Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Кусӕн тетрад»-мӕ
4–10 ЯНВАРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛЕВИТ 18, 19
«Ӕнӕгъдаудзинадӕй дӕхи хиз»
Хӕйрӕджы къӕппӕгӕй нӕхи куыд бахизӕм?
Йегъовӕ ранымадта, Израилы алыварс чи цард, уыцы адӕм цы ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ кодтой, уыдон, ӕмӕ уый фӕстӕ загъта: «Кӕдӕм [уӕ] кӕнын, уыцы Ханааны зӕххыл куыд кӕнынц, афтӕ... ма кӕнут. [...] Ӕмӕ зӕхх дӕр счъизи, ӕмӕ йӕ ӕз бафхӕрдзынӕн, цы тӕригъӕдтӕ йыл фӕкодтой, уыдоны тыххӕй». Израилы сыгъдӕг Хуыцауӕн, ханаайнӕгтӕ куыд цардысты, уый афтӕ ӕлгъаг уыд, ӕмӕ йӕ цӕсты сӕ зӕхх дӕр сси чъизи (Лев. 18:3, 25).
Йегъовӕ йӕ адӕмӕн у сӕ Разамонӕг
13 Уыцы иузӕрдион паддзӕхтӕ тынг хицӕн кодтой иннӕ адӕмты разамонджытӕй, уымӕн ӕмӕ уыдон архайдтой сӕхи зондӕй. Дзырдӕн, ханаайнаг разамонджытӕ ӕмӕ сӕ адӕм кодтой тынг чъизи митӕ: тугхӕстӕгимӕ-иу ӕмуат ӕрцыдысты, фосимӕ-иу схуыссыдысты, нӕлгоймӕгтӕ-иу нӕлгоймӕгтимӕ ӕмуат ӕрцыдысты, мӕнгхуыцӕуттӕн куывтой ӕмӕ-иу сын сӕ сывӕллӕтты нывондӕн хастой (Лев. 18:6, 21–25). Вавилоны ӕмӕ Египеты разамонджытӕ адӕмӕн, Хуыцау израилӕгтӕн сыгъдӕгдзинады тыххӕй цы закъӕттӕ радта, ахӕм закъӕттӕ нӕ лӕвӕрдтой (Ным. 19:13). Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыцы разамонджытӕ та израилӕгты ахӕм зондыл арӕзтой, цӕмӕй мӕнгхуыцӕуттӕй ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй сӕхи хъахъхъӕдтаиккой, стӕй сӕхи сыгъдӕг дардтаиккой. Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн сӕ Разамонӕг кӕй уыди.
Хуыцау цы сараздзӕн
Йе ’взӕр митӕ ныууадзын кӕй нӕ фӕнды, уыдон та цы фӕуыдзысты? Ахъуыды-ма кӕн мӕнӕ ацы ныхӕстыл: «Зӕххыл цӕрдзысты рӕстзӕрдӕ адӕм, баззайдзысты йыл, ӕнӕфау чи у, уыдон. Фыдгӕнджытӕ та зӕххӕй фесӕфдзысты, мӕнгард адӕмӕй йыл иу дӕр нал баззайдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22). Фыдгӕнджытӕ никӕйуал рӕдийын кӕндзысты. Ахӕм диссаджы уавӕрты коммӕгӕс адӕм суыдзысты алцӕмӕй дӕр ӕххӕст (Ромӕгтӕм 6:17, 18; 8:21).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
«Куыд уарзын ӕз дӕ закъон!»
11 Хуыцау йӕ адӕмыл кӕй тыхсы, уый бӕрӕг уыд, Моисейы Закъонӕй цы дыккаг цӕвиттон равзардзыстӕм, уымӕй – тыллӕгӕй уадзыны закъонӕй. Иегъовӕ загъта, цӕмӕй-иу зӕхкусӕг йӕ тыллӕг куы ӕмбырд кодтаид, уӕд-иу кусджыты фӕстӕ цы баззадаид, уый-иу мӕгуыртӕн ӕмбырд кӕнын уагътаид. Зӕхкусджытӕ хъуамӕ сӕ быдырты кӕрӕтты тыллӕг ма ӕмбырд кодтаиккой, стӕй ма-иу сӕнӕфсир ӕмӕ оливӕтӕй цы баззад, уыдон дӕр. Быдырты-иу цы куыристӕ ферох кодтой, уыдонмӕ-иу хъуамӕ фӕстӕмӕ мауал аздӕхтаиккой. Уымӕй бӕрӕг уыд мӕгуыртӕ, ӕрцӕуӕггӕгтӕ, сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕ рох кӕй не сты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдоны ӕфсиртӕ ӕмбырд кӕныны тыххӕй сӕхи дӕр хъуыд фыдӕбон кӕнын, фӕлӕ-иу уый фӕрцы мӕгуыргур нӕ цыдысты (Левит 19:9, 10; Дыккаг закъон 24:19–22; Псалом 36:25).
11–17 ЯНВАРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛЕВИТ 20, 21
«Йегъовӕ йӕ адӕмы иннӕ адӕмтӕй хицӕн кӕны»
Дзӕнӕт – ды дзы уыдзынӕ?
12 Фӕлӕ нӕ иу хъуыддаг уӕддӕр рох кӕнын нӕ хъӕуы. Хуыцау израилӕгтӕн загъта: «Абон уын цы фӕдзӕхстытӕ дӕттын, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнут, цӕмӕй сфидар уат ӕмӕ уыцы зӕхмӕ бацӕуат ӕмӕ йӕ уӕхи бакӕнат» (Дыккаг закъон 11:8). Левиты 20:22, 24 та уыцы зӕххы тыххӕй кӕсӕм: «Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ мын мӕ тӕрхӕттӕ ма рох кӕнут, иууылдӕр сӕ ӕххӕст кӕнут, цӕмӕй, цы зӕхмӕ уӕ кӕнын, уый уӕ йӕ хъӕлӕсӕй ма скала. Зӕгъгӕ дӕр уын уымӕн кодтон: „Сӕ зӕхх сын уӕхи бакӕндзыстут, ӕз уын ӕй ратдзынӕн,– ратдзынӕн уын, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхх“». Цӕмӕй Зӕрдӕвӕрд зӕхх израилӕгты бауыдаид ӕмӕ йыл фӕрнӕй цардаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ Иегъовӕ Хуыцауыл ӕнувыд уыдаиккой. Фӕлӕ йӕм хъусӕг нӕ уыд, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй Иегъовӕ вавилойнӕгты къухтӕм радта ӕмӕ сӕ бӕстӕйӕ фӕхауӕггаг сты.
it-U «Наследство», 1 абз.
Бынтӕ
Адӕймаджы мӕлӕты фӕстӕ йӕ бындарӕн цы мулк баззайы, уый; адӕймагӕн йӕ фыдӕлтӕй бынӕн цы баззайы, уый (ӕрмӕст мулк нӕ). «Бынӕн райсын»-ӕй сӕйраджыдӕр тӕлмац ӕрцӕуы дзуттаг мивдисӕг наха́л (номдар – нахала́). Ацы мивдисӕгӕн йӕ хъуыды у бынтӕ райсын кӕнӕ бынтӕ ныууадзын; арӕхдӕр фӕамоны, адӕймаг йӕ цотӕн кӕнӕ йе ’ввахс хӕстӕджытӕн бынтӕ кӕй ныууадзы, уымӕ (Нм 26:55; Йез 46:18). Дзырд бынтӕ райсыныл куы фӕцӕуы, уӕд иуӕй-иу хатт фӕпайда кӕнынц дзырд йара́ш-ӕй, фӕлӕ йӕ хъуыды арӕхдӕр вӕййы, «исты искӕй куы бавӕййы», уый (Рд 15:3; Лв 20:24). Ацы дзырд ма фӕнысан кӕны «фӕсурын» дӕр (Д.з 31:3). Бынтимӕ баст грекъаг дзырдтӕ сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ хӕстӕг сты дзырд кле́рос-мӕ. Райдианы ацы дзырд нысан кодта «хал», фӕстӕдӕр нысан кӕнын райдыдта «хай» ӕмӕ ӕппынфӕстаг та – «бынтӕ» (Мф 27:35; Хъд 8:21; 26:18).
it-U «Птицы», 7 абз.
Мӕргътӕ
Доны хъаймӕты фӕстӕ Ной нывондӕн ӕрхаста сыгъдӕг цӕрӕгойты, уыимӕ «сыгъдӕг мӕргъты» дӕр (Рд 8:18–20). Уый фӕстӕ Йегъовӕ адӕмӕн загъта, сӕ бон кӕй у мӕргъты хӕрын, ӕрмӕст, йӕ туг йӕ мидӕг кӕмӕн ис, ахӕм дзидза хӕрыны бар сын нӕ уыд (Рд 9:1–4; абар Лв 7:26; 17:13). Ӕвӕццӕгӕн, уыцы рӕстӕг мӕргътӕй сыгъдӕгыл нымад уыдысты, Хуыцауы цӕсты нывондӕн чи бӕззыд, уыдон. Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй, цалынмӕ Моисейы закъон нӕ фӕзынд, уӕдмӕ мӕргътӕй иу дӕр чъизийыл нымад нӕ уыд, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр уыд хӕрӕн (Лв 11:13–19, 46, 47; 20:25; Д.з 14:11–20). Цавӕрдӕр мӕргътӕ чъизийыл нымад цӕмӕн ӕрцыдысты, уый Библийы фыст нӕй. Уыцы мӕргътӕй бирӕтӕ уыдысты тугдзых кӕнӕ, хӕдмӕл дзидза чи хордта, ахӕмтӕ. (Кӕс УДОД.) Хуыцау Петрӕн цы цӕстылуайӕн равдыста, уымӕй бӕрӕг уыд, ног бадзырд арӕзт куы ’рцыд, уый фӕстӕ кӕй уыд хӕрӕн, чъизийыл цы цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргътӕ уыдысты нымад, уыдон (Хъд 10:9–15).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
Дыккаг закъоны чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
14:1. Барӕй йӕхицӕн фыдмитӕ чи кӕны, йӕхи чи сахъат кӕны, уый йӕхицӕй хынджылӕг кӕны. Стӕй ахӕм митӕ фылдӕр хатт мӕнг диныл хӕст адӕм кӕй фӕкӕнынц, уымӕ гӕсгӕ мах афтӕ хъуамӕ ма кӕнӕм (3 Паддзахӕдты 18:25–28). Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый кӕй зонӕм, уымӕ гӕсгӕ махӕн не ’мбӕлы марды тыххӕй нӕхицӕн фыдмитӕ кӕнын – хи тонын кӕнӕ хи хойын.
it-U «Нарезы», 3 абз.
Нарезы
Закон Бога запрещал делать нарезы ради умершего (Лв 19:28; 21:5; Вт 14:1). Запрет объяснялся тем, что Израиль был святым народом для Иеговы, его особой собственностью (Вт 14:2). Поэтому Израиль должен был держаться в стороне от любых обрядов, связанных с идолопоклонством. К тому же такие крайние выражения скорби, сопровождавшиеся нанесением себе ран, были совершенно неприемлемы для народа, который прекрасно знал о состоянии умерших и о надежде на воскресение (Дан 12:13; Евр 11:19). Кроме того, запрет на членовредительство побуждал израильтян с должным уважением относиться к человеческому телу – Божьему творению.
18–24 ЯНВАРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛЕВИТ 22, 23
«Израилӕгтӕ цы бӕрӕгбӕттӕ бӕрӕг кодтой, уыдон махӕн цӕуыл дзурӕг сты?»
it-U «Праздник пресных лепёшек», 2, 3 абз.
Донгонд дзулты бӕрӕгбон
Донгонд дзулты бӕрӕгбонӕн йӕ фыццаг бон уыд сӕрмагонд ӕмбырд ӕмӕ-иу нымад уыд сабатбоныл. Дыккаг бон-иу, 16 нисаны, израилӕгтӕ сауджынмӕ ӕрбахастой хъӕбӕрхоры фыццаг куырис (Палестинӕйы-иу ӕппӕты фыццаг хъӕбӕрхор сзад). Уыцы бӕрӕгбоны онг сын нӕ уыд хӕрӕн нӕдӕр дзул, нӕдӕр цӕкуытӕ, нӕдӕр ног хор. Сауджын-иу фыццаг тыллӕг Йегъовӕйӕн кувинагӕн ахӕсгӕ хуызы ӕрхаста – куырис-иу Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм атылдта. Уыцы бон ма-иу Йегъовӕйӕн ӕрхастой судзинаг нывонд (афӕдз кӕуыл нӕма цыд, ахӕм ӕнӕсахъат фыркъа), соимӕ змӕст хоры кувинаг ӕмӕ кувинаг нозт (Лв 23:6–14). Йегъовӕ ахӕм фӕдзӕхст нӕ радта, цӕмӕй-иу хор кӕнӕ ссад нывондхӕссӕныл басыгътаиккой, фӕлӕ фӕстӕдӕр сауджынтӕ афтӕ кӕнын райдыдтой. Уыцы бӕрӕгбоны рӕстӕг-иу фыццаг тыллӕг ӕрхастой адӕм ӕмткӕй райсгӕйӕ. Стӕй-иу, Израилы зӕхх кӕмӕн уыд, уыцы бинонтӕн ӕмӕ хицӕн адӕймӕгтӕн дӕр сӕ бон уыд арфӕйы нывӕндтӕ хӕссын (Рц 23:19; Д.з 26:1, 2; кӕс ПЕРВЫЕ ПЛОДЫ).
Нысаниуӕг. Уыцы бӕрӕгбоны рӕстӕг-иу израилӕгтӕ хордтой донгонд дзултӕ, Йегъовӕ Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, уымӕ гӕсгӕ (Рц 12:14–20). Рацыды 12:19 стихы фыст ис: «Авд боны уӕ хӕдзӕртты хъуамӕ ӕнхъизӕн ма уа». Дыккаг закъоны 16:3 стихы донгонд дзултӕ хуынд ӕрцыдысты «удхайраг дзул». Уыцы дзултӕ израилӕгтӕн алы аз дӕр сӕ зӕрдыл лӕууын кодтой, Египеты зӕххӕй куы цыдысты, уӕд тагъд кӕй кодтой ӕмӕ сын сӕ хыссӕйыл ӕнхъизӕн ныккӕнынӕн рӕстӕг кӕй нӕ уыд (Рц 12:34). Афтӕмӕй-иу израилӕгтӕ ӕрхъуыды кодтой, Египеты цагъартӕ куы уыдысты, уӕд цы удхайраг цард кодтой ӕмӕ сӕ Йегъовӕ куыд фервӕзын кодта, уый. Йегъовӕ сын загъта: «Афтӕмӕй цӕрӕнбонтӕм дӕ зӕрдыл дардзынӕ, Египеты зӕххӕй куы рацыдтӕ, уыцы бон». Уӕдӕ-иу Донгонд дзулты бӕрӕгбоны рӕстӕг израилӕгтӕ хъуамӕ хъуыды кодтаиккой, Египетӕй кӕй ссӕрибар сты ӕмӕ Йегъовӕ сӕ Ирвӕзынгӕнӕг кӕй у, ууыл (Д.з 16:16).
it-U «Пятидесятница», 3 абз.
Фӕндзайӕм бон
Хъӕбӕрхоры фыццаг тыллӕг-иу кувинаг нывондӕн куыд ӕрхастой, мӕнӕуы фыццаг тыллӕг-иу афтӕ не ’рхастой. Мӕнӕуы ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй-иу, ефӕйы дыууӕ дӕсӕм хайӕ, скодтой дыууӕ дзулы. Хъуамӕ-иу сӕ скодтаиккой ӕнхъизӕнимӕ. Уыцы дзултӕ-иу ӕрбахастой сӕ хӕдзӕрттӕй ӕмӕ-иу сӕ скодтой, кувинагӕн-иу кӕй ӕрхастой, уыцы дзулты хуызӕн нӕ, фӕлӕ ӕнӕуи дзулты хуызӕн (Лв 23:17). Уыцы дзултимӕ-иу нывондӕн ӕрхастой судзинаг нывонд, тӕригъӕды тыххӕй нывонд ӕмӕ дыууӕ афӕдздзыд нӕл уӕрыччы фарны нывондӕн. Сауджын-иу дыууӕ уӕрыччы хӕйттӕ ӕмӕ дзултӕ Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм атылдта. Уый-иу ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ-иу сӕ Йегъовӕйӕн радтой. Уый фӕстӕ-иу уыцы кувинӕгтӕ сауджынӕн радтой, ӕмӕ-иу уый уыд фарны нывонд (Лв 23:18–20).
Йегъовӕйы организациимӕ размӕ цӕуыс?
11 Йегъовӕйы организаци ныл тыхсы, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй апостол Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайӕм. Уый ныффыста: «Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм, иуӕй-иутӕ куыд ахуыр сты, афтӕ не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, ӕмӕ, уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр» (Дзут. 10:24, 25). Рагон израилӕгтӕ-иу ӕрвылазон бӕрӕгбӕтты рӕстӕг ӕмӕ-иу ӕндӕр хӕттыты дӕр ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй-иу Йегъовӕйӕн куывтаиккой ӕмӕ-иу ын йӕ Закъон ахуыр кодтаиккой. Стӕй-иу уыцы ӕмбырдты сӕ циныл дӕр цин бафтыд, Неемийы рӕстӕг Халагъудты бӕрӕгбоны куыд уыд, афтӕ (Лев. 23:15, 16; Неем. 8:9–18). Махӕн дӕр не ’мбырды фембӕлдтӕ ӕмӕ нӕ конгресстӕ раст ахӕм пайда хӕссынц. Уӕдӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй-иу дзы иу дӕр ма фӕцух кӕнӕм. Уый фӕрцы нӕ уырнындзинад уыдзӕн фидар ӕмӕ уыдзыстӕм амондджын (Тит. 2:2).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
Алкӕддӕр иузӕрдион у!
3 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ иузӕрдиондзинад куыд ӕвдисынц? Уыдон Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзынц ӕмӕ йыл алкӕддӕр сты ӕнувыд, ӕмӕ уый фӕрцы ӕдзухдӕр фӕаразынц, йӕ зӕрдӕ кӕмӕй барухс вӕййы, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Ӕркӕсӕм, Библийы дзырд «иузӕрдиондзинад» цӕмӕ фӕамоны, уымӕ. Дзырд «иузӕрдиондзинад»-ӕй цы дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый сӕйраджыдӕр амоны, ӕнӕхъӕн, ӕнӕсахъат ӕмӕ ӕнаипп цы у, ахӕм цӕмӕдӕр. Зӕгъӕм, израилӕгтӕ Йегъовӕйӕн нывондӕн хастой алыхуызон цӕрӕгойты, ӕмӕ-иу Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ уыцы цӕрӕгойтӕ хъуамӕ уыдаиккой ӕнӕсахъат, ӕнӕ хъӕндзинадӕй (Лев. 22:21, 22). Хуыцауы адӕмӕн уый бар нӕ уыд, цӕмӕй сахъат фос нывондӕн хастаиккой, зӕгъӕм, къах, хъус кӕнӕ цӕстхъуаг чи уыд, ахӕм. Йегъовӕйӕн ахсджиаг уыд, цӕмӕй уыцы нывӕндтӕ уыдаиккой ӕнӕхъӕн, ӕнӕсахъат ӕмӕ ӕнаипп (Мал. 1:6–9). Ӕмӕ зын бамбарӕн нӕу, Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджыты нывӕндтӕ уой ӕнӕхъӕн ӕмӕ ӕнаипп. Зӕгъӕм, ничи нӕ балхӕнид ӕмбыд дыргътӕ, скъуыд чиныг кӕнӕ саст кусӕнгарз. Алкӕй дӕр нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй, цы балхӕнӕм, уый уа ӕнӕхъӕн, ӕнаипп, ӕнӕ хъӕндзинадӕй. Уӕдӕ Йегъовӕйы дӕр фӕнды, цӕмӕй нӕ уарзондзинад ӕмӕ нӕ иузӕрдиондзинад уой ӕнӕхъӕн, ӕнаипп, ӕнӕ хъӕндзинадӕй.
25–31 ЯНВАРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛЕВИТ 24, 25
«Сӕрибардзинады азы тыххӕй мах цӕмӕн хъӕуы зонын?»
Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй ссӕрибар уай?
