Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwbr21 май 1–11 фф.
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2021
  • Сӕргӕндтӕ
  • 3–9 МАЙЫ
  • 10–16 МАЙЫ
  • 17–23 МАЙЫ
  • 24–30 МАЙЫ
  • 31 МАЙӔ 6 ИЮНМӔ
  • 7–13 ИЮНЫ
  • 14–20 ИЮНЫ
  • 21–27 ИЮНЫ
  • 28 ИЮНӔЙ 4 ИЮЛМӔ
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2021
mwbr21 май 1–11 фф.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Кусӕн тетрад»-мӕ

3–9 МАЙЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | НЫМӔЦТӔ 27–29

«Йегъовӕйы фӕзм – макӕй хъулон кӕн»

w13 15/6 10 ф., 14 абз.

Йегъовӕйы миниуджытӕн аргъ кӕн

14 Уыцы фондз хойы Моисеймӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «[Нӕ фыдӕн] фырт кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй ныр хъуамӕ йӕ ном йӕ мыггаджы ’хсӕнӕй сӕфгӕ фӕкӕна?» Ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодтой: «Курӕм дӕ, ратт нын бынтӕ нӕ фыды ӕфсымӕртимӕ». Цымӕ сын Моисей афтӕ загъта, зӕгъгӕ, уый закъон у, ӕмӕ уын мӕ бон баххуыс кӕнын ницӕмӕй у? Нӕ, уый сын «сӕ хъуыддагӕй Йегъовӕйы бафарста, куыд бакӕнон, зӕгъгӕ» (Ным. 27:2–5). Ӕмӕ цы баисты? Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Раст зӕгъынц Салпаады чызджытӕ. Ӕнӕмӕнг сын ратт бынтӕ сӕ фыды ӕфсымӕртимӕ ӕмӕ афтӕ бакӕн, сӕ фыды бынтӕ уыдонӕн лӕвӕрд куыд ӕрцӕуой». Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Йегъовӕ Моисейӕн загъта, цӕмӕй уыцы хъуыддагӕй закъон скодтаид. Загъта йын: «Адӕймаг куы амӕла ӕмӕ йын фырт куы нӕ баззайа, уӕд ын йӕ бынтӕ хъуамӕ раттат йӕ чызгӕн» (Ным. 27:6–8; Йес. Н. 17:1–6). Уӕдӕй фӕстӕмӕ, израилаг сылгоймӕгтӕй ахӕм уавӕры чи уыд, уыдонӕн тӕссаг нал уыд, ӕнӕ зӕххӕй кӕй баззайдзысты, уымӕй.

w13 15/6 11 ф., 15 абз.

Йегъовӕйы миниуджытӕн аргъ кӕн

15 Йегъовӕ ахӕм уынаффӕ кӕй рахаста, уымӕй ирдӕй равдыста, хӕларзӕрдӕ кӕй у ӕмӕ ӕппындӕр кӕй никӕй хъулон кӕны. Уыцы фондз хойӕн, сӕ сӕрыл чи рахӕцыдаид, уый нӕ уыд. Фӕлӕ сын Йегъовӕ, уыдонӕй хуыздӕр уавӕры чи уыд, уыцы израилӕгтӕй къаддӕр аргъ не скодта ӕмӕ сын сӕ хъуыддаг рӕстӕй равзӕрста (Пс. 68:5). Ацы хабарӕй уӕлдай ма Библийы бирӕ ӕндӕр хабӕрттӕй у бӕрӕг, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй ӕппындӕр кӕй никӕй хъулон кӕны (1 Сам. 16:1–13; Хъуыд. 10:30–35, 44–48).

w13 15/6 11 ф., 16 абз.

Йегъовӕйы миниуджытӕн аргъ кӕн

16 Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй мах дӕр Йегъовӕйау макӕй хъулон кӕнӕм? Рох кӕнын нӕ хъӕуы: цӕмӕй уыцы миниуӕг хъуыддагӕй ӕвдисӕм, уый тыххӕй нӕ зондахаст дӕр хъуамӕ ахӕм уа, ома хъуамӕ алы адӕймагмӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕсӕм. Чи зоны, афтӕ хъуыды кӕныс, ӕз никӕй хъулон кӕнын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, хатт нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕй нӕ фӕкӕсӕм. Уӕдӕ куыд ис базонӕн, хъулон митӕ кӕнӕм ӕви нӕ? Зӕгъӕм, Йесойы куы фӕндыд базонын, адӕм дзы цы дзурынц, уӕд йе ’ввахс ӕмбӕлтты бафарста: «Цы дзурынц адӕм Адӕймаджы Фыртӕй, чи, дам, у?» (Матф. 16:13, 14). Дӕуӕн дӕр дӕ бон у, алкӕддӕр дын рӕстытӕ чи фӕдзуры, уыцы ӕмбалы бафӕрсын: «Куыд дӕм кӕсы, никӕй хъулон кӕнын? Иннӕтӕ та мӕ цы дзурынц?» Ӕмӕ дын чи зоны, зӕгъа, иуӕй-иу хатт кӕцыдӕр адӕмыхатт иннӕтӕй уӕлдӕр кӕй февӕрыс, йе та, хъӕздыгдӕр чи у кӕнӕ уӕлдӕр ахуырад кӕмӕ ис, уыдонмӕ иннӕтӕй хуыздӕр цӕстӕй кӕй фӕкӕсыс. Куыд хъуамӕ бакӕнай уӕд? Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй кув, цӕмӕй дын дӕ зондахаст фӕивынӕн баххуыс кӕна ӕмӕ ды дӕр уыйау ӕппындӕр макӕй хъулон кӕнай (Матф. 7:7; Кол. 3:10, 11).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

it-U «Приношения», дӕлсӕргонд «Питьевые приношения»

Кувинӕгтӕ

Кувинаг нозт. Кувинаг нозт-иу ӕрхастой иннӕ кувинӕгтӕн сӕ фылдӕримӕ, ӕмӕ израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххыл куы ӕрбынат кодтой, уӕд кувинаг нозт арӕхдӕр хӕссын райдыдтой (Нм 15:2, 5, 8–10). Кувинаг нозтӕн-иу ӕрбахастой сӕн («карз нозт»), ӕмӕ-иу ӕй хъуамӕ нывондхӕссӕныл рауагътаиккой (Нм 28:7, 14; абар Рц 30:9; Нм 15:10). Апостол Павел Филиппты чырыстӕттӕм ныффыста: «Кӕд, кувинаг нозт нывондыл куыд рауадзынц, афтӕ ӕз дӕр мӕхи нывондӕн хӕссын, уырнындзинад уӕ кӕмӕ сразӕнгард кодта, уыцы лӕггадӕн, уӕддӕр мӕ зӕрдӕ райы». Павел кувинаг нозт цӕвиттонӕн ӕрхаста, цӕмӕй равдыстаид, йе ’мчырыстӕттӕн ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй уыд (Фп 2:17). Йӕ мӕлӕты размӕ Тимофеймӕ ныффыста: «Ӕз ныридӕгӕн нывондӕн хаст цӕуын, кувинаг нозт нывондыл куыд рауадзынц, афтӕ, ӕмӕ тагъд ссӕрибар уыдзынӕн» (2Тм 4:6).

10–16 МАЙЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | НЫМӔЦТӔ 30, 31

«Цы дзырд радтай, уый ӕххӕст кӕн»

w17.04 4 ф., 3 абз.

«Цы загътай, уый сӕххӕст кӕн»

Моисейы закъоны фыст ис: «Адӕймаг Йегъовӕйӕн дзырд куы ратта кӕнӕ... куы расомы кӕна... уӕд хъуамӕ йӕ ныхас ма фӕсайа. Цыдӕриддӕр загъта, уый хъуамӕ сӕххӕст кӕна» (Ным. 30:2). Фӕстӕдӕр та Соломон ныффыста: «Хуыцауӕн дзырд куы раттай, уӕд йӕ сӕххӕст кӕныныл абон-райсом ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕнӕзонд никӕй зӕрдӕмӕ цӕуы. Цы загътай, уый сӕххӕст кӕн» (Еккл. 5:4). Йесойы ныхӕстӕй дӕр бӕрӕг у, адӕймаг Йегъовӕйӕн цы дзырд ратты, уый сӕххӕст кӕнын ахсджиаг кӕй у: «Рагон адӕмӕн... уыд загъд: „Дӕ сомы ма фӕсай, фӕлӕ, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтай, уый сӕххӕст кӕн“» (Матф. 5:33).

w17.04 3 ф., 2 абз.

«Цы загътай, уый сӕххӕст кӕн»

Библийы дзырд раттыны кой кӕм ис, уым фӕамоны, адӕймаг-иу Хуыцауӕн цы дзырд ратта, уымӕ. Зӕгъӕм, Йегъовӕйӕн-иу загъта, цыдӕр кӕй сараздзӕн, цыдӕр ын кӕй балӕвар кӕндзӕн, цавӕрдӕр хуызы лӕггад кӕнын кӕй райдайдзӕн кӕнӕ йӕхи цӕмӕйдӕрты кӕй фӕцух кӕндзӕн. Ахӕм дзырд раттын адӕймаджы хъуамӕ йӕхи бафӕнда. Хъуамӕ йын ӕй тыххӕй мачи раттын кӕна. Фӕлӕ йӕ иугӕр радта, уӕд уыцы хъуыддаг Йегъовӕ тынг ахсджиагыл нымайы, ӕмӕ адӕймаг хъуамӕ йӕ ныхас сӕххӕст кӕна. Библимӕ гӕсгӕ, дзырд раттын сомы ракӕнынӕй уӕлдай нӕу. Адӕймаг сомы ракӕны, цыдӕр кӕй сараздзӕн кӕнӕ кӕй нӕ сараздзӕн, уый номыл (Райд. 14:22, 23; Дзут. 6:16, 17). Цымӕ Библи цы зӕгъы, Хуыцауӕн цы дзырд раттӕм, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый тыххӕй?

w04 1/8 32 ф., 2 абз.

Нымӕцты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

30:6–8 – Чырыстон лӕгӕн йӕ бинойнаджы ардбахӕрд басӕттыны бар ис? Иегъовӕ абон, йӕ кувӕг адӕмӕй ард чи бахӕры, кӕнӕ дзырд чи ратты, уыдоны хъуыддӕгтӕм йӕхӕдӕг фӕкӕсы. Цӕвиттон, Иегъовӕйӕн нывонддзырд раттын у сӕрмагонд хъуыддаг (Галатӕгтӕм 6:5). Уымӕ гӕсгӕ мойӕн, йӕ бинойнаг Хуыцауӕн цы дзырд радта, уый басӕттыны бар нӕй. Ус хъуамӕ алы хатт дӕр хъуыды кӕна, цы дзырд дӕтты, уый Хуыцауы Ныхасы, кӕнӕ йыл йӕ мойы раз цы хӕстӕ ис, уыдоны ныхмӕ куыд нӕ уа.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

it-U «Иеффай», дӕлсӕргонд «Обет Иеффая», 4 абз.

Йеффай

Адӕймаг-иу Хуыцауӕн нывондгонд ӕрцыд кӕнӕ-иу ӕй Хуыцауӕн радтой, цӕмӕй-иу ӕмбырды цатыры кадджын хӕстӕ ӕххӕст кодтаид. Ныййарджытӕн уый бар уыд, цӕмӕй-иу сӕ сывӕллӕтты радтаиккой ахӕм хуызы лӕггад кӕнынӕн. Афтӕ уыд йӕ хабар Самуилӕн. Йӕ мад Аннӕ дзырд радта, лӕппу йын куы райгуыра, уӕд ӕй ӕмбырды цатыры лӕггад кӕнынӕн кӕй ратдзӕн. Йӕ лӕг Елхъан, цы дзырд радта, уый ныхмӕ нӕ уыд. Аннӕ Самуилы дзидзийӕ куы фӕхицӕн кодта, уӕд ӕй ӕмбырды цатырмӕ ӕрбакодта. Уымӕй уӕлдай ма нывондӕн гал ӕрхаста (1См 1:11, 22–28; 2:11). Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн ма нывондгонд ӕрцыд ноджыдӕр иу сывӕллон, Самсон. Уый дӕр йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ уыд назорей (Трх 13:2–5, 11–14; абар Нм 30:3–5, 16, дзырд дзы цӕуы, фыдӕн йӕ чызгыл йӕ бар кӕй цыд, уый тыххӕй).

17–23 МАЙЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | НЫМӔЦТӔ 32, 33

«Хъуамӕ... фӕсурат уыцы зӕххыл цӕрӕг адӕмы се ’ппӕты дӕр»

w10 1/10 23 ф., 4 абз.

Зыдтай йӕ?

Дзуттаг Фыстыты арӕх цы «кувӕн бынӕтты» кой цӕуы, уыдон цы сты?

Дзуттӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куы уыдысты, уӕд сын Йегъовӕ ныффӕдзӕхста, цӕмӕй ханаайнӕгты кувӕн бынӕттӕ ныппырх кодтаиккой. Загъта сын: «Хъуамӕ сын сӕ дурӕйконд хуыцӕуттӕ ӕмӕ се ’фсӕйнаг хуыцӕуттӕ иууылдӕр фесафат ӕмӕ сын сӕ кувӕн бынӕттӕ иууылдӕр ныппырх кӕнат» (Нымӕцтӕ 33:52). Мӕнгхуыцӕуттӕн-иу куывтой къуыбыртыл кӕнӕ та-иу кувынӕн бынӕттӕ скодтой ӕндӕр ран, зӕгъӕм, бӕлӕсты бын кӕнӕ горӕтты (1 Паддзӕхты 14:23; 2 Паддзӕхты 17:29; Йезекил 6:3). Уыцы кувӕн бынӕтты-иу уыди нывондхӕссӕнтӕ, кувӕн дуртӕ кӕнӕ цӕджындзтӕ, гуымирытӕ, буд-иу кӕм сыгътой, ахӕм мигӕнӕнтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм дзауматӕ.

w08 15/2 27 ф., 5, 6 абз.

Нӕ зӕрдыл дарӕм израилӕгты рӕдыдтытӕ

Израилӕгтӕ цы фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдысты, бирӕ ахӕм фӕлварӕнтыл ӕмбӕлӕм абон мах дӕр. Абоны дунейӕн ис йӕхи мӕнгхуыцӕуттӕ. Уыдон сты ӕхца, зындгонд артисттӕ, спортсментӕ, алыхуызон партитӕ, дины разамонджытӕ ӕмӕ ма суанг бинонтӕй чидӕртӕ дӕр. Ӕмӕ тӕссаг у, нӕ царды нын уыцы «мӕнгхуыцӕуттӕй» исчи сӕйраг бынат куы бацахса. Йегъовӕйы чи нӕ уарзы, уыдон нӕ хӕлӕрттӕ куы суой, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ уырнындзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд уӕм.

Ваалӕн кувын баст уыди ӕнӕгъдау митимӕ. Уый израилӕгтӕй бирӕты зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ сын къӕппӕг сси. Нӕ рӕстӕджы дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ бахауынц ахӕм къӕппӕджы. Зӕгъӕм, суанг хӕдзары дӕр компьютеры раз бадгӕйӕ адӕймагӕн йӕ бон у, ӕмӕ йӕ чырыстон ӕфсарм фӕчъизи кӕна. Уый тыххӕй бирӕ нӕ хъӕуы, ӕрмӕст компьютеры мыстӕй бынтон ӕнӕнхъӕлӕджы кӕнӕ та, ам цы ис, зӕгъгӕ, иунӕг къӕпп ӕркӕн. Куыд зын вӕййы, чырыстон Интернеты ӕнӕгъдау нывтӕм кӕсыныл куы фӕцайдагъ вӕййы!

it-U «Ханаан», дӕлсӕргонд «Почему Иегова повелел уничтожить хананеев?», 7 абз.

Ханаан

Йесо Навин ӕмбаргӕйӕ архайдта ӕмӕ, Йегъовӕ Моисейӕн ханаайнӕгты тыххӕй «цыдӕриддӕр загъта, уыдонӕй иу ныхас дӕр ӕнӕсӕххӕстӕй нӕ ныууагъта» (ЙсН 11:15). Фӕлӕ йӕ израилӕгтӕ нӕ бафӕзмыдтой ӕмӕ, зӕхх цыдӕриддӕр чъизи кодта, уыдӕттӕ иууылдӕр нӕ фесӕфтой. Ханаайнӕгтӕ израилӕгты ’хсӕн цӕргӕйӕ баззадысты, ӕмӕ израилӕгтӕ се ’лгъаг хъуыддӕгтыл бафтыдысты. Ӕппынфӕстаг, израилӕгтӕй цас адӕм фӕмард (фыддзинады, хӕтындзинады ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувыны тыххӕй цас адӕм фӕмард, уыдоны куы нӕ нымайӕм), уыйбӕрц ханаайнӕгтӕй нӕ фӕмардаид, израилӕгтӕ сӕ куы фӕцагътаиккой, уӕд (Нм 33:55, 56; Трх 2:1–3, 11–23; Пс 106:34–43). Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта, тӕрхон куы фӕхӕссы ӕмӕ йӕ куы феххӕст кӕны, уӕд хъулон кӕй никӕй фӕкӕны. Йегъовӕ сӕ бафӕдзӕхста, ханаайнӕгтимӕ куы лымӕн кӕной, сӕхицӕн сӕ хӕстӕгӕн куы агурой, сӕ хуыцӕуттӕн сын куы кувой ӕмӕ сын сӕ динимӕ баст ӕлгъаг ӕгъдӕуттӕ куы ӕххӕст кӕной, уӕд уыдонӕн дӕр ахӕм тӕрхон хаст кӕй ӕрцӕудзӕн – сӕфты хай бауыдзысты ӕмӕ сӕ зӕхх йӕхицӕй раппардзӕн (Рц 23:32, 33; 34:12–17; Лв 18:26–30; Д.з 7:2–5, 25, 26).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

it-U «Граница», дӕлсӕргонд «Границы племен Израиля», 3 абз.

Арӕн

Хӕлттӕ куы сӕппӕрстой, уӕд та сӕ хъуыди аскъуыддзаг кӕнын, кӕмӕ цӕйас зӕхх ӕрхаудзӕн, уый. Ӕмӕ уый та кӕнгӕ уыд, алы мыггаджы дӕр цал адӕймаджы уыд, уымӕй. «Ацы зӕхх хъуамӕ байуарат хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, уӕ мыггӕгтӕм ӕмӕ уӕ бинонтӕм гӕсгӕ. Фылдӕр чи у, уыдонӕн раттут фылдӕр зӕхх, къаддӕр чи у, уыдонӕн та – къаддӕр. Сӕ хал кӕм схауа, уым уыдзӕн сӕ зӕхх» (Нм 33:54). Хӕлттӕ ӕппаргӕйӕ куы сбӕрӕг кодтой алы мыггагӕн дӕр йӕ зӕхх кӕцы ран уыдзӕн, уӕд уый фӕивӕн нал уыд. Фӕлӕ-иу зӕхх уыди фӕкъаддӕр кӕнӕн кӕнӕ фестырдӕр кӕнӕн. Зӕгъӕм, Иудӕйы фырттӕм ӕгӕр стыр зӕхх кӕй уыд, уый куы рабӕрӕг, уӕд дзы кӕцыдӕр зӕххытӕ радтой Симеоны фырттӕн (ЙсН 19:9).

24–30 МАЙЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | НЫМӔЦТӔ 34–36

«Йегъовӕ де ’мбӕхсӕн бынат уӕд»

w17.11 9 ф., 4 абз.

Йегъовӕ де ’мбӕхсӕн бынат у?

4 Фӕлӕ-иу адӕймаг искӕй барӕй куы нӕ амардта, уӕд та-иу куыд бакӕнын хъуыд? Кӕд-иу барӕй нӕ уыди, уӕддӕр-иу тугныккалды аххосджын уыд (Райд. 9:5). Фӕлӕ Йегъовӕйы закъонмӕ гӕсгӕ ахӕм адӕймагмӕ уыд фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисӕн – бар ын уыди, цӕмӕй тугисӕгӕй алыгъдаид, Израилы цы ӕхсӕз ӕмбӕхсӕн горӕты уыди, уыдонӕй искӕцымӕ. Кӕд ын-иу уыцы горӕты баззайыны бар радтой, уӕд-иу йӕ цардӕн тӕссаг нал уыд. Фӕлӕ уым хъуамӕ цардаид хистӕр сауджыны мӕлӕты онг (Ным. 35:15, 28).

w17.11 9 ф., 6 абз.

Йегъовӕ де ’мбӕхсӕн бынат у?

6 Адӕймаджы-иу барӕй чи нӕ амардта, уый-иу хъуамӕ ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ алыгъдаид ӕмӕ, «цы ’рцыди, уый» горӕты кулдуары раз хистӕр лӕгтӕн радзырдтаид, ӕмӕ-иу ӕй уыдон хъуамӕ горӕтмӕ бауагътаиккой (Йес. Н. 20:4). Фӕстӕдӕр-иу ӕй арвыстой, лӕгмард кӕм ӕрцыд, уыцы горӕты хистӕр лӕгтӕм, ӕмӕ-иу уыдон хъуамӕ хъуыддаг равзӕрстаиккой. (Бакӕс Нымӕцтӕ 35:24, 25.) Ӕмӕ-иу кӕд уыдон дӕр загътой, барӕй йӕ нӕ амардта, зӕгъгӕ, уӕд-иу йӕ бон уыди фӕстӕмӕ ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ аздӕхын.

w17.11 11 ф., 13 абз.

Йегъовӕ де ’мбӕхсӕн бынат у?

13 Адӕймаджы-иу барӕй чи нӕ амардта, уымӕн-иу ӕмбӕхсӕн горӕты тӕссаг ницӕмӕйуал уыд. Йегъовӕ загъта: «Уыцы горӕттӕ уын уыдзысты тугисджытӕй бамбӕхсынӕн» (Йес. Н. 20:2, 3). Йегъовӕ нӕ домдта, цӕмӕй-иу, адӕймаджы барӕй чи нӕ амардта, уымӕн йӕ хъуыддаг ногӕй ӕвзӕрстаиккой. Стӕй-иу тугисӕгӕн дӕр ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ бацӕуын ӕмӕ туджджыны амарыны бар нӕ уыд. Уӕдӕ дзы тугисӕг йӕ маст кӕй райсдзӕн, уымӕй тӕрсын ӕй нӕ хъуыди. Цалынмӕ-иу уыцы горӕты уыд, уӕдмӕ-иу ӕй Йегъовӕ хъахъхъӕдта. Ӕмбӕхсӕн горӕт туджджынӕн ахӕстон нӕ уыд. Йӕ бон уыди кусын, иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ Йегъовӕйӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын. Уӕдӕ уым дӕр йӕ бон уыди амондджынӕй цӕрын!

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

w91-U 15/2 13 ф., 13 абз.

Ӕппӕт адӕмы тыххӕй хаст чи ӕрцыд, уыцы нывонд

13 Фӕлӕ Чырыстийы нывонд пайда не ’рхӕсдзӕн нӕдӕр Адамӕн, нӕдӕр Евӕйӕн. Моисейы закъоны ис ахӕм уагӕвӕрд: «Мӕлӕты аккаг чи у, уыцы лӕгмары уд балхӕныны тыххӕй-иу ӕхца ма райсут» (Нымӕцтӕ 35:31). Адамыл сайд не ’рцыд, тӕригъӕд зонгӕ-зонын сарӕзта (1 Тимофеймӕ 2:14). Афтӕ кӕй бакодта, уымӕй, зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты амардта. Уыдон Адамӕй сӕ туджы рахастой тӕригъӕд, ӕмӕ уый тыххӕй се ’ппӕтмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ каст мӕлӕт. Уӕдӕ бӕрӕг у, Адам мӕлӕты аккаг кӕй уыд, уымӕн ӕмӕ ӕххӕст адӕймаг уӕвгӕйӕ зонгӕ-зонын Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызт. Ахӕсты аргъ Адамы тыххӕй дӕр фыст куы ӕрцыдаид, уӕд уый уыдаид Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдты ныхмӕ. Фӕлӕ Адамы тӕригъӕды тыххӕй Чырысти йӕхи нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы адӕм мӕлӕты цагъарадӕй ссӕрибар уыдзысты (Ромӕгтӕм 5:16). Йегъовӕ Чырыстийы нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы йын ис уый бар, цӕмӕй, тӕригъӕды аххосӕй цыдӕриддӕр ’взарӕм, уыдӕттӕн кӕрон скӕна. Чырысти «мӕлӕт бавзӕрста алкӕй тыххӕй дӕр», цӕмӕй, Адамы байзӕддӕгты, тӕригъӕд цӕмӕ ӕркодта, уыдӕттӕй фервӕзын кодтаид (Дзуттӕгтӕм 2:9; 2 Коринфӕгтӕм 5:21; 1 Петры 2:24).

31 МАЙӔ 6 ИЮНМӔ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ДЫККАГ ЗАКЪОН 1, 2

«Тӕрхонгӕнӕг Хуыцау у»

w96-U 15/3 23 ф., 1 абз.

Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон

Ӕмбырды исчи тӕригъӕд куы саразы, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хӕс вӕййы ахӕм адӕймагӕн йӕ хъуыддаг равзарын (1 Коринфӕгтӕм 5:12, 13). Фӕлӕ хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой, Йегъовӕйау раст тӕрхон кӕй хъуамӕ кӕной ӕмӕ, гӕнӕн куы уа, уӕд фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисой. Фӕлӕ, зӕгъӕм, адӕймаджы йӕ тӕригъӕдыл ӕрфӕсмон кӕнын куы нӕ фӕнда, уӕд ӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисын нӕ хъӕуы. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ адӕймаджы ӕмбырдӕй уый тыххӕй нӕ ацух кӕнынц, ӕмӕ сӕ фӕфӕнды сӕ маст райсын. Уыдоны ныфс вӕййы, ӕмӕ йӕ ӕмбырдӕй куы ацух кӕной, уӕд йӕ тӕригъӕдыл кӕй ӕрфӕсмон кӕндзӕн. (Абар Йезекил 18:23.) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Чырыстийы дӕлбар кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ рӕстӕй архайой, стӕй хъуамӕ уой, «дымгӕйӕ кӕм бамбӕхсай», ахӕм бынаты хуызӕн (Исай 32:1, 2). Уыдон хъуамӕ макӕй хъулон кӕной ӕмӕ уой ӕмбаргӕ (Дыккаг закъон 1:16, 17).

w02 1/8 22 ф., 4 абз.

Хуыцау разамонджытӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдоны коммӕ кӕс

4 Тӕрхоны лӕгтӕн ӕрмӕст Закъон зонын фаг нӕ уыд. Уыцы ӕнӕххӕст хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ сӕ зӕрдӕйы фӕдыл ма цыдаиккой, хиуарзон, кӕрӕф ма уыдаиккой, макӕй хъулон кодтаиккой, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй раст нӕ тӕрхон кодтаиккой. Моисей сын загъта: «Тӕрхондоны макӕй хъулон кӕнут. Хъӕздыгмӕ куыд байхъусут, афтӕ-иу мӕгуырмӕ дӕр байхъусут. Адӕймагӕй ма тӕрсут, уымӕн ӕмӕ тӕрхонгӕнӕг у Хуыцау». О, Израилы тӕрхоны лӕгтӕ тӕрхон кодтой Хуыцауы номӕй. Ӕвӕдза, цӕй кадджын хӕс сыл уыди! (Дыккаг закъон 1:16, 17).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

w13 15/9 9 ф., 9 абз.

Йегъовӕйы амындтыл ис ӕууӕндӕн

9 Израилӕгтӕн, «адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы стыр ӕдзӕрӕг быдырыл» сӕ балц куы райдыдта, уӕд сын Йегъовӕ бӕлвырд нӕ бамбарын кодта, разамынд сын куыд дӕтдзӕн, куыд сӕ хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ сыл куыд тыхсдзӕн, уый. Фӕлӕ сын 40 азы дӕргъы иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ равдыста, куы йыл ӕууӕндой ӕмӕ йын йӕ амындтӕм куы хъусой, уӕд сын хорз кӕй уыдзӕн. Йегъовӕ израилӕгтӕн фӕндаг амыдта – бонӕй-иу сӕ разӕй цыди мигъы хуызӕн цӕджындз, ӕхсӕв та-иу сын сӕ фӕндаг рухс кодта артау судзгӕ цӕджындз. Афтӕмӕй сын Хуыцау сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, уыцы зын балцы сын кӕй ӕххуыс кӕны (Дык. з. 1:19; Рац. 40:36–38). Стӕй сӕ ӕнӕмӕнг цы хъуыди, уыдӕттыл дӕр-иу батыхст. «Сӕ уӕлӕдарӕс нӕ ихсыд ӕмӕ-иу сӕ къӕхтӕ не срӕсыдысты». Ӕцӕгдӕр, израилӕгтӕ «ницы цух уыдысты» (Неем. 9:19–21).

7–13 ИЮНЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ДЫККАГ ЗАКЪОН 3, 4

«Йегъовӕйы закъӕттӕй зыны, зондджын ӕмӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у»

it-U «Понимание», дӕлсӕргонд «Приобретение истинного понимания», 4 абз.

Ӕмбарынад, ӕмбаргӕдзинад

Адӕймаг Библи арф куы фӕиртасы ӕмӕ дзы цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куы фӕархайы, уӕд йӕ ахуыргӕнджытӕй ӕмӕ ацӕргӕтӕй ӕмбаргӕдӕр свӕййы (Пс 119:99, 100, 130; абар Лк 2:46, 47). Афтӕ уымӕн вӕййы, ӕмӕ уыцы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ чи радта, уый йӕхӕдӕг у зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ. Ӕмӕ израилӕгтӕ уыцы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ куы ӕххӕст кодтаиккой, уӕд сӕ алыварс цы адӕмтӕ цард, уыдон сӕ нымадтаиккой «зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ» адӕмыл (Д.з 4:5–8; Пс 111:7, 8, 10; абар 1Пд 2:3). Ӕмбаргӕ адӕймаг зоны, Хуыцауы Ныхас пайда кӕй у ӕмӕ кӕй никуы ивы, стӕй йӕ фӕфӕнды йӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразын ӕмӕ уыцы хъуыддаджы Хуыцауӕй ӕххуыс фӕкуры (Пс 119:169). Ахӕм адӕймаг Хуыцауы ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ арф айсы (Мф 13:19–23), йӕ зӕрдӕйыл сӕ ныффыссы (Ӕм 3:3–6; 7:1–4) ӕмӕ «алы рӕдыд фӕндагӕй дӕр» йе сӕфт фӕуыны (Пс 119:104). Йесо Чырысти зӕххыл куы цард, уӕд уый дӕр ахӕм ӕмбаргӕдзинад ӕвдыста. Уый сразы, цӕмӕй хъизӕмӕртты хъӕдыл мӕлӕт бавзӕрстаид, уымӕн ӕмӕ зыдта, цӕмӕй Фыстад сӕххӕст уыдаид, уый тыххӕй хъуамӕ ахӕм мӕлӕтӕй амардаид (Мф 26:51–54).

w99-U 1/11 20 ф., 6 абз.; 21 ф., 1 абз.

Нӕ бон куыд у рӕдаудзинад ӕвдисын?

Савӕйы ус-паддзах, цы федта ӕмӕ цы фехъуыста, ууыл бадис кодта ӕмӕ сӕрныллӕгӕй загъта: «Куыд амондджын сты дӕ адӕм! Куыд амондджын сты дӕ лӕггадгӕнджытӕ, ӕдзух дӕ разы чи лӕууы ӕмӕ дын дӕ зондмӕ чи хъусы!» (1 Паддзӕхты 10:4–8). Уый Соломоны лӕггадгӕнджыты амондджын уый тыххӕй не схуыдта, ӕмӕ сӕ алыварс уыйбӕрц хъӕздыгдзинӕдтӕ уыд (кӕд уый ӕцӕгдӕр афтӕ уыд, уӕддӕр), фӕлӕ сӕ бон ӕдзух Соломонмӕ, Хуыцауы зондӕй хайджын чи уыд, уымӕ, хъусын кӕй уыд, уый тыххӕй. Уӕдӕ Савӕйы ус-паддзах, абон Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕн у фӕзминаг. Уыдон хъуамӕ аргъ кӕной, Йегъовӕ ӕмӕ сӕ йӕ Фырт Йесо Чырысти сӕ зондӕй кӕй хайджын кӕнынц, уымӕн!

Савӕйы ус-паддзах дарддӕр цы ныхӕстӕ загъта, уыдон дӕр тынг цымыдисаг сты: «Табу дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн» (1 Паддзӕхты 10:9). Ӕвӕццӕгӕн ӕй ӕмбӕрста, Соломонӕн зонд ӕмӕ хъӕздыгдзинад Йегъовӕ кӕй радта. Афтӕ уымӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕ уымӕй размӕ Израилӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Фидар сыл хӕцут ӕмӕ сӕ [Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ] ӕххӕст кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕд, ӕппӕт ацы уагӕвӕрдты тыххӕй-иу цы адӕмтӕ фехъусой, уыдон уындзысты уӕ зонд ӕмӕ уе ’мбаргӕдзинад, ӕмӕ дзурдзысты: „Ацы стыр адӕм ӕцӕгӕйдӕр сты зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ адӕм“» (Дыккаг закъон 4:5–7).

w07 1/8 30 ф., 13 абз.

«Хуыцауы цӕсты... хъӕздыг» дӕ?

13 Йегъовӕ йӕ адӕмӕн куы фӕарфӕ кӕны, уӕд сын алкӕддӕр ратты, ӕппӕты хуыздӕр цы у, уый (Иаковы 1:17). Зӕгъӕм, израилӕгтӕн цӕрынӕн зӕхх куы лӕвӕрдта, уӕд сын радта, «ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм калд, уыцы зӕхх». Кӕд Египеты зӕххы тыххӕй дӕр Библийы афтӕ фыст ис, уӕддӕр Йегъовӕ израилӕгтӕн цы зӕхх радта, уый дзы, ӕппынкъаддӕр, хицӕн кодта иу хъуыддагӕй. Уый уыд уыцы зӕхх, Моисей израилӕгтӕн афтӕ кӕмӕй загъта, зӕгъгӕ, «йӕм дӕ Хуыцау Йегъовӕ зилы». Ӕндӕр ныхасӕй, сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ рухс кодтаид, уымӕн ӕмӕ сыл Йегъовӕ тыхстаид. Цалынмӕ израилӕгтӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдысты, уӕдмӕ сын рӕдауӕй арфӕ кодта ӕмӕ, сӕ алыварс цы адӕмтӕ уыд, уыдонӕй бирӕ хуыздӕр цардысты. Йегъовӕйы арфӕдзинад ӕцӕгдӕр «хъӕздыг кӕны»! (Нымӕцтӕ 16:13; Дыккаг закъон 4:5–8; 11:8–15).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

w04 1/10 30 ф., 1 абз.

Дыккаг закъоны чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

4:15–20, 23, 24. Хуыцау дзуарнывтӕ аразын кӕй нӕ уагъта, уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ кӕйдӕр кӕнӕ цӕйдӕр ныв кӕнын нӕ фӕтчы? Нӕ. Хуыцау нӕ уагъта нывтӕ кувынӕн аразын – загъта, зӕгъгӕ, гуымирыты раз ма зоныг кӕнут ӕмӕ сын ма лӕггад кӕнут. Ома ӕнӕуи кӕйдӕр кӕнӕ цӕйдӕр дурнывтӕ аразӕн ӕмӕ сӕ ныв кӕнӕн нӕй, уый фӕдыл Библийы ницы ис фыст (3 Паддзахӕдты 7:18, 25).

14–20 ИЮНЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ДЫККАГ ЗАКЪОН 5, 6

«Уӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕнут»

w05 1/7 10 ф., 11 абз.

Ныййарджытӕ, уӕ бинонтыл тыхсут!

11 Ацы хъуыддаджы фӕдыл Фыстадӕй, ӕвӕццӕгӕн, иууыл арӕхдӕр ӕрхӕссынц Дыккаг закъоны 6:5–7. Ныййарджытӕ, ацы стихтӕ кӕсгӕйӕ ма уӕ хъус ӕрдарут, фыццаджыдӕр уӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ ӕввахс кӕнат Иегъовӕмӕ, уарзат ӕй ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы ӕвӕрат. Хъуамӕ Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг ахуыр кӕнат – Библи алы бон кӕсат ӕмӕ дзы цы бакастыстут, ууыл хъуыды кӕнат, цӕмӕй Иегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ хорз ӕмбарат ӕмӕ сӕ уарзат. Афтӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ дзаг уыдзысты Библийы ӕвӕджиауы арф хъуыдытӕй. Уый уын хӕсдзӕн циндзинад, аргъуыц кӕндзыстут Иегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ уарздзыстут. Ӕмӕ уӕм уӕд, уӕ сывӕллӕтты зӕрдӕты кӕй ӕвӕрат, ахӕм хъуыдытӕ, ай-гъайдӕр, тынг бирӕ уыдзӕн (Лукайы 6:45).

w07-U 15/5 15 ф., 5 абз.

Мӕ бон куыд у мӕ сывӕллӕттӕн ӕппӕты хуыздӕр ахуырад раттын?

Царды дын зынаргъ цы у, цӕмӕ бӕллыс ӕмӕ дӕ цы цымыдис кӕны, уыдӕттӕ ӕрмӕст дӕ ныхӕстӕй нӕ вӕййынц бӕрӕг, фӕлӕ дӕ хъуыддӕгтӕй дӕр (Ромӕгтӕм 2:21, 22). Сывӕллӕттӕ сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ сӕ ныййарджытӕм лӕмбынӕг фӕкӕсынц ӕмӕ сӕ фӕфӕзмынц. Сывӕллӕттӕ бафиппайынц, ныййарджытӕн царды ахсджиаг цы у, уый, ӕмӕ фӕстӕдӕр уыцы хъуыддӕгтӕ уыдонӕн дӕр свӕййынц ахсджиаг. Кӕд Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр уарзыс, уӕд дӕ сывӕллӕттӕ уый ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕуыдзысты. Зӕгъӕм, уындзысты, Библи кӕсын ӕмӕ йӕ иртасын тынг ахсджиагыл кӕй нымайыс. Стӕй уындзысты, Хуыцауы Паддзахад дын царды фыццаг бынаты кӕй ис (Матфейы 6:33). Ӕдзух ӕмбырдтӕм куы цӕуай ӕмӕ хорз хабар куы хъусын кӕнай, уӕд дӕ сывӕллӕттӕ уындзысты, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр дын кӕй ницы ис (Матфейы 28:19, 20; Дзуттӕгтӕм 10:24, 25).

w05 1/7 11 ф., 14 абз.

Ныййарджытӕ, уӕ бинонтыл тыхсут!

14 Дыккаг закъоны 6:7 куыд фыст ис, афтӕмӕй сымахӕн, ныййарджытӕ, алы уавӕрты дӕр уӕ бон у уӕ сывӕллӕттимӕ Хуыцауы хъуыддӕгтыл ныхас кӕнын. Зӕгъӕм, семӕ искуыдӕм цӕугӕйӕ, хӕдзары куыстытӕ кӕнгӕйӕ, йе та уӕ фӕллад уадзгӕйӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕттӕн Библийы уагӕвӕрдты тыххӕй ӕдзух «лекцитӕ» кӕсын нӕ хъӕуы. Уый бӕсты семӕ зӕрдӕхӕларӕй ныхас кӕнут, ӕхсызгон сын цы уа ӕмӕ сӕ Иегъовӕмӕ цы баввахс кӕна, уыдӕттыл. Зӕгъӕм, «Райхъал ут»-ы вӕййы бирӕ алыхуызон статьятӕ алы ӕмӕ алы фарстытыл. Ахӕм статьяты бындурыл ис аныхас кӕнӕн Иегъовӕйы сфӕлдыст цӕрӕгойтыл, ӕрдзы рӕсугъд бынӕттыл, алыхуызон адӕмыхӕттыты цардыуаг ӕмӕ ӕгъдӕуттыл. Афтӕ куы ныхас кӕнат, уӕд уӕ кӕстӕртӕ зӕрдиагдӕрӕй кӕсдзысты ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уагъд литературӕ (Матфейы 24:45–47).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

w19.02 22 ф., 11 абз.

Моисейы закъон Йегъовӕйы уарзондзинад ӕмӕ рӕстдзинадыл дзурӕг куыд уыд?

11 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм. Йегъовӕ адӕймагӕн ӕрмӕст йӕ уындмӕ нӕ кӕсы, фӕлӕ йӕ зӕрдӕмӕ дӕр. Хуыцау уыны, мидӕгӕй цавӕр стӕм, уый (1 Сам. 16:7). Уымӕй ӕмбӕхст ницы у – нӕдӕр нӕ хъуыдытӕ, нӕдӕр не ’нкъарӕнтӕ, нӕдӕр нӕ хъуыддӕгтӕ. Уый нын нӕ хорз миниуджытӕ уыны, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы миниуджытыл ӕдзухдӕр кусӕм. Фӕлӕ ма йӕ фӕнды, цӕмӕй-иу нӕм ӕвзӕр хъуыдытӕ куы фӕзына, уӕд-иу семӕ тох кӕнӕм, ӕмӕ нӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм ма ӕркӕной (2 Аз. 16:9; Матф. 5:27–30).

21–27 ИЮНЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ДЫККАГ ЗАКЪОН 7, 8

«Хӕстӕгӕн [сӕ]... ма агурут»

w12 1/7 29 ф., 2 абз.

Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй цӕмӕн домы, цӕмӕй сӕ цард иу кӕной ӕрмӕстдӕр сӕ диныл хӕст адӕмимӕ?

Фыццаг хъуыддаг уый, ӕмӕ Йегъовӕ зыдта, Хӕйрӕджы кӕй фӕндыд, цӕмӕй йӕ адӕм мӕнг хуыцӕуттӕн кувын райдыдтаиккой. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау израилӕгтӕн загъта, зӕгъгӕ уын ӕнӕуырнджытӕ «уӕ лӕппуты ӕмӕ уӕ чызджыты Хуыцауӕй аздахдзысты ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын райдайдзысты». Уыцы фӕдзӕхстмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕ уыд. Израилӕгтӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын куы райдыдтаиккой, уӕд Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕуыдаиккой ӕмӕ сӕ нал хъахъхъӕдтаид, ӕмӕ афтӕмӕй та се знӕгты амӕттаг ӕнцонтӕй бауыдаиккой. Ӕмӕ уӕд Мессийӕ се ’хсӕнӕй куыд хъуамӕ равзӕрдаид? Уӕдӕ йӕ ’мбарӕм, Хӕйрӕджы цӕмӕн фӕндыд, цӕмӕй израилӕгтӕ сӕ цард мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмимӕ иу кодтаиккой.

w15 15/3 30 ф., 5 абз.

Дӕ цард баиу кӕн «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕгимӕ». Уымӕн ма гӕнӕн ис?

Библийы нӕ Йегъовӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕ цард баиу кӕнӕм, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймагимӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ зоны, ӕппӕты хуыздӕр нын цы уыдзӕн, уый ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй рахӕссӕм, масты хос нын чи фӕуыдзӕн ӕмӕ ӕнамонд кӕй тыххӕй фӕуыдзыстӕм, ахӕм уынаффӕ. Неемийы рӕстӕджы дзуттӕгтӕй бирӕтӕ куырдтой, Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кодта, ахӕм сылгоймӕгты. Уымӕ гӕсгӕ сын Нееми сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Соломоны хабар куыд рауад, уый. «Хуыцау... [Соломоны] уарзта, ӕмӕ йӕ ӕгас Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрдта. Фӕлӕ уый дӕр, йӕхицӕн иннӕ адӕмтӕй цы устытӕ ӕрхаста, уыдон тӕригъӕды бафтыдтой» (Неем. 13:23–26). Йегъовӕ зоны, йӕ фӕдзӕхстытӕ нӕ пайдайӕн кӕй сты, ӕмӕ чырыстӕтты дӕр уымӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу сӕ цард баиу кӕной, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймагимӕ (Пс. 19:7–10; Ис. 48:17, 18). Ӕмӕ дзы мах тынг бузныг стӕм, кӕй ныл тыхсы ӕмӕ нын разамынд кӕй дӕтты, уый тыххӕй. Йегъовӕйы коммӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд февдисӕм, нӕ Хицауыл ӕй кӕй нымайӕм ӕмӕ нӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй нын амона, куыд цӕргӕ нын у, уый (Ӕмб. 1:5).

w15 15/8 26 ф., 12 абз.

Ацы фӕстаг бонты дӕхи хиз ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй

12 Чырыстӕттӕй бинонтӕ скӕнын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ уӕлдай лӕмбынӕг кӕсой, сӕ рӕстӕг кӕимӕ фервитынц, уымӕ. Хуыцауы Ныхас нӕ фӕдзӕхсы: «Уӕхи ӕнӕуырнджытимӕ иу ӕфсондзы ма баифтындзут, уый уӕззау ӕфсондз у. Цы иу кӕны рӕстдзинад фыддзинадимӕ? Науӕд рухсӕн талынгимӕ иумӕйагӕй цы ис?» (2 Кор. 6:14). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй смой кӕнын кӕнӕ ус ракурын кӕй фӕнды, уыдонӕн Библи зӕгъы, цӕмӕй сӕхицӕн цардӕмбалӕн равзарой, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, ӕрмӕст ахӕм адӕймаджы, ома, йӕхи Йегъовӕйӕн чи снывонд кодта, донаргъуыд чи райста ӕмӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, ахӕм адӕймаджы (1 Кор. 7:39). Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм адӕймагимӕ дӕ цард куы баиу кӕнай, уӕд дын уыдзӕн, Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайынӕн дын чи ӕххуыс кӕндзӕн, ахӕм цардӕмбал.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

w04 1/2 23 ф., 4 абз.

Иегъовӕ нӕ ницы цух уадзы

4 Хуыцауӕй «дзул... абонӕн» кӕй фӕкурӕм, уый ма нын хъуамӕ нӕ зӕрдыл лӕууын кӕна, монон хӕринаг дӕр нӕ кӕй хъӕуы. Иу афон Йесо дӕргъвӕтин рӕстӕг ком даргӕйӕ кӕд тынг сӕххормаг, уӕддӕр Сайтаны ныхасмӕ нӕ байхъуыста – дуртӕ дзултӕ нӕ фестын кодта. Йесо йын загъта: «Фыст у: „ӕрмӕст дзулӕй нӕ цӕрдзӕн адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы дзыхӕй цӕуӕг алы дзырдӕй“» (Матфейы 4:4). Ам Йесо ӕрхаста, кӕддӕр пехуымпар Моисей израилӕгтӕн кӕй дзырдта, уыцы ныхӕстӕ: «[Иегъовӕ] дӕ ӕрсаста ӕмӕ дӕ ӕххормагӕй уагъта ӕмӕ дын лӕвӕрдта, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй никуы федтой, уыцы маннӕ; цӕмӕй базонай, ӕрмӕст дзулӕй кӕй нӕ цӕры адӕймаг, фӕлӕ Иегъовӕйы дзыхӕй цӕуӕг алы дзырдӕй» (Дыккаг закъон 8:3). Уыцы маннӕ израилӕгтӕн ӕрмӕст хӕринаг нӕ уыд, фӕлӕ ма зонды хос дӕр. Фыццаджыдӕр, уыцы маннӕйӕ хъуамӕ «алчидӕр ӕмбырд кодтаид бонваг». Фылдӕр-иу дзы чи рӕмбырд кодта, уымӕн-иу сысмаг ӕмӕ скӕлм (Рацыд 16:4, 20). Фӕлӕ-иу ӕхсӕзӕм бон дыууӕ боны фаг, ома сабаты цы хӕрой, уый фаг дӕр куы сӕмбырд кодтой, уӕд-иу нӕ фесӕфт (Рацыд 16:5, 23, 24). Уымӕ гӕсгӕ маннӕ уынгӕйӕ израилӕгтӕ ӕмбӕрстой, коммӕгӕс кӕй хъуамӕ уой, стӕй сӕ цард айдагъ хойрагӕй кӕй нӕ уыд, фӕлӕ «Иегъовӕйы дзыхӕй цӕуӕг алы дзырдӕй».

28 ИЮНӔЙ 4 ИЮЛМӔ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ДЫККАГ ЗАКЪОН 9, 10

«Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?»

w09-U 1/10 10 ф., 3, 4 абз.

Нӕ Хуыцау Йегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Йегъовӕйы коммӕ зӕрдиагӕй цӕй фӕрцы кӕсдзыстӕм? Моисей израилӕгтӕн загъта, Йегъовӕйӕ кӕй хъуамӕ тӕрсой (Дыккаг закъон 10:12). Адӕймаг Йегъовӕйӕ кӕй тӕрсы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ кӕй бафхӕрдзӕн, уый тыххӕй йӕ разы фыртӕссӕй зыр-зыр кӕны. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йын кад кӕны ӕмӕ йӕ фӕнды йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын. Хуыцауы раз нӕм ахӕм тас куы уа, уӕд архайдзыстӕм, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ ма фӕриссын кӕнӕм.

Уӕдӕ фыццаджыдӕр Хуыцауы коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм? Моисей загъта, Йегъовӕйы кӕй хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй кӕй хъуамӕ лӕггад кӕнӕм (Дыккаг закъон 10:12). Хуыцауы уарзай, уый ӕрмӕст ӕнкъарӕн нӕу. Иу иртасӕн куысты фыст ис: «Дзуттаг ӕвзаджы, ӕнкъарӕнтӕм чи фӕамоны, уыцы мивдисджытӕ хатт фӕамонынц, уыцы ӕнкъарӕнтӕ адӕймаджы цавӕр архайдмӕ фӕразӕнгард кӕнынц, уымӕ дӕр». Фыст ма дзы уыд, зӕгъгӕ, Хуыцауы уарзын нысан кӕны, «цыдӕр аразын, кӕй йӕ уарзӕм», уый тыххӕй. Ӕндӕр ныхасӕй, Хуыцауы ӕцӕгдӕр куы уарзӕм, уӕд, йӕ цӕсты раст цы у, уый араздзыстӕм (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

w09-U 1/10 10 ф., 6 абз.

Нӕ Хуыцау Йегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй куы фӕхъусӕм, уӕд нын раарфӕ кӕны. Моисей израилӕгтӕн загъта, Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕххӕст кӕной, уый: «Цӕмӕй дын уа хорз» (Дыккаг закъон 10:13). Йегъовӕ нын цы фӕдзӕхстытӕ радта, уыдон се ’ппӕт дӕр сты нӕ пайдайӕн. Ӕмӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ уа, кӕд ӕмӕ Библийы афтӕ фыст ис, зӕгъгӕ, Хуыцау у уарзондзинад? (1 Иоанны 4:8). Уымӕ гӕсгӕ нын Хуыцау радта, ӕнусты дӕргъы нын пайда чи хӕсдзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм уагӕвӕрдтӕ (Исай 48:17). Йегъовӕ нын цы дзуры, уый куы аразӕм, уӕд абон дӕр нӕхи бирӕ мӕстытӕй бахиздзыстӕм ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕргӕйӕ та хайджын уыдзыстӕм ӕгӕрон арфӕдзинӕдтӕй.

cl 16 ф., 2 абз.

Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцаумӕ баввахс уай?

2 Рагзаманты Хуыцаумӕ афтӕ ӕввахс уыди Авраам. Иегъовӕ дзы йӕхӕдӕг загъта, «мӕ хӕлар» у, зӕгъгӕ (Исай 41:8). Иегъовӕ Авраамы ӕцӕгдӕр нымадта йӕ хӕларыл. Авраам уыцы стыр лӕварӕй хайджын уымӕн уыди, ӕмӕ «ӕууӕндыд... Хуыцауыл» (Иаковы 2:23). Абон дӕр Иегъовӕ агуры, чи йӕ уарзы ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдоныл «йӕхи [куыд] сбӕтта» (Дыккаг закъон 10:15). Йӕ Ныхас нын дзуры: «Ӕрбаввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ Уый ӕрбаввахс уыдзӕн сымахмӕ» (Иаковы 4:8, НФ). Ацы ныхӕстӕй нӕ Хуыцау хонгӕ дӕр кӕны ӕмӕ нын зӕрдӕ дӕр ӕвӕры.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

it-U «Енакимы», 1 абз.

Енакимтӕ

Енакимтӕ уыдысты тынг бӕрзонд адӕм ӕмӕ цардысты Ханааны хӕхбӕсты, стӕй денджызы былгӕрӕтты, уӕлдайдӕр Ханааны хуссар хайы. Иу рӕстӕджы Хевроны цардысты ӕртӕ зындгонд енакимы – Ахиман, Шешай ӕмӕ Фалмай (Нм 13:22). Уым 12 израилаг сгарӕджы фыццаг хатт федтой енакимты. Дӕс сгарӕджы цы федтой, уый тыххӕй сӕ тас бацыд, ӕмӕ фӕстӕдӕр адӕмӕн дзырдтой, енакимтӕ кӕй сты, Доны хъаймӕты размӕ чи цард, уыцы нефилимты байзӕддӕгтӕ ӕмӕ израилӕгтӕ сӕ разы «цъырцъырӕгтӕй» уӕлдай кӕй не сты (Нм 13:28–33; Д.з 1:28). Ӕнахуыр стыр кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ-иу сӕ барстой емимтимӕ ӕмӕ рефаимтимӕ (уыдон дӕр уыдысты тынг бӕрзонд). Тыхджын адӕм кӕй уыдысты, уый иннӕтӕ кӕй зыдтой, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй ӕрхъуыды кодтой ахӕм ӕмбисонд: «Енакы фыртты ныхмӕ чи фӕлӕудзӕн?» (Д.з 2:10, 11, 20, 21; 9:1–3).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын