ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛЕВИТ 8, 9
Йегъовӕ равдыста, йӕ адӕмӕн кӕй арфӕ кӕны
Ногӕвӕрд сауджынтӕ фыццаг хатт судзинаг нывонд куы ’рхастой, уӕд Йегъовӕйӕ рацыд арт ӕмӕ уыцы нывонд аныхъуырдта. Афтӕмӕй Йегъовӕ равдыста, райгонд сӕ кӕй у ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Уый израилӕгтӕн ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ уыдон дӕр сауджынтӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕной. Махӕн та Йегъовӕ Хистӕр сауджынӕй сӕвӕрдта Йесо Чырыстийы (Дзт 9:11, 12). 1919 азы Йесо сӕвӕрдта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары», сӕрст чырыстӕтты гыццыл къорд (Мф 24:45). Цӕмӕй у бӕрӕг, Йегъовӕ ӕууӕнкджын цагъарӕн кӕй арфӕ кӕны, кӕй йын ӕххуыс кӕны ӕмӕ дзы райгонд кӕй у?
Кӕд Хуыцауы адӕм ӕдзухдӕр ӕфхӕрд ӕййафынц, уӕддӕр сын ӕууӕнкджын цагъар дарддӕр дӕр дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг.
Хорз хабар хъуыстгонд цӕуы «ӕгас зӕххы цъарыл дӕр», пехуымпарады куыддӕриддӕр загъд уыд, афтӕ (Мф 24:14).
Нӕ бон куыд у ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн ӕххуыс кӕнын?