3 Йесо цавӕр сӕрибардзинады кой кодта? Цӕмӕй уый хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй уал фыццаг аныхас кӕнӕм, израилӕгтӕ кӕй хъуамӕ бӕрӕг кодтаиккой, уыцы Сӕрибардзинады азыл. Йегъовӕ сын загъта: «Фӕндзайӕм аз у сыгъдӕг аз, ӕмӕ фехъусын кӕнут, уӕ зӕххыл цӕрӕг адӕм се ’ппӕт дӕр кӕй ссӕрибар уыдзысты. Уый уын уыдзӕн Сӕрибардзинады аз, ӕмӕ уӕ алчидӕр хъуамӕ аздӕха йӕ зӕххытӕм ӕмӕ йӕ бинонтӕм». (Бакӕс Левит 25:8–12.) Айразмӕйы статьяйӕ базыдтам, израилӕгтӕ алы къуыри дӕр сабатбоны закъон кӕй ӕххӕст кодтой, уый сын цы пайда хаста. Ӕмӕ сын цымӕ Сӕрибардзинады аз та цы пайда хаста? Зӕгъӕм-иу израилаг нӕлгоймаг стыр хӕс куы дардта, уӕд-иу ӕй бахъуыд йӕ зӕхх ауӕй кӕнын, цӕмӕй-иу йӕ хӕс бафыстаид. Фӕлӕ-иу Сӕрибардзинады аз куы уыд, уӕд-иу ын йӕ зӕхх хъуамӕ фӕстӕмӕ радтаиккой. Афтӕмӕй йӕ бон уыд «йӕ зӕххытӕм» аздӕхын, ӕмӕ фӕстӕдӕр уыцы зӕххытӕ йӕ цотӕн бынӕн баззадаиккой. Кӕнӕ та-иу, зӕгъӕм, стыр хӕс чи дардта, ахӕм израилаг нӕлгоймаджы бахъуыд йӕ сывӕллоны, науӕд та суанг йӕхи дӕр, цагъарӕй ауӕй кӕнын, цӕмӕй-иу йӕ хӕс бафыстаид. Ӕмӕ-иу Сӕрибардзинады азы ахӕм цагъар хъуамӕ фӕстӕмӕ «йӕ бинонтӕм» аздӕхтаид. Уый фӕрцы-иу адӕймаг цӕрӕнбонтӕм цагъарӕй нӕ баззадаид. Бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ адӕмыл тынг кӕй тыхст!
4 Сӕрибардзинады аз ма израилӕгтӕн ноджыдӕр цы пайда хаста? Йегъовӕ Моисейы уылты загъта: «Уе ’хсӕн хъуамӕ мӕгуыртӕ ма уа, уымӕн ӕмӕ дын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын бынӕн кӕй дӕтты ӕмӕ кӕй бацахсдзынӕ, уыцы зӕххыл» (Дык. з. 15:4). Ацы дунейы та хабар бынтон ӕндӕрхуызон у. Арӕх хъӕздгуытӕ хъӕздыгдӕр свӕййынц, мӕгуыртӕ та – мӕгуырдӕр!
it-U «Свобода», дӕлсӕргонд «Бог свободы», 1 абз.
Свобода
Бог свободы. Иегова — Бог свободы. Он освободил израильский народ от египетского рабства. Он сказал израильтянам, что, если они будут соблюдать его заповеди, они ни в чем не будут нуждаться (Вт 15:4, 5). Однако в Законе оговаривалось, что, если еврей стал бы терпеть нужду, он мог продать себя в рабство, чтобы обеспечить самым необходимым себя и свою семью. Но в седьмой год, по Закону, он должен был выйти на свободу (Исх 21:2). В юбилейный год (наступавший каждые 50 лет) свобода провозглашалась всем жителям Обетованной земли. Таким образом, освобождались все рабы-евреи, и каждый возвращался в свое наследственное владение (Лв 25:10—19; см. ЮБИЛЕЙ).
it-U «Наследство», дӕлсӕргонд «Наследственные владения», 2 абз.
Бынтӕ
Зӕхх-иу иу бинонты къухы уыд фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ, уымӕ гӕсгӕ-иу ӕй ӕнустӕм уӕй кӕнӕн нӕ уыд. Зӕхх-иу куы ауӕй кодтой, уӕд-иу уый уыди, цыма-иу ӕй арендӕйы радтой, уыйау. Йӕ аргъ та-иу кӕнгӕ уыд, Сӕрибардзинады азмӕ-иу цал азы баззад, уымӕй ӕмӕ-иу ӕй арендӕйы чи иста, уый-иу дзы цас хор хъуамӕ ӕркарстаид, уымӕй. Сӕрибардзинады азы-иу, кӕй ауӕй кодтой, уыцы зӕххытӕ фӕстӕмӕ сӕ раздӕры хицӕуттӕн радтой, кӕд-иу сӕ уӕдмӕ сӕхӕдӕг фӕстӕмӕ нӕ балхӕдтой, уӕд (Лв 25:13, 15, 23, 24). Уый хауди, сӕ алыварс къултӕ кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм рӕтты цы хӕдзӕрттӕ уыд, уыдонмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ нымад уыдысты зӕххы хайыл. Фӕлӕ-иу, йӕ алыварс къултӕ кӕмӕн уыд, ахӕм горӕты-иу исчи хӕдзар куы ауӕй кодта, уӕд-иу ын иу азы дӕргъы уый бар уыди, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ балхӕдтаид. Фӕлӕ-иу ӕй афӕдзы дӕргъы куы нӕ балхӕдта, уӕд-иу уыцы хӕдзар ӕнустӕм баззад, чи-иу ӕй балхӕдта, уымӕн. Левитты горӕтты цы хӕдзӕрттӕ уыд, уыдоны хабар та афтӕ уыд, ӕмӕ-иу левиттӕн ӕнустӕм уыд уый бар, цӕмӕй-иу сӕ фӕстӕмӕ балхӕдтаиккой (Лв 25:29–34).
it-U «Юбилей», 8 абз.
Сӕрибардзинады аз
Израилӕгтӕ Сӕрибардзинады азы закъон кӕй ӕххӕст кодтой, уый фӕрцы, абон бирӕ бӕстӕты куыд у,– иутӕ ӕгӕр мӕгуыр цард кӕнынц, иннӕтӕ та – ӕгӕр хъӕздыг цард,– афтӕ нӕ уыд. Алы адӕймаг дӕр-иу хорз цард куы кодта, уӕд-иу уый пайда хаста адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Уӕд-иу се ’хсӕн мӕгуыр адӕм нӕ уыд, стӕй-иу экономикӕ ахӕм уавӕрмӕ не ’рцыд, ӕмӕ-иу куыст макӕмӕн уыдаид. Фӕлӕ-иу алкӕмӕн дӕр йӕ бон уыд, чи цӕмӕ арӕхст, уый аразын, ӕмӕ уый пайда хаста се ’ппӕтӕн дӕр. Йегъовӕ израилӕгтӕн арфӕ кодта, зӕгъӕм, лӕвӕрдта сын бӕркадджын тыллӕг ӕмӕ сӕ ахуыр кодта. Ӕмӕ йӕм куы хъуыстаиккой, уӕд сын уый фӕрцы уыдаид ӕппӕты хуыздӕр хицауад ӕмӕ сӕ цардӕй къӕртт ӕппӕрстаиккой. Ӕмӕ ахӕм цардӕн та гӕнӕн ис, адӕм сӕ хицауыл Хуыцауы куы нымайой, ӕрмӕстдӕр уӕд (Ис 33:22).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
Исчи дӕ куы фӕхъыг кӕны...
Зӕгъӕм, иу израилаг иннӕимӕ фӕхыл ӕмӕ йын йӕ цӕст ныццавта, уӕд ӕй Закъонмӕ гӕсгӕ бафхӕрын хъуыд. Фӕлӕ йӕ бафхӕрыны бар нӕ уыд, кӕй ныццавта, уымӕн кӕнӕ йӕ бинонтӕн. Закъонмӕ гӕсгӕ йын йӕ хъуыддаг ӕвзӕрстой тӕрхонгӕнджытӕ. Адӕймаг барӕй цы фыдракӕнд сарӕзта кӕнӕ фыдбылыз ракодта, уый тыххӕй йын йӕхи дӕр афтӕ кӕй бафхӕрдзысты, уый кӕй зыдта, уый дӕр ӕй маст исынӕй хызта. Фӕлӕ ма уыд уымӕй ахсджиагдӕр хъуыддаг.
1–7 ФЕВРАЛЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЛЕВИТ 26, 27
«Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй цӕй фӕрцы схайджын уыдзынӕ?»
Уӕхи хизут «ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕй»
8 «Хъӕздыгдзинад» хуыцау куыд свӕййы? Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Рагон Израилы быдыры ссарӕн уыд ахӕм дур, хӕдзар кӕнӕ сис аразгӕйӕ чи бабӕззыдаид. Фӕлӕ дзы исчи «цӕджындз» кӕнӕ «дур нывтимӕ» куы скодтаид, уӕд уый Йегъовӕйы адӕмӕн цӕлхдур суыдаид (Лев. 26:1). Афтӕ у йӕ хабар ӕхцайӕн дӕр. Мах ӕхца ӕрмӕст уымӕн хъӕуы, цӕмӕй нӕхи дарӕм. Ӕхца ма нӕ бахъӕуы, цӕмӕй нӕ бон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын уа (Еккл. 7:12; Лук. 16:9). Фӕлӕ нын ӕхца бакусын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр куы суа, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ хуыцау сси ӕхца. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 6:9, 10.) Ацы мулкылмард дунейы хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй ӕхцамӕ раст цӕстӕй кӕсӕм (1 Тим. 6:17–19).
it-U «Благоговение, трепет», 6 абз.
Кад кӕнын, тӕрсын
Моисей Йегъовӕимӕ тынг ӕнгом кӕй уыди, уый фӕрцы израилӕгты раз арӕзта «хъомысджын хъуыддӕгтӕ [дзут. мора́; ис ма йӕ ратӕлмац кӕнӕн „тасӕфтауӕг хъуыддӕгтӕ“]» (Д.з 34:10, 12; Рц 19:9). Уырнындзинад кӕмӕ уыд, уыдон Моисейӕн кад кодтой, цы бартӕ йӕм уыд, уый тыххӕй; ӕмбӕрстой йӕ, Моисейы уылты Хуыцау кӕй дзуры. Израилӕгтӕ ма хъуамӕ кад кодтаиккой Йегъовӕйы кувӕн бынатӕн (Лв 19:30; 26:2). Стӕй ма хъуамӕ Йегъовӕйӕн, куыд сын бафӕдзӕхста, афтӕ лӕггад кодтаиккой ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кодтаиккой.
w91-U 1/3 17 ф., 10 абз.
«Хуыцауы фарн» уын уӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕнӕд
10 Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта: «Кӕд дарддӕр дӕр мӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрат, кӕд мын мӕ фӕдзӕхстытыл фидар хӕцат ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнат, уӕд уын ӕз къӕвдатӕ дӕтдзынӕн сӕ афоныл, ӕмӕ зӕхх дӕтдзӕн тыллӕг, бӕлӕстӕ дӕтдзысты дыргъ. Ӕз уын уыцы зӕххыл ратдзынӕн сабырдзинад, ӕмӕ-иу куы схуыссат, уӕд никӕмӕй тӕрсдзыстут. Уыцы зӕххӕй фӕсурдзынӕн тугдзых сырдты ӕмӕ уӕм хъама ничи сисдзӕн. Ӕз уыдзынӕн уе ’хсӕн ӕмӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау, сымах та уыдзыстут мӕ адӕм» (Левит 26:3, 4, 6, 12). Израилӕгтӕ Йегъовӕйы закъон куы ӕххӕст кодтаиккой, уӕд ӕм ӕнгом уыдаиккой, фӕрнӕйдзаг цард кодтаиикой, знӕгтӕй сын тӕссаг нӕ уыдаид ӕмӕ цух ницӕмӕй ӕййӕфтаиккой (Псалом 119:165).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
it-U «Эпидемия», дӕлсӕргонд «Следствие пренебрежения Законом Бога», 1 абз.
Рын, фыдниз
Адӕм-иу Хуыцауы закъонмӕ кӕй нӕ хъуыстой, уый фӕстиуӕг. Хуыцау израилӕгтӕн загъта, семӕ цы бадзырд скодта, уый куы не ’ххӕст кӕной, уӕд сыл низтӕ кӕй бафтаудзӕн (Лв 26:14–16, 23–25; Д.з 28:15, 21, 22). Библийӕ бӕрӕг у, адӕймагӕн йӕ уырнындзинад дӕр ӕмӕ йе ’нӕниздзинад дӕр цы уавӕры сты, уый Хуыцауы арфӕдзинадимӕ баст кӕй у (Д.з 7:12, 15; Пс 103:1–3; Ӕм 3:1, 2, 7, 8; 4:21, 22; Рар 21:1–4); низтӕ та – тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинадимӕ (Рц 15:26; Д.з 28:58–61; Ис 53:4, 5; Мф 9:2–6, 12; Ин 5:14). Хатт-иу Йегъовӕ адӕмыл низтӕ йӕхӕдӕг бафтыдта ӕмӕ-иу уый уайтагъд сарӕзта, зӕгъӕм, Мариам, Ози ӕмӕ Гиезийыл хъотыр бафтыдта (Нм 12:10; 2Аз 26:16–21; 2Пд 5:25–27). Фӕлӕ-иу арӕх кӕцыдӕр адӕймӕгтыл кӕнӕ ӕнӕхъӕн адӕмыл фыднизтӕ бафтыд, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ-иу кӕй арӕзтой, уый аххосӕй. Цы-иу байтыдтой, уый-иу ӕркарстой – се ’нӕраст хъуыддӕгты тыххӕй-иу удхар кодтой (Га 6:7, 8). Ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ чи арӕзта, уыдоны тыххӕй та апостол Павел загъта, зӕгъгӕ сӕ Хуыцау «сӕхи бар ныууагъта, цӕмӕй чъизи хъуыддӕгтӕ кӕной» ӕмӕ «сӕ тӕригъӕдты тыххӕй цы ’мбӕлы, сӕ сӕр уый баййафы» (Ро 1:24–27).
8–14 ФЕВРАЛЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | НЫМӔЦТӔ 1, 2
«Йегъовӕ йӕ адӕмӕн скодта бӕлвырд фӕтк ӕмӕ ӕгъдау»
w94-U 1/12 9 ф., 4 абз.
Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ царды цавӕр бынат хъуамӕ ахса?
4 Израилы цатыртӕм ӕдзӕрӕг быдыры уӕлейӕ куы ӕркастаис, уӕд цы федтаис? Дӕ бон уыдаид фенын, цатыртӕ рӕнхъ-рӕнхъ куыд лӕууынц, уый. Уыцы цатырты цард ӕртӕ милуан адӕймагӕй фылдӕр: Израилы мыггӕгтӕй ӕртӕ ӕртӕ мыггаджы ӕрбынат кодтой цӕгатырдыгӕй, ӕртӕ – хуссарырдыгӕй, стӕй скӕсӕнырдыгӕй ӕмӕ ныгуылӕнырдыгӕй дӕр фӕйнӕ ӕртӕ мыггаджы. Лӕмбынӕгдӕр куы ’ркастаис, уӕд уыцы къордты астӕу федтаис Левийы мыггаджы цатыртӕ. Лӕууыдысты цыппар къордӕй. Ӕппӕты астӕуӕй та лӕууыди ӕмбырды цатыр ӕмӕ уыд ӕмбӕрзӕнтӕй ӕмбӕрзт. Сарӕзтой йӕ, къухӕй хорз чи арӕхст, уыцы израилӕгтӕ, Йегъовӕ сын куыд бацамыдта, уымӕ гӕсгӕ (Нымӕцтӕ 1:52, 53; 2:3, 10, 17, 18, 25; Рацыд 35:10).
it-U «Лагерь», дӕлсӕргонд «Израильский лагерь», 4 абз.
Адӕм-иу сӕ цатыртӕ кӕм ӕрӕвӕрдтой, уыцы бынӕттӕ
Израилы цатыртӕ стыр бынат ахстой. Уӕлдӕр куыд фыст уыд, афтӕмӕй ӕфсӕддонтӕ уыдысты 603 550, фӕлӕ сылгоймӕгтимӕ, сывӕллӕттимӕ, ацӕргӕтимӕ, рынчынтимӕ, левиттимӕ (уыдысты 22 000) ӕмӕ, алы адӕмыхӕттытӕй семӕ чи рацыд, уыцы бирӕ адӕмимӕ уыдаиккой 3 000 000 фылдӕр (Рц 12:38, 44; Нм 3:21–34, 39). Сӕ цатыртӕ цас бынат ахстой, уый зын зӕгъӕн у, ӕмӕ уый фӕдыл ис бирӕ алыхуызон хъуыдытӕ. Израилӕгтӕ Иерихонмӕ хӕстӕг, Моавы быдырты, куы ӕрбынат кодтой, уӕд сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Беф-Йешимофӕй Аве-Ситтимы онг (Нм 33:49).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
it-U «Перепись», 1 абз.
Адӕмы ныффыссын
Адӕмы банымайын ӕмӕ сӕ номгай ныффыссын (чи цы мыггагӕй ӕмӕ хӕдзарвӕндагӕй у). Адӕмы-иу ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ банымадтой, цӕмӕй-иу цас уыдысты, уый базыдтаиккой. Библийӕ базонӕн ис, адӕмы-иу бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй кӕй ныффыстой. Уыцы хъуыддаг аразын хъуыд, зӕгъӕм, хъалон чи фиддзӕн кӕнӕ ӕфсадмӕ чи ацӕудзӕн, уыдоны нымӕц сбӕрӕг кӕныны тыххӕй кӕнӕ, кувӕн бынаты чи цавӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕндзӕн, уый аскъуыддзаг кӕныны тыххӕй (дзырд левиттыл куы цыд, уӕд).
15–21 ФЕВРАЛЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | НЫМӔЦТӔ 3, 4
«Левиттӕ цавӕр хӕстӕ ӕххӕст кодтой?»
Йегъовӕ у мӕ хай
3 Цалынмӕ Йегъовӕ израилӕгтӕн Закъон нӕ радта, уӕдмӕ алы бинонты хистӕр йӕ бинонтӕн уыд сауджын. Фӕлӕ сын Закъон куы радта, уӕд сауджынты ӕмӕ се ’ххуысгӕнджыты равзӕрста Левийы мыггагӕй. Уый куыд сарӕзта? Йегъовӕ Египеты фыццаггуырдты куы ныццагъта, уӕд загъта, цӕмӕй йын Израилы алы фыццаггуырд лӕппуйы дӕр снывонд кодтаиккой. Уый ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ йын хъуамӕ лӕггад кодтаиккой. Фӕлӕ уый фӕстӕ Йегъовӕ загъта: «Ӕз мӕхицӕн исын левитты, Израилы цыдӕриддӕр фыццаггуырдтӕ ис, уыдоны бӕсты». Йегъовӕ аскъуыддзаг кодта, фыццаггуырдты бӕсты йын левиттӕ кӕй лӕггад кӕндзысты. Израилы иннӕ мыггӕгты фыццаггуырд лӕппутӕ уыдысты левиттӕй фылдӕр, ӕмӕ Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй уыдонӕй алкӕй тыххӕй дӕр бӕлвырд аргъ бафыстаиккой (Ным. 3:11–13, 41, 46, 47). Уӕдӕй фӕстӕмӕ левиттӕн сӕ бон уыди Израилы Хуыцауӕн лӕггад кӕнын.
it-U «Священник», дӕлсӕргонд «Под соглашением Закона», 1 абз.
Священник
Под соглашением Закона. Когда израильтяне были рабами в Египте, Иегова освятил для себя всех первенцев мужского пола в Израиле, а первенцев египтян он погубил во время десятой казни (Исх 12:29; Чс 3:13). Следовательно, израильские первенцы теперь принадлежали Иегове, и он мог посвятить их особому служению, назначив священниками и служителями при святилище. Однако для этой цели он решил взять всех лиц мужского пола из племени Левия. Поэтому он разрешил народу отдать левитов вместо первенцев из других 12 племен (потомки Ефрема и Манассии, сыновей Иосифа, составляли два племени). Перепись показала, что первенцев от одного месяца и старше из нелевитских племен было на 273 человека больше, чем левитов, поэтому Бог потребовал выкупную цену в размере пяти сиклей (11 долл.) за каждого из них; деньги отдали Аарону и его сыновьям (Чс 3:11—16, 40—51). Еще до этого Иегова отделил всех лиц мужского пола из семьи Аарона, принадлежавшего к племени Левия, чтобы они служили священниками в Израиле (Чс 1:1; 3:6—10).
it-U «Левиты», дӕлсӕргонд «Обязанности», 1 абз.
Левиттӕ
Хӕстӕ. Левиттӕ рацыдысты Левийы ӕртӕ фыртӕй – Гирсон, Кааф ӕмӕ Мерарийӕ (Рд 46:11; 1Аз 6:1, 16). Израилӕгтӕ-иу ӕдзӕрӕг быдыры сӕ цатыртӕ куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд-иу уыцы ӕртӕ хӕдзарвӕндагӕй алкӕцы дӕр ӕрбынат кодта, ӕмбырды цатыры раз ӕм цы бынат ӕмбӕлд, уым. Ааронӕй рацӕугӕ хӕдзарвӕндӕгты цатыртӕ уыдысты ӕмбырды цатырӕн йе скӕсӕнварс. Каафӕй рацӕугӕ хӕдзарвӕндӕгты цатыртӕ уыдысты ӕмбырды цатырӕн йӕ хуссарварс, Гирсонӕй рацӕугӕ хӕдзарвӕндӕгты цатыртӕ – йӕ ныгуылӕнварс, Мерарийӕ цы хӕдзарвӕндӕгтӕ рацыд, уыдоны цатыртӕ та – йӕ цӕгатварс (Нм 3:23, 29, 35, 38). Левитты хӕстӕм хауд цатыр райхалын, ӕрӕвӕрын ӕмӕ хӕссын. Израилӕгтӕ-иу ӕндӕр ранмӕ куы цыдысты, уӕд-иу Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ, Сыгъдӕг бынат Ӕппӕты сыгъдӕг бынатӕй чи хицӕн кодта, уыцы ӕмбӕрзӕн рафтыдтой ӕмӕ-иу дзы бамбӕрзтой бадзырды чырын, нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ иннӕ табуйаг дзауматӕ ӕмӕ мигӕнӕнтӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕ хаста Каафы мыггаг. Гирсоны мыггаг хаста цатыры ӕмбӕрзӕнтӕ, ӕмбырды цатыры ӕмбӕрзӕн, сӕракӕй конд ӕмбӕрзӕн, цатыры ӕмӕ нывондхӕссӕны алыварс цы кӕрт ис, уымӕн йе ’мбӕрзӕнтӕ, иннӕ ӕмбӕрзӕнтӕ ӕмӕ бӕттӕнтӕ (ӕвӕццӕгӕн, цатыры бӕттӕнтӕ). Мерарийы мыггаг та хаста цатыры фӕлгӕттӕ, цӕджындзтӕ, бынӕвӕрӕнтӕ, къӕбӕлтӕ ӕмӕ бӕттӕнтӕ (цатыры алыварс цы кӕрт ис, уымӕн) (Нм 1:50, 51; 3:25, 26, 30, 31, 36, 37; 4:4–33; 7:5–9).
it-U «Левиты», дӕлсӕргонд «Обязанности», 4 абз.
Левиттӕ
Моисейы рӕстӕджы-иу левиттӕ сӕ хӕстӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнын райдыдтой 30-аздзыдӕй, зӕгъӕм-иу израилӕгтӕ ӕндӕр ранмӕ куы цыдысты, уӕд-иу левиттӕ хъуамӕ хастаиккой ӕмбырды цатыр ӕмӕ йӕ дзауматӕ (Нм 4:46–49). Иуӕй-иу хӕстӕ та-иу ӕххӕст кӕнын райдыдтой 25 азы-иу сыл куы сӕххӕст, уӕд. Фӕлӕ-иу сын уӕззау куыстытӕ, зӕгъӕм, ӕмбырды цатыр ӕмӕ йӕ дзауматӕ хӕссын, нӕ бахӕс кодтой (Нм 8:24). Паддзах Давиды рӕстӕджы та-иу левиттӕ сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын райдыдтой 20-аздзыдӕй. Давид уый афтӕ бамбарын кодта, ӕмӕ йӕ рӕстӕджы ӕмбырды цатыр хӕссын нал хъуыд (уымӕн ӕмӕ хъуамӕ арӕзт ӕрцыдаид кувӕндон). Стӕй ма кувӕндоны лӕггад кӕнынӕн хъуыдаид фылдӕр адӕм, цӕмӕй дзы алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кодтаиккой. Левиттӕн-иу сӕ лӕггад фӕци 50 азы-иу сыл куы сӕххӕст, уӕд (Нм 8:25, 26; 1Аз 23:24–26; кӕс ВОЗРАСТ). Афтӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ уыд, ӕмӕ сӕ уӕззау куыстытӕ кӕнын хъуыди, фӕлӕ ма уый фӕрцы иннӕ левиттӕн дӕр сӕ бон уыд кувӕн бынаты балӕггад кӕнын, уымӕн ӕмӕ уым лӕггад кӕнынӕн хъуыд левиттӕй бӕлвырд нымӕц, уӕлдайдӕр ӕмбырды цатыр куы уыди, уыцы рӕстӕг. Фӕлӕ Аароны хӕдзарвӕндагӕй чи уыд, уыцы левит-сауджынтӕ лӕггад кодтой цӕрӕнбонты.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
Зондджын у – Хуыцауӕй тӕрс!
13 Давид зындзинӕдты рӕстӕг Иегъовӕйы ӕххуысӕй цух кӕй нӕ уыд, уый руаджы дзы тынгдӕр тарст ӕмӕ йыл тынгдӕр ӕууӕндыд (Псалом 30:23–25). Фӕлӕ Давидыл ӕрцыд, стыр бӕллӕхтӕ чи расайдта, ӕртӕ ахӕм хабары, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй раздӕрау нал тарст. Фыццаг хабар ӕрцыд, Иегъовӕйы бадзырды чырын Иерусалиммӕ ласынмӕ куы цӕттӕ кодта, уӕд. Хуыцауы Закъон куыд дзырдта, афтӕ йӕ левитты уӕхсджытыл нӕ ахӕссын кодта, фӕлӕ йӕ уӕрдоныл аласын кодта. Озӕ, уӕрдон чи кодта, уый чырынмӕ куы февнӕлдта, ма рахауа, зӕгъгӕ, уӕд дзыхъмард фӕци йӕ къӕйных мийы тыххӕй. Озӕ стыр тӕригъӕд сарӕзта, фӕлӕ уыцы бӕллӕхы фыццаджыдӕр Давид уыд аххосджын, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Закъон нӕ сӕххӕст кодта. Уӕдӕ Хуыцауӕй тӕрсын у, хъуыддӕгтӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ аразын (2 Паддзахӕдты 6:2–9; Нымӕцтӕ 4:15; 7:9).
22–28 ФЕВРАЛЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | НЫМӔЦТӔ 5, 6
«Назорейтӕ нын фӕзминаг цӕмӕй сты?»
it-U «Назорей», 2–5 абз.
Назорей
Адӕймаг-иу дзырд куы радта, назорейӕ кӕй лӕггад кӕндзӕн, уӕд-иу ын сӕйраджыдӕр ӕртӕ хъуыддаджы нӕ уыд аразӕн: 1) нӕ йын уыд сӕн, карз нозт ӕмӕ сӕнӕй конд дзмари нуазӕн, стӕй йын нӕ уыд хӕрӕн, сӕнӕфсирӕй цы арӕзтой, уыдӕттӕ: цъӕх сӕнӕфсир, рӕгъӕд сӕнӕфсир, хус сӕнӕфсир; 2) нӕ йын уыд йӕ сӕрыхъуынтӕ ӕлвынӕн; 3) хъуамӕ мардмӕ хӕстӕг ма цыдаид, суанг йӕ фыд, йӕ мад, йе ’фсымӕр кӕнӕ йӕ хо куы амардаид, уӕддӕр (Нм 6:1–7).
Сӕрмагонд дзырд раттын. Адӕймаг-иу дзырд куы радта, назорейӕ (ома «хибаргонд; нывондгонд; хицӕнгонд») кӕй лӕггад кӕндзӕн, уӕд-иу дзырд радта «Йегъовӕйы раз», адӕмы раз нӕ, фӕлӕ. Йӕ нысан хъуамӕ уый ма уыдаид, цӕмӕй дзы адӕм ӕппӕлыдаиккой, царды хорздзинӕдтӕй йӕхи кӕй фӕцух кодта, уый тыххӕй. Цалынмӕ назорей уыд, уӕдмӕ-иу Йегъовӕйы цӕсты уыд сыгъдӕг (Нм 6:2, 8; абар Рд 49:26).
Йегъовӕ назорейтӕн цы фӕдзӕхстытӕ радта, уыдон уыдысты ахсджиаг, ӕмӕ сӕм назорейтӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кастысты. Сыгъдӕг бынаты чи лӕггад кодта, уыцы хистӕр сауджынау назорей дӕр хъуамӕ мардмӕ хӕстӕг ма цыдаид, суанг йӕ бинонтӕй исчи куы амардаид, уӕддӕр. Хистӕр сауджын ӕмӕ, йемӕ чи лӕггад кодта, уыцы сауджынтӕ Йегъовӕйы раз сӕ хӕстӕ куы ӕххӕст кодтой, уӕд сын нӕ уыд нуазӕн сӕн ӕмӕ карз нозт (Лв 10:8–11; 21:10, 11).
Уымӕй уӕлдай ма назорей (дзут. нази́р) хъуамӕ йӕ сӕрыхъуынтӕ ма ӕлвыдтаид ӕмӕ уымӕй ӕвдыстаид, Хуыцауы сӕрмагонд лӕггадгӕнӕг кӕй у, уый. Даргъ сӕрыхъуынтӕ йын кӕй уыд, уымӕй бӕрӕг уыд, назорей кӕй у (Нм 6:5). Дзырд нази́р-ӕй ма пайда кодтой ӕнӕхсӕст сӕнӕфсиры кой кӕнгӕйӕ (Саббаты азы ӕмӕ Сӕрибардзинады азы рӕстӕг) (Лв 25:5, 11). Сауджыны сарыхъыл-иу уыд сызгъӕринӕй конд тъӕпӕн гӕбаз ӕмӕ йыл скъахтой ахӕм ныхӕстӕ: «Йегъовӕ у сыгъдӕг». Уыцы тъӕпӕн гӕбаз комкоммӕ нысан кӕны «снывонд кӕныны сыгъдӕг нысан [дзут. не́зер, йе ’муидаг дзырд нази́р]» (Рц 39:30, 31). Израилы паддзӕхтӕ цы кадыхуд дардтой, уый кой кӕнгӕйӕ дӕр-иу пайда кодтой дзырд не́зер-ӕй (2См 1:10; 2Пд 11:12; кӕс ВЕНЕЦ; ПОСВЯЩЕНИЕ). Павел чырыстон ӕмбырдмӕ куы фыста, уӕд зӕгъта, Хуыцау сылгоймагӕн даргъ дзыккутӕ сӕрбӕттӕны бӕсты кӕй радта. Йӕ дзыккутӕ йын йӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, нӕлгоймагӕй уӕлдӕр кӕй нӕу ӕмӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕлгоймаджы коммӕ кӕй хъуамӕ кӕса. Уӕдӕ назорей йӕ сӕрыхъуынтӕ кӕй не ’лвыдта (кӕд-иу нӕлгоймӕгтӕ ӕнӕуи сӕ сӕрыхъуынтӕ ’лвыдтой, уӕддӕр), сӕн кӕй нӕ нуӕзта ӕмӕ йӕхи фӕчъизи кӕнын кӕй нӕ уагъта, уый йын йӕ зӕрдыл лӕууын кодта, йӕхи тыххӕй кӕй нӕ цӕры, фӕлӕ Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕныны тыххӕй (1Кр 11:2–16; кӕс ВОЛОСЫ; ПОКРЫВАНИЕ ГОЛОВЫ; ПРИРОДА).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
w05-U 15/1 30 ф., 2 абз.
Кӕсджыты фарстатӕ
Самсон иннӕ назорейтӕй хицӕн кодта. Цалынмӕ нӕ райгуырд, уӕдмӕ Йегъовӕйы зӕд йӕ мадӕн загъта: «Ды басывӕрджын уыдзынӕ ӕмӕ ныййардзынӕ лӕппу. Йӕ сӕрыл сӕрдасӕн хъуамӕ ма андзӕва, уымӕн ӕмӕ, гуыбынӕй куы рацӕуа, уӕдӕй фӕстӕмӕ уыдзӕн Хуыцауы назорей. Уый райдайдзӕн Израил филистимӕгты къухӕй ирвӕзын кӕнын» (Тӕрхонгӕнджыты 13:5). Самсон дзырд нӕ радта, назорейӕ кӕй лӕггад кӕндзӕн. Хуыцау ӕй йӕхӕдӕг снысан кодта назорейӕ, ӕмӕ назорей хъуамӕ уыдаид цӕрӕнбонты. Уымӕ гӕсгӕ, назорейтӕн мардмӕ хӕстӕг цӕуӕн кӕй нӕ уыд, уыцы фӕдзӕхст Самсонмӕ нӕ хауд. Уыцы фӕдзӕхст Самсонмӕ дӕр куы хаудаид ӕмӕ мардмӕ ӕнӕбары куы бавнӕлдтаид, уӕд ма ногӕй назорейӕ лӕггад кӕнын куыд райдыдтаид? Йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ назорей чи уыд, уыдонӕн цы уыд ӕмӕ цы нӕ уыд аразӕн, уый цӕмӕйдӕрты хицӕн кодта, йӕхи фӕндӕй-иу чи сси назорей, уыдонӕн цы уыд ӕмӕ цы нӕ уыд аразӕн, уымӕй.