-
Фӕстаг Куадзӕны рӕстӕг ахуыр кӕны сӕрныллӕгдзинадылЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
116 СӔР
Фӕстаг Куадзӕны рӕстӕг ахуыр кӕны сӕрныллӕгдзинадыл
МАТФЕЙЫ 26:20 МАРЧЫ 14:17 ЛУКАЙЫ 22:14–18 ИОАННЫ 13:1–17
ЙЕСО ЙӔ АПОСТОЛТИМӔ СКОДТА ЙӔ ФӔСТАГ КУАДЗӔН
ЙӔ АПОСТОЛТӔН СӔ КЪӔХТӔ НЫХСАДТА ӔМӔ СЫН РАВДЫСТА, СӔРНЫЛЛӔГ КӔЙ ХЪУАМӔ УОЙ
Петр ӕмӕ Иоанн, Йесо сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ Иерусалиммӕ раздӕр ӕрцыдысты ӕмӕ, Куадзӕн сбӕрӕг кӕнынӕн цы хъуыди, уыдӕттӕ ӕрцӕттӕ кодтой. Фӕстӕдӕр Йесо дӕр йӕ иннӕ дӕс апостолимӕ Иерусалиммӕ араст. Изӕрырдӕм ныгуылӕнырдыгӕй арвыл хур бынмӕ фӕцӕйтылд, афтӕ Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Оливӕбӕлӕсты хохӕй фӕуырдыг кодтой. Йесо йӕ мӕлӕты размӕ уырдыгӕй боныгон фӕстаг хатт афӕлгӕсыд. Ногӕй та йӕ фендзӕн, куы райгас уа, уӕд.
Уӕдмӕ горӕтмӕ бацыдысты ӕмӕ сӕ ных сарӕзтой, Куадзӕны ӕхсӕвӕр кӕм хъуамӕ скодтаиккой, уыцы хӕдзармӕ. Уым асинтыл уӕллаг уатмӕ схызтысты. Ӕмӕ сӕ ӕхсӕвӕр хибарӕй скӕнынӕн цы хъуыди, уыдӕттӕ иууылдӕр цӕттӕйӕ баййӕфтой. Йесо уыцы рӕстӕгмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ каст. Уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Тынг мӕ фӕндыд мӕ хъизӕмӕртты размӕ ацы Куадзӕны ӕхсӕвӕр уемӕ бахӕрын» (Лукайы 22:15).
Дзуттӕгты ’хсӕн бирӕ раздӕр ахӕм ӕгъдау ныффидар, ӕмӕ-иу Куадзӕны ӕхсӕвӕры рӕстӕг кӕрӕдзимӕ цалдӕр сӕны къусы алӕвӕрдтой. Ӕмӕ ныр Йесо сӕны къустӕй иу куы райста, уӕд Хуыцауӕн раарфӕ кодта ӕмӕ загъта: «Айсут ӕй ӕмӕ йӕ кӕрӕдзимӕ адӕттут. Зӕгъын уын: амӕй фӕстӕмӕ ӕз сӕн нал бануаздзынӕн, цалынмӕ Хуыцауы паддзахад не ’рцӕуа, уӕдмӕ» (Лукайы 22:17, 18). Бӕрӕг уыд, йӕ мӕлӕтмӕ бирӕ рӕстӕг кӕй нал баззад.
Куадзӕны ӕхсӕвӕры рӕстӕг ӕрцыд, се ’ппӕты дӕр дисы чи бафтыдта, ахӕм хабар. Йесо сыстад, йе ’ддаг дарӕс раласта ӕмӕ хисӕрфӕн райста. Уый фӕстӕ, уаты цы тас уыди, уым дон ныккодта. Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ-иу уазджыты къӕхтӕ ныхсыныл хӕдзары хицау батыхст. Ӕвӕццӕгӕн-иу уыцы куыст лӕггадгӕнджытӕй исчи бакодта (Лукайы 7:44). Фӕлӕ уыцы ӕхсӕвӕры рӕстӕг фысымтӕй уым ничи уыди, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ се ’ппӕтӕн дӕр Йесо балӕггад кодта. Апостолтӕй кӕмӕнфӕнды дӕр йӕ бон уыди уыцы хӕс йӕхимӕ райсын, фӕлӕ уыцы фадатӕй сӕ иу дӕр не спайда кодта. Мыййаг, йӕ аххосаг уый уыди, ӕмӕ сӕ нырма алчидӕр йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр ӕвӕрдта? Куыдфӕнды ма уыдаид, Йесо сын сӕ къӕхтӕ куы ’хсадта, уӕд сӕм худинаг ӕркаст.
Йесо Петрмӕ куы бахӕццӕ, уӕд Петр цӕхгӕр ныллӕууыд, «никуы мын ныхсдзынӕ мӕ къӕхтӕ», зӕгъгӕ. Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Куы нӕ дын сӕ ныхсон, уӕд дын мемӕ иумӕйагӕй ницы ис». Ӕмӕ уӕд Петр афтӕ фӕкодта: «Хицау, ӕрмӕст мӕ къӕхтӕ нӕ, фӕлӕ мын мӕ къухтӕ ӕмӕ мӕ сӕр дӕр ныхс». Йесо дарддӕр цы загъта, уый йӕм диссаг куыннӕ фӕкастаид: «Ӕхсад чи у, уый ӕнӕхъӕнӕй дӕр сыгъдӕг у, ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕ йеддӕмӕ ӕхсын ницы хъӕуы. Ӕмӕ сымах дӕр сыгъдӕг стут, фӕлӕ уе ’ппӕт нӕ» (Иоанны 13:8–10).
Йесо сӕ къӕхтӕ ныхсадта йӕ 12 апостолӕн дӕр. Нӕ фӕхъулон кодта Иудӕ Искариоты дӕр. Ӕмӕ йе ’ддаг дарӕс йӕ уӕлӕ куы скодта, уӕд фӕстӕмӕ фынгыл ӕрбадт ӕмӕ сӕ бафарста: «Цы уын сарӕзтон, уый ӕмбарут? Сымах мӕн хонут „Ахуыргӕнӕг“ ӕмӕ „Хицау“, ӕмӕ раст кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у. Гъемӕ кӕд ӕз, уӕ Хицау ӕмӕ уӕ Ахуыргӕнӕг, сымахӕн уӕ къӕхтӕ ныхсадтон, уӕд сымах дӕр хъуамӕ уӕ кӕрӕдзийы къӕхтӕ ӕхсат. Ӕз уын равдыстон, куыд хъуамӕ кӕнат, уый, цӕмӕй уын ӕз куыд сарӕзтон, афтӕ аразат сымах дӕр. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕ вӕййы ӕмӕ, кӕй арвитынц, уый дӕр, чи йӕ арвыста, уымӕй уӕлдӕр нӕ вӕййы. Кӕд уый зонут ӕмӕ афтӕ кӕнут, уӕд амондджын стут» (Иоанны 13:12–17).
Цымӕ ма уымӕй хуыздӕр искуыд равдисӕн уыди, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ кӕрӕдзийӕн сӕрныллӕгӕй кӕй хъуамӕ лӕггад кӕной?! Хъуамӕ сӕ фыццаг бынатмӕ мачи тырна ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕна, зӕгъгӕ, ам мӕн хуызӕн нӕй ӕмӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ мӕнӕн лӕггад кӕной. Уый бӕсты хъуамӕ Йесойы фӕзмой. Ӕцӕг афтӕ нӕ, ӕмӕ къӕхтӕ ӕхсыны ӕгъдау скӕной, фӕлӕ алкӕмӕн дӕр ӕнӕзивӕгӕй ӕмӕ сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕной.
-
-
Хицау Чырыстийы ӕхсӕвӕрЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
117 СӔР
Хицау Чырыстийы ӕхсӕвӕр
МАТФЕЙЫ 26:21–29 МАРЧЫ 14:18–25 ЛУКАЙЫ 22:19–23 ИОАННЫ 13:18–30
ЙЕСО БАМБАРЫН КОДТА, ЙӔ УӔЙГӔНӔГ ИУДӔ КӔЙ У
БЫНДУР ӔРӔВӔРДТА ЙӔ МӔЛӔТ ӔРЫМЫСӔН ИЗӔРӔН
Уыцы изӕр гыццыл раздӕр Йесо йӕ апостолтӕн сӕ къӕхтӕ ныхсадта ӕмӕ сын афтӕмӕй равдыста, сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уой. Ӕмӕ сын стӕй, ӕвӕццӕгӕн, Куадзӕны ӕхсӕвӕр куы бахордтой, уый фӕстӕ, ӕрхаста, Давид цы пехуымпар-ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Мемӕ хӕларӕй чи цард, мӕ зӕрдӕ кӕуыл дардтон, мӕ къӕбӕр мын чи хордта, уый дӕр мӕ ныхмӕ рацыд». Стӕй сын загъта: «Уӕ иу мӕ ауӕй кӕндзӕн» (Псалом 41:9; Иоанны 13:18, 21).
Апостолтӕ кӕрӕдзимӕ бакастысты ӕмӕ йӕ радгай фӕрсын байдыдтой: «Хицау, уый ӕз нӕ дӕн, афтӕ нӕу?» Суанг ӕй Иудӕйӕн дӕр йӕ цӕсгом бахъӕцыд афтӕ бафӕрсын. Иоанн фынгыл Йесойы тӕккӕ фарсмӕ бадти, ӕмӕ йӕм Петр ацамыдта, кӕй кой кӕны, уый-ма базон, зӕгъгӕ. Уӕд Иоанн дӕр Йесойыл йӕхи бакъул кодта ӕмӕ йӕ бафарста: «Хицау, кӕй кой кӕныс?» (Матфейы 26:22; Иоанны 13:25).
Йесо йын дзуапп радта: «Мӕ къӕбӕр къусы куы атулон, уӕд ӕй кӕмӕ раттон, уый». Ӕмӕ йӕ къӕбӕр, йӕ разы фынгыл цы къус уыди, уым атылдта, стӕй йӕ Иудӕмӕ радта ӕмӕ загъта: «Адӕймаджы Фыртӕн ӕнӕацӕугӕ нӕй, уый тыххӕй фыст куыддӕриддӕр у, афтӕ. Фӕлӕ додой йӕ къона йӕ уӕйгӕнӕгӕн! Уыцы адӕймаг куы нӕ райгуырдаид, уӕд ын хуыздӕр уыдаид» (Иоанны 13:26; Матфейы 26:24). Уый фӕстӕ Сайтан Иудӕйы бацыд. Кӕд уӕдмӕ дӕр йӕ зӕрдӕ сыгъдӕг нал уыд, уӕд ныр та йӕхи бынтондӕр Хӕйрӕджы къухмӕ радта ӕмӕ афтӕмӕй сси, «сафинаг чи уыди, уый» (Иоанны 6:64, 70; 12:4; 17:12).
Йесо Иудӕйӕн загъта: «Цы кӕнинаг дӕ, уый тагъддӕр бакӕн». Ӕхцайы къопп Иудӕмӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ иннӕ апостолтӕ афтӕ фенхъӕлдтой, ӕмӕ йын Йесо уый кой кӕны, «цӕмӕй сӕ бӕрӕгбонмӕ цы хъуыд, уый балхӕдтаид, йе та цӕмӕй мӕгуыртӕн исты радтаид» (Иоанны 13:27–30). Фӕлӕ Иудӕ ацыд, цӕмӕй Йесойы дины разамонджыты къухмӕ радтаид.
Куадзӕны ӕхсӕвӕр куы скодтой, уыцы изӕр Йесо бындур ӕрӕвӕрдта ног бӕрӕгбонӕн. Дзул райста, Хуыцауӕн бузныг загъта, ӕрсаста йӕ, йӕ апостолтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ сын загъта: «Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар – уый лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн сымах тыххӕй. Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (Лукайы 22:19). Уыцы дзулы саст апостолтӕ кӕрӕдзимӕ алӕвӕрдтой ӕмӕ дзы се ’ппӕт дӕр акомдзаг кодтой.
Уый фӕстӕ та Йесо райста сӕны къус, уый тыххӕй дӕр Хуыцауӕн бузныг загъта, йӕ апостолтӕм ӕй алӕвӕрдта, ӕмӕ дзы се ’ппӕт дӕр сахуыстой. Йесо сын загъта: «Ацы сӕны къус нысан кӕны ног бадзырд – уый фидаргонд цӕуы мӕ тугӕй, сымах тыххӕй чи ныккӕлдзӕн, уыцы тугӕй» (Лукайы 22:20).
Афтӕмӕй Йесо бындур ӕрӕвӕрдта йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрӕн, ӕмӕ йӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ хъуамӕ алы аз дӕр 14 нисаны бӕрӕг кодтаиккой. Уыцы бон сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынц, Йесо ӕмӕ йӕ Фыд цы стыр аргъ бафыстой, уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдоны тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй фервӕзын кӕнынӕн. Дзуттӕгтӕ Куадзӕн бӕрӕг кодтой, Египеты цагъарадӕй кӕй ссӕрибар сты, уый номыл. Ӕмӕ уӕд ацы бӕрӕгбон та цас ахсджиагдӕр у! Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Хуыцауыл чи ’ууӕнды, уыцы адӕм ӕцӕг сӕрибардзинад кӕй фендзысты.
Йесо загъта, зӕгъгӕ, мӕ туг «ныккӕлдзӕн бирӕты тыххӕй, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой». Сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕмӕн ӕрцыдысты, уыцы «бирӕты» ’хсӕн сты йӕ иузӕрдион апостолтӕ ӕмӕ иннӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕ. Уыдон Йесоимӕ иумӕ уыдзысты йӕ Фыды Паддзахады (Матфейы 26:28, 29).
-
-
Карз быцӕу, уӕлдӕр чи у, уый фӕдылЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
118 СӔР
Карз быцӕу, уӕлдӕр чи у, уый фӕдыл
МАТФЕЙЫ 26:31–35 МАРЧЫ 14:27–31 ЛУКАЙЫ 22:24–38 ИОАННЫ 13:31–38
ЙЕСО ДЗУРЫ, УӔЛДӔР ЧИ У, УЫЙ ТЫХХӔЙ
ЙЕСО РАГАЦАУ ЗАГЪТА, ПЕТР КӔЙ НӔ БАСӔТДЗӔН, КӔЙ ЙӔ ЗОНЫ, УУЫЛ
ЧЫРЫСТИЙЫ ФӔДЫЛДЗӔУДЖЫТЫ БАЗОНӔН ИС СӔ УАРЗОНДЗИНАДӔЙ
Йесо йӕ апостолтимӕ фӕстаг изӕр куы уыди, уӕд сын сӕ къӕхтӕ ныхсадта ӕмӕ сын афтӕмӕй равдыста, кӕрӕдзийӕн сӕрныллӕгӕй кӕй хъуамӕ лӕггад кӕной. Уый апостолтӕн хъуамӕ стыр зонды хос фӕуыдаид. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ кӕд Хуыцауыл иузӕрдион уыдысты, уӕддӕр нырма сӕ мӕт уыди, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл (Марчы 9:33, 34; 10:35–37). Ӕмӕ та сӕ лӕмӕгъдзинад фӕстаг изӕр дӕр йӕ сӕр сдардта.
Апостолты ’хсӕн «карз быцӕу» рауад, «уӕлдӕр сӕ чи хъуамӕ уа, ууыл» (Лукайы 22:24). Ахъуыды-ма кӕн, ногӕй та кӕй фӕбыцӕу сты, уый Йесойӕн куыд зын уыдаид! Цымӕ ныр та цы сараздзӕн?
Ахӕм зондыл хӕст кӕй уыдысты, уый тыххӕй сӕ хылы бын нӕ фӕкодта, фӕлӕ та сын ацы хатт дӕр сабырӕй загъта: «Ацы дунейы паддзӕхтӕ сӕхи адӕмӕн ӕлдӕрттӕ кӕнынц, ӕмӕ, адӕмыл йӕ бар кӕмӕн цӕуы, уыдоны хӕрзгӕнджытӕ хонынц. Сымах та афтӕ ма кӕнут. [...] Чи у уӕлдӕр: фынгыл бадӕг ӕви лӕггадгӕнӕг?» Ӕмӕ сын стӕй сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ӕдзухдӕр сын фӕзминаг цӕмӕй уыд, уый. Загъта сын: «Ӕз та уын дӕн лӕггадгӕнӕгау» (Лукайы 22:25–27).
Кӕд апостолтӕм цыдӕр хъӕндзинӕдтӕ уыди, уӕддӕр зын рӕстӕджыты Йесойы иунӕгӕй никуы ныууагътой. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ загъта: «Ӕз уемӕ аразын бадзырд паддзахады тыххӕй, мӕ Фыд мемӕ куыд сарӕзта бадзырд паддзахады тыххӕй, афтӕ» (Лукайы 22:29). Апостолтӕ уыдысты Йесойы иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ. Ӕмӕ семӕ бадзырд кӕй скодта, уымӕй сын бӕлвырд бамбарын кодта, уӕларвон Паддзахады йемӕ паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты.
Фӕлӕ сӕм кӕд ахӕм диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ каст, уӕддӕр нырма ӕнӕххӕст зӕххон адӕймӕгтӕ уыдысты. Йесо сын загъта: «Сайтан куырдта, цӕмӕй мӕнӕуау луӕрст ӕрцӕуат». Мӕнӕу-иу куы луӕрстой, уӕд-иу алырдӕмты ныппырх (Лукайы 22:31). Стӕй ма сын загъта: «Ахсӕв мӕ уе ’ппӕт дӕр ныууадздзыстут, уымӕн ӕмӕ фыст у: „Фыййауы ӕрцӕвдзынӕн, ӕмӕ фысты дзуг алырдӕмты фӕлидздзӕн“» (Матфейы 26:31; Захари 13:7).
Фӕлӕ Петр стыр дзыхӕй дзырдта: «Се ’ппӕт дӕр дӕ куы ныууадзой, уӕддӕр дӕ ӕз никуы ныууадздзынӕн!» (Матфейы 26:33). Ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта, ахсӕв уасӕг дыууӕ хатты нӕма ныууасдзӕн, афтӕ дзы кӕй зӕгъдзӕн, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ дарддӕр йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ӕз зӕрдиагӕй куывтон дӕу тыххӕй, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма фесафай. Ӕмӕ куы ’рфӕсмон кӕнай, уӕд-иу де ’фсымӕрты бафидар кӕн» (Лукайы 22:32). Фӕлӕ уӕддӕр Петр йӕхимӕ марӕн кӕрдтӕ хаста: «Демӕ мӕ амӕлын куы бахъӕуа, уӕддӕр афтӕ нӕ бакӕндзынӕн» (Матфейы 26:35). Ӕмӕ афтӕ дзырдтой иннӕ апостолтӕ дӕр.
Уӕд Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ хъӕбултӕ, иу гыццыл ма дӕн уемӕ. Агурдзыстут мӕ, фӕлӕ, дзуттӕгтӕн куыд дзырдтон, ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм сымахӕн уӕ бон ацӕуын нӕу, зӕгъгӕ, афтӕ зӕгъын ныр сымахӕн дӕр». Ӕмӕ стӕй йӕ ныхас адарддӕр кодта: «Ӕз уын дӕттын ног фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзийы уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы. Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоанны 13:33–35).
Петр уый куы фехъуыста, ӕмӕ Йесо семӕ гыццыл рӕстӕг йеддӕмӕ нал уыдзӕн, уӕд ӕй бафарста: «Хицау, ӕмӕ кӕдӕм цӕуыс?» Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм дӕуӕн ныртӕккӕ нӕу дӕ бон мӕ фӕдыл ацӕуын, фӕлӕ фӕстӕдӕр рацӕудзынӕ мӕ фӕдыл». Цы зӕгъынмӕ хъавыд, уый Петрӕн йӕ зонд нӕ ахста, ӕмӕ йын загъта: «Хицау, ныртӕккӕ цӕуылнӕ у мӕ бон дӕ фӕдыл ацӕуын? Дӕу тыххӕй ӕз мӕ уд дӕр ратдзынӕн» (Иоанны 13:36, 37).
Уый фӕстӕ Йесо йӕ апостолтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Галилейӕйы сӕ хъусын кӕнынмӕ куы арвыста, уыцы хабар. Уӕд сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй семӕ мадӕр ӕхцадон ахастаиккой, мадӕр – хызыны хӕринаг (Матфейы 10:5, 9, 10). Ӕмӕ сӕ бафарста: «Уӕд, мыййаг, истӕмӕй цух ӕййӕфтат?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Ницӕмӕй!» Фӕлӕ сӕ дарддӕр та цы кӕнын хъуыди? Йесо сын радта ахӕм разамынд: «Ныр та уӕ ӕхцадон кӕмӕ ис, уый йӕ йемӕ райсӕд, афтӕ хызын дӕр. Хъама кӕмӕ нӕй, уый та йӕ уӕлӕдарӕс ауӕй кӕнӕд ӕмӕ дзы хъама балхӕнӕд. Зӕгъын уын: фыст цы у, уый хъуамӕ мӕныл сӕххӕст уа, ома, „фыдгӕнӕгыл ӕй банымадтой“, уымӕн ӕмӕ, мӕн тыххӕй фыст цы у, уый ныртӕккӕ ӕххӕст кӕны» (Лукайы 22:35–37).
Йесо сын, тагъд цы хъуамӕ ӕрцыдаид, уый кой кодта: фыдгӕнджытимӕ йӕ хъӕдыл байтындздзысты, ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ карз ӕфхӕрд ӕййафдзысты. Йӕ апостолтӕм афтӕ каст, ӕмӕ уымӕ цӕттӕ сты. Уымӕ гӕсгӕ йын загътой: «Хицау, мӕнӕ ам ис дыууӕ хъамайы!» Уый та сын загъта: «Фаг сты» (Лукайы 22:38). Дыууӕ хъамайы сӕм кӕй уыд, уый фӕрцы фӕстӕдӕр Йесойӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй ма сын ноджыдӕр иу ахсджиаг хъуыддаг бамбарын кодтаид.
-
-
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цардЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
119 СӔР
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
ЙЕСО ЦӔУЫ УӔЛӔРВТӔМ, ЦӔМӔЙ БЫНАТ ӔРЦӔТТӔ КӔНА
ЙӔ ФӔДЫЛДЗӔУДЖЫТӔН ӔХХУЫСГӔНӔГӔЙ ЗӔРДӔ БАВӔРДТА
ЙЕСОЙӔН ЙӔ ФЫД ЙӔХИЦӔЙ УӔЛДӔР У
Йесо йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур ӕрӕвӕрдта. Ӕмӕ нырма йӕ апостолтимӕ уӕллаг уаты уыд, афтӕ сын загъта: «Ма тыхсут. Ӕууӕндут Хуыцауыл, ӕмӕ мӕныл дӕр ӕууӕндут» (Иоанны 13:36; 14:1).
Йӕ иузӕрдион апостолты йӕ ацыды фӕстӕ дӕр тыхсын цӕуылнӕ хъуыд, уый дӕр сын бамбарын кодта: «Мӕ Фыды хӕдзары бынӕттӕ бирӕ ис. [...] Ӕмӕ куы ацӕуон ӕмӕ уын бынат куы ’рцӕттӕ кӕнон, уӕд ногӕй ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уӕ мӕхимӕ акӕндзынӕн, цӕмӕй, ӕз кӕм дӕн, сымах дӕр уым уат». Фӕлӕ уыдон нӕ бамбӕрстой, уӕлӕрвтӕм ацӕуыны кой сын кӕй кодта. Ӕмӕ йӕ Фома бафарста: «Хицау, кӕдӕм цӕуыс, уый куы нӕ зонӕм, уӕд фӕндаг кӕцӕй хъуамӕ зонӕм?» (Иоанны 14:2–5).
«Ӕз дӕн фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард»,– дзуапп радта Йесо. Адӕймаг Йесойыл куы ’ууӕнда, йӕ ахуырӕдтыл ын разы куы уа ӕмӕ, уый куыд цард, афтӕ куы цӕра, ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн йӕ бон йӕ Фыды уӕларвон хӕдзармӕ бацӕуын. Йесо загъта: «Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоанны 14:6).
Филипп ӕм лӕмбынӕг хъуыста, ӕмӕ йӕм стӕй бахатыд: «Хицау, фенын-ма нын кӕн Фыды, ӕмӕ нын уый фаг уыдзӕн». Филиппы, ӕвӕццӕгӕн, Хуыцауы фенын фӕндыд, кӕддӕр ӕй Моисей, Илийа ӕмӕ Исай цӕстылуайӕнты куыд федтой, афтӕ. Фӕлӕ апостолтӕн цы фадат уыди, уыимӕ уыцы цӕстылуайӕнтӕ абарӕн дӕр нӕй. Йесо уый афтӕ бамбарын кодта: «Цас рӕстӕг дӕн уемӕ, Филипп, ӕмӕ мӕ нӕма базыдтай? Мӕн чи федта, уый федта Фыды дӕр». Йесо алцӕмӕй дӕр уыди йӕ Фыды хуызӕн. Уымӕ гӕсгӕ, алы бон йемӕ чи уыд ӕмӕ йӕ чи уыдта, уыцы адӕймагӕй зӕгъӕн уыди, ӕмӕ йын йӕ Фыды уыдта. Фӕлӕ Йесойӕн йӕ Фыд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕхицӕй уӕлдӕр у. Уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Цы уын дзурын, уыдӕттӕ уын мӕхи зондӕй нӕ дзурын» (Иоанны 14:8–10). Йӕ апостолтӕ уыдтой, Йесо йӕхи уӕлдӕр кӕй не ’вӕрдта. Ӕмбарын кодта, цыдӕриддӕр амыдта, уый Хуыцауӕй кӕй уыд.
Йесойы апостолтӕ сӕхи цӕстӕй уыдтой, диссӕгтӕ куыд арӕзта ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куыд хъусын кодта, уый. Ӕмӕ сын ныр загъта: «Чи мыл ӕууӕнды, уый араздзӕн, ӕз цы хъуыддӕгтӕ аразын, уыдон. Ӕмӕ ацы хъуыддӕгтӕй стырдӕр хъуыддӕгтӕ дӕр сараздзӕн» (Иоанны 14:12). Ацы ныхӕстӕй йӕ уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, йӕхӕдӕг цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй стырдӕр диссӕгтӕ сараздзысты. Фӕлӕ уыдонӕн сӕ лӕггад ахӕсдзӕн бирӕ фылдӕр, стӕй хъусын кӕндзысты фылдӕр рӕтты ӕмӕ фылдӕр адӕмӕн.
Йесо ма сын бамбарын кодта, куы ацӕуа, уӕд сӕ иунӕгӕй кӕй нӕ ныууадздзӕн. Зӕрдӕ сын бавӕрдта: «Мӕ номӕй исты куы ракурат, уӕд уын ӕй сараздзынӕн». Стӕй ма сын загъта: «Ӕз мӕ Фыдӕн зӕгъдзынӕн, ӕмӕ уын ратдзӕн ӕндӕр ӕххуысгӕнӕджы, цӕмӕй уемӕ уа ӕнустӕм – уый у Хуыцауы сыгъдӕг тых, рӕстдзинад цӕй фӕрцы ӕргом кӕны, уый» (Иоанны 14:14, 16, 17). Йесойы ныхӕстӕ мыхуырӕвӕрдӕй уӕлдай нӕ уыдысты – сыгъдӕг тыхӕй ӕнӕмӕнг схайджын уыдзысты. Ӕмӕ дзы Фӕндзайӕм боны ӕцӕгдӕр схайджын сты!
«Иу гыццыл ма,– загъта Йесо,– ӕмӕ мӕ дуне нал фендзӕн, сымах та мӕ фендзыстут, уымӕн ӕмӕ ӕз цӕрын, ӕмӕ сымах дӕр цӕрдзыстут» (Иоанны 14:19). Ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты? Йесо куы райгас, уӕд сӕм зӕххон буары фӕзынд. Фӕстӕдӕр та сын хъуамӕ сӕхи райгас кодтаид, цӕмӕй йемӕ уӕлӕрвты уой.
Уый фӕстӕ та загъта: «Мӕ фӕдзӕхстытӕ мын йӕ зӕрдӕмӕ чи исы ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый мӕ уарзы. Мӕн чи уарзы, уый та мӕ Фыд дӕр уарздзӕн, ӕмӕ йӕ ӕз дӕр уарздзынӕн ӕмӕ йын мӕхи раргом кӕндзынӕн». Уӕд ӕй, Фаддей дӕр ма кӕй хуыдтой, уыцы апостол Иудӕ бафарста: «Хицау, уый та куыд, ӕмӕ дӕхи махӕн раргом кӕндзынӕ, дунейӕн та – нӕ?» Йесо йын дзуапп радта: «Чи мӕ уарзы, уый мын мӕ ныхӕстӕ ӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ мӕ Фыд уарздзӕн... Чи мӕ нӕ уарзы, уый та мын мӕ ныхӕстӕ не ’ххӕст кӕны» (Иоанны 14:21–24). Йӕ фӕдылдзӕуджытӕй уӕлдай дуне нӕ бамбӕрста, Йесо кӕй у фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард.
Тагъд Йесо хъуамӕ йӕ Фыдмӕ ацыдаид, ӕмӕ ма уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куыд хъуамӕ ӕрхъуыды кодтаиккой, цы сын амыдта, уыдӕттӕ? Йесо сын бамбарын кодта: «Ӕххуысгӕнӕг... сыгъдӕг тых, мӕ Фыд уын мӕ номӕй кӕй ӕрӕрвитдзӕн, уый уын бацамондзӕн ӕппӕт дӕр ӕмӕ уын уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, цы уын дзырдтон, уыдӕттӕ иууылдӕр». Апостолтӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ федтой, сыгъдӕг тыхӕн йӕ бон цас у, уый, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ ацы ныхӕстӕ стыр ныфсы хос уыдысты. Йесо ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Мӕ фӕстӕ уын фарн уадзын, мӕ фарн уын дӕттын. [...] Ма тыхсут ӕмӕ уӕ зӕрдӕты тас ма уӕд» (Иоанны 14:26, 27). Уӕдӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгты тыхсын ӕппындӕр нӕ хъуыди – йӕ Фыд сын разамынд дӕтдзӕн ӕмӕ сӕ хъахъхъӕндзӕн.
Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куыд хъахъхъӕны, уый хъуамӕ тагъд рабӕрӕг уыдаид. Йесо загъта: «Ӕрбацӕуы ацы дунейы хицау. Мӕныл йӕ бар нӕ цӕуы» (Иоанны 14:30). Хӕйрӕг Иудӕйы бацыд, ӕмӕ йыл йӕ бар цӕуын райдыдта. Фӕлӕ Йесомӕ ахӕм лӕмӕгъдзинад нӕ уыди, цӕмӕй дзы Хӕйрӕг спайда кодтаид ӕмӕ йӕ Хуыцауы ныхмӕ скодтаид. Уымӕй уӕлдай йӕ ингӕны бауромын дӕр йӕ бон нӕ бауыдаид. Цӕуылнӕ? Йесо загъта: «Ӕз... аразын, мӕ Фыд мын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ». Йесо ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ Фыд ӕй кӕй райгас кӕндзӕн (Иоанны 14:31).
-
-
Дыргъ хӕссынц ӕмӕ сты Йесойы хӕлӕрттӕЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
120 СӔР
Дыргъ хӕссынц ӕмӕ сты Йесойы хӕлӕрттӕ
ӔЦӔГ СӔНӔФСИРБӔЛАС ӔМӔ ЙӔ КЪАЛИУТӔ
ЙЕСОЙЫ АХУЫРГӔНИНӔГТӔ ЙӔ УАРЗОНДЗИНАДӔЙ ХАЙДЖЫН ЦӔЙ ФӔРЦЫ УЫДЗЫСТЫ
Йесо йӕ иузӕрдион апостолтимӕ зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ фӕныхас кодта ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтыдта. Уыди тынг ӕнафон, рӕстӕг, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбисӕхсӕвӕй дӕр ахызт. Ӕмӕ сын ныр радзырдта, сӕ хъарутыл сын хъарутӕ чи бафтыдтаид, ахӕм фӕсномыг ныхас.
Райдыдта йӕ афтӕ: «Ӕз дӕн ӕцӕг сӕнӕфсирбӕлас, мӕ Фыд та – сӕнӕфсиры куыстгӕнӕг» (Иоанны 15:1). Уыцы абарст адӕймаджы зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, цалдӕр ӕнусы размӕ Израилы адӕмы тыххӕй цы загъд уыд, уый – Йегъовӕ сӕ схуыдта йӕ сӕнӕфсирбӕлас (Йереми 2:21; Оси 10:1, 2). Фӕлӕ Йегъовӕ уыцы адӕмыл йӕ къух систа (Матфейы 23:37, 38). Уӕдӕ Йесо загъта, уӕды онг кӕй никуы фехъуыстой, ахӕм хъуыды. Н. э. 29 азы Йесо сыгъдӕг тыхӕй сӕрст куы ’рцыд, уӕд сси, йӕ Фыд кӕмӕ зилы, уыцы сӕнӕфсирбӕлас. Фӕлӕ Йесо бамбарын кодта, уыцы сӕнӕфсирбӕлас ӕрмӕст йӕхимӕ кӕй нӕ амоны:
«Мӕ къалиутӕй дыргъ чи нӕ хӕссы, уый [мӕ Фыд] алыг кӕны, дыргъ чи хӕссы, уый та ссыгъдӕг кӕны, цӕмӕй ноджы фылдӕр дыргъ хӕсса. [...] Къалиутӕ сӕнӕфсирбӕласыл куы нӕ уой, уӕд сӕ бон дыргъ хӕссын нӕу, ӕмӕ афтӕ сымах дӕр мемӕ иудзинады куы нӕ уат, уӕд уӕ бон нӕ уыдзӕн дыргъ хӕссын. Ӕз дӕн сӕнӕфсирбӕлас, сымах та – къалиутӕ» (Иоанны 15:2–5).
Йесо йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, куы ацӕуа, уӕд сын кӕй рарвитдзӕн ӕххуысгӕнӕг, ома сыгъдӕг тых. 51 боны фӕстӕ апостолтӕ ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕцӕгдӕр схайджын сты сыгъдӕг тыхӕй, ӕмӕ систы сӕнӕфсирбӕласы къалиутӕ. Ӕмӕ «къалиутӕ» та иууылдӕр хъуамӕ уой Йесоимӕ иудзинады. Цӕй тыххӕй?
Йесо бамбарын кодта: «Мемӕ иудзинады чи ис ӕмӕ ӕз иудзинады кӕимӕ дӕн, уый хӕссы бирӕ дыргъ, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ мӕнӕй уӕ бон ӕппындӕр ницы у». Уыцы «къалиутӕ», ома йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ, хъуамӕ бирӕ дыргъ хастаиккой: Йесомӕ цы миниуджытӕ уыд, уыдон фӕзмыдтаиккой, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтаиккой ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кодтаиккой. Ӕмӕ сӕ исчи Йесоимӕ иудзинады куы нал уыдаид ӕмӕ дыргъ куы нал хастаид, уӕд та? Йесо загъта: «Мемӕ иудзинады чи нӕй, уый та... аппардзысты». Стӕй йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Мемӕ иудзинады куы уат ӕмӕ мӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы куы уой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр хъӕуа, уый-иу ракурут, ӕмӕ уын лӕвӕрд уыдзӕн» (Иоанны 15:5–7).
Уый фӕстӕ йӕ апостолтӕн ногӕй сӕ хъус ӕрдардта, уӕдмӕ дӕр дыууӕ хатты цӕй кой кодта, уымӕ – хъуамӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕной (Иоанны 14:15, 21). Ӕмӕ сӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, уый дӕр сын бамбарын кодта: «Ӕз мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ куыд ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йӕ уарзондзинадӕй хайджын куыд дӕн, афтӕ сымах дӕр мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд дарддӕр дӕр хайджын уыдзыстут мӕ уарзондзинадӕй». Фӕлӕ адӕймаг Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ йын йӕ Фырты уарза, уый фаг нӕу. Йесо ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Уый уын фӕдзӕхсын, цӕмӕй уӕ ӕз куыд уарзын, сымах дӕр уӕ кӕрӕдзийы афтӕ уарзат. Уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй, ӕмӕ исчи йӕ хӕлӕртты сӕрвӕлтау йӕ уд куы ратта. Цы уын фӕдзӕхсын, уый кӕд ӕххӕст кӕнут, уӕд стут мӕ хӕлӕрттӕ» (Иоанны 15:10–14).
Цалдӕр сахаты фӕстӕ Йесо йӕ цард ӕцӕгдӕр радта, чи йыл ӕууӕнды, уыдоны тыххӕй ӕмӕ афтӕмӕй равдыста йе стыр уарзондзинад. Йӕ цӕвиттон хъуамӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты дӕр разӕнгард кӕна, цӕмӕй сӕ кӕрӕдзи ахӕм удуӕлдай уарзтӕй уарзой. Йесо уымӕй размӕ куыд загъта, афтӕмӕй иннӕ адӕмы ’хсӕн уымӕй бӕрӕг дардзысты: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоанны 13:35).
Апостолтӕ куыннӕ бафиппайдтаиккой, Йесо сӕ йӕ «хӕлӕрттӕ» кӕй схуыдта, уый. Ӕмӕ сӕ афтӕ цӕмӕн схуыдта, уый дӕр сын бамбарын кодта: «Ӕз... уӕ хонын мӕ хӕлӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ, мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр фехъуыстон, уый уын раргом кодтон». Йесойы адджын хӕлар уай ӕмӕ йын йӕ Фыд цы дзырдта, уый зонай, уымӕй стырдӕр кад ма цы хъуамӕ уа! Фӕлӕ цӕмӕй уыцы хӕлардзинад ма фехӕлдаид, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр «бирӕ дыргъ хастаиккой». Йесо сын загъта, зӕгъгӕ, афтӕ куы кӕнат, уӕд, «мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр ракурат мӕ номӕй, уый уын ратдзӕн» (Иоанны 15:15, 16).
«Къалиутӕ», ома Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ, кӕрӕдзи куы уарзой, уӕд сӕ бон бауыдзӕн, цы зындзинӕдтӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон сфӕразын. Йесо сӕ бафӕдзӕхста, ацы дуне сӕ йе сӕфт кӕй уындзӕн. Фӕлӕ сӕ ныфс дӕр бауагъта: «Кӕд уӕ ацы дуне йе сӕфт уыны, уӕд ӕй зонут, сымахӕй раздӕр мӕнӕй кӕй федта йе сӕфт. Ацы дунейӕ куы уаиккат, уӕд уӕ дуне уарзид, йӕхиуӕтты куыд уарзы, афтӕ. Сымах та ацы дунейӕ не стут... ӕмӕ уӕ уымӕ гӕсгӕ ацы дуне йе сӕфт уыны» (Иоанны 15:18, 19).
Дуне сӕ йе сӕфт цӕмӕн уындзӕн, уый тыххӕй ма сын Йесо ноджыдӕр загъта: «Ӕппӕт адӕттӕ та уын кӕндзысты мӕ номы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ мӕ чи рарвыста, уый нӕ зонынц». Йесо загъта, йе сӕфт дзы чи уыдта, уыцы адӕмӕн тӕрхонгӕнӕг кӕй сты, цы диссаджы хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдон: «Ӕз сӕ разы куы нӕ сарӕзтаин, ӕндӕр исчи кӕй никуы сарӕзта, ахӕм хъуыддӕгтӕ, уӕд сыл тӕригъӕд нӕ уаид, ныр та мын мӕ хъуыддӕгтӕ сӕхи цӕстӕй федтой, фӕлӕ уӕддӕр се сӕфт федтой мӕнӕй дӕр ӕмӕ мӕ Фыдӕй дӕр». Адӕмӕн сӕ фылдӕр Йесойӕ се сӕфт кӕй уыдтой, уымӕй сӕххӕст пехуымпарад (Иоанны 15:21, 24, 25; Псалом 35:19; 69:4).
Фӕстагмӕ сын Йесо ногӕй загъта, кӕй сын рарвитдзӕн ӕххуысгӕнӕг, ома сыгъдӕг тых. Уыцы ӕгӕрон хъаруйӕ Хуыцау хайджын кӕны Йесойы фӕдылдзӕуджыты се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон у дыргъ хӕссын – «ӕвдисӕн лӕууын» (Иоанны 15:27).
-
-
«Фидар лӕуут! Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл»Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
121 СӔР
«Фидар лӕуут! Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл»
ТАГЪД АПОСТОЛТӔ ЙЕСОЙЫ НАЛ ФЕНДЗЫСТЫ
АПОСТОЛТӔН СӔ МАСТ ЦИНМӔ РАИВДЗӔН
Йесо ӕмӕ апостолтӕ, Куадзӕн кӕм скодтой, уыцы уӕллаг уатӕй нӕма рацыдысты. Йесо сын бирӕ цыдӕртӕ ныффӕдзӕхста. Ӕмӕ сын ныр загъта: «Адӕттӕ уын уый тыххӕй дзурын, цӕмӕй ма фӕрӕдийат». Цымӕ сӕ афтӕ цӕмӕн бафӕдзӕхста? Йесо сын ӕй бамбарын кодта: «Адӕм уӕ ӕмбырдгӕнӕнтӕй сурдзысты. Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, сымах чи мара, уыдон хъуыды кӕндзысты, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц» (Иоанны 16:1, 2).
Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ апостолтӕ, ӕвӕццӕгӕн, тынг ӕрӕнкъард сты. Ацы дуне сӕ йе сӕфт кӕй уындзӕн, уый тыххӕй сын Йесо уый размӕ дӕр дзырдта. Фӕлӕ сӕ маргӕ дӕр кӕй кӕндзысты, уый сын уӕды онг комкоммӕ никуы загъта. Цымӕ цӕуылнӕ? Загъта сын: «Раздӕр уын сӕ нӕ дзырдтон, уымӕн ӕмӕ уемӕ уыдтӕн» (Иоанны 16:4). Фӕлӕ сӕ ныр, йӕ ацыды размӕ, бафӕдзӕхста, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй. Уый фӕрцы сын фӕстӕдӕр ӕнцондӕр уыдаид сӕхи рӕдыд къахдзӕфтӕй бахизын.
Йесо сын дарддӕр загъта: «Ныр та цӕуын, чи мӕ рарвыста, уымӕ, ӕмӕ мӕ сымахӕй ничи фӕрсы, кӕдӕм цӕуыс, зӕгъгӕ». Уыцы изӕр ӕй гыццыл раздӕр фарстой, кӕдӕм цӕуы, уымӕй (Иоанны 13:36; 14:5; 16:5). Фӕлӕ сын ныр, сӕ фӕдыл кӕй зилдзысты, уый тыххӕй куы загъта, уӕд фырмӕтӕй сӕ бон ӕндӕр ницӕуылуал уыди хъуыды кӕнын. Ӕмӕ йӕ уымӕй дӕр нал бафарстой, куыд скадджын уыдзӕн ӕмӕ уый Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕн цы ’рхӕсдзӕн. Йесо сын загъта: «Адӕттӕ [уын] кӕй дзурын, уый тыххӕй уӕ зӕрдӕтӕ ӕрӕнкъард сты» (Иоанны 16:6).
Уый фӕстӕ сын бамбарын кодта: «Кӕй цӕуын, уый уӕ пайдайӕн у. Куы нӕ ацӕуон, уӕд уӕм ӕххуысгӕнӕг не ’рцӕудзӕн, куы ацӕуон, уӕд та уӕм ӕй ӕрӕрвитдзынӕн» (Иоанны 16:7). Йесо куы амард ӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы ацыд, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрмӕстдӕр уӕд схайджын сты сыгъдӕг тыхӕй. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ зӕххыл кӕмфӕнды ма уой, уӕддӕр сӕм йӕ бон у уыцы ӕххуысгӕнӕджы ӕрвитын.
Йесо загъта, зӕгъгӕ, сыгъдӕг тых «дунейӕн фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕсдзӕн тӕригъӕдты тыххӕй, рӕстдзинады тыххӕй ӕмӕ Хуыцауы тӕрхоны тыххӕй» (Иоанны 16:8). Ӕцӕгдӕр, Йесо уӕлӕрвтӕм кӕй ацыд, уый фӕрцы раргом, ацы дуне Хуыцауы Фыртыл кӕй нӕ баууӕндыд, уый. Стӕй ма уый у фидар бӕлвырдгӕнӕн йӕ рӕстдзинадӕн дӕр, ома рӕстӕй кӕй архайдта, уымӕн, ӕмӕ афтӕмӕй рабӕрӕг, Хӕйрӕджы, «ацы дунейы хицауы», Хуыцауы тӕрхон цӕмӕн хъуамӕ баййафа, уый (Иоанны 16:11).
«Бирӕ цыдӕртӕ ма мын ис сымахӕн зӕгъинаг,– адарддӕр кодта йӕ ныхас Йесо,– фӕлӕ сӕ ныр уӕ бон бамбарын не суыдзӕн». Сыгъдӕг тых сыл куы ’руадза, уӕд сын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй «рӕстдзинад кӕронмӕ» бамбарой ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрой (Иоанны 16:12, 13).
Йесо уый фӕстӕ цы загъта, уый йӕ апостолтӕ ӕппындӕр нӕ бамбӕрстой: «Иу гыццыл ма, ӕмӕ мӕ нал фендзыстут, ӕмӕ та мӕ цасдӕры фӕстӕ ногӕй фендзыстут». Ӕмӕ сӕ кӕрӕдзи фӕрсын райдыдтой, цы зӕгъын ӕй фӕнды, зӕгъгӕ. Йесо бамбӕрста, цӕмӕй йӕ хъавынц бафӕрсынмӕ, ӕмӕ сын бамбарын кодта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: сымах кӕудзыстут ӕмӕ дзыназдзыстут, дуне та цин кӕндзӕн. Сымах маст кӕндзыстут, фӕлӕ уӕ маст цинмӕ раивдзӕн» (Иоанны 16:16, 20). Дыккаг бон фӕссихор Йесойы куы амардтой, уӕд дины разамонджытӕ ӕцӕгдӕр цин кодтой, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та маст кодтой. Фӕлӕ сӕ маст цинмӕ раивта, Йесо куы райгас, уӕд! Ӕмӕ сыл Хуыцауы сыгъдӕг тых куы ’руагъта, уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы циндзинадӕй ӕдзухдӕр хайджын уыдысты.
Апостолты уавӕр Йесо абарста арӕг сылгоймаджы уавӕримӕ: «Сылгоймагӕн сывӕллон куы фӕгуыры, уӕд фӕтухӕн кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕ афон ӕрхӕццӕ. Фӕлӕ сывӕллон куы райгуыры, уӕд дзы йӕ тухитӕ бынтондӕр ферох вӕййынц, дунемӕ адӕймаг кӕй фӕзынд, уый цинӕй». Ӕмӕ сӕ стӕй ныфс бауагъта: «Афтӕ сымах дӕр ныр маст кӕнут, фӕлӕ та уӕ ӕз фендзынӕн, ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг уыдзысты, ӕмӕ уын уӕ цин ничиуал байсдзӕн» (Иоанны 16:21, 22).
Уӕды онг апостолтӕ Хуыцауӕй Йесойы номӕй никуы ницы куырдтой. Фӕлӕ сын ныр загъта: «Уыцы бон мӕ Фыдӕй курдзыстут мӕ номӕй». Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Фыды нӕ фӕнды сӕ куывдтытӕн дзуапп дӕттын? Уый афтӕ нӕу. Йесо загъта: «Фыд уӕ йӕхӕдӕг уарзы, уымӕн ӕмӕ сымах мӕн бауарзтат ӕмӕ баууӕндыдыстут, ӕз мӕ Фыды номӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ууыл» (Иоанны 16:26, 27).
Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ апостолтӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕныфсджындӕр сты, ӕмӕ загътой: «Уымӕ гӕсгӕ [нӕ] уырны, ды Хуыцауӕй кӕй ӕрцыдтӕ». Фӕлӕ сӕ уырнындзинад хъуамӕ гыццыл фӕстӕдӕр фӕлвӕрд ӕрцыдаид. Йесо загъта: «Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ уӕ алчи йӕ хӕдзармӕ фӕлидздзӕн, ӕмӕ мӕ иунӕгӕй ныууадздзыстут». Фӕлӕ сын стӕй загъта ахӕм ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ: «Адӕттӕ уын уый тыххӕй дзурын, цӕмӕй мӕ фӕрцы фарнӕй хайджын уат. Ацы дунейы уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындзинӕдтӕ, фӕлӕ фидар лӕуут! Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл» (Иоанны 16:30–33). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты нӕ ныууагъта. Уый фидарӕй зыдта, уыдон Хуыцауы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕндзысты ӕмӕ, ацы дунейыл уый куыд фӕуӕлахиз, уыдон дӕр ыл афтӕ кӕй фӕуӕлахиз уыдзысты – кӕд сын Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дуне алы ӕгъдауӕй дӕр сӕ уырнындзинад фӕцудын кӕныныл архайдзысты, уӕддӕр!
-
-
Фӕстаг куывд уӕллаг уатыЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
122 СӔР
Фӕстаг куывд уӕллаг уаты
ХУЫЦАУЫ ӔМӔ ЙӔ ФЫРТЫ ЗОНЫН ЦӔМӔН ХЪӔУЫ?
ЙЕГЪОВӔ, ЙЕСО ӔМӔ ЙӔ АХУЫРГӔНИНӔГТЫ ’ХСӔН ИС ИУДЗИНАД
Йесо йӕ апостолты тынг уарзта, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ бацӕттӕ кодта, гыццыл фӕстӕдӕр кӕй ацӕудзӕн, уымӕ. Ныр уӕларвмӕ скаст ӕмӕ йӕ Фыдмӕ скуывта: «Скадджын кӕн дӕ фырты, цӕмӕй дӕ фырт дӕр дӕу скадджын кӕна. Ды йӕ алкӕмӕн дӕр хицауӕй сӕвӕрдтай, цӕмӕй йын кӕй радтай, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр ратта ӕнусон цард» (Иоанны 17:1, 2).
Йесо равдыста, Хуыцауы кадджын кӕнынӕй сӕйрагдӕр кӕй ницы ис. Фӕлӕ йӕ куывды, адӕммӕ цы диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый кой дӕр, ома ӕнусон царды кой, кӕй скодта, уый нӕ цас ныфс уадзы! Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста ӕмӕ йӕ Хуыцау «алкӕмӕн дӕр хицауӕй [кӕй] сӕвӕрдта», уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у ӕппӕт адӕмы дӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕнын. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр алчи не схайджын уыдзӕн. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ нывонд пайда ӕрхӕсдзӕн, дарддӕр цы загъта, уымӕ гӕсгӕ чи архайа, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн. Йесо загъта: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3).
Адӕймаг хъуамӕ Фыды дӕр ӕмӕ Фырты дӕр хорз базона ӕмӕ семӕ ӕнгом уа. Хъуамӕ царды алцӕмӕ дӕр кӕса уыдоны цӕстӕй, сӕ рӕсугъд миниуджытӕ сын фӕзма, стӕй ӕмбара, сӕйраг уый кӕй нӕу, цӕмӕй адӕм ӕнустӕм цӕрой – ӕппӕты сӕйрагдӕр у, Хуыцауы ном кӕй хъуамӕ скадджын уа. Ӕмӕ та ногӕй уый тыххӕй райдыдта кувын:
«Ӕз дӕ скадджын кодтон зӕххыл, цы хъуыддаг мын бахӕс кодтай, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кодтон. Ӕмӕ мӕ ныр, мӕ Фыд, скадджын кӕн, ратт мын уый бар, цӕмӕй дӕ фарсмӕ уон ӕмӕ, дуне куы нӕма уыд, уӕд мын цы кад уыди, уыцы кад мын уа» (Иоанны 17:4, 5). Йесо Хуыцауӕй куырдта, цӕмӕй йӕ райгас кодтаид ӕмӕ йын уӕлӕрвты цы кад уыди, уыцы кадӕй та йӕ схайджын кодтаид.
Фӕлӕ Йесойӕ нӕ ферох, зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ йын цы бантыст, уый дӕр. Куывта: «Дунейӕ мын кӕй радтай, уыдонӕн ӕз дӕ ном раргом кодтон. Уыдон дӕу уыдысты, ӕмӕ сӕ ды мӕнӕн радтай, ӕмӕ дын дӕ ныхас сӕххӕст кодтой» (Иоанны 17:6). Йесо Хуыцауы ном, ома Йегъовӕ, ӕрмӕст дзургӕ нӕ кодта. Уый йӕ апостолтӕн баххуыс кодта, цӕмӕй базыдтаиккой, уыцы ном чи хӕссы, уый цавӕр Хуыцау у, цавӕр миниуджытӕ йӕм ис ӕмӕ адӕммӕ цы зӕрдӕ дары.
Апостолтӕ базыдтой Йегъовӕйы, стӕй, йӕ Фырт цы хъуамӕ сарӕзтаид, уый. Уымӕй уӕлдай ма сын Йесо бацамыдта бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ дӕр. Йесо сӕрныллӕгӕй загъта: «Цы ныхӕстӕ [мын] загътай, уыдон сӕм фӕхӕццӕ кодтон, ӕмӕ сыл баууӕндыдысты, ӕмӕ базыдтой, ӕз дӕ номӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ӕмӕ сӕ бауырныдта, ды мӕ кӕй рарвыстай, уый» (Иоанны 17:8).
Уый фӕстӕ Йесо, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ иннӕ адӕмӕй куыд тынг хицӕн кӕнынц, уый тыххӕй йӕ Фыдӕн загъта: «Дунейы тыххӕй дӕ нӕ курын, фӕлӕ мын кӕй радтай, уыдоны тыххӕй, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕу сты... Мӕ сыгъдӕг Фыд, хъахъхъӕн сӕ дӕ номы тыххӕй, мӕныл кӕй сӕвӕрдтай, уыцы номы тыххӕй, цӕмӕй, ды ӕмӕ ӕз ӕмвӕндӕй куыд архайӕм, афтӕ уыдон дӕр ӕмвӕндӕй архайой». Стӕй ма загъта: «[Ӕз] сӕ бахъахъхъӕдтон, ӕмӕ сӕ иу дӕр нӕ фесӕфт, сафинаг чи уыди, уый йеддӕмӕ», ома йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ Искариоты йеддӕмӕ (Иоанны 17:9–12).
Йесо дарддӕр куывта, зӕгъгӕ «сӕ дуне йе сӕфт федта». Ӕмӕ стӕй загъта: «Уый дӕ нӕ курын, ӕмӕ сӕ ацы дунейӕ искуыдӕм акӕнай, фӕлӕ сӕ цӕмӕй Фыдбылызӕй хъахъхъӕнай. Ӕз куыд нӕ дӕн ацы дунейӕ, афтӕ уыдон дӕр ацы дунейӕ не сты» (Иоанны 17:14–16). Апостолтӕ дӕр ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ацы дунейы, ома Хӕйрӕджы дӕлбар чи ис, уыцы адӕмы ’хсӕн, цардысты. Фӕлӕ хъуамӕ ацы дунеимӕ ма хӕццӕ кодтаиккой ӕмӕ йын йе ’взӕр митӕй сӕхи хызтаиккой. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн куыд уыди?
Хуыцау сӕ йӕхицӕн лӕггад кӕнынӕн рахицӕн кодта, ӕмӕ хъуамӕ дунейӕ сӕхи ма фӕчъизи кодтаиккой. Ӕмӕ цӕмӕй уый сӕ къухы бафтыдаид, уый тыххӕй сӕ цард хъуамӕ арӕзтаиккой, Дзуттаг Фыстыты цы рӕстдзинад ис ӕмӕ сын Йесо йӕхӕдӕг цы рӕстдзинад амыдта, уымӕ гӕсгӕ. Йесо куывта: «Ссыгъдӕг сӕ кӕн рӕстдзинады фӕрцы. Дӕ ныхас у рӕстдзинад» (Иоанны 17:17). Фӕстӕдӕр уыцы «рӕстдзинадыл» бафтыдысты, апостолтӕй иуӕй-иутӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындӕй цы чингуытӕ ныффыстой, уыдон. Уыцы чингуытӕ дӕр сын ӕххуыс кодтой сӕхи сыгъдӕг кӕнынӕн.
Фӕлӕ Йесо зыдта, рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ, «рӕстдзинад» йӕ зӕрдӕмӕ чи исдзӕн, уыцы адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕндзысты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куывта: «Ӕрмӕст уыдоны [ома йӕ фарсмӕ чи уыд, уыдоны] тыххӕй дӕ нӕ курын, фӕлӕ мыл сӕ ныхасмӕ гӕсгӕ чи баууӕнда, уыдоны тыххӕй дӕр». Цымӕ Йесо се ’ппӕты тыххӕй дӕр цы куырдта? «Цӕмӕй се ’ппӕт дӕр ӕмвӕндӕй архайой. Ды, мӕ Фыд, мемӕ иудзинады куыд дӕ ӕмӕ ӕз та демӕ иудзинады куыд дӕн, афтӕ уыдон дӕр уой немӕ иудзинады» (Иоанны 17:20, 21). Фыд ӕмӕ Фырты ’хсӕн ис иудзинад, уымӕн ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕмвӕндӕй архайынц. Ӕмӕ Йесо куывта, цӕмӕй ахӕм иудзинад уа йӕ фӕдылдзӕуджыты ’хсӕн дӕр.
Гыццыл раздӕр Йесо Петрӕн ӕмӕ йӕ иннӕ апостолтӕн загъта, зӕгъгӕ, ӕз цӕуын, цӕмӕй уын бынат ӕрцӕттӕ кӕнон, ома бынат уӕлӕрвты (Иоанны 14:2, 3). Ӕмӕ ныр Хуыцаумӕ кувгӕйӕ уый кой дӕр ракодта: «Мӕ Фыд, уый мӕ фӕнды, ӕмӕ мын кӕй радтай, уыдон дӕр, ӕз кӕм дӕн, уым мемӕ уой, цӕмӕй уыной, куыд мӕ скадджын кодтай, уый. Кадджын та мӕ уымӕн скодтай, ӕмӕ мӕ бауарзтай, дуне куы нӕма уыди, уӕд» (Иоанны 17:24). Ацы ныхӕстӕй Йесо бамбарын кодта, Хуыцау йӕ иунӕг Фырты, ома Йесо Чырыстийы, кӕй уарзта рагӕй фӕстӕмӕ дӕр – Адам ӕмӕ Евӕйы сывӕллӕттӕн сӕ кой дӕр куы нӕма уыд, уӕдмӕ дӕр.
Йӕ куывды кӕрон та Йесо ногӕй загъта йӕ Фыды номы тыххӕй ӕмӕ Хуыцау апостолты ӕмӕ иннӕты дӕр, ома «рӕстдзинадыл» ноджыдӕр чи баууӕнддзӕн, уыдоны, кӕй уарзы, уый тыххӕй: «Ӕз сын дӕ ном раргом кодтон ӕмӕ сын ӕй ноджыдӕр раргом кӕндзынӕн, цӕмӕй, ды мӕн куыд бауарзтай, уыдон дӕр афтӕ уарзой иннӕты, ӕмӕ цӕмӕй ӕз уон семӕ иудзинады» (Иоанны 17:26).
-
-
Зын сахат Хуыцаумӕ кувыЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
123 СӔР
Зын сахат Хуыцаумӕ кувы
МАТФЕЙЫ 26:30, 36–46 МАРЧЫ 14:26, 32–42 ЛУКАЙЫ 22:39–46 ИОАННЫ 18:1
ЙЕСО ГЕФСИМАНИЙЫ ДЫРГЪДОНЫ
ЙӔ ХИД УЫД ТУДЖЫ ХУЫЗӔН
Йесо йӕ иузӕрдион апостолтимӕ скуывта. Уый фӕстӕ «Хуыцауӕн кады зарджытӕ азарыдысты, ӕмӕ стӕй Оливӕбӕлӕсты хохы ’рдӕм араст сты» (Марчы 14:26). Ацыдысты хурыскӕсӕнырдӕм, Йесо-иу арӕх кӕм уыди, уырдӕм – Гефсимани кӕй хуыдтой, уыцы дыргъдонмӕ.
Оливӕбӕлӕсты ’хсӕн уыцы рӕсугъд бынатмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Йесо йӕ апостолтӕй асты фӕстейӕ ныууагъта. Ӕвӕццӕгӕн, дыргъдонмӕ бахизӕны баззадысты, уымӕн ӕмӕ сын афтӕ загъта: «Цалынмӕ ӕз уӕртӕ уым кувон, уӕдмӕ уал сымах ам абадут». Йӕхӕдӕг иннӕ ӕртӕ апостолы – Петр, Иаков ӕмӕ Иоанны – йемӕ акодта, ӕмӕ дыргъдоны арфдӕр бацыдысты. Уым Йесо йӕхимидӕг хъуырдухӕн кӕнын райдыдта ӕмӕ йе ’ртӕ апостолӕн загъта: «Мӕ уд дудгӕ рыст кӕны. Фӕлӕуут ам мӕ фарсмӕ, ма бафынӕй ут» (Матфейы 26:36–38).
Йӕхӕдӕг гыццыл фалдӕр ацыд, «зӕххыл ӕрхауд ӕмӕ кувын райдыдта». Цымӕ уыцы уынгӕджы сахат Хуыцауӕй цы куырдта? Йесо куывта: «Мӕ Фыд, дӕуӕн дӕ бон алцыдӕр у – курын дӕ, ацы къус мын ма бануазын кӕн. Ӕниу, мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд» (Марчы 14:35, 36). Ацы ныхӕстӕй цы зӕгъинаг уыд? Мыййаг, адӕмы тыххӕй йӕ цард раттыныл разы нал уыд? Нӕ, уый кой нӕ кодта!
Йесо уӕлӕрвтӕй уыдта, ромӕгтӕ-иу мӕлӕты тӕрхон кӕмӕн рахастой, уыдоны-иу цы хъизӕмайраг мардӕй амардтой, уый. Фӕлӕ ныр йӕхӕдӕг дӕр уыди туг ӕмӕ стӕгӕй конд адӕймаг, ӕмӕ, буары рыст цы у, уый хорз ӕмбӕрста. Уӕдӕ йӕм цы ’нхъӕлмӕ каст, уымӕ йӕ былыцъӕрттӕ нӕ хордта. Фӕлӕ йӕ мидхъуырдухӕнты сӕйраг аххосаг уый нӕ уыди. Йесо зыдта, цыфыддӕр фыдгӕнӕджы мардӕй йӕ кӕй амардзысты, ӕмӕ тарст, уымӕй йӕ Фыды ном куы фӕхудинаг уа. Цалдӕр сахаты фӕстӕ йӕ хъӕдмӕ ныххуыйдзысты, цыма Хуыцауы фауӕг у, уыйау.
Йесо йӕ Фыдмӕ дзӕвгар куы фӕкуывта, уӕд йӕ апостолтӕм ӕрбаздӕхт, ӕмӕ се ’ртӕйы дӕр фынӕйӕ ӕрбаййӕфта. Ӕмӕ Петрӕн загъта: «Ау, иу сахат дӕр куыд нӕ бафӕрӕзтат мемӕ ӕнӕ фынӕйӕ? Ма бафынӕй ут ӕмӕ ӕппынӕдзух кувут, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууат». Йесо ӕмбӕрста, апостолтӕ дӕр тынг кӕй тыхсынц. Стӕй ӕнафон дӕр уыди. Ӕмӕ ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Уд бӕргӕ фидар у, фӕлӕ буар та лӕмӕгъ у» (Матфейы 26:40, 41).
Уый фӕстӕ дыккаг хатт ацыд кувынмӕ ӕмӕ та Хуыцауӕй куырдта, «ацы къус» мӕ нуазын ма бахъӕуӕд, зӕгъгӕ. Уыцы рӕстӕг йӕ апостолтӕ дӕр хъуамӕ Хуыцаумӕ куывтаиккой, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууыдаиккой. Фӕлӕ фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд та се ’ртӕйы дӕр фынӕйӕ ӕрбаййӕфта. Ӕмӕ сӕм куы сдзырдта, уӕд ын, «цы загътаиккой, уый нӕ зыдтой» (Марчы 14:40). Йесо та ӕртыккаг хатт дӕр ацыд, йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ та кувын райдыдта.
Фыдгӕнӕджы мардӕй йӕ кӕй амардзысты, уымӕй йӕ Фыды ном куы фӕхудинаг уа, уый йын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ Фырты куывдтытӕ фехъуыста, ӕмӕ йӕм йӕ зӕды ӕрӕрвыста, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаид. Фӕлӕ Йесо уый фӕстӕ дӕр афтӕ нӕ загъта, ныр мӕ кувыны сӕр нал хъӕуы, зӕгъгӕ. Ныр «ноджы зӕрдиагдӕрӕй» райдыдта кувын. Йӕ уд цы уынгӕджы уавӕры уыд, уый, ӕвӕццӕгӕн, ныхӕстӕй бамбарын кӕнӕн нӕй. Уӕззау уаргъ ӕрӕнцад йе уӕхсчытыл! Уыцы сахат куыд бакодтаид, уымӕй кӕнгӕ уыд йе ’нусон фидӕн, стӕй коммӕгӕс адӕмы ӕнусон цард дӕр. Йесо афтӕ тынг тыхсти, ӕмӕ «йӕ хид туджы хуызӕн сси ӕмӕ зӕхмӕ тагъд» (Лукайы 22:44).
Йӕ апостолтӕм ӕртыккаг хатт куы ’рбаздӕхт, уӕд дӕр та сӕ фынӕйӕ ӕрбаййӕфта ӕмӕ сын загъта: «Ныртӕккӕ уый рӕстӕг у, ӕмӕ фынӕй кӕнат ӕмӕ уӕ фӕллад уадзат? Ӕрхӕстӕг уыцы сахат, ӕмӕ Адӕймаджы Фырты тӕригъӕдджынты къухтӕм ратдзысты. Сыстут, цӕуын нӕ хъӕуы. Уӕртӕ ӕрбацӕуы мӕ уӕйгӕнӕг» (Матфейы 26:45, 46).
-
-
Чырыстийы ӕрцахстойЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
124 СӔР
Чырыстийы ӕрцахстой
МАТФЕЙЫ 26:47–56 МАРЧЫ 14:43–52 ЛУКАЙЫ 22:47–53 ИОАННЫ 18:2–12
ИУДӔ ДЫРГЪДОНЫ ЙЕСОЙЫ ЙЕ ЗНӔГТЫ КЪУХМӔ РАДТА
ПЕТР ИУ ЛӔДЖЫ ХЪУС АХАУЫН КОДТА
ЙЕСОЙЫ ӔРЦАХСТОЙ
Рӕстӕг ӕмбисӕхсӕвӕй раджы ахызт. Сауджынтӕ Иудӕйӕн ныфс бавӕрдтой, Йесойы тыххӕй йын 30 ӕвзист ӕхцайы кӕй ратдзысты. Гъемӕ Иудӕ сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ фарисейтимӕ рацыд, цӕмӕй сын Йесойы сӕ къухмӕ радтаид. Уыдон семӕ ракодтой ромаг гӕрзифтонг ӕфсӕддон къорд дӕр, сӕ сӕргъы ӕфсады сӕргълӕууӕг, афтӕмӕй.
Куадзӕны ӕхсӕвӕры рӕстӕг Йесо Иудӕйы уӕллаг уатӕй куы рарвыста, уӕд Иудӕ, ӕвӕццӕгӕн, комкоммӕ сауджынты хистӕртӕм ацыд (Иоанны 13:27). Уыдон ӕрӕмбырд кодтой сӕ хъахъхъӕнджыты, стӕй ӕфсӕддонты къорд ӕмӕ Иудӕимӕ ацыдысты. Уый сӕ, ӕвӕццӕгӕн, фыццаг акодта, Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ Куадзӕн кӕм бӕрӕг кодтой, уыцы уатмӕ. Фӕлӕ Йесо уым куы нӕ разынд, уӕд Кедроны дӕлвӕзыл ахызтысты ӕмӕ сӕ ных дыргъдонмӕ сарӕзтой. Хӕцӕнгарзӕй уӕлдай ма семӕ рахастой судзгӕ цырӕгътӕ ӕмӕ рухсгӕнӕнтӕ дӕр – Йесойы хъуамӕ цыфӕндыйӕ дӕр ссардтаиккой.
Иудӕ ӕппӕт уыцы адӕмы разӕй Оливӕбӕлӕсты хохмӕ уыцы сӕрӕн цыд фӕцӕйкодта. Бӕрӕг уыд, Йесойы кӕм агурын хъӕуы, уый кӕй зыдта. Уыцы къуыри Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ алы бон дӕр Вифанийӕ Иерусалиммӕ цыдысты, ӕмӕ-иу Гефсиманийы дыргъдоны сӕ фӕллад суадзынмӕ арӕх ӕрлӕууыдысты. Фӕлӕ ныр ӕхсӕвы тары оливӕбӕлӕсты аууонӕй Йесойы цӕсгом дзӕбӕх куы нӕ зына, уӕд ӕй ӕфсӕддонтӕ куыд базондзысты? Уӕдта ма йӕ уымӕй размӕ никуы федтой? Иудӕ сын загъта, куыд ӕй уыдзӕн базонӕн: «Кӕмӕн апъа кӕнон, уый у. Уый-иу ӕрцахсут, ӕмӕ йӕ куы фӕцӕйкӕнат, уӕд-иу кӕсут, цӕмӕй ма алидза» (Марчы 14:44).
Дыргъдонмӕ куы бацыдысты, уӕд Иудӕ Йесойы йӕ апостолтимӕ суыдта. Гъемӕ йӕм комкоммӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Дзӕбӕх у, Ахуыргӕнӕг!» Ӕмӕ йын фӕлмӕн ба акодта. Йесо йӕ бафарста: «Ам цӕмӕн дӕ?» (Матфейы 26:49, 50). Уый фӕстӕ йӕ фарстайӕн йӕхӕдӕг дзуапп радта: «Иудӕ, Адӕймаджы Фырты пъайӕ уӕй кӕныс?» (Лукайы 22:48). Фӕлӕ уымӕй дарддӕр Йесойӕн йӕ уӕйгӕнӕгимӕ ницыуал ныхасаг уыди.
Уӕд Йесо цырӕгъты ӕмӕ рухсгӕнӕнты рухсмӕ размӕ рацыд ӕмӕ адӕмы бафарста: «Кӕй агурут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Назаретаг Йесойы». Ӕмӕ сын уӕд Йесо хъӕбатырӕй загъта: «Уый ӕз дӕн» (Иоанны 18:4, 5). Ӕфсӕддонтӕ ахӕм дзуапп фехъусын ӕнхъӕл нӕ уыдысты, ӕмӕ фырдиссагӕй зӕххыл ӕрхаудтой.
Уыцы сахат Йесо талынджы искуы куы фӕтары уыдаид, уӕд ӕй аргӕ дӕр нал скодтаиккой. Фӕлӕ сӕ йӕ сӕр бафснайыны бӕсты ногӕй бафарста, кӕй агурут, зӕгъгӕ. Ӕмӕ та йын дыккаг хатт дӕр загътой: «Назаретаг Йесойы». Уӕд сын Йесо сабырӕй бамбарын кодта: «Куы уын загътон, уый ӕз дӕн. Кӕд мӕн агурут, уӕд адоны ауадзут». Уыцы уынгӕджы сахат дӕр дзы нӕ ферох, йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй раздӕр цы загъта, уый, иуы дӕр дзы нӕ фесафдзынӕн, зӕгъгӕ (Иоанны 6:39; 17:12). Йесо йӕ иузӕрдион апостолты бахъахъхъӕдта, ӕмӕ дзы иу дӕр нӕ фесӕфт, «сафинаг чи уыди, уый йеддӕмӕ», ома Иудӕйы йеддӕмӕ (Иоанны 18:7–9). Уӕдӕ ныр ӕфсӕддонтӕн загъта, цӕмӕй йын йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджыты ауагътаиккой.
Ӕфсӕддонтӕ куы сыстадысты ӕмӕ Йесомӕ куы бацыдысты, уӕд апостолтӕ фембӕрстой, хъуыддаг цӕй мидӕг ис, уый. Ӕмӕ Йесойы афарстой: «Хицау, хъамайӕ сӕ цӕвӕм?» (Лукайы 22:49). Петр Йесойы дзуапмӕ дӕр нал банхъӕлмӕ каст, фӕлӕ сӕм цы дыууӕ хъамайы уыди, уыдонӕй иу фелвӕста ӕмӕ дзы хистӕр сауджыны цагъар Малхӕн йӕ рахиз хъус ахауын кодта.
Йесо Малхы хъусмӕ бавнӕлдта ӕмӕ йын ӕй сдзӕбӕх кодта. Уый фӕстӕ Петрӕн цы загъта, уый зондзонӕн у не ’ппӕтӕн дӕр: «Дӕ хъама йӕ бынаты сӕвӕр, уымӕн ӕмӕ чидӕриддӕр йӕ къухмӕ хъама райса, уый йӕ мӕлӕт хъамайӕ ссардзӕн». Йесо йӕ марджыты къухмӕ йӕхи барвӕндонӕй радта. Уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Ӕппӕт уыдӕттӕ куы не ’рцӕуой, уӕд Фыстад куыд сӕххӕст уыдзӕн?» (Матфейы 26:52, 54). Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ау, мӕ Фыд мын цы къус радта, уый хъуамӕ ма бануазон?» (Иоанны 18:11). Йесо цӕттӕ уыд Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ, кӕд ӕй уый тыххӕй амӕлын хъуыди, уӕддӕр.
Уый фӕстӕ, ахсынмӕ йӕм чи ’рбацыд, уыдоны бафарста: «Раст цыма абырӕг дӕн, уыйау мӕм хъаматӕ ӕмӕ хъилтимӕ цы ’рбацыдыстут? Алы бон кувӕндоны куы бадтӕн ӕмӕ уӕ куы ахуыр кодтон, ӕмӕ мӕ уӕд куы нӕ ахстат? Фӕлӕ ӕппӕт адӕттӕ уымӕн цӕуынц, цӕмӕй пехуымпарты фыстытӕ сӕххӕст уой» (Матфейы 26:55, 56).
Гъемӕ ӕфсӕддонтӕ, ӕфсады сӕргълӕууӕг ӕмӕ, дзуттӕгтӕ кӕй рарвыстой, уыцы хъахъхъӕнджытӕ Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ йӕ сбастой. Апостолтӕ уый куы федтой, уӕд лидзӕг фесты. Фӕлӕ «иу лӕппу», ӕвӕццӕгӕн, ахуыргӕнинаг Марк, уым баззад. Ӕмӕ Йесойы куы акодтой, уӕд уый дӕр йӕ фӕстӕ ацыд (Марчы 14:51). Фӕлӕ йӕ адӕм базыдтой ӕмӕ йӕ ӕрцахсынмӕ хъавыдысты. Уӕд сын лӕппу йӕ кӕттаг дарӕс сӕ къухы фӕуагъта ӕмӕ алыгъд.
-
-
Йесойы акодтой Аннӕмӕ, стӕй та – КайафӕмӕЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
125 СӔР
Йесойы акодтой Аннӕмӕ, стӕй та – Кайафӕмӕ
МАТФЕЙЫ 26:57–68 МАРЧЫ 14:53–65 ЛУКАЙЫ 22:54, 63–65 ИОАННЫ 18:13, 14, 19–24
ЙЕСОЙЫ АКОДТОЙ АННӔМӔ, РАЗДӔР ХИСТӔР САУДЖЫН ЧИ УЫД, УЫМӔ
СИНЕДРИОН ЫН ӔНӔЗАКЪОН ТӔРХОН РАХАСТА
Йесойы фыдгӕнӕгау куы сбастой, уӕд ӕй акодтой Аннӕмӕ. Аннӕ хистӕр сауджынӕй лӕггад кодта, Йесо гыццылӕй кувӕндоны ахуыргӕнджыты дисы куы бафтыдта, уӕд (Лукайы 2:42, 47). Фӕстӕдӕр хистӕр сауджынтӕй лӕггад кодтой йӕ фырттӕй чидӕртӕ. Ныр та уыцы бынат ахста йӕ сиахс Кайафӕ.
Цалынмӕ Аннӕ Йесойы рафӕрс-бафӕрс кодта, уӕдмӕ Кайафӕйӕн рӕстӕг уыди, цӕмӕй Синедрион, ома Сӕйраг тӕрхондон, ӕрӕмбырд кодтаид. Синедрионы хистӕр сауджынимӕ ӕдӕппӕтӕй уыди 71 тӕрхонгӕнӕджы.
Аннӕ Йесойы фарста «йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй ӕмӕ, адӕмӕн цы амыдта, уымӕй». Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ӕз дунейӕн алцыдӕр ӕргом дзырдтон. Адӕмы алкӕддӕр ахуыр кодтон ӕмбырдгӕнӕнты ӕмӕ кувӕндоны, дзуттӕгтӕ иууылдӕр кӕм ӕрӕмбырд вӕййынц, уым. Ӕмӕ сусӕгӕй ницы дзырдтон. Мӕн цӕмӕн фӕрсыс? Мӕ ныхӕстӕм мын чи хъуыста, уыдоны бафӕрс» (Иоанны 18:19–21).
Уӕд ӕй, йӕ фарсмӕ чи лӕууыд, уыцы хъахъхъӕнӕг ныдздзӕхст кодта ӕмӕ йын тызмӕгӕй загъта: «Уый куыд ныхас кӕныс сауджынты хистӕримӕ?» Фӕлӕ Йесойӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ницӕмӕй худт, ӕмӕ йын дзуапп радта: «Кӕд исты раст нӕ загътон, уӕд мын ӕй зӕгъ. Фӕлӕ кӕд раст загътон, уӕд мӕ цӕмӕн цӕвыс?» (Иоанны 18:22, 23). Уый фӕстӕ Аннӕ Йесойы арвыста йӕ сиахс Кайафӕмӕ.
Уӕдмӕ Синедрионы тӕрхонгӕнджытӕ иууылдӕр – уыцы рӕстӕджы хистӕр сауджын чи уыд, уый, адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ – Кайафӕйы хӕдзары ӕрӕмбырд сты. Куадзӕны ӕхсӕв закъонмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнын не ’мбӕлд. Фӕлӕ сӕ сӕ фыдвӕнд бакӕнынӕй уый дӕр нӕ баурӕдта.
Уыцы адӕммӕ раст тӕрхонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕн нӕ уыд. Йесо Лазӕры куы райгас кодта, уый фӕстӕ йӕ Синедрион амарынвӕнд скодта (Иоанны 11:47–53). Цалдӕр боны раздӕр та дины разамонджытӕ бауынаффӕ кодтой, ӕрцахсӕм ӕй ӕмӕ йӕ амарӕм, зӕгъгӕ (Матфейы 26:3, 4). Уӕдӕ Йесойӕн мӕлӕты тӕрхон хаст ӕрцыд, тӕрхон кӕнын ын нӕма райдыдтой, афтӕмӕй!
Тӕрхон рахӕссынмӕ ӕхсӕвыгон кӕй ӕрӕмбырд сты, закъон ӕрмӕст уымӕй нӕ фехӕлдтой. Сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ Синедрионы иннӕ тӕрхонгӕнджытӕ Йесойы ныхмӕ агуырдтой мӕнгӕвдисӕнтӕ. Ӕмӕ кӕд бирӕ ӕвдисӕнтӕ ссардтой, уӕддӕр сӕ ныхас кӕрӕдзийыл нӕ бадт. Фӕстагмӕ размӕ рахызт дыууӕ мӕнгӕвдисӕны ӕмӕ загътой: «Мах ӕй фехъуыстам, ацы лӕг куыд дзырдта, зӕгъгӕ, дам, ӕз ацы кувӕндон – адӕймаг кӕй скодта, уый – фехалдзынӕн ӕмӕ ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн ӕндӕр, адӕймаджы къухӕй конд чи нӕ уа, ахӕм» (Марчы 14:58). Фӕлӕ уыдон дӕр бынтон ӕмхуызон нӕ дзырдтой.
Кайафӕ Йесойы бафарста: «Ницы дзурыс? Дӕ ныхмӕ цы дзурынц, уый тыххӕй дӕхӕдӕг та цы зӕгъдзынӕ?» (Марчы 14:60). Фӕлӕ Йесо хъусӕй лӕууыд – нӕ йӕ фӕндыд уыцы мӕнгӕвдисӕнты ныхмӕ исты дзурын. Ӕмӕ уӕд хистӕр сауджын Кайафӕ хъуыддагмӕ иннӕрдыгӕй бавнӕлдта.
Дзуттӕгтӕ нӕ быхстой, исчи-иу йӕхи Хуыцауы Фырт куы хуыдта, уымӕн, ӕмӕ уый Кайафӕ хорз зыдта. Уый размӕ Йесо Хуыцауы схуыдта йӕ Фыд, ӕмӕ йӕ уӕд дзуттӕгтӕ марынмӕ хъавыдысты, уымӕн ӕмӕ, дам, афтӕ дзуры, «Хуыцаумӕ цы бартӕ ис, мӕнмӕ дӕр ахӕм бартӕ ис», зӕгъгӕ (Иоанны 5:17, 18; 10:31–39). Уый зонгӕйӕ, Кайафӕ сфӕнд кодта Йесойыл хинӕй рацӕуын, ӕмӕ йын загъта: «Расомы кӕн удӕгас Хуыцауӕй, кӕй нӕ фӕсайдзынӕ ӕмӕ нын зӕгъ: ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?» (Матфейы 26:63). Йесо ӕргом дзырдта, Хуыцауы Фырт кӕй уыд, уый (Иоанны 3:18; 5:25; 11:4). Ӕмӕ ныр куы ницы загътаид, уӕд афтӕ рауадаид, ӕмӕ, Хуыцауы Фырт ӕмӕ Чырысти кӕй у, ууыл нӕ сӕтты. Уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта: «О, ӕз дӕн. Ӕмӕ сымах Адӕймаджы Фырты фендзыстут Ӕппӕтхъомысджыны рахиз фарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон мигътимӕ ӕрцӕйцӕугӕ» (Марчы 14:62).
Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ Кайафӕ театры хъазӕгау йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Ай мӕнӕ Хуыцауы куы фауы! Цӕй ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы? Хуыцауы куыд фауы, уый уӕхӕдӕг фехъуыстат! Цы зӕгъдзыстут?» Ӕмӕ Синедрион фехъусын кодта, цы хӕрам тӕрхон рахаста, уый: «Хъуамӕ амӕла» (Матфейы 26:65, 66).
Уый фӕстӕ Йесойӕ хынджылӕг кӕнын райдыдтой ӕмӕ йӕ тымбылкъухӕй цавтой. Чидӕртӕ та йӕ дзӕхстытӕ кодтой ӕмӕ йыл тутӕ кодтой. Стӕй йын йӕ цӕсгом бамбӕрзтой, ныдздзӕхст-иу ӕй кодтой ӕмӕ йын мӕстӕймарӕгау дзырдтой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд нын ӕй зӕгъ, чи дӕ ныццавта?» (Лукайы 22:64). Афтӕ ӕхсӕвыгон Хуыцауы Фыртӕн ӕнӕзакъон тӕрхон рахастой ӕмӕ дзы фӕхынджылӕг кодтой!
-
-
Йесойӕ загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
126 СӔР
Йесойӕ загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ
МАТФЕЙЫ 26:69–75 МАРЧЫ 14:66–72 ЛУКАЙЫ 22:54–62 ИОАННЫ 18:15–18, 25–27
КАЙАФӔЙЫ ХӔДЗАРЫ ПЕТР ЙЕСОЙӔ ЗАГЪТА, НӔ ЙӔ ЗОНЫН, ЗӔГЪГӔ
Йесойы Гефсиманийы дыргъдоны куы ’рцахстой, уӕд йӕ апостолтӕ фыртӕссӕй лидзӕг фесты ӕмӕ йӕ иунӕгӕй ныууагътой. Фӕлӕ дзы стӕй дыууӕйӕн сӕ зӕрдӕ сӕхиуыл ӕрхудт, ӕмӕ ӕрлӕууыдысты. Уыдон уыдысты Петр «ӕмӕ ма ноджыдӕр иу ахуыргӕнинаг», ӕвӕццӕгӕн, апостол Иоанн (Иоанны 18:15; 19:35; 21:24). Ӕмӕ Йесойы Аннӕмӕ куы акодтой, уӕд уыдон дӕр йӕ фӕстӕ ацыдысты. Уырдыгӕй йӕ Аннӕ хистӕр сауджын Кайафӕмӕ арвыста, ӕмӕ Петр ӕмӕ Иоанн дӕр йӕ фӕдыл дӕрддзӕфгомау цыдысты. Сӕ дыууӕ дӕр дывыдон арты сыгъдысты: иуӕй сӕ удтӕн тарстысты, иннӕмӕй та сын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта, сӕ Хицау цы бауыдзӕн, уый.
Иоанн хистӕр сауджынимӕ зонгӕ уыди, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бон сси Кайафӕйы хӕдзары кӕртмӕ бахизын. Петр та ӕддейӕ лӕууыд, цалынмӕ Иоанн нӕ раздӕхт ӕмӕ, дуаргӕс чи уыд, уыцы лӕггадгӕнӕг-чызгимӕ нӕ аныхас кодта, уӕдмӕ. Уӕд Петры дӕр мидӕмӕ бауагътой.
Уазал ӕхсӕв уыди, ӕмӕ, кӕрты чи уыд, уыдон арт скодтой. Гъемӕ Петр семӕ арты фарсмӕ ӕрбадт ӕмӕ йӕхи тавта. Ӕнхъӕлмӕ каст, Йесойы «хъуыддаг цӕуыл ахицӕн уыдзӕн, уымӕ» (Матфейы 26:58). Мидӕмӕ йӕ чи бауагъта, уыцы дуаргӕс ӕй арты рухсмӕ хуыздӕр суыдта ӕмӕ йӕ бафарста: «Ды дӕр уыцы адӕймаджы ахуыргӕнинӕгтӕй нӕ дӕ?» (Иоанны 18:17). Ӕмӕ йӕ ӕрмӕст уый куы базыдтаид! Ӕндӕр чидӕртӕ дӕр ма йӕ базыдтой ӕмӕ йын уыдон дӕр загътой, ды дӕр Йесоимӕ уыдтӕ, зӕгъгӕ (Матфейы 26:69, 71–73; Марчы 14:70).
Петр уый ӕнхъӕл нӕ уыд. Ӕмӕ йӕ цӕмӕй мачиуал базыдтаид, уый тыххӕй ма йӕхи кулдуары ’рдӕм дӕр айста. Уӕдӕ Петр нӕ басаст, Йесоимӕ кӕй уыд, ууыл. Афтӕ дӕр ма загъта: «Ӕз уыцы адӕймаджы нӕ зонын, стӕй, цытӕ дзурыс, уый дӕр не ’мбарын» (Марчы 14:67, 68). Ӕмӕ ма «сомытӕ кӕнын ӕмӕ ард хӕрын» дӕр райдыдта. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, кӕд сайын, уӕд мӕ Хуыцауы фыдӕх баййафӕд (Матфейы 26:74).
Уыцы рӕстӕг Кайафӕйы хӕдзары, ӕвӕццӕгӕн, уӕллаг уӕладзыджы, Йесойӕн дарддӕр тӕрхон кодтой. Петр ӕмӕ иннӕ адӕм та бынӕй кӕрты ӕнхъӕлмӕ кастысты ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хорз уыдтой, кӕй-иу ӕрбакодтой, уыцы ӕвдисӕнтӕ-иу мидӕмӕ куыд бацыдысты ӕмӕ-иу стӕй фӕстӕмӕ куыд рацыдысты.
Петрыл йӕ галилейаг ныхасыздӕхт комдзог цыди, ӕмӕ йын йӕ сомытыл ничи ӕууӕндыд. Стӕй кӕрты лӕууӕг адӕмӕй иу уыди, йӕ хъус кӕмӕн ахауын кодта, уыцы лӕджы, Малхы, хӕстӕг, ӕмӕ та йын уый дӕр загъта: «Дыргъдоны дӕ йемӕ нӕ федтон?» Уӕд Петр Йесойӕ ӕртыккаг хатт загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, ӕмӕ уӕд уасӕг ныууасыд – Йесо куыддӕриддӕр загъта, афтӕ (Иоанны 13:38; 18:26, 27).
Раст уыцы рӕстӕг Йесойы, ӕвӕццӕгӕн, ракодтой, кӕрты сӕрмӕ цы балкъон уыд, уырдӕм. Гъемӕ Йесо фӕстӕмӕ разылд ӕмӕ Петрмӕ комкоммӕ бакаст. Петрӕн цыма исчи йӕ зӕрдӕйы кард фӕцавта, афтӕ фӕци. Йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, цалдӕр сахаты размӕ йын Йесо уӕллаг уаты цы загъта, уый. Цы сарӕзта, уый куы бамбӕрста, уӕд ын, ӕвӕццӕгӕн, маст йӕ хъуыр ахгӕдта. Фырадӕргӕй ма ӕддӕмӕ рахызт ӕмӕ тынг ныккуыдта (Лукайы 22:61, 62).
Афтӕ куыд рауад? Петр никуы ахъуыды кодтаид, ӕмӕ искуы йӕ уырнындзинад фӕцуддзӕн ӕмӕ Йесойы ныууадздзӕн. Уӕдӕ ныр йӕ Хицауӕй, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, куыд загъта? Рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кодтой, ӕмӕ Йесойӕ фыдгӕнӕг сарӕзтой. Петр ахӕм хабармӕ цӕттӕ нӕ уыд. Ӕмӕ ӕнаххос адӕймаджы сӕрыл сдзурыны бӕсты йӕ чъылдым раздӕхта, «ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ» кӕмӕ уыдысты, уымӕ (Иоанны 6:68).
Петрыл цы ’рцыд, уый хорз ӕвдисы иу хъуыддаг: Хуыцауыл иузӕрдион чи у ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, ахӕм адӕймаг дӕр ӕнӕнхъӕлӕджы исты фӕлварӕны куы бахауа ӕмӕ йӕм, куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕттӕ куы нӕ уа, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕцуда. Цӕй уӕдӕ Петры хабар Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр зондзонӕн уӕд!
-