-
Синедрионы раз, стӕй та Пилаты разЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
127 СӔР
Синедрионы раз, стӕй та Пилаты раз
МАТФЕЙЫ 27:1–11 МАРЧЫ 15:1 ЛУКАЙЫ 22:66–23:3 ИОАННЫ 18:28–35
РАЙСОМӔЙ ЙЕСОЙЫ СИНЕДРИОНЫ РАЗ ӔРЛӔУУЫН КОДТОЙ
ИУДӔ ИСКАРИОТ ЙӔХИ ӔРЦАУЫНДЗЫНМӔ ХЪАВЫД
ЙЕСОЙЫ АРВЫСТОЙ ПИЛАТМӔ, ЦӔМӔЙ ЙЫН СТӔРХОН КОДТАИД
Петр Йесойӕ ӕртыккаг хатт куы загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, уӕд бон цъӕхтӕ кӕнын райдыдта. Синедрионы тӕрхонгӕнджытӕ сӕ худинаджы тӕрхон фесты ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм апырх сты. Майрӕмбоны куыддӕр ӕрбабон, афтӕ та ногӕй ӕрӕмбырд сты. Афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй бакодтой, цӕмӕй, ӕхсӕвы ӕнӕзакъон тӕрхон кӕй скодтой, уый ма рахъӕр уыдаид. Ӕмӕ та Йесойы ногӕй сӕ разы ӕрлӕууын кодтой.
Гъемӕ та йӕ бафарстой: «Кӕд Чырысти дӕ, уӕд нын ӕй зӕгъ». Йесо сын загъта: «Куы уын ӕй зӕгъон, уӕддӕр уӕ нӕ бауырндзӕн. Стӕй уӕ куы бафӕрсон, уӕддӕр мын дзуапп нӕ ратдзыстут». Фӕлӕ сын уӕддӕр бамбарын кодта, чи у, уый – йӕхи схуыдта, Данелы 7:13 стих ӕй куыд хоны, афтӕ. Йесо загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырт баддзӕн Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы рахиз фарс» (Лукайы 22:67–69; Матфейы 26:63).
Фӕлӕ йӕм уыдон уӕддӕр бауырдыг сты: «Уӕдӕ Хуыцауы Фырт ды дӕ?» Уый сын дзуапп радта: «Уӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъут». Уый фехъусгӕйӕ, хӕрзаг, сулӕфыдысты, зӕгъгӕ, Хуыцауы ӕргом фауы ӕмӕ ныр ничиуал зӕгъдзӕн, цӕмӕн ӕй марут. Ӕмӕ загътой: «Цӕй ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы?» (Лукайы 22:70, 71; Марчы 14:64). Гъемӕ йӕ сбастой ӕмӕ йӕ ромаг хицау Понтий Пилатмӕ арвыстой.
Иудӕ Искариот, ӕвӕццӕгӕн, федта, Йесойы Пилатмӕ кӕй акодтой. Ӕмӕ йын мӕлӕты тӕрхон кӕй рахастой, уый куы бамбӕрста, уӕд ын фӕсмойнаг хъуыдытӕ йӕ зӕрдӕ ӕвдӕрзын райдыдтой, ӕмӕ йӕхицӕн бынат нал ардта. Фӕлӕ зӕрдӕйӕ не ’рфӕсмон кодта ӕмӕ Хуыцаумӕ нӕ раздӕхт. Уый бӕсты 30 ӕвзист ӕхцайы фӕстӕмӕ сауджынты хистӕртӕм бахаста ӕмӕ сын загъта: «Ӕз стыр тӕригъӕд ракодтон, рӕстаг адӕймаджы ауӕй кодтон». Фӕлӕ цыма уыдонӕн сӕ риуы зӕрдӕйы бӕсты дур уыд, уыйау ын тызмӕгӕй загътой: «Уый махмӕ нӕ хауы! Уый дӕхи хъуыддаг у!» (Матфейы 27:4).
Уӕд Иудӕ уыцы 30 ӕвзист ӕхцайы кувӕндоны фехста. Уый фӕстӕ йӕхи амарынмӕ ацыд, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ тӕригъӕдтыл ноджыдӕр бафтыдта. Йӕхи бӕласыл ӕрцауындзынмӕ хъавыд, фӕлӕ, бӕндӕн цы къалиуыл бабаста, уый, ӕвӕццӕгӕн, ӕрсаст. Иудӕ бынӕй айнӕг къӕдзӕхыл ӕрхауд ӕмӕ ныппырх (Хъуыддӕгтӕ 1:17, 18).
Йесойы та райсомӕй раджы Понтий Пилаты галуанмӕ бакодтой. Фӕлӕ дзуттӕгтӕ мидӕмӕ бахизын нӕ бакуымдтой. Тарстысты, Хуыцауӕн чи нӕ кувы, уыцы адӕймаджы къӕсӕрӕй куы бахизой, уӕд куы фӕчъизи уой. Уӕд сын 15 нисаны, Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фыццаг бон, бӕрӕгбоны хӕринӕгтӕй хӕрӕн нӕ уыдаид. Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Донгонд дзулты бӕрӕгбон дӕр Куадзӕны бонтыл нымад уыд.
Пилат дзуттӕгтӕм ӕддӕмӕ рацыд ӕмӕ сӕ бафарста: «Ацы адӕймаджы цавӕр хъуыддаджы аххосджын кӕнут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Уый фыдгӕнӕг куы нӕ уаид, уӕд ӕй дӕумӕ не ’рбакодтаиккам». Пилат, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрста, сӕ зӕрды цы уыд, уый, ӕмӕ сын загъта: «Акӕнут ӕй ӕмӕ йын уӕ закъонмӕ гӕсгӕ уӕхӕдӕг стӕрхон кӕнут». Ӕмӕ уӕд дзуттӕгтӕ сӕ фыдвӕнд раргом кодтой. Пилатӕн загътой: «Махӕн никӕй марыны бар ис» (Иоанны 18:29–31).
Ӕцӕгдӕр, Йесойы Куадзӕны рӕстӕг куы амардтаиккой, уӕд адӕм сызмӕстаиккой. Фӕлӕ йӕ ромӕгтӕн, Ромы хицауады ныхмӕ цӕуы, зӕгъгӕ, уый ӕфсонӕй куы амарын кодтаиккой, уӕд адӕмы цӕсты сыгъдӕгӕй баззадаиккой.
Дины разамонджытӕ Пилатӕн не схъӕр кодтой, Йесо Хуыцауы кӕй фаудта, уый тыххӕй йын кӕй стӕрхон кодтой, фӕлӕ йыл ӕндӕр цыдӕртӕ ӕрбаймысыдысты: «Ацы лӕг нын [1] нӕ адӕмы сафы, [2] нӕ уадзы паддзахӕн хъалон фидын, [3] йӕхицӕй та дзуры, ӕз, дам, дӕн Чырысти, паддзах» (Лукайы 23:2).
Йесо йӕхи паддзах хоны, зӕгъгӕ, уыцы хабар фехъусгӕйӕ Пилат фӕтыхст, уымӕн ӕмӕ Ромы паддзахады ӕвӕрд хицау уыди. Гъемӕ фӕстӕмӕ галуанмӕ бацыд, Йесомӕ фӕдзырдта ӕмӕ йӕ бафарста: «Ды дзуттӕгты паддзах дӕ?» Ӕндӕр ныхасӕй: «Дӕхи паддзах кӕй хоныс ӕмӕ афтӕмӕй Ромы паддзахы ныхмӕ кӕй рацыдтӕ, уымӕй Ромы дунеон паддзахады закъоны сӕрты ахызтӕ?» Йесойы, ӕвӕццӕгӕн, базонын фӕндыд, Пилат дзы уымӕй размӕ искуы исты фехъуыста ӕви нӕ, ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ дӕхи зондӕй зӕгъыс, ӕви дын иннӕтӕ радзырдтой мӕн тыххӕй?» (Иоанны 18:33, 34).
Пилат йӕхи афтӕ скодта, цыма Йесойы тыххӕй ницы зоны, фӕлӕ йӕ базонын фӕнды. Ӕмӕ Йесойӕн дзуапп радта: «Ӕмӕ ӕз дзуттаг дӕн?» Стӕй загъта: «Дӕхи адӕм ӕмӕ дӕ сауджынты хистӕртӕ радтой мӕ къухмӕ. Цы ракодтай?» (Иоанны 18:35).
Пилаты, бӕстӕйы хицауы, сӕйраджыдӕр базонын фӕндыд, Йесо паддзах у ӕви нӕ. Йесо ныхас иннӕрдӕм нӕ аздӕхта, фӕлӕ йын йӕ фарстайӕн комкоммӕ дзуапп радта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Пилат ахӕм дзуапп фехъусын ӕнхъӕл нӕ уыд.
-
-
Пилат ӕмӕ йӕм Ирод ницы аххос ссардтойЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
128 СӔР
Пилат ӕмӕ йӕм Ирод ницы аххос ссардтой
МАТФЕЙЫ 27:12–14, 18, 19 МАРЧЫ 15:2–5 ЛУКАЙЫ 23:4–16 ИОАННЫ 18:36–38
ПИЛАТ ӔМӔ ИРОД ЙЕСОЙЫ ӔРФАРСТОЙ
Йесо Пилатӕй не ’мбӕхста, ӕцӕгдӕр паддзах кӕй у, уый. Фӕлӕ Ромы паддзахады уымӕй тӕрсын нӕ хъуыд, уымӕн ӕмӕ Йесо никӕй бартӕ байсынмӕ хъавыд. Йесо загъта: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу. Мӕ паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд мӕ лӕггадгӕнджытӕ тох кодтаиккой, цӕмӕй дзуттӕгты къухтӕм лӕвӕрд ма ’рцыдаин. Фӕлӕ мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу» (Иоанны 18:36). Ӕцӕгдӕр, Йесойӕн ис Паддзахад, фӕлӕ уый ацы дунейӕ нӕу.
Фӕлӕ уыцы дзуапп Пилатмӕ фаг нӕ фӕкаст. Ӕмӕ та йӕ бафарста: «Уӕдӕ паддзах дӕ?» Йесо йын бамбарын кодта, кӕй нӕ рӕдийы: «Дӕхӕдӕг ӕй зӕгъыс, ӕз паддзах кӕй дӕн. Ӕз уымӕн райгуырдтӕн ӕмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй рӕстдзинады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон. Рӕстдзинады фарс чи у, уый мӕм хъусы» (Иоанны 18:37).
Уымӕй размӕ Йесо Фомайӕн загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард». Ныр та Пилат дӕр фехъуыста, Хуыцау Йесойы зӕхмӕ уый тыххӕй кӕй рарвыста, цӕмӕй «рӕстдзинады» тыххӕй ӕвдисӕн лӕууыдаид, уӕлдайдӕр та йӕ Паддзахады тыххӕй рӕстдзинад хъусын кодтаид. Ӕмӕ уыцы рӕстдзинады тыххӕй Йесо мӕлӕтмӕ дӕр цӕттӕ уыд. Пилат ӕй бафарста: «Рӕстдзинад та цы у?» Фӕлӕ дзуапмӕ ӕнхъӕлмӕ дӕр нӕ бакаст. Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ цы фехъуыста, уый дӕр ын фаг уыд, цӕмӕй уыцы адӕймагӕн тӕрхон рахастаид (Иоанны 14:6; 18:38).
Пилат ногӕй рацыд, ӕддейӕ цы дзуттӕгтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонмӕ. Ӕмӕ Йесо дӕр, ӕвӕццӕгӕн, лӕууыд йӕ фарсмӕ. Гъемӕ сауджынты хистӕртӕн ӕмӕ, семӕ цы адӕм уыд, уыдонӕн загъта: «Ӕз ацы адӕймагмӕ ницы аххос ссардтон». Фӕлӕ уый фехъусгӕйӕ адӕм рамӕсты сты ӕмӕ хъӕр кӕнын райдыдтой: «Адӕмы ахуыр кӕны ӕмӕ сӕ змӕнты ӕгас Иудейӕйы дӕр – Галилейӕйӕ райдай, ӕмӕ суанг мӕнӕ ацы бынаты онг» (Лукайы 23:4, 5).
Пилат, ӕвӕццӕгӕн, тынг бадис кодта, дзуттӕгты сӕ дин куыд бакуырм кодта, ууыл. Сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ адӕмы хистӕр лӕгтӕ куы хъӕр кодтой, уӕд Пилат Йесойы бафарста: «Дӕ ныхмӕ цас цыдӕртӕ дзурынц, уый нӕ хъусыс?» (Матфейы 27:13). Фӕлӕ Йесойӕн дзуаппы номыл йӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд. Пилат ӕм каст ӕмӕ дисӕй мард: кӕд ӕй ӕнаххосӕй аххосджын кодтой, уӕддӕр йӕ цӕсгомыл иунӕг нуар дӕр нӕ фезмӕлыд.
Дзуттӕгтӕ загътой, зӕгъгӕ, Йесо «Галилейӕйӕ райдыдта». Афтӕмӕй Пилат базыдта, Йесо галилейаг кӕй уыди. Ӕмӕ йӕм уый фӕрцы фӕзынд хорз хъуыды, цы уыд саразӕн, цӕмӕй йӕ Йесойӕн тӕрхон хӕссын ма бахъуыдаид. Уыцы заман Галилейӕйы хицау уыди Ирод Антипӕ (Номдзыд Ироды фырт) ӕмӕ Куадзӕны рӕстӕг уый дӕр Иерусалимы уыд. Гъемӕ Пилат Йесойы Иродмӕ арвыста. Ирод Антипӕ уыди, Аргъауӕг Иоанны сӕр чи акъуырын кодта, уый. Ӕмӕ фӕстӕдӕр, Йесо диссӕгтӕ кӕй аразы, уый тыххӕй куы фехъуыста, уӕд мӕты бацыд, зӕгъгӕ, кӕд Иоанн мӕрдтӕй сыстад (Лукайы 9:7–9).
Ӕмӕ йын ныр Йесойы феныны фадат куы фӕзынд, уӕд тынг бацин кодта. Ӕцӕг йӕ фенынмӕ уый тыххӕй нӕ бӕллыд, ӕмӕ йын йӕ зӕрды баххуыс кӕнын уыди кӕнӕ, ӕцӕгдӕр аххосджын у ӕви нӕ, уый базонын ӕй фӕндыди. Ироды ӕнӕуи фӕндыд Йесоимӕ аныхӕстӕ кӕнын ӕмӕ йӕ «ныфс уыд, исты диссаг кӕй сараздзӕн» (Лукайы 23:8). Фӕлӕ фыдӕнхъӕл фӕци. Йесойы бӕргӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты фарста, фӕлӕ йын йӕ иу фарстайӕн дӕр дзуапп нӕ радта. Ӕмӕ йын уӕд Ирод йӕ хъахъхъӕнджытимӕ «алы ӕфхӕрӕн митӕ кӕнын» райдыдта (Лукайы 23:11). Уыдон ыл хъӕздыг дарӕс скодтой ӕмӕ дзы хынджылӕг кодтой. Ӕмӕ йӕ стӕй Ирод фӕстӕмӕ Пилатмӕ арвыста. Знон дӕр ма Ирод ӕмӕ Пилат знӕгтӕ уыдысты, фӕлӕ абон уыдоны хуызӕн ӕрдхӕрдтӕ нал уыд!
Йесойы фӕстӕмӕ Пилатмӕ куы ’рбакодтой, уӕд Пилат сауджынты хистӕрты, адӕмы разамонджыты ӕмӕ адӕмы ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ загъта: «Ацы лӕджы... уӕ разы ӕрфарстон, фӕлӕ йӕ цӕмӕй аххосджын кӕнут, ахӕмӕй йӕм ницы ссардтон. Ирод дӕр ӕм ницы аххос ссардта, мӕнӕ нӕм ӕй фӕстӕмӕ ӕрбарвыста. Уӕдӕ йын мӕлӕты тӕрхон цӕй тыххӕй рахӕссон, ахӕмӕй ницы сарӕзта. Гъемӕ йӕ бафхӕрдзынӕн ӕмӕ йӕ ауадздзынӕн» (Лукайы 23:14–16).
Пилаты тынг фӕндыд Йесойы ауадзын, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбӕрста, сауджынтӕ йӕ йӕ къухмӕ уый тыххӕй кӕй радтой, ӕмӕ йӕм хӕлӕг кодтой. Фӕлӕ йӕ Йесойы ауадзын ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ фӕндыд. Тӕрхоны бадӕныл куы бадти, уӕд ӕм йӕ ус барвыста, зӕгъгӕ, «уыцы рӕстгӕнӕгӕн мацы бакӕн, уымӕн ӕмӕ абон фыны уый тыххӕй бирӕ фӕхъизӕмар кодтон». Уыцы фын, ӕвӕццӕгӕн, Хуыцауӕй уыд (Матфейы 27:19).
Пилат ӕмбӕрста, уыцы ӕнаххос адӕймаджы ссӕрибар кӕнын кӕй хъӕуы. Фӕлӕ куыд?
-
-
Пилат загъта: «Ай у Адӕймаг!»Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
129 СӔР
Пилат загъта: «Ай у Адӕймаг!»
МАТФЕЙЫ 27:15–17, 20–30 МАРЧЫ 15:6–19 ЛУКАЙЫ 23:18–25 ИОАННЫ 18:39–19:5
ПИЛАТ АРХАЙЫ ЙЕСОЙЫ СУӔГЪД КӔНЫНЫЛ
ДЗУТТӔГТӔ ДОМЫНЦ, ЦӔМӔЙ ВАРАВВӔЙЫ РАУАДЗОЙ
ЙЕСОЙӔ ХЫНДЖЫЛӔГ КӔНЫНЦ ӔМӔ ЙЫН ФЫДМИТӔ КӔНЫНЦ
Йесойы чи марын кодта, уыцы адӕмӕн Пилат гыццыл раздӕр загъта: «Ацы лӕджы... цӕмӕй аххосджын кӕнут, ахӕмӕй йӕм ницы ссардтон. Ирод дӕр ӕм ницы аххос ссардта» (Лукайы 23:14, 15). Ӕмӕ ныр та ӕндӕр хуызы афӕлвӕрдта Йесойы суӕгъд кӕнын. Адӕмӕн загъта: «Уе ’гъдаумӕ гӕсгӕ [уын] хъуамӕ Куадзӕны иу адӕймаджы рауадзон. Фӕнды уӕ, ӕмӕ уын уӕ паддзахы рауадзон?» (Иоанны 18:39).
Пилат зыдта, уыцы рӕстӕг ахӕстоны кӕй бадт Вараввӕ – абырӕг, адӕмы змӕнтӕг ӕмӕ лӕгмар. Гъемӕ адӕмы бафарста: «Кӕй уын рауадзон, Вараввӕйы ӕви, Чырысти кӕй хонынц, уыцы Йесойы?» Уыдон ын сауджынты хистӕрты ардыдӕй загътой, зӕгъгӕ нын рауадз Вараввӕйы – Йесойы нӕ, фӕлӕ. Ӕмӕ та сӕ уӕд Пилат ногӕй бафарста: «Ацы дыууӕйӕ уын кӕй рауадзон?» Уыдон та ныхъхъӕр кодтой: «Вараввӕйы»! (Матфейы 27:17, 21).
Пилат хорзау нал фӕци, ӕмӕ сӕ бафарста: «Чырысти кӕй хонынц, уыцы Йесойӕн та куыд бакӕнон?» Адӕм ныббогъ кодтой: «Хъӕдыл ӕй байтындз!» (Матфейы 27:22). Ӕнаххос адӕймаджы туг ныккалын домай, уымӕй ӕгаддӕр хъуыддаг ма цы хъуамӕ уа! Пилат та сын лӕгъстӕгӕнӕгау загъта: «Цӕмӕн? Ӕвзӕрӕй цы ракодта? Марын ӕй цӕй тыххӕй хъӕуы, ӕз ӕм ахӕмӕй ницы ссардтон. Бафхӕрдзынӕн ӕй ӕмӕ йӕ ауадздзынӕн» (Лукайы 23:22).
Кӕд Пилат Йесойы суӕгъд кӕныныл йӕ уд скъуыдта, уӕддӕр уыцы знӕт адӕм ӕмдзыхӕй хъӕр кодтой: «Хъӕдыл ӕй байтындз!» (Матфейы 27:23). Дины разамонджытӕ сӕ афтӕ сӕрра кодтой, ӕмӕ тугмондаг сырдтӕй уӕлдай нал уыдысты. Уымӕй дӕр цавӕрдӕр фыдгӕнӕджы кӕнӕ лӕгмары туг ныккалын нӕ домдтой, фӕлӕ ӕнаххос адӕймаджы туг – фондз боны размӕ дӕр ма Иерусалимы кӕй размӕ рацыдысты ӕмӕ сӕ Паддзах кӕй хуыдтой, уый туг. Кӕд Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй уым исчи уыди, уӕддӕр хъусӕй лӕууыдысты ӕмӕ сӕхи афтӕ дардтой, куыд ничи сӕ бафиппайдтаид.
Пилат уыдта, йӕ ныхӕстӕ адӕммӕ кӕй нӕ хъарынц. Ӕмӕ сӕ хъӕр тынгӕй-тынгдӕр куы кодта, уӕд дон рахаста, сӕ разы йӕ къухтӕ ныхсадта ӕмӕ сын загъта: «Ацы лӕджы туг мӕныл нӕй. Уӕ бар уӕхи». Фӕлӕ уыдон сӕ хъуыды нӕ фӕивтой. Ӕмхъӕлӕсӕй загътой: «Йӕ туг махыл ӕмӕ нӕ сывӕллӕттыл уӕд» (Матфейы 27:24, 25).
Бӕстӕйы хицауы, раст куыд у, афтӕ бакӕнынӕй адӕмы зӕрдӕ балхӕнын тынгдӕр фӕндыд. Гъемӕ сын сӕ фӕнд сӕххӕст кодта – Вараввӕйы сын рауагъта. Йесойы та сбӕгънӕг кӕнын кодта ӕмӕ йӕ ехсӕй фӕнӕмын кодта.
Ӕфсӕддонтӕ Йесойы фыднад фӕкодтой ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ бӕстӕйы хицауы галуанмӕ бакодтой. Уым ӕгас ӕфсад ӕрӕмбырд сты ӕмӕ йын уыдон дӕр алы ӕфхӕрӕн митӕ фӕкодтой. Сындзытӕй кадыхуд сбыдтой ӕмӕ йын ӕй йӕ сӕрыл ӕркодтой. Йӕ рахиз къухмӕ та йын хъӕз лӕдзӕг радтой ӕмӕ йыл, паддзӕхтӕ кӕй дардтой, ахӕм сӕнтсырх пӕлӕз скодтой. Ӕмӕ дзы хынджылӕг кӕнын райдыдтой: «Ӕгас нӕм цу, дзуттӕгты Паддзах!» (Матфейы 27:28, 29). Ӕмӕ ӕрмӕст ууыл куы ’рлӕууыдаиккой! Тутӕ дӕр ма йыл кодтой ӕмӕ йын йӕ цӕсгом дзӕхстытӕ кодтой. Стӕй, йӕ къухы цы хъӕбӕр лӕдзӕг уыди, уый йын райстой ӕмӕ йын дзы йӕ сӕр хойын райдыдтой, ӕмӕ йыл цы ӕгадгӕнӕг «кадыхуд» уыд, уый сындзытӕ йӕ сӕры цармы ноджы арфдӕр нынныхстысты.
Уыцы фыдӕвзарӕнты Йесо цы лӕгдзинад ӕмӕ цы фидардзинад равдыста, уый Пилатыл афтӕ тынг бандӕвта, ӕмӕ ма ноджыдӕр иу хатт афӕлвӕрдта йӕхи ӕнаххос туг ныккалынӕй бахизын. Пилат загъта: «Мӕнӕ уӕм ӕй фӕкӕнын, цӕмӕй йӕ зонат, ӕз ӕм кӕй ницы аххос ссардтон». Чи зоны йӕ ныфс уыди, зӕгъгӕ йӕ адӕм афтӕ цӕфтӕй ӕмӕ йӕ туг лӕдӕрсгӕйӕ куы феной, уӕд сӕ зӕрдӕ фӕсӕтдзӕн. Ӕмӕ Йесо уыцы дурзӕрдӕ адӕмы раз куы ’рлӕууыд, уӕд Пилат загъта: «Ай у Адӕймаг!» (Иоанны 19:4, 5).
Кӕд Йесойы фыднад фӕкодтой, уӕддӕр цы уды фидардзинад ӕмӕ цы уӕздандзинад равдыста, уый суанг Пилаты зӕрдӕ дӕр бацагайдта. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Йӕ ныхӕстӕй бамбарӕн ис, йӕ цӕсты йын стыр кад дӕр кӕй уыд ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ дӕр кӕй рыст.
-
-
Йесойы радтой ӕфсӕддонты къухмӕ ӕмӕ йӕ марынмӕ акодтойЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
130 СӔР
Йесойы радтой ӕфсӕддонты къухмӕ ӕмӕ йӕ марынмӕ акодтой
МАТФЕЙЫ 27:31, 32 МАРЧЫ 15:20, 21 ЛУКАЙЫ 23:24–31 ИОАННЫ 19:6–17
ПИЛАТ ЙЕСОЙЫ АУАДЗЫНЫЛ АРХАЙЫ
ЙЕСОЙӔН ТӔРХОН РАХАСТОЙ ӔМӔ ЙӔ МАРЫНМӔ АКОДТОЙ
Йесойӕ фӕхынджылӕг кодтой ӕмӕ йын алы ӕфхӕрӕн митӕ фӕкодтой. Фӕлӕ Пилатӕн уый фӕстӕ дӕр йе суӕгъд кӕнын йӕ къухы нӕ бафтыд. Кӕд бирӕ цыдӕртӕ бафӕлвӕрдта, уӕддӕр сауджынты хистӕртӕм ӕмӕ, сӕ фарс чи уыд, уыдонмӕ ницы бахъардта. Цыфӕндыйӕ дӕр Йесойы хъуамӕ амарын кодтаиккой. Ӕмӕ хъӕр кодтой: «Байтындз ӕй! Хъӕдыл ӕй байтындз!» Пилат та сын загъта: «Уӕхӕдӕг ӕй акӕнут ӕмӕ йӕ байтындзут, ӕз ӕм ницы аххос ссардтон» (Иоанны 19:6).
Дзуттӕгтӕ Йесойы политикӕйы ’рдыгӕй цы хъуыддӕгты аххосджын кодтой, уыдон Пилат мӕлӕты тӕрхон рахӕссыны аккагыл нӕ банымадта. Фӕлӕ йӕм цымӕ дины ’рдыгӕй дӕр нӕ уыди къух бакӕнӕн? Уый размӕ Йесойы Синедрионы раз фӕаххосджын кодтой, Хуыцауы, дам, фауы. Ӕмӕ ныр Пилатӕн дӕр загътой: «Махӕн ис закъон, ӕмӕ нӕ закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ амӕла, уымӕн ӕмӕ йӕхи Хуыцауы фырт хуыдта» (Иоанны 19:7). Йесомӕ ахӕм азым кӕй хастой, уый Пилат фыццаг хатт фехъуыста.
