31 ЗАРӔГ
Хуыцауимӕ цу!
1. Хуыцауы раз сӕрныллӕг у,
Ӕнувыд уарзтӕй йӕ уарз.
Дӕ зӕрдӕ йыл дар, ӕнгом йемӕ у,
’Мӕ алкӕд у йӕ дӕлбар.
Уынаффӕ агур йӕ Ныхасы,
Нӕ фӕцуддзынӕ уӕд.
Дӕ къухыл дын хӕцӕд Хуыцау –
Уымӕ хъус, йӕ коммӕ кӕс.
2. Хуыцауы раз ӕнаипп у,
Дӕ хъуыдытӕ уӕнт сыгъдӕг.
Зын рӕстӕг дӕуӕн Йегъовӕ Хуыцау
Ӕххуыс кӕндзӕн йӕхӕдӕг.
Цыдӕриддӕр у ӕппӕлинаг,
Цыдӕриддӕр у раст,
Хъуыды кӕн уыдӕттыл ӕрмӕст,
’Мӕ Йегъовӕ демӕ уа.
3. Хуыцауимӕ цу хъӕлдзӕгӕй,
Цин кӕн, дӕ Хӕлар кӕй у.
Стыр бузныг дзы у ӕппӕт хӕрзтӕй дӕр –
Сӕ раттӕг махӕн уый у.
О, цу Хуыцауимӕ цингӕнгӕ,
Дӕ зарӕг сис хъӕрдӕр.
Ӕмӕ уыдзӕни уӕд бӕрӕг,
Ды Йегъовӕйы кӕй дӕ.
(Ноджыдӕр кӕс Райд. 5:24; 6:9; Фил. 4:8; 1 Тим. 6:6–8.)