12 СӔР
Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ӕхцайӕ ӕххуыс кӕнӕм
ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔ хорз хабар хъусын кӕнынц «суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр», ӕмӕ афтӕмӕй ӕххӕст кӕнынц, Йесо фӕстаг бонты тыххӕй цы загъта, уый (Хъуыд. 1:8; Матф. 24:14). Уыцы хъуыддагыл барвӕндӕй хардз кӕнынц сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ. Уыдон Хуыцауы Паддзахад сӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрынц, уымӕн ӕмӕ йӕ фидарӕй зонынц, Йегъовӕ йе ’мкусджыты, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уымӕй цух кӕй нӕ ныууадздзӕн (Матф. 6:25–34; 1 Кор. 3:5–9). Уый фӕрцы сын бирӕ ӕнтысы, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ сын кӕй арфӕ кӕны ӕмӕ сӕ райгонд кӕй у.
ӔХХУЫС КӔНӔМ ӔППӔТДУНЕОН ХЪУЫДДАГӔН
2 Библитӕ ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ лӕвар кӕй дӕттӕм, уый адӕм куы фенынц, уӕд нӕ арӕх бафӕрсынц: «Уыйбӕрц ӕхца уӕм кӕцӕй цӕуы?» Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, литературӕ мыхуыр кӕнынӕн ӕхца хъӕуы. Цӕмӕй хорз хабар хъуыстгонд цӕуа, уый тыххӕй хъуамӕ чидӕр мыхуыргӕнӕн станоктыл куса, разамынд дӕтта ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ дӕр кӕна. Уыдӕттӕ фӕаразынц барвӕндон лӕггадгӕнджытӕ Вефилты, ӕмӕ Вефилты агъуыстытӕ аразынӕн ӕмӕ сӕм зилынӕн дӕр ӕхца хъӕуы. Стӕй ма ӕхцайӕ ӕххуыс кӕнын хъӕуы районон цӕстдарджытӕн, миссионертӕн, сӕрмагонд пионертӕн ӕмӕ ӕндӕр ахӕм лӕггадгӕнджытӕн, цӕмӕй сӕ бон уа ӕнӕкъуылымпыйӕ лӕггад кӕнын. Уӕдӕ цӕмӕй нӕ бӕстӕйы дӕр ӕмӕ ӕппӕт дунейы дӕр хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуа, уый тыххӕй хъӕуы бирӕ ӕхца. Ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕн нӕм ӕхца кӕцӕй цӕуы?
3 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн Библи кӕй ӕмбарын кӕнынц, уымӕн бирӕтӕ аргъ кӕнынц ӕмӕ ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ зӕрдиагӕй раттынц. Фӕлӕ нӕ куыст сӕйраджыдӕр размӕ цӕуы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхӕдӕг цы мысайнӕгтӕ дӕттынц, уый фӕрцы. Зӕгъӕм, чидӕртӕ сӕ мысайнӕгтӕ арвитынц бынӕттон филиалмӕ. Афтӕмӕй уыдон ӕвдисынц, кӕддӕр Йегъовӕйӕн кувӕн бынат саразынӕн зӕрдиагӕй чи лӕвар кодта, уыцы лӕггадгӕнджыты хуызӕн рӕдау кӕй сты (Рац. 35:20–29; 1 Аз. 29:9). Иуӕй-иутӕ организацийӕн цыдӕр балӕвар кӕнынц, завещани ныффыссынц, афтӕмӕй. Иннӕ мысайнӕгтӕ та арвитынц хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, ӕмбырдтӕ ӕмӕ районтӕ, ӕмӕ фылдӕр хатт бирӕ нӕ вӕййынц. Фӕлӕ уыцы мысайнӕгтӕ иууылдӕр иумӕ фаг сты, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуа.
4 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхицӕн стыр кадыл нымайынц, се ’хца ӕмӕ сӕм цыдӕриддӕр ис, уый сӕ бон кӕй у хъусын кӕныны хъуыддагӕн дӕттын. Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм дӕр уыди ӕхцайы къопп. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ-иу цы хӕрдзтӕ скодтой, уымӕн сын ӕхцайӕ ӕххуыс кодтой (Иоан. 13:29). Библийы фыст ис, Йесойӕн ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн чи лӕггад кодта, уыцы сылгоймӕгты тыххӕй дӕр (Мар. 15:40, 41; Лук. 8:3). Апостол Павел тынг бузныг уыд, ӕфсымӕртӕ-иу ын зӕрдиагӕй кӕй баххуыс кодтой, уый тыххӕй. Афтӕмӕй-иу йӕ фарсмӕ балӕууыдысты, ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цыди (Фил. 4:14–16; 1 Фес. 2:9). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ абон дӕр зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынц ӕмӕ Хуыцауы хъуыддагӕн ницы ӕвгъау кӕнынц. Уый фӕрцы дунейы алы рӕтты дӕр сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн сӕ бон у «царды дон лӕвар исын» (Рарг. 22:17).
ӔХХУЫС КӔНӔМ ӔМБЫРДЫ ХЪУЫДДӔГТӔН
5 Ӕмбырд цы хӕрдзтӕ скӕны, уыдонӕн ӕхца райсынц, цы мысайнӕгтӕ ӕрӕмбырд вӕййы, уыдонӕй. Ӕхца кургӕ дӕр ӕмӕ ӕмбырд дӕр нӕ фӕкӕнынц, стӕй афтӕ дӕр никӕмӕн фӕдзурынц, уыйбӕрц хъуамӕ раттай, зӕгъгӕ. Ӕмбырдтӕ кӕм фӕцӕуынц, уым вӕййы асыччытӕ, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон уа, «йӕхицӕн куыд загъта, афтӕ» мысайнаг ныппарын (2 Кор. 9:7).
6 Уыцы мысайнӕгтӕ фыццаджыдӕр бахардз кӕнынц, Паддзахады залмӕ зилынӕн цы хъӕуы, уыдӕттыл. Уымӕй уӕлдай, хистӕр нӕлгоймӕгты совет, чи зоны, аскъуыддзаг кӕна, ӕмбырды ӕхцатӕй цасдӕр кӕй арвитдзысты сӕ бӕстӕйы филиалмӕ, цӕмӕй дзы ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн спайда кӕной. Ӕмӕ уӕд уый фӕдыл ӕмбырд резолюци рахӕсдзӕн. Афтӕмӕй бирӕ ӕмбырдтӕ алы мӕй дӕр мысайнӕгтӕ арвитынц ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕмбырды цавӕрдӕр хӕрдзтӕ скӕнын кӕй фӕхъӕуы, уый алчидӕр йӕ зӕрдыл куы дара, уӕд-иу мысайнӕгты тыххӕй хъусинаг скӕнын арӕх нӕ бахъӕудзӕн.
МЫСАЙНӔГТӔМ СӔ ХЪУС КУЫД ФӔДАРЫНЦ
7 Алы ӕмбырды фӕстӕ дӕр дыууӕ ӕфсымӕры мысайнӕгты асыккӕй сисынц, цыдӕриддӕр дзы ӕхцатӕ ныппӕрстой, уыдон, банымайынц сӕ ӕмӕ сӕ ныффыссынц (2 Пад. 12:9, 10; 2 Кор. 8:20). Хистӕр нӕлгоймӕгты совет спълан кӕндзӕн, цалынмӕ уыцы ӕхца филиалмӕ нӕ арвитой кӕнӕ сӕ ӕмбырды хъуыддӕгтыл нӕ бахардз кӕной, уӕдмӕ кӕм уыдзысты, уый. Ӕмбырды ӕхцатӕм йӕ хъус чи дары, уыцы ӕфсымӕр алы мӕй дӕр хыгъд бацӕттӕ кӕны, ӕмӕ йӕ ӕмбырдӕн бакӕсынц. Уымӕй уӕлдай, хистӕр нӕлгоймӕгты советы координатор батыхсы, цӕмӕй-иу ӕртӕ мӕйӕ ӕртӕ мӕймӕ ӕндӕр ӕфсымӕр ӕмбырды ӕхцайы хабӕрттӕм ӕркӕса.
РАЙОНЫ ХӔРДЗТӔ
8 Районон конгрессты цы хӕрдзтӕ вӕййы, уыдон, стӕй районы ӕндӕр хӕрдзтӕ дӕр бамбӕрзӕм районы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты мысайнӕгты фӕрцы. Конгресстӕ кӕм фӕцӕуынц, уым вӕййы мысайнӕгты асыччытӕ, ӕмӕ дзы цы ӕхца ӕрӕмбырд вӕййы, уыдон сӕвӕрынц районы ӕхцатимӕ. Районы ма ӕндӕр хӕрдзтӕ скӕнын куы бахъӕуы, уӕд сӕ ӕмбырдтӕн сӕ бон вӕййы ӕндӕр рӕстӕг бамбӕрзын.
9 Районы цы мысайнӕгтӕ ӕрӕмбырд вӕййы, уыдон-иу хъуамӕ сфаг уой, районы цы хӕрдзтӕ вӕййы, уыдон бамбӕрзынӕн. Цы ма дзы баззайы, уый та фӕхъӕуы ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн арвитын. Районы ӕхцатӕ, цы конгресс ауагътой кӕнӕ ауадзинаг сты, уый фаг куы нӕ уой (зӕгъӕм, агъуыст баххуырсыны фаг), уӕд районон цӕстдарӕгӕн йӕ бон у ӕмбырдтӕм фӕхабар кӕнын, мысайнӕгтӕ кӕй нӕ фаг кӕны, уый тыххӕй. Алы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты совет дӕр аныхас кӕндзӕн ӕмӕ аскъуыддзаг кӕндзӕн, ӕмбырдӕн йӕ бон цас ӕхца у районӕн арвитын. Стӕй уый фӕдыл ӕмбырды резолюци рахӕсдзысты.
10 Ӕхцаимӕ баст чи у ӕмӕ районы хистӕр нӕлгоймӕгты сӕ хъус ӕрдарын кӕмӕ фӕхъӕуы, ахӕм фарстатӕ куы сӕвзӕры, уӕд районон конгрессы бон районы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн вӕййы фембӕлд. Район ӕнӕуи цы хӕрдзтӕ скӕны, уыдонӕй уӕлдай ма кӕд исты хӕрдзтӕ скӕнын хъӕуа, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ ууыл схъӕлӕс кӕной ӕмӕ резолюци рахӕссой. Резолюцийы хъуамӕ фыст уа, бӕлвырдӕй цас ӕхца бахъӕудзӕн рахицӕн кӕнын, уый, ӕмӕ-иу афтӕ бакӕнын хъӕудзӕн алы хатт дӕр.
11 Районон цӕстдарӕг рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕфсымӕртӕй искӕй снысан кӕны, цӕмӕй-иу районы ӕхцайы хабӕрттӕм ӕркӕса.
ӔХХУЫС КӔНӔМ МӔГУЫРТӔН
12 Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм цы ӕхцайы къопп уыд, уый сӕ хъуыди мӕгуыртӕн ӕххуыс кӕнынӕн дӕр (Мар. 14:3–5; Иоан. 13:29). Чырыстӕттыл абон дӕр уыцы хӕс ис. Уый бӕрӕг у Йесойы ныхӕстӕй: «Мӕгуыртӕ ӕдзухдӕр уемӕ сты» (Мар. 14:7). Цымӕ уыцы хӕс Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц?
13 Хатт ӕмбырды иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, азтӕ сыл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый аххосӕй, низ кӕнӕ ӕндӕр бӕллӕхы аххосӕй ӕхцайӕ тынг фӕтыхсынц. Сӕ бинонтӕ, сӕ хиуӕттӕ ӕмӕ ма уый тыххӕй чи базоны, уыдон дӕр ахӕм адӕймӕгтӕн сӕ фарсмӕ балӕууынц. Афтӕмӕй уыдон фӕархайынц апостол Иоанны ныхӕстӕм гӕсгӕ: «Хъуаг чи ницӕмӕй ӕййафы, уый йе ’фсымӕры мӕгуырдзинад куы уына ӕмӕ йын куы нӕ фӕтӕригъӕд кӕна, уӕд уымӕй куыд ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауы уарзы? Мӕ хъӕбултӕ, уӕдӕ кӕрӕдзийы ӕрмӕст дзыхӕй, ныхӕстӕй ма уарзӕм, фӕлӕ хъуыддагӕй, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ» (1 Иоан. 3:17, 18; 2 Фес. 3:6–12). Ӕхцайӕ чи тыхсы, уыцы иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн кӕй баххуыс кӕнӕм, уымӕй дӕр бӕрӕг у, раст диныл хӕст кӕй стӕм (Иак. 1:27; 2:14–17).
14 Апостол Павел Тимофеймӕ йӕ фыццаг фыстӕджы ныффыста, аккаг чи у, уыдонӕн куыд ис ӕххуыс кӕнӕн, уый тыххӕй. Йӕ уынаффӕ йын бакӕсӕн ис 1 Тимофеймӕ 5:3–21. Алы чырыстон дӕр хъуамӕ ӕмбара, йӕ бинонтыл тыхсын сӕйраджыдӕр йӕ хӕс кӕй у. Ацӕргӕтыл ӕмӕ рынчынтыл хъуамӕ фыццаджыдӕр тыхсой сӕ цот, сӕ цоты цот ӕмӕ иннӕ ӕввахс хиуӕттӕ. Хатт хицауад дӕр цавӕрдӕр ӕххуыс фӕдӕтты, ӕмӕ хиуӕттӕн кӕнӕ иннӕтӕн дӕр сӕ бон у адӕймагӕн уыцы ӕххуыс райсынӕн баххуыс кӕнын. Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты иуӕй-иу хатт ӕмбырды ӕххуыс дӕр бахъӕуы. Кӕд адӕймагӕн йӕ бинонтӕй кӕнӕ йӕ хиуӕттӕй чи баххуыс кӕна, ахӕм ничи ис ӕмӕ йын хицауад дӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ не ’ххуыс кӕны, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгты советӕн йӕ бон у спълан кӕнын, цӕмӕй йын ӕмбырд баххуыс кӕна. Ахӕм адӕймӕгтӕн баххуыс кӕнын алы чырыстон дӕр йӕхицӕн кадыл нымайы.
15 Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ зын уавӕры бахауынц, ӕфхӕрд кӕй ӕййафынц, уый тыххӕй, стӕй хӕстытӕ, зӕххӕнкъуыстытӕ, донивылдтӕ, ӕххормагдзинад кӕнӕ ӕндӕр бӕллӕхты тыххӕй. Ӕмӕ ахӕм бӕллӕхтӕ та ацы фӕстаг бонты арӕх сты (Матф. 24:7–9). Бӕллӕхты цы ӕмбырдтӕ бахауынц, уыдонӕн арӕх сӕ бон кӕрӕдзийӕн баххуыс кӕнын ницӕмӕй вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ Разамонӕг совет спълан кӕны, цӕмӕй сӕм ӕндӕр рӕтты цӕрӕг ӕфсымӕртӕ фӕкӕсой. Афтӕмӕй мах дӕр архайӕм, кӕддӕр Къаннӕг Азийы цӕрӕг чырыстӕттӕ куыд бакодтой, афтӕ. Иудейӕйы ӕххормаг заман куы скодта, уӕд уым цӕрӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн хӕринаг арвыстой (1 Кор. 16:1–4; 2 Кор. 9:1–5). Уымӕй ӕвдисӕм, не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм ӕмӕ Йесо Чырыстийы ӕцӕг ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стӕм (Иоан. 13:35).
ЛИТЕРАТУРӔ КУЫД ПАРАХАТ КӔНӔМ
16 Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынӕн Библитӕ ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ стыр ӕххуыс сты. Хистӕр нӕлгоймӕгты совет иу кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕры снысан кӕны, цӕмӕй ӕмбырды литературӕйӕн дзуапп дӕтта. Уыцы хӕстӕ чи феххӕст кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕ сӕ хӕстӕм уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсынц. Уыдон алцыдӕр лӕмбынӕг фӕфыссынц ӕмӕ фӕархайынц, цӕмӕй ӕмбырды литературӕ фаг уа – фӕлӕ, цас хъӕуы, уымӕй фылдӕр нӕ.
17 Мах нӕхи снывонд кодтам Йегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ ӕмбарӕм, нӕ рӕстӕг, нӕ курдиӕттӕ, нӕ тыхтӕ, нӕ исбон ӕмӕ нӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр Хуыцауы лӕвар кӕй сты ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕй йӕ хъуыддаджы кӕй хъуамӕ пайда кӕнӕм (Лук. 17:10; 1 Кор. 4:7). Цыдӕриддӕр нӕм ис, уымӕй, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы пайда кӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйы тынг кӕй уарзӕм, уый. Мах фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уымӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын исты куы фӕдӕттӕм, уӕд ын ӕхсызгон кӕй вӕййы (Ӕмб. 3:9; Мар. 14:3–9; Лук. 21:1–4; Кол. 3:23, 24). Йесо загъта: «Лӕвар райстат – лӕвар дӕттут» (Матф. 10:8). Нӕ хъарутӕ ӕмӕ нӕ рӕстӕг Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны хъуыддаджы куы нӕ февгъау кӕнӕм, уӕд ноджы тынгдӕр фӕцин кӕнӕм (Хъуыд. 20:35).