1 УРОК
Адӕймаджы бацымыдис кӕн
Хъуыддӕгтӕ 17:22
НЫСАН: Цӕуыл дзурдзынӕ, уый хъуамӕ иннӕты бацымыдис кӕна. Зӕгъ, цӕуыл дзурдзынӕ ӕмӕ бамбарын кӕн, уый зонын сӕ цӕмӕн хъӕуы.
УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН
Адӕймаджы бацымыдис кӕн. Хъусджыты чи бацымыдис кӕндзӕн, ахӕм фарста ратт, йе та радзур, царды чи ӕрцыд, ахӕм хабар кӕнӕ исты ног хабар.
Цӕуыл дзурдзынӕ, уый зӕгъ. Хъуамӕ хъусджытӕ хорз ӕмбарой, дӕ ныхас цӕуыл у, уый.
Бамбарын кӕн, ахсджиаг цӕмӕн у. Дзур, хъусджытӕн пайда цы уыдзӕн, ууыл. Хъуамӕ хорз ӕмбарой, цӕуыл дзурыс, уый сын царды куыд баххуыс кӕндзӕн, уый.