Гъемӕ фӕстӕмӕ йӕ галуанмӕ баздӕхт ӕмӕ хъуыды кӕнын райдыдта, уыйбӕрц фыдӕвзарӕнтӕ чи сфӕрӕзта, стӕй ма йӕ ус дӕр фыны кӕй тыххӕй фӕхъизӕмар кодта, уыцы адӕймаджы куыд суӕгъд кӕна, ууыл (Матфейы 27:19). Цымӕ дзуттӕгты цы зӕгъын фӕнды? Ацы ахст лӕг «Хуыцауы фырт» у? Пилат зыдта, Йесо Галилейӕйӕ кӕй у (Лукайы 23:5–7). Фӕлӕ йӕ уӕддӕр бафарста: «Кӕцӕй дӕ?» (Иоанны 19:9). Мыййаг ӕй уый базонын фӕндыд, ӕмӕ ма Йесо уымӕй размӕ дӕр цард ӕмӕ афтӕ зӕгъӕн уыд, ӕмӕ Хуыцауӕй ӕрвыст у?
Пилатӕн Йесо йӕхӕдӕг загъта, Паддзах кӕй у, фӕлӕ йӕ Паддзахад ацы дунейӕ кӕй нӕу. Ӕмӕ Пилатӕн уый дӕр фаг уыд, цӕмӕй хабар бамбӕрстаид. Уымӕ гӕсгӕ йын ныр Йесо ницыуал загъта. Фӕлӕ уый Пилатӕн йӕ сӕрбӕрзонддзинад фӕрӕхуыста, ӕмӕ йын тызмӕгӕй загъта: «Нӕ мын дӕттыс дзуапп? Нӕ йӕ зоныс, мӕ бар дыл кӕй цӕуы ӕмӕ мӕ бон кӕй у, цӕмӕй дӕ ауадзон кӕнӕ дӕ байтындзон?» (Иоанны 19:10).
Йесо йын сабырӕй загъта: «Дӕ бар мыл ӕппындӕр нӕ цӕуид, уӕлейӕ дын лӕвӕрд куы нӕ уаид, уӕд. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, мӕн дӕ къухмӕ чи радта, ууыл стырдӕр тӕригъӕд ис» (Иоанны 19:11). Йесо, ӕвӕццӕгӕн, иу кӕцыдӕр адӕймаджы кой нӕ кодта. Уӕдӕмӕ йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Кайафӕ, йе ’мбӕлттӕ ӕмӕ Иудӕ Искариот Пилатӕй тынгдӕр аххосджын уыдысты.
Йесо йӕхи куыд дардта ӕмӕ цы дзырдта, уый Пилаты ноджы тынгдӕр ӕфтыдта дисы, ӕмӕ йе уӕнгты цыдӕр тас бацыд, кӕд, мыййаг, ӕцӕгдӕр Хуыцауӕй ӕрвыст у, зӕгъгӕ. Гъемӕ та ногӕй афӕлвӕрдта, цӕмӕй йӕ суӕгъд кодтаид. Фӕлӕ йӕм дзуттӕгтӕ бартхъирӕн кодтой: «Куы йӕ рауадзай, уӕд Ромы паддзахӕн ӕмбал нӕ дӕ. Йӕхицӕй паддзах чи аразы, уый Ромы паддзахы ныхмӕ цӕуы» (Иоанны 19:12).
Бӕстӕйы хицау та Йесойы ногӕй ӕддӕмӕ ракодта, тӕрхоны бадӕныл та ӕрбадт ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Мӕнӕ уӕ паддзах!» Фӕлӕ дзуттӕгтӕ нӕ састысты. Ныхъхъӕр та кодтой: «Амар ӕй! Амар ӕй! Хъӕдыл ӕй байтындз!» Пилат та сӕ бафарста: «Уӕ паддзахы уын байтындзон?» Дзуттӕгтӕ бирӕ азты дӕргъы Ромы ӕфсондзы бын хъизӕмар кодтой. Фӕлӕ уӕддӕр сауджынты хистӕртӕ уыцы фидарӕй загътой: «Махӕн Ромы паддзах йеддӕмӕ паддзах нӕй» (Иоанны 19:14, 15).
Пилат йӕ удӕн фӕтарст ӕмӕ дзуттӕгты ныхмӕ сдзурын ницыуал бауӕндыд. Гъемӕ Йесойы ӕфсӕддонты къухмӕ радта, цӕмӕй йӕ акодтаиккой ӕмӕ йӕ хъӕдыл байтыгътаиккой. Ӕфсӕддонтӕ Йесойӕн йӕ сӕнтсырх пӕлӕз раластой ӕмӕ йыл фӕстӕмӕ йӕхи уӕлӕдарӕс скодтой. Ӕмӕ йӕ куы фӕцӕйкодтой, уӕд ын йӕ хъизӕмӕртты хъӕд дӕр йе ’ккой скодтой.
14 нисаны майрӕмбоны сихормӕ бирӕ нал хъуыд. Йесо цыппӕрӕмы райсомӕй раджы сыстад, ӕмӕ уӕдӕй ардӕм йӕ уд ӕнцой нӕ федта – иу фыдӕвзарӕн-иу нӕма фӕци, афтӕ-иу ӕм иннӕ фыдӕвзарӕн цӕттӕйӕ лӕууыд. Гъемӕ ныр йӕ хъизӕмӕртты хъӕд хӕссыныл бӕргӕ архайдта, фӕлӕ йӕм хъару нал уыди. Уымӕ гӕсгӕ ӕфсӕддонтӕ иу фӕндаггон лӕджы, киренӕйаг Симоны, ӕрлӕууын кодтой ӕмӕ йын Йесойы хъизӕмӕртты хъӕд, кӕм ӕй хъуамӕ байтыгътаиккой, уырдӕм ахӕссын кодтой. Сӕ фӕдыл цыди дуне адӕм. Иуӕй-иутӕ дзы афтӕ маст кодтой, ӕмӕ сӕхи хостой ӕмӕ ӕрдиаг кодтой.
Чи ӕрдиаг кодта, уыцы сылгоймӕгтӕн Йесо загъта: «Иерусалимы чызджытӕ, мӕныл ма кӕут. Кӕут уӕхиуыл ӕмӕ уӕ сывӕллӕттыл, уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ дзурдзысты: „Амондджын сты, ӕнӕзӕнӕг чи у, чи нӕ ныййардта ӕмӕ дзидзи чи нӕ дардта, уыцы сылгоймӕгтӕ!“ Уӕд хӕхтӕн дзурдзысты: „Ӕркӕлут ныл!“, ӕмӕ къуыбыртӕн: „Бамбӕхсут нӕ!“ Уымӕн ӕмӕ, кӕд удӕгас бӕласӕн кӕнынц афтӕ, уӕд цымӕ, куы бахус уа, уӕд та цы уыдзӕн?» (Лукайы 23:28–31).
Йесо дзуттаг адӕмы кой кодта. Уыдон уыдысты, бынтон чи нӕма бахус ӕмӕ ма йӕ къалиуты иу гыццыл дон кӕмӕн уыд, ахӕм бӕласы хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Йесо нырма семӕ уыд, стӕй ма се ’хсӕн уыди, чи йыл баууӕндыд, ахӕм адӕймӕгтӕ дӕр. Фӕлӕ уыдон се ’хсӕн куы нал уой, уӕд ӕнӕхъӕн адӕм уыдзысты, чи бахус, ахӕм бӕласы хуызӕн, ома Хуыцауы цӕсты мардӕй уӕлдай нал уыдзысты. Ромы ӕфсад куы ’рбацӕуой ӕмӕ Хуыцау дзуттаг адӕмыл сӕ къухӕй йӕ фыдӕх куы ныккала, ӕцӕг ӕрдиаг кӕнын ӕмӕ сӕ сӕхи хойын уӕд хъӕудзӕн!
-
-
Ӕнаххос Паддзах хъӕдыл хъизӕмар кӕныЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
131 СӔР
Ӕнаххос Паддзах хъӕдыл хъизӕмар кӕны
МАТФЕЙЫ 27:33–44 МАРЧЫ 15:22–32 ЛУКАЙЫ 23:32–43 ИОАННЫ 19:17–24
ЙЕСОЙЫ ХЪИЗӔМӔРТТЫ ХЪӔДМӔ НЫХХУЫДТОЙ
ЙӔ СӔРМӔ ЦЫ ФЫСТ ИС, УЫЙ ТЫХХӔЙ ДЗЫ ХЫНДЖЫЛӔГ КӔНЫНЦ
ФЫДГӔНӔГӔН ЗАГЪТА, ЗӔХХЫЛ ДЗӔНӔТЫ КӔЙ ЦӔРДЗӔН
Йесойы акодтой, дыууӕ абырӕгимӕ йӕ кӕм хъуамӕ байтыгътаиккой, уырдӕм. Уыцы бынат – хуыдтой йӕ Голгофӕ, ома Сӕрыкӕхц – горӕтӕй дард нӕ уыди ӕмӕ хорз зынди, «дӕрддзӕфӕй»-иу чи каст, уымӕ дӕр (Марчы 15:40).
Мӕлӕты тӕрхон кӕмӕн рахастой, уыдоны се ’ртӕйы дӕр сбӕгънӕг кодтой. Стӕй сын радтой сӕн миррӕ ӕмӕ мастимӕ хӕццӕйӕ. Ӕвӕццӕгӕн-иу ӕй Иерусалимы цӕрӕг сылгоймӕгтӕ скодтой, ӕмӕ-иу ромӕгтӕ уыцы хосӕй, кӕй-иу хъуамӕ амардтаиккой, уыдонӕн радтой, цӕмӕй сӕ рыстытӕ уыйас ма ӕмбӕрстаиккой. Фӕлӕ дзы Йесо куы сахуыста, уӕд дзы нуазын нӕ бакуымдта. Цымӕ цӕуылнӕ? Нӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй уыцы сӕйраг фӕлварӕны рӕстӕг нозтхъӕстӕ уыдаид. Хъуамӕ йӕ зонд йӕхимӕ уыдаид ӕмӕ йе ’нкъарӕнтыл йӕ бар ӕххӕстӕй цыдаид. Хъуамӕ, цы арӕзта, уый ӕмбӕрстаид ӕмӕ мӕлӕты онг иузӕрдионӕй баззадаид.
Йесойы хъӕдыл байтыгътой (Марчы 15:25). Ӕфсӕддонтӕ йын йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ зӕгӕлтӕй ныххуыдтой. Зӕгӕлтӕ йӕ фыд ӕмӕ йӕ нуӕртты куы ахызтысты, уӕд ӕй фыррыстӕй ныхъхъӕр кӕнынмӕ, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ нал хъуыд. Хъӕд хӕрдмӕ куы систой, ӕмӕ йӕ буары уӕзӕй йӕ хъӕдгӕмттӕ куы ӕрыскъуыдысты, уӕд та йӕ рыст ӕппындӕр нал урӕдта. Ӕмӕ уӕддӕр ӕфсӕддонты нӕ ралгъыста, фӕлӕ скуывта: «Мӕ Фыд, ныххатыр сын кӕн, уымӕн ӕмӕ, цы аразынц, уый не ’мбарынц» (Лукайы 23:34).
Ромӕгтӕ-иу мӕлӕты тӕрхон кӕмӕн рахастой, уыцы фыдгӕнджытӕн-иу сӕ сӕрмӕ ныффыстой, ахӕм тӕрхон-иу сын цы фыдракӕнды тыххӕй рахастой, уый. Йесойы сӕрмӕ та Пилат фӕйнӕджы гӕбазыл ныффыста: «Назаретаг Йесо, дзуттӕгты Паддзах». Уыцы ныхӕстӕ фыст уыдысты дзуттаг, латинаг ӕмӕ грекъаг ӕвзӕгтыл, ӕмӕ сӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон уыди кӕсын. Бӕрӕг у, Пилат йе сӕфт кӕй уыдта, Йесойы йын хъӕдыл чи байтындзын кодта, уыцы дзуттӕгтӕй. Сауджынты хистӕртӕ уыцы фыст куы федтой, уӕд хорзау нал фесты, ӕмӕ Пилатӕн загътой: «Ма дзы ныффысс: „Дзуттӕгты Паддзах“, фӕлӕ ныффысс, куыд дзырдта, афтӕ: „Ӕз дӕн дзуттӕгты Паддзах“». Фӕлӕ сын Пилат не сразы, уымӕн ӕмӕ дзы ӕнӕуи дӕр хъазӕнхъул сарӕзтой. Гъемӕ сын фидарӕй загъта: «Цы ныффыстон, уый ныффыстон» (Иоанны 19:19–22).
Сауджынтӕ мӕстӕй рафыхтысты, ӕмӕ, Йесойӕ уымӕй размӕ Синедрионы раз цы мӕнг ныхӕстӕ дзырдтой, ныр дӕр та дзы уыдӕттӕ дзурын райдыдтой. Гъемӕ-иу сӕ рӕзты чи фӕцӕйцыд, уыдон дӕр-иу сӕ сӕртӕ батылдтой ӕмӕ дзы хынджылӕг кодтой: «Гъей! Кувӕндон куы хӕлдтай ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ куы арӕзтай! Дӕхи фервӕзын кӕн – ӕрхиз хъизӕмӕртты хъӕдӕй!» Афтӕ сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ дӕр кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Иннӕты ирвӕзын кодта, йӕхи фервӕзын кӕнын та йӕ бон нӕу! Гъемӕ ныр Чырысти, Израилы Паддзах, хъизӕмӕртты хъӕдӕй ӕрхизӕд. Уый нӕхи цӕстӕй куы фенӕм, уӕд ыл баууӕнддзыстӕм» (Марчы 15:29–32). Йӕ рахиз фарс ӕмӕ йын йӕ галиу фарс кӕй байтыгътой, суанг ма дзы уыдон дӕр алы ӕвзӕртӕ дзырдтой. Афтӕмӕй та кӕд искуы зӕххыл ӕнаххос адӕймаг уыд, уӕд – Йесо!
Йесойӕ ма хынджылӕг кодтой цыппар ромаг ӕфсӕддоны дӕр. Ӕвӕццӕгӕн, туаг сӕнӕй анызтой ӕмӕ дзы ныр Йесомӕ дӕр бадардтой, кӕд ӕм ӕххӕсгӕ дӕр нӕ бакодтаид ӕмӕ йӕ йӕ бон бануазын дӕр нӕ бауыдаид, уӕддӕр. Йӕ сӕрмӕ фӕйнӕджы гӕбазыл цы ныхӕстӕ фыст уыди, уыдон ын фӕзмӕгау дзырдтой: «Кӕд дзуттӕгты паддзах дӕ, уӕд дӕхи фервӕзын кӕн» (Лукайы 23:36, 37). Ахъуыды-ма кӕн! Йесо у фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард. Ӕмӕ дзы кӕд ӕнаххосӕй хынджылӕг кодтой ӕмӕ йын алы ӕфхӕрӕн митӕ кодтой, уӕддӕр сын быхста ӕмӕ йӕ дзыхӕй иу уайдзӕф дӕр не схауд – нӕ бауайдзӕф кодта нӕдӕр, чи йӕм каст, уыцы дзуттӕгтӕн, нӕдӕр, чи дзы хынджылӕг кодта, уыцы ромаг ӕфсӕддонтӕн, ӕмӕ нӕдӕр, йӕ фӕйнӕ фарс ауыгъд чи уыд, уыцы фыдгӕнджытӕн.
Цыппар ромаг ӕфсӕддоны та Йесойӕн йе ’ддаг дарӕс райстой ӕмӕ йӕ цыппар дихы акодтой. Ӕмӕ стӕй хӕлттӕ сӕппӕрстой, кӕмӕ дзы цы ’рхаудзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ хӕдон тынг хӕрзхъӕд уыди – «хуыд нӕ уыд, фӕлӕ сӕрӕй бынмӕ уыди уӕфт», ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ сӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Скъуынгӕ йӕ ма акӕнӕм, фӕлӕ, кӕмӕ ӕрхаудзӕн, ууыл хӕлттӕ сӕппарӕм». Афтӕмӕй уыдон сӕххӕст кодтой, Фыстад цы дзуры, уый: «Ме ’ддаг дарӕс мын сӕ кӕрӕдзийыл адих кодтой, мӕ дарӕсыл мын хӕлттӕ сӕппӕрстой» (Иоанны 19:23, 24; Псалом 22:18).
Уӕдмӕ фыдгӕнджытӕй иу ахъуыды кодта, кӕд Йесо ӕцӕгдӕр паддзах у, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йе ’мбалӕн бауайдзӕф кодта: «Хуыцауӕй ӕппындӕр нӕ тӕрсыс, ӕви? Дӕхицӕн дӕр дын ахӕм тӕрхