Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Кусӕн тетрад»-мӕ
1–7 МАРТЪИЙЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | НЫМӔЦТӔ 7, 8
«Израилӕгтӕн бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдау кӕй уыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?»
it-U «Собрание, общество», дӕлсӕргонд «Собрание Израиля», 6 абз.
Ӕмбырд, адӕм
Израилы-иу адӕмы номӕй архайдтой, кадджын хӕстӕ чи ӕххӕст кодта, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ (Езд 10:14). Зӕгъӕм, ӕмбырды цатыр ӕвӕрд куы ’рцыд, уӕд лӕвӕрттӕ ӕрбахастой «мыггӕгты хистӕртӕ» (Нм 7:1–11). Неемийы рӕстӕджы адӕм «фидар дзырд» куы радтой ӕмӕ йӕ куы ныффыстой, уӕд ыл мыхуыр сӕвӕрдтой сауджынтӕ, левиттӕ ӕмӕ «адӕмы хистӕртӕ» (Не 9:38–10:27). Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд се ’хсӕн уыд «адӕмы хистӕртӕ, адӕмы уынаффӕйы лӕгтӕ, номдзыд адӕм». Уыдонӕй 250 адӕймаджы Корей, Дафан, Авирон ӕмӕ Онмӕ ӕрбаиу сты ӕмӕ Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ рацыдысты (Нм 16:1–3). Хуыцауы амындмӕ гӕсгӕ Моисей равзӕрста 70 хистӕр лӕджы. Уыдон ын хъуамӕ ӕххуыс кодтаиккой «ацы уаргъ, ацы адӕмы, хӕссынӕн», цӕмӕй йӕ иунӕгӕй ма хастаид (Нм 11:16, 17, 24, 25). Левиты 4:15 стихы дзырд цӕуы «адӕмы хистӕр лӕгты» тыххӕй, ӕмӕ куыд зыны, афтӕмӕй адӕмы номӕй архайдтой хистӕр лӕгтӕ, мыггӕгты хистӕртӕ, тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ хицӕуттӕ (Нм 1:4, 16; ЙсН 23:2; 24:1).
it-U «Рувим», № 2, 3 абз.
Рувим
Рувимы мыггаджы цатыртӕ ӕвӕрд уыдысты ӕмбырды цатырӕн йӕ хуссарварс. Сӕ иу фарс ӕвӕрд уыдысты Симеоны байзӕддӕгты цатыртӕ, сӕ иннӕ фарс та – Гады байзӕддӕгты цатыртӕ. Израилӕгтӕ-иу фӕндагыл куы араст сты, уӕд-иу Рувим, Симеон ӕмӕ Гады мыггӕгтӕ, сӕ сӕргъы Рувимы мыггаг, афтӕмӕй цыдысты Иудӕ, Иссахар ӕмӕ Завулоны мыггӕгты фӕстӕ (Нм 2:10–16; 10:14–20). Ӕмбырды цатыр Йегъовӕйӕн куы нывонд кодтой, уӕд дӕр алы мыггаг лӕвӕрттӕ хаста йӕ радмӕ гӕсгӕ (Нм 7:1, 2, 10–47).
Нымӕцты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
8:25, 26. Ацӕргӕ левиттӕн стыр кад кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ-иу сӕ хӕсгӕ кувӕндоны цатыры куыстӕй ссӕрибар кодтой, ӕмӕ-иу сын сӕ бӕсты ӕндӕрты сӕвӕрдтой. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ бон уыд ӕрыгон левиттӕн ӕххуыс кӕнын. Абон кӕд ацӕргӕты Паддзахады хабар хъусын кӕнынӕй ничи сӕрибар кӕны, уӕддӕр уыцы рагон ӕгъдау дзурӕг у иу хъуыддагыл: кардзыд чырыстоны кӕд йӕ фадӕттӕ цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын нӕ амонынц, уӕддӕр йӕ бон у, йӕ хъарутӕм гӕсгӕ, исты аразын.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
it-U «Первенец», 4 абз.
Фыццаггуырд, фыццагзад
Израилы-иу фыццаггуырд фырттӕ бинонты хистӕртӕ кӕй хъуамӕ суыдаиккой, уымӕ гӕсгӕ нымад уыдысты, адӕмӕн се ’ппӕты номӕй чи хъуамӕ архайдтаид, уыдоныл. Йегъовӕ Авраамимӕ цы бадзырд скодта, уымӕ гӕсгӕ Израилы адӕмы схуыдта йӕ «фыццаг хъӕбул» (Рц 4:22). Йегъовӕ Израилы фыццаггуырд фыртты кӕй фервӕзын кодта, уымӕ гӕсгӕ сын бафӕдзӕхста: «Израилы фырттӕй алкӕмӕн дӕр фыццаг цы лӕппу райгуыра, уый-иу мӕнӕн снывонд кӕн. Алы фыццаггуырд дӕр у мӕн – адӕмӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр» (Рц 13:2).
8–14 МАРТЪИЙЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | НЫМӔЦТӔ 9, 10
«Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд куыд дӕтты?»
it-U «Лагерь», дӕлсӕргонд «Израильский лагерь», 9 абз.
Адӕм-иу сӕ цатыртӕ кӕм ӕрӕвӕрдтой, уыцы бынӕттӕ
Израилӕгтӕ-иу иу бынатӕй иннӕ бынатмӕ куыд цыдысты (Нымӕцты 33-ӕм сӕры Моисей ской кодта, кӕм-иу ӕрлӕууыдысты, иу-40 ахӕм бынаты тыххӕй), уымӕй дӕр бӕрӕг уыд, кӕй сын уыди бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдау. Мигъ-иу цатыры сӕрмӕ куы лӕууыд, уӕд-иу израилӕгтӕ никуыдӕм цыдысты. Фӕлӕ-иу мигъ хӕрдмӕ куы ссыд, уӕд-иу израилӕгтӕ сӕ фӕндагыл араст сты. «Израилы фырттӕ-иу сӕ фӕндагыл араст сты Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ-иу сӕ цатыртӕ дӕр ӕрӕвӕрдтой Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ» (Нм 9:15–23). Израилӕгтӕ-иу кӕй хъуамӕ ӕрӕмбырд уыдаиккой кӕнӕ-иу сӕ цатыртӕ кӕй хъуамӕ систаиккой, уый-иу фехъусын кодтой, куырды къухӕй конд чи уыд, дыууӕ ахӕм ӕвзист уадындзы уастӕй (Нм 10:2, 5, 6). Уадындзтӕй-иу цалдӕр цыбыр уасты куы ныккодтой, уӕд-иу хъуамӕ сӕ фӕндагыл араст уыдаиккой. Израилӕгтӕ фыццаг хатт сӕ цатыртӕ систой «дыккӕгӕм азы [нӕ эрӕйы размӕ 1512 азы], дыккаг мӕйы, мӕйӕн йӕ дыууынӕм бон». Разӕй-иу хастой бадзырды чырын. Йӕ фӕстӕ-иу цыдысты Иудӕйы, Иссахары ӕмӕ Завулоны мыггӕгтӕ, сӕ сӕргъы Иудӕйы мыггаг, афтӕмӕй. Уыдоны фӕстӕ та-иу цыдысты Гирсоны ӕмӕ Мерарийы фырттӕ, уыдон хастой цатырӕн йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ. Сӕ фӕстӕ та-иу араст сты Рувимы, Симеоны ӕмӕ Гады мыггӕгтӕ, сӕ сӕргъы Рувимы мыггаг, афтӕмӕй. Уый фӕстӕ та-иу араст сты Каафы фырттӕ, уыдон хастой кувӕн бынаты табуйаг дзауматӕ. Стӕй та – Ефремы, Манассийы ӕмӕ Вениамины мыггӕгтӕ, сӕ сӕргъы Ефремы мыггаг, афтӕмӕй. Ӕппӕты фӕстаг-иу араст сты Даны, Асиры ӕмӕ Неффалимы мыггӕгтӕ, сӕ сӕргъы Даны мыггаг, афтӕмӕй. Уӕдӕ израилӕгтӕн сӕ разӕй ӕмӕ сӕ фӕстӕ цыдысты, ӕппӕты тыхджындӕр ӕмӕ ӕппӕты фылдӕр ӕфсӕддонтӕ кӕм уыд, уыцы мыггӕгтӕ (Нм 10:11–28).
Хуыцау нын разамынд кӕй дӕтты, уый уыныс?
Нӕ бон куыд у равдисын, Хуыцауы разамындӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый? Апостол Павел загъта: «Разамынд уын чи дӕтты, уыдонмӕ... хъусут ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсут» (Дзут. 13:17). Уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Ахъуыды-ма кӕн: ды дӕр цӕрыс Моисейы бонты, цасдӕр рӕстӕг куы фӕцыдтӕ, уӕд кӕсыс, ӕмӕ мигъ цатыры сӕрмӕ ӕрлӕууыд. Цас фӕлӕудзӕн? Иу бон? Иу къуыри? Цалдӕр мӕйы? Хъуыдытӕ кӕныс, зӕгъгӕ, мӕ муртӕ иууылдӕр сисон ӕмӕ сӕ ӕрӕвӕрон? Фыццаг, ӕвӕццӕгӕн, систай ӕнӕмӕнгӕй дӕ чи хъӕуы, уыцы дзауматӕ. Цалдӕр боны фӕстӕ, дӕ дзауматы ’хсӕн цыдӕр агурыс ӕмӕ сӕ иууылдӕр райдыдтай исын. Дӕ дзауматӕ иууылдӕр систай ӕмӕ сӕ сӕ бынӕтты ӕрӕвӕрдтай, уалынмӕ кӕсыс, ӕмӕ мигъ цатыры сӕрӕй хӕрдмӕ ссыд. Ӕмӕ та дӕ фӕстӕмӕ хъӕуы дӕ дзауматӕ ӕвӕрын! Уый та, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнцон нӕу. Фӕлӕ-иу израилӕгтӕ сӕ фӕндагыл араст сты, «куыддӕр-иу мигъ цатыры сӕрӕй хӕрдмӕ ссыд», афтӕ (Ным. 9:17–22).
Хуыцау нын разамынд куы фӕдӕтты, уӕд нӕхи куыд фӕдарӕм? Амындтӕ нын куыддӕр раттынц, афтӕ сӕ сӕххӕст кӕнӕм? Ӕви куыд сахуыр стӕм, афтӕ фӕкӕнӕм? Абон нын цы амындтӕ дӕттынц, уыдон хорз зонӕм? Зӕгъӕм, куыд хъӕуы адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уыдонӕн хорз хабар хъусын кӕнын, алы къуыри дӕр бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнын, рынчындӕттимӕ бастдзинады комитетимӕ ӕмгуыст кӕнын ӕмӕ конгрессты нӕхи дзӕбӕх дарын? Хуыцауы разамындӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый ма равдисдзыстӕм, уынаффӕтӕм куы хъусӕм, уӕд. Ахсджиаг уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ нӕхи зондӕй нӕ архайдзыстӕм, фӕлӕ разамынд агурдзыстӕм Йегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ организацийӕ. Тыхдымгӕ куы райдайы, уӕд сывӕллон йӕ ныййарджытӕм ӕххуысмӕ куыд фӕлидзы, афтӕ мах дӕр, ацы дунейы тыхдымгӕтӕй ӕмбӕхсӕн бынат фӕагурӕм Йегъовӕйы организацийы.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
it-U «Встреча», дӕлсӕргонд «Важность совместных встреч», 1 абз.
Фембӕлд
Фембӕлдтӕ ахсджиаг цӕмӕн сты. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы фембӕлдтӕ скодта, уыдон куыд ахсджиаг сты, уый бӕрӕг у, Куадзӕн бӕрӕг кӕныны фӕдыл цы амындтӕ радта, уымӕй. Адӕймаг-иу сыгъдӕг куы уыди ӕмӕ-иу фӕндагыл дӕр куы нӕ уыд, афтӕмӕй-иу Куадзӕн куы не сбӕрӕг кодта, уӕд-иу ӕй адӕмы ’хсӕнӕй фесӕфтой (Нм 9:9–14). Паддзах Езеки Иудӕйы ӕмӕ Израилы адӕмы Иерусалиммӕ Куадзӕн сбӕрӕг кӕнынмӕ куы ӕмбырд кодта, уӕд сын загъта: «Израилы фырттӕ, раздӕхут... Йегъовӕмӕ... [...] Уӕ фыдӕлтау хивӕнд ма сут. Йегъовӕйы коммӕ бакӕсут, ӕрбацӕут йӕ кувӕндонмӕ, ӕнустӕм кӕй ссыгъдӕг кодта, уыцы кувӕндонмӕ ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнут, цӕмӕй уӕм йӕ маст мауал судза. [...] Уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕ у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау, ӕмӕ йӕм куы раздӕхат, уӕд уыл йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн» (2Аз 30:6–9). Ӕмӕ адӕймаг, ницы ӕфсон ын уыд, афтӕмӕй уырдӕм куы не ’рбацыдаид, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдаид, ӕмӕ Хуыцауы ныууагъта. Ӕмӕ кӕд чырыстӕттӕ, израилӕгтӕ цы бӕрӕгбӕттӕ бӕрӕг кодтой, уыдон нӕ бӕрӕг кӕнынц, зӕгъӕм, Куадзӕн, уӕддӕр сӕ Павел разӕнгард кодта, цӕмӕй, Хуыцауы адӕмӕн цы фембӕлдтӕ вӕййы, уыдон ма цух кодтаиккой. Павел загъта: «Ӕмӕ нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм, иуӕй-иутӕ куыд ахуыр сты, афтӕ не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, ӕмӕ, уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр» (Дзт 10:24, 25; кӕс СОБРАНИЕ, ОБЩЕСТВО; СВЯТОЕ СОБРАНИЕ).
15–21 МАРТЪИЙЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | НЫМӔЦТӔ 11, 12
«Хъуыр-хъуыр цӕуылнӕ хъуамӕ кӕнӕм?»
Рохгӕнаг хъусджытӕ макуы суӕм
20 Чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр ӕнӕфсарм, цъаммар хъуыддаг сӕ сӕрмӕ никуы бахӕссынц. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр алкӕйдӕр хъӕуы йӕхимӕ кӕсын, цӕмӕй хъуыр-хъуыргӕнаг ма суа ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕхудты ма бацӕуа. Павел нӕ фӕдзӕхсы: «Нӕ райдайдзыстӕм фӕлварын Чырыстийы [«Иегъовӕйы», НД], уыдонӕй иутӕ куыд фӕлвӕрдтой, афтӕ, ӕмӕ фӕмардысты кӕлмытӕй. Хъуыр-хъуыр ма кӕнут, уыдонӕй иутӕ куыд хъуыр-хъуыр кодтой афтӕ, ӕмӕ цӕгъдӕг амардта уыдоны» (1 Коринфӕгтӕм 10:9, 10). Израилӕгтӕн диссаджы хуызы цы маннӕ цыд лӕвӕрд, ууыл кӕй нал ӕрвӕссыдысты, уымӕй уыдон хъуыр-хъуыр кодтой Моисей ӕмӕ Аароныл – растдӕр зӕгъгӕйӕ та Хуыцауӕн йӕхиуыл (Нымӕцты 16:41; 21:5). Цымӕ Иегъовӕйы раз, хӕтгӕ чи кодта, уыдонӕй уыцы хъуыр-хъуыргӕнджытыл къаддӕр азым уыди? Библийы кӕсӕм, хъуыр-хъуыргӕнджытӕй бирӕтӕ кӕлмыты хӕстӕй кӕй фӕмардысты (Нымӕцтӕ 21:6). Уый размӕ та 14 700 израиладжы фӕцагъдысты сӕ хъуыр-хъуыры тыххӕй (Нымӕцтӕ 16:49). Уӕдӕ нын Иегъовӕ цы дӕтты, ууыл былысчъилтӕ макуы кӕнӕм, ӕмӕ йын йӕ фӕразондзинад ма фӕлварӕм.
Ма хъуыр-хъуыр кӕнут
7 Куыд тынг аивта израилӕгты зӕрдӕйы уаг! Райдианы Иегъовӕйӕ бузныг уыдысты, Египетӕй сӕ кӕй ссӕрибар кодта ӕмӕ сӕ Сырх денджызы астӕуты кӕй ахизын кодта ӕмӕ йӕ кадӕн зарыдысты (Рацыд 15:1–21). Фӕлӕ ӕдзӕрӕг быдыры ӕнцон цӕрӕн кӕй нӕ уыд, стӕй ханаайнӕгтӕй кӕй фӕтарстысты, уымӕ гӕсгӕ бузныджы бӕсты хъаст кӕнын райдыдтой. Израилӕгтӕ сӕ сӕрибардзинады тыххӕй Хуыцауӕй бузныг нал уыдысты, фӕлӕ йӕ ӕлгъыстой, уымӕн ӕмӕ сӕм афтӕ каст, ӕмӕ цӕмӕйдӕрты цух ӕййӕфтой. Сӕ хъуыр-хъуырӕй бӕрӕг уыд, Иегъовӕ сын цы лӕвӕрдта, уымӕн ӕппындӕр кӕй нӕ аргъ кодтой. Уӕдӕ диссаг нӕу, Иегъовӕ кӕй загъта: «Ацы фыдзӕрдӕ адӕм мыл кӕдмӕ хъуыр-хъуыр кӕндзысты?» (Нымӕцтӕ 14:27; 21:5).
it-U «Ссора», дӕлсӕргонд «Ропот», 1 абз.
Хыл
Хъуыр-хъуыр кӕнын. Адӕймаг хъуыр-хъуыр куы фӕкӕны, уӕд уый иннӕтӕн тынг зын вӕййы ӕмӕ сӕ ныфс асӕтты. Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йегъовӕйыл хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ, Моисей ӕмӕ Аароны уылты адӕмӕн разамынд лӕвӕрд куыд цыд, уый раст нӕу (Рц 16:2, 7). Цасдӕры фӕстӕ Моисейӕн сӕ хъуыр-хъуыры тыххӕй йӕ ныфс афтӕ асаст, ӕмӕ йӕхицӕн мӕлӕт курын райдыдта (Нм 11:13–15). Адӕймаг хъуыр-хъуыр куы кӕна, уӕд уый тыххӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ цард фесафа. Адӕм Моисейыл кӕй хъуыр-хъуыр кодтой, уый Йегъовӕ афтӕ банымадта, цыма йын йӕ разамындыл хъуыр-хъуыр кодтой (Нм 14:26–30). Ахӕм зондахасты тыххӕй бирӕтӕ фӕцагъды сты.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
it-U «Манна», дӕлсӕргонд «Описание», 1 абз.
Маннӕ
Цыхуызӕн уыд ӕмӕ цы ад кодта. Маннӕ уыди «киндзӕйы мыггӕгты хуызӕн», «бӕласы хӕрздӕф чъиуы хуызӕн». Стӕй уыди мыдадзы ӕмӕ сыгъдӕг ӕртахы хуызӕн, раст налхъуыты хуызӕн. Йӕ ад та уыд «мыдимӕ конд гуылты» ӕмӕ «соимӕ конд адджын гуылы» хуызӕн. Маннӕ-иу ӕрмгуыройӕ «ӕрыссадтой кӕнӕ-иу ӕй фӕхты ныммур кодтой, стӕй-иу ӕй кӕнӕ аджы сфыхтой, кӕнӕ та-иу дзы скодтой дзултӕ» (Рц 16:23, 31; Нм 11:7, 8).
22–28 МАРТЪИЙЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | НЫМӔЦТӔ 13, 14
«Нӕ уырнындзинады фӕрцы стӕм хъӕбатыр»
w06 1/10 20, 21 фф., 5, 6 абз.
Уырнындзинад нӕм кӕй ис ӕмӕ Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм, уый руаджы стӕм хъӕбатыр
5 Фӕлӕ дыууӕ сгарӕджы, Йесо Навин ӕмӕ Халевы, тынг фӕндыд Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуын. Уыдон дзырдтой, зӕгъгӕ, ханаайнӕгтыл «ӕнцонӕй фӕуӕлахиз уыдзыстӕм». «Сӕ хъахъхъӕнӕг сӕ ныууагъта, махимӕ та Иегъовӕ ис. Ма сӕ тӕрсут» (Нымӕцтӕ 14:9). Цымӕ Йесо ӕмӕ Халев афтӕ ныфсджын дзӕгъӕлы уыдысты? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Уыдон дӕр иннӕтау федтой, Иегъовӕ хъомысджын Египет ӕмӕ йӕ хуыцӕутты дӕс ӕфхӕрды руаджы куыд фӕхудинаг кодта. Стӕй федтой, Иегъовӕ фараоны ӕмӕ йӕ тыхджын ӕфсад Сырх денджызы куыд фӕдӕлдон кодта (Псалом 135:15). Уӕдӕ дӕс сгарӕджы ӕмӕ сӕ зондыл чи ацыд, уыдон кӕй фӕтарстысты, уымӕн ныххатыр кӕнӕн нӕ уыд. «Кӕдмӕ мыл не ’ууӕнддзысты ацы адӕм, бирӕ диссӕгтӕ сын куы равдыстон, уӕд?»,– загъта хъыгзӕрдӕйӕ Иегъовӕ (Нымӕцтӕ 14:11).
6 Иегъовӕ уыдта, хъуыддаг цӕй мидӕг уыди, уый. Кӕй тарстысты, уымӕй бӕрӕг уыд, уырнындзинад сын кӕй нӕ фаг кодта. Уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад тынг ӕнгом баст сты. Апостол Иоанн дӕр фыста, чырыстон ӕмбырд йӕ уырнындзинады сӕрыл кӕй тох кодта, уый тыххӕй: «Дунейыл та фӕуӕлахиз стӕм нӕ уырнындзинадӕй» (1 Иоанны 5:4, НД). Абон дӕр Йесо Навин ӕмӕ Халевау фидар уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдон Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕгас дунейыл дӕр хъусын кӕнынц. Уыдон сты 6 милуанӕй фылдӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕны, се ’хсӕн ис ӕрыгӕттӕ ӕмӕ ацӕргӕтӕ, ӕнӕнизтӕ ӕмӕ рынчынтӕ дӕр. Иу знагӕн дӕр йӕ бон нӕу уыцы хъомысджын ӕмӕ хъӕбатыр ӕфсад ныхъхъус кӕнын (Ромӕгтӕм 8:31).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
it-U «Земля, которую Бог дал Израилю», 1 абз.
Йегъовӕ израилӕгтӕн кӕй радта, уыцы зӕхх
ЙЕГЪОВӔ израилӕгтӕн кӕй радта, уыцы зӕхх уыд тынг хорз. Моисей адӕмы куы арвыста, цӕмӕй Зӕрдӕвӕрд зӕхх басгӕрстаиккой ӕмӕ йын йӕ дыргътӕй ӕрбахастаиккой, уӕд фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты легъуитӕ, гранаттӕ ӕмӕ сӕнӕфсиры цупалимӕ. Уыцы цупал ахӕм стыр уыд, ӕмӕ йӕ хъилыл ауыгъдӕй хастой дыууӕ лӕгӕй! Кӕд сгарджытӕ, фаг уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй тынг фӕтарстысты, уӕддӕр загътой: «Ӕцӕгдӕр [дзы] кӕлы ӕхсыр ӕмӕ мыд» (Нм 13:23, 27).
29 МАРТЪИЙӔ 4 АПРЕЛМӔ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | НЫМӔЦТӔ 15, 16
«Сӕрбӕрзонд ӕмӕ дӕхицӕй ныфсджын ма у»
Йегъовӕ дӕ зоны?
12 Фӕлӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ цӕугӕйӕ Корей афтӕ хъуыды кӕнын райдыдта, ӕмӕ, адӕмӕн разамынд лӕвӕрд куыд цыд, уый раст нӕу. Ӕмӕ йӕ цыдӕр фӕивын бафӕндыд. Уый фӕстӕ ма йӕ зондыл ацыд 250 адӕймаджы. Уыдоны уырныдта, Йегъовӕ сӕ кӕй зоны ӕмӕ сӕ райгонд кӕй у. Ӕмӕ Моисейӕн ӕмӕ Ааронӕн загътой: «Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд! Ацы адӕм иууылдӕр сыгъдӕг сты ӕмӕ Йегъовӕ се ’хсӕн ис» (Ным. 16:1–3). Сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд, сӕрбӕрзонд кӕй уыдысты. Сӕхи зондӕй ӕгӕр ныфсджын уыдысты. Ӕмӕ сын Моисей загъта: «Йегъовӕ равдисдзӕн, йӕхион чи у». (Бакӕс Нымӕцтӕ 16:5.) Дыккаг бон изӕрӕй Корей дӕр ӕмӕ, йӕ зондыл чидӕриддӕр ацыд, уыдон дӕр ӕгас нал уыдысты (Ным. 16:31–35).
Йегъовӕ дӕ зоны?
11 Ӕркӕсӕм Моисей ӕмӕ Корейы хабармӕ. Ацы дыууӕ адӕймаджы кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кодтой. Куыд архайдтой, уый фӕрцы бамбардзыстӕм иу ахсджиаг хъуыддаг: Йегъовӕ нӕ цы хъуыды кӕны, уый аразгӕ у, цы уынаффӕтӕ рахӕссы ӕмӕ куыд архайы, уымӕн аргъ кӕнӕм ӕви нӕ, уымӕй. Корей уыд левит Каафы хӕдзарвӕндагӕй. Ӕвӕццӕгӕн, Корей федта, Йегъовӕ израилӕгты Сырх денджызыл куыд ахизын кодта, уый. Стӕй уыд, Синайы хохы раз ӕгоммӕгӕс израилӕгтыл Йегъовӕйы тӕрхон чи ӕххӕст кодта, уыдонимӕ. Уымӕй уӕлдай ма ӕххуыс кодта бадзырды чырын хӕссынӕн дӕр (Рац. 32:26–29; Ным. 3:30, 31). Куыд уынӕм, афтӕмӕй бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйыл иузӕрдион уыд, ӕмӕ йын уый тыххӕй израилӕгтӕй бирӕтӕ кад кодтой.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
w98 1/12 30 ф., 1, 2 абз.
Фыццаг бынаты сӕвӕр ӕппӕты ахсджиагдӕр!
Ацы хъуыддагмӕ Иегъовӕйӕн тынг серьезон ахаст уыд. Библийы дзырдӕуы: «Ӕмӕ Хицау загъта Моисейӕн: ацы адӕймаг хъуамӕ амӕла» (Нымӕцтӕ 15:35). Иегъовӕ афтӕ карзӕй цӕмӕн стӕрхон кодта уыцы лӕгыл?
Адӕмӕн ӕхсӕз боны мидӕг сӕ бон уыд сугтӕ ӕрцӕттӕ кӕнын ӕмӕ хӕрд ӕмӕ дзаумӕттӕ ӕмӕ хӕдзарыл батыхсын. Ӕвдӕм бон та духовон хъуыддӕгтӕн хъуамӕ рахицӕн кодтаиккой. Сугтӕ цӕттӕ кӕныны кӕд ӕвзӕрӕй ницы уыд, уӕддӕр рӕдыдыл нымад цыд Иегъовӕйӕн лӕггад кӕныны бон кӕй уыд, уый тыххӕй. Чырыстӕттӕ кӕд Моисейы закъоныл нӕ хӕцынц, уӕддӕр уымӕй бӕрӕг нӕу, абон фыццаг бынаты царды цы хъуамӕ ӕвӕрӕм? (Филиппӕгтӕм 1:10).
5–11 АПРЕЛЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | НЫМӔЦТӔ 17–19
«Ӕз дӕн дӕ хай ӕмӕ дӕ бынтӕ»
Дӕуӕн та Йегъовӕ дӕ хай у?
9 Ахъуыды-ма кӕн левиттыл. Уыдонӕн зӕхх бынӕн лӕвӕрд не ’рцыд. Левиттӕ адӕмӕн ӕххуыс кодтой сыгъдӕг диныл фидар хӕцынӕн. Ӕмӕ сӕ хъуамӕ рох ма уыдаид, Йегъовӕ кӕй у сӕ хай, ӕмӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кодтаиккой, цух сӕ кӕй ницӕмӕй ныууадздзӕн (Ным. 18:20). Кӕд мах сауджынтау ӕмӕ левиттау кувӕндоны нӕ лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр уыдонау нӕ бон у нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарын. Ацы дунейӕн йӕ кӕрон цас хӕстӕгдӕр кӕны, уыйас ноджы тынгдӕр хъуамӕ дарӕм нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, цух нӕ кӕй ницӕмӕй ныууадздзӕн, ууыл (Рарг. 13:17).
Йегъовӕ у мӕ хай
4 Йегъовӕ левитты йӕхицӕн куы равзӕрста, уӕд сӕ хай куыд сси? Бынӕн сын зӕхх нӕ радта, фӕлӕ сын радта, уымӕй бирӕ зынаргъдӕр цы уыд, уый – сӕ бар сын бакодта тынг ахсджиаг хъуыддаг. Сӕ хай уыди, «Йегъовӕйӕн сауджынтӕй кӕй лӕггад [кодтой], уый» (Йес. Н. 18:7). Фӕлӕ Нымӕцты чиныджы 18 сӕрӕй куыд ис базонӕн, афтӕмӕй сӕ ӕнӕмӕнг цы хъуыди, уымӕй дӕр цух не ’ййӕфтаиккой. (Бакӕс Нымӕцтӕ 18:19, 21, 24.) Левиттӕн «сӕ лӕггады тыххӕй бынӕн» лӕвӕрдтой «Израилы алы дӕсӕм хай дӕр», ома дӕсӕм хай, кӕнӕ 10 проценты, зӕххы тыллӕгӕй ӕмӕ ногзад фосӕй. Ӕмӕ стӕй левиттӕ сӕхӕдӕг дӕр уыцы дӕсӕм хайӕ, ома «ӕппӕты хуыздӕр» цы уыд, уымӕй, дӕсӕм хай лӕвӕрдтой сауджынтӕн (Ным. 18:25–29). Сауджынтӕн ма лӕвӕрдтой, Израилы фырттӕ Хуыцауӕн йӕ кувӕн бынатмӕ кӕй хастой, уыцы «сыгъдӕг кувинӕгтӕ» дӕр. Уӕдӕ сауджынтӕ хъуамӕ сӕ зӕрдӕ дардтаиккой Йегъовӕйыл ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кодтаиккой, цух сӕ кӕй ницӕмӕй уадздзӕн, ууыл.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
g02-U 8/6 14 ф., 2 абз.
Цӕхх ахсджиаг цӕмӕн у?
Цӕхх ма амоны ӕнӕивгӕ цӕмӕдӕр. Уымӕ гӕсгӕ Библи «фидар бадзырд» хоны «цӕххы бадзырд» (Нымӕцтӕ 18:19, фип.). Ахӕм бадзырд-иу чи скодта, уыдон-иу иумӕ бахордтой, цӕхх кӕуыл уыд, ахӕм хӕринаг, цӕмӕй-иу уыцы бадзырд сфидар кодтаиккой. Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ-иу нывондхӕссӕныл цы нывӕндтӕ хастой, уыдоныл-иу хъуамӕ цӕхх айзӕрстаиккой. Цӕхх амыдта, цыдӕр ӕмбийын ӕмӕ сӕфын цы нӕ уадзы, ахӕм цӕмӕдӕр.
12–18 АПРЕЛЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | НЫМӔЦТӔ 20, 21
«Сӕрныллӕг у, уый ӕнцон куы нӕ уа, уӕд дӕр»
Сӕрныллӕг у ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕн
19 Къаддӕр рӕдийдзыстӕм. Ногӕй та-ма Моисейыл ахъуыды кӕнӕм. Израилӕгтӕ 40 азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд Моисей сӕрныллӕгдзинад ӕвдыста ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кодта. Фӕлӕ сӕ балц кӕронмӕ куы ’рхӕццӕ, уӕд иу уавӕры Моисей сӕрныллӕгдзинад нӕ равдыста. Уыцы рӕстӕг йӕ хо,– ӕвӕццӕгӕн ын Египеты йӕ цард фервӕзын кӕнынӕн чи баххуыс кодта, уый,– амард ӕмӕ йӕ Кадесы баныгӕдтой. Израилӕгтӕ та ногӕй хъаст кӕнын райдыдтой, цы сӕ хъӕуы, уый сын кӕй нӕй. Уыдон Моисеимӕ «хыл кодтой», дон сӕм кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй. Израилӕгтӕ хъуыр-хъуыр кодтой, кӕд ӕмӕ Йегъовӕ Моисейы уылты бирӕ диссӕгтӕ сарӕзта, стӕй сын Моисей бирӕ азты дӕргъы разамынд лӕвӕрдта ӕмӕ сын удуӕлдайӕ ӕххуыс кодта, уӕддӕр. Дон сӕм кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй Моисеймӕ смӕсты сты, раст цыма уый аххосӕй уыдысты дойны, уыйау (Ным. 20:1–5, 9–11).
Сӕрныллӕг у ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕн
20 Моисей сӕм мӕстӕй рафыхт. Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ Моисей хъуамӕ къӕдзӕхӕн загътаид, цӕмӕй дон ратта. Фӕлӕ уый бӕсты адӕммӕ мӕстыйӕ сдзырдта ӕмӕ загъта, йӕхӕдӕг кӕй сараздзӕн диссаг. Стӕй къӕдзӕх дыууӕ хатты ӕрцавта, ӕмӕ дзы дон рагуылф кодта. Сӕрбӕрзонддзинадӕн йӕ зӕрдӕйы бынат кӕй радта ӕмӕ кӕй рамӕсты, уый тыххӕй стыр рӕдыд ӕруагъта (Пс. 106:32, 33). Уыцы уавӕры Моисей сӕрныллӕгдзинад нӕ равдыста, ӕмӕ уый тыххӕй Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуыны фадатӕй ӕнӕхай фӕци (Ным. 20:12).
21 Ацы хабарӕй ахуыр кӕнӕм дыууӕ ахсджиаг хъуыддагыл. Фыццаг: хъуамӕ ӕдзухдӕр сӕрныллӕгдзинадыл кусӕм, науӕд ныл сӕрбӕрзонддзинад фӕтых уыдзӕн, ӕмӕ ӕнӕзонд ныхӕстӕ ӕмӕ митӕ кӕнын райдайдзыстӕм. Дыккаг: тыхст уавӕры адӕймагӕн сӕрныллӕгдзинад ӕвдисын ӕнцон нӕ вӕййы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ суанг ахӕм уавӕры дӕр архайӕм, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм.
w09-U 1/9 19 ф., 5 абз.
Раст цы у, ууыл фидар чи хӕцы, уыцы тӕрхонгӕнӕг
Фыццаг аххосаг уый уыд, ӕмӕ Хуыцау Моисейӕн нӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй адӕмӕн исты загътаид, уӕлдайдӕр та сӕ цӕмӕй ӕнӕсӕттон адӕм схуыдтаид. Дыккаг та уый, ӕмӕ Моисей ӕмӕ Аарон Хуыцауы не скадджын кодтой. Хуыцау сын загъта: «Мӕ ном [мын] не срухс кодтат» (Нымӕцтӕ 20:12). Моисей афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ уӕ афтӕ фӕнды, ӕмӕ уын мах рауадзӕм дон, уымӕй афтӕ уад, цыма сын диссаджы хуызы Хуыцау нӕ, фӕлӕ Моисей ӕмӕ Аарон радтой дон. Ӕртыккаг та уый, ӕмӕ, Хуыцау Моисей ӕмӕ Ааронӕн цы тӕрхон рахаста, уый йӕ раздӕры уынаффӕты ныхмӕ нӕ уыд. Уый размӕ Йегъовӕйы ныхмӕ чи рацыд, уыдонӕн уый бар нӕ радта, цӕмӕй Ханааны зӕхмӕ бацыдаиккой, ӕмӕ афтӕ бакодта Моисей ӕмӕ Ааронӕн дӕр (Нымӕцтӕ 14:22, 23). Цыппӕрӕм та уый, ӕмӕ Моисей ӕмӕ Аарон уыдысты Израилы разамонджытӕ. Ӕмӕ фылдӕр хӕстӕ кӕуыл вӕййы, уыдонӕй Йегъовӕ домгӕ дӕр фылдӕр фӕкӕны (Лукайы 12:48).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
Иннӕты лӕмӕгъдзинӕдтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсыс?
12 Уыцы уавӕртӕй алкӕцыйы дӕр Йегъовӕйӕн йӕ бон уыди Аароны уайтагъд бафхӕрын. Фӕлӕ уый зыдта, Аарон ӕвзӕр адӕймаг кӕй нӕ уыд, кӕд-иу хатт лӕмӕгъ разынд, уӕддӕр. Куыд зыны, афтӕмӕй-иу Аарон фӕрӕдыд, зын уавӕры-иу кӕй бахауд кӕнӕ-иу иннӕты ӕвзӕр зондыл кӕй ацыд, уый тыххӕй. Фӕлӕ-иу ын йӕ рӕдыд куы бацамыдтой, уӕд-иу ыл басаст ӕмӕ-иу Йегъовӕйы тӕрхоныл сразы (Рац. 32:26; Ным. 12:11; 20:23–27). Йегъовӕ уыдта Ааронӕн йӕ уырнындзинад, стӕй, зӕрдӕйӕ кӕй фӕсмон кӕны, уый дӕр, ӕмӕ-иу ын ныххатыр кодта. Ӕмӕ бирӕ ӕнусты фӕстӕ дӕр Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ нымад уыдысты, «Йегъовӕйӕ чи тарст, уыдоныл» (Пс. 115:10–12; 135:19, 20).
19–25 АПРЕЛЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | НЫМӔЦТӔ 22–24
«Йегъовӕ афтӕ бакӕны, ӕмӕ ӕлгъыст раивы арфӕдзинадӕй»
«Йесойы тыххӕй хорз хабар» хъусын кӕнӕм
5 Фыццаг ӕнусы куыд уыд, афтӕ абон дӕр знӕгтӕ Хуыцауы адӕмы фефхӕрынц, фӕлӕ уӕддӕр сӕ бон нӕу хъусын кӕныны хъуыддаг бауромын. Арӕх афтӕ рауайы, ӕмӕ чырыстӕтты ахӕстӕтты куы бакӕнынц кӕнӕ та сӕ сӕ хӕдзӕрттӕй хауӕггаг куы фӕкӕнынц, уӕд уый фӕрцы ӕндӕр рӕтты дӕр адӕм хорз хабар фехъусынц. Зӕгъӕм, Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нацистты концлагерты дӕр хъусын кодтой. Иу дзуттаг нӕлгоймаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ базонгӕ концлагеры. Уый загъта: «Ахст адӕмы ’хсӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй чи уыд, уыдон куыд фидар уыдысты, уымӕ кӕсгӕйӕ бамбӕрстон, Библимӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уый, ӕмӕ ӕз дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сдӕн».
it-U «Безумие», дӕлсӕргонд «Безумие тех, кто противится Иегове», 1 абз.
Ӕнӕзонддзинад
Йегъовӕйы ныхмӕ чи цӕуы, уыдоны ӕнӕзонддзинад. Пехуымпар Валаам фӕнд кодта ӕнӕзонд ми бакӕнын – израилӕгты ралгъитын, цӕмӕй йын Моавы паддзах Валак ӕхца бафыстаид. Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ афтӕ бакӕнын нӕ бауагъта. Апостол Петр Валаамы тыххӕй ныффыста: «Ӕгомыг хӕрӕг сдзырдта адӕймаджы ӕвзагӕй ӕмӕ архайдта пехуымпары ӕнӕзонд мийӕ бауромыныл». Ам дзырд «ӕнӕзонд»-ӕй тӕлмац ӕрцыд грекъаг дзырд парафрони́а. Ацы дзырд комкоммӕ нысан кӕны «зонды фарсмӕ уай, уый» (2Пт 2:15, 16; Нм 22:26–31).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
Нымӕцты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
22:20–22 – Иегъовӕ Валааммӕ цӕмӕн смӕсты? Иегъовӕ пехуымпар Валаамӕн комкоммӕ загъта, зӕгъгӕ, израилӕгты ма ралгъит (Нымӕцтӕ 22:12). Фӕлӕ уӕддӕр Валакы хъузӕттимӕ ацыд израилӕгты ралгъитынмӕ. Йӕ уд скъуыдта моаваг паддзахы зӕрдӕ ссарын ӕмӕ дзы исты лӕвар райсыныл (2 Петры 2:15, 16; Иудӕйы 11). Иегъовӕ йын йе ’лгъыст арфӕмӕ куы фӕкодта, уӕд ӕй уый дӕр нӕ баурӕдта: фӕндыдис ӕй паддзахы хорзӕх ссарын. Ӕмӕ йӕм бацыд ахӕм фӕндонимӕ, зӕгъгӕ, израилаг лӕгтыл Ваалӕн кувӕг сылгоймӕгты бафтау (Нымӕцтӕ 31:15, 16). Ныр ӕмбарӕм, Хуыцау Валааммӕ мӕстӕй йӕ кӕрӕфдзинады тыххӕй кӕй рафыхт.
26 АПРЕЛӔЙ 2 МАЙМӔ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | НЫМӔЦТӔ 25, 26
«Уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ иу адӕймаджы хъӕбатырдзинад бирӕтӕн фӕпайда уа?»
«Хӕтындзинадӕй дард лидзут»
КӔСАГАХСӔГ ӕрбацыд, алы хатт дӕр кӕм вӕййы, уыцы бынатмӕ. Цавӕр кӕсаг ӕрцахсын ӕй фӕнды, уый дӕр зоны. Ӕнгуырыл кӕсагӕн сайӕн бакодта ӕмӕ йӕ доны баппӕрста. Иу гыццыл куы абадт, уӕд йе ’нгуыр базмӕлыд, стӕй ныкъкъӕдз, ӕмӕ кӕсагахсӕг кӕсаг сласта. Тынг ӕхсызгон ын у, цавӕр сайӕн хъуыд, ахӕм кӕй равзӕрста.
2 Иу-3 500 азы размӕ, н. э. размӕ 1473 азы, иу лӕг, Валаам, зӕгъгӕ, бирӕ фӕхъуыды кодта, Хуыцауы адӕмы фӕрӕдийын кӕнынӕн цавӕр сайӕн ӕрхъуыды кӕна, ууыл. Уый уыди, израилӕгтӕ Моавы быдырты, Зӕрдӕвӕрд зӕххы тӕккӕ къӕсӕрыл, куы ӕрбынат кодтой, уӕд. Валаам йӕхи хуыдта Йегъовӕйы пехуымпар, фӕлӕ ӕцӕгӕй уыди зыд ӕмӕ кӕрӕф адӕймаг. Валаамӕн зӕрдӕ бавӕрдтой, кӕй йын бафиддзысты, Израилы адӕмы куы ралгъита, уӕд. Фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ сӕ ӕлгъитгӕ нӕ ракодта, фӕлӕ сын раарфӕ кодта. Валаам лӕвӕрттӕ райсынмӕ афтӕ тынг бӕллыд, ӕмӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ, израилӕгты исты уӕззау тӕригъӕды бафтауын куы рауаид, уӕд Хуыцау йӕ адӕмы йӕхӕдӕг ралгъитдзӕн. Гъемӕ Валаам «йе ’нгуыр» баппӕрста – рӕсугъд моаваг сылгоймӕгты сӕм барвитын кодта (Нымӕцтӕ 22:1–7; 31:15, 16; Раргомад 2:14).
«Хӕтындзинадӕй дард лидзут»
4 Израилӕгтӕ ахӕм бӕллӕхы цӕмӕн бахаудысты? Бирӕтӕн сӕ зӕрдӕтӕ систы хӕлд, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард сты. Афтӕмӕй та сӕ уый ракодта Египетӕй, ӕдзӕрӕг быдыры сӕ хӕринагцух нӕ уагъта ӕмӕ сӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы онг ӕнӕфыдбылызӕй фӕхӕццӕ кодта (Дзуттӕгтӕм 3:12). Уыцы хабӕртты кой кӕнгӕйӕ апостол Павел ныффыста: «Ма бафтӕм хӕтындзинадыл, уыдонӕй чидӕртӕ куыд хӕтыдысты, афтӕ – уый тыххӕй дзы иу боны мидӕг фӕмард дыууын ӕртӕ мины» (1 Коринфӕгтӕм 10:8).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
it-U «Граница», дӕлсӕргонд «Границы племен Израиля», 2, 3 абз.
Арӕн
Израилаг мыггӕгты ’хсӕн зӕхх уӕрст куыд цыд, уый, ӕвӕццӕгӕн, кӕнгӕ уыд дыууӕ хъуыддагӕй: йӕ хал кӕмӕн куыд схауд, уымӕй ӕмӕ алы мыггаджы дӕр цал адӕймаджы уыд, уымӕй. Ӕвӕццӕгӕн-иу хӕлттӕ куы сӕппӕрстой, уӕд-иу рабӕрӕг, алы мыггагӕн дӕр йӕ зӕхх кӕцы ран уыдзӕн: цӕгатырдыгӕй, хуссарырдыгӕй, ныгуылӕнырдыгӕй, скӕсӕнырдыгӕй, дӕлвӕзы ӕви хӕххон ран. Йӕ хал-иу кӕмӕн куыд схауд, уый Йегъовӕйӕ кӕнгӕ кӕй уыд, уый фӕрцы-иу мыггӕгтӕ кӕрӕдзимӕ нӕ хӕлӕг кодтой ӕмӕ-иу нӕ быцӕу кодтой (Ӕм 16:33). Уымӕй уӕлдай ма, хӕлттӕ кӕй ӕппӕрстой, уый фӕрцы Хуыцау афтӕ бакодта, цӕмӕй алы мыггагмӕ дӕр зӕхх цы ран ӕрхауд, уымӕй сӕххӕст уыдаид, Иаков йӕ мӕлӕты размӕ цы пехуымпарад загъта, уый (Рд 49:1–33).
Хӕлттӕ куы сӕппӕрстой, уӕд та сӕ хъуыди аскъуыддзаг кӕнын, кӕмӕ цӕйас зӕхх ӕрхаудзӕн, уый. Ӕмӕ уый та кӕнгӕ уыд, алы мыггаджы дӕр цал адӕймаджы уыд, уымӕй. «Ацы зӕхх хъуамӕ байуарат хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, уӕ мыггӕгтӕм ӕмӕ уӕ бинонтӕм гӕсгӕ. Фылдӕр чи у, уыдонӕн раттут фылдӕр зӕхх, къаддӕр чи у, уыдонӕн та – къаддӕр. Сӕ хал кӕм схауа, уым уыдзӕн сӕ зӕхх» (Нм 33:54). Хӕлттӕ ӕппаргӕйӕ куы сбӕрӕг кодтой алы мыггагӕн дӕр йӕ зӕхх кӕцы ран уыдзӕн, уӕд уый фӕивӕн нал уыд. Фӕлӕ-иу зӕхх уыди фӕкъаддӕр кӕнӕн кӕнӕ фестырдӕр кӕнӕн. Зӕгъӕм, Иудӕйы фырттӕм ӕгӕр стыр зӕхх кӕй уыд, уый куы рабӕрӕг, уӕд дзы кӕцыдӕр зӕххытӕ радтой Симеоны фырттӕн (ЙсН 19:9).