар куы ӕрцыд, уӕд (1Пд 18:18–45). Йесо цы ныхӕстӕ загъта, стӕй Иак 5:17 стихы йе ’фсымӕр кӕй ныффыста, уыцы ныхӕстӕ нӕ хицӕн кӕнынц, 1Пд 18:1 стихы цы фыст ис, уымӕй.

Библийӕ бакӕсинаг

(Лукайы 4:31–44) Стӕй ӕрцыд Галилейӕмӕ, горӕт Капернауммӕ ӕмӕ уым сабаты адӕмы ахуыр кодта. 32 Ӕмӕ сӕ куыд ахуыр кодта, ууыл дисӕй мардысты, уымӕн ӕмӕ уый кодта барджын ныхас. 33 Уыцы рӕстӕг ӕмбырдгӕнӕны уыд, дӕлимон уӕгъд кӕй нӕ уагъта, ахӕм лӕг, ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: 34 «Цы дӕ хъӕуы махӕй, назаретаг Йесо? Уый тыххӕй ӕрцыдтӕ, ӕмӕ нӕ фесафай? Ӕз ӕй зонын, чи дӕ – ды дӕ Хуыцауӕй ӕрвыст». 35 Фӕлӕ йын Йесо карзӕй загъта: «Ныхъхъус у ӕмӕ дзы рацу!» Ӕмӕ уӕд дӕлимон лӕджы адӕмы астӕу зӕххыл ныццавта ӕмӕ дзы рацыд, ницы зиан ын ракодта, афтӕмӕй. 36 Адӕм уый куы федтой, уӕд сӕ дисӕн кӕрон нал уыд ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Ай цы уа? Уыцы барджынӕй ӕмӕ фидарӕй дӕлимонтӕн фӕзӕгъы, ӕмӕ адӕймагӕй рацӕуынц!» 37 Ӕмӕ ӕгас бӕстӕйы Йесойы тыххӕй кӕм нӕ фехъуыстой, ахӕм бынат нал баззад. 38 Ӕмбырдгӕнӕнӕй Йесо ацыд Симонтӕм. Симонӕн та йӕ усы мад уыди тыхст рынчын, йӕ тӕвд бӕрзонд уыд. Ӕмӕ йӕм бахатыдысты, баххуыс ын кӕн, зӕгъгӕ. 39 Уый дӕр йӕ уӕлхъус ӕрлӕууыд, йӕ низ ын фӕсырдта, ӕмӕ сылгоймагӕн йӕ тӕвд ӕрхауд. Ӕмӕ уайтагъд сыстад ӕмӕ сын лӕггад кӕнын райдыдта. 40 Хур куы акъул, уӕд, алыхуызон низӕй рынчынтӕ кӕмӕдӕриддӕр уыд, уыдон ӕм сӕ ӕрбакодтой. Ӕмӕ дзы алкӕуыл дӕр йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ сӕ сдзӕбӕх кодта. 41 Бирӕтӕй рацыд хӕйрӕджытӕ дӕр ӕмӕ хъӕр кодтой: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» Фӕлӕ сын Йесо карзӕй уайдзӕф кодта ӕмӕ сӕ дзурын нӕ уагъта, уымӕн ӕмӕ уыдон зыдтой, Чырысти кӕй у, уый. 42 Куы сбон, уӕд ӕддӕмӕ рахызт ӕмӕ хибар ранмӕ ацыд. Фӕлӕ йӕ адӕм агурын байдыдтой ӕмӕ, кӕм уыд, уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд ын райдыдтой дзурын, ма ацу, зӕгъгӕ. 43 Уый та сын загъта: «Иннӕ горӕтты дӕр мӕ хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн». 44 Гъемӕ ацыд ӕмӕ Иудейӕйы ӕмбырдгӕнӕнты хорз хабар хъусын кодта.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын