Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb21 январь 11 ф.
  • Йегъовӕйы фӕндагыл слӕуу

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕйы фӕндагыл слӕуу
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Донаргъуыд куы райсай, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Донаргъуыд – ӕнӕмӕнг къахдзӕф, цӕмӕй адӕймаг чырыстон суа
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • Цы хъӕуы донаргъуыд райсынӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Донаргъуыд ӕмӕ Хуыцауимӕ дӕ хӕлардзинад
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
mwb21 январь 11 ф.
Зылын-мылын фӕндаг амоны, Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ цы фӕндагыл цӕуӕм, уымӕ. Фӕндаджы фӕрсты ис нысӕнттӕ: Библи ахуыр кӕнын, ӕмбырдтӕм цӕуын, хъусын кӕнын, донаргъуыд райсын

Донаргъуыдмӕ цы фӕндаг кӕны, ууыл цӕугӕйӕ кӕцы ран дӕ?

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Йегъовӕйы фӕндагыл слӕуу

Мыййаг, ӕнаргъуыд хъусынгӕнӕг дӕ кӕнӕ Библи ахуыр кӕныс? Кӕд о, уӕд дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрдтай, цӕмӕй донаргъуыд райсай? Донаргъуыд райсын дӕ цӕмӕн хъуамӕ фӕнда? Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд куы райсай, уӕд дӕ бон уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы ӕввахс хӕлар суай (Пс 91:1). Уымӕй уӕлдай ма дын фӕзындзӕн фервӕзыны фадат (1Пт 3:21). Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд райсай?

Дӕхицӕн сбӕлвырд кӕн, рӕстдзинад кӕй ссардтай, уый. Исты фарстатӕ дӕм куы фӕзына, уӕд-иу сӕ раиртас (Ро 12:2). Бацархай-иу, цӕмӕй дӕ фӕивын цы хъӕуы, уый бамбарай ӕмӕ йӕ фӕивай. Уыцы ивындзинӕдтӕ-иу скӕн, Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕнын дӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй (Ӕм 27:11; Еф 4:23, 24). Ӕдзухдӕр Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ дзы ӕххуыс кур. Ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ дӕ кӕй фидар кӕндзӕн ӕмӕ дӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй хайджын кӕндзӕн (1Пт 5:10, 11). Дӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын у царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг! (Пс 16:11).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ДОНАРГЪУЫДМӔ ФӔНДАГ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Иуӕй-иуты донаргъуыд райсын цы фӕкъуылымпы кӕны?

  • Дӕ бон куыд у дӕ уырнындзинад фидар кӕнын, цӕмӕй дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнай?

  • Иуӕй-иутӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй донаргъуыд райстаиккой?

  • Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын чи райдайы, уыдон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййынц?

  • Дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд райсай, уый цы нысан кӕны?

Ӕфсымӕр донаргъуыды фӕдыл раныхасы кӕрон фӕзӕгъы, цӕмӕй, донаргъуыд чи исы, уыдон сыстой ӕмӕ хъӕрӕй дзуапп раттой дыууӕ фарстайӕн:

Дӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтай, дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтай ӕмӕ, Хуыцау адӕмы Йесо Чырыстийы фӕрцы кӕй ирвӕзын кӕны, ууыл баууӕндыдтӕ?

Ӕмбарыс ӕй, донаргъуыд куы райсай, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй суыдзынӕ ӕмӕ Йегъовӕйы организацийы кӕй лӕггад кӕндзынӕ?

Донаргъуыд чи исы, уыдон ацы фарстатӕн разыйы дзуапп куы раттынц, уӕд уымӕй ӕргом равдисынц, Чырысти йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта, ууыл кӕй ӕууӕндынц ӕмӕ сӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтой (Ро 10:9, 10).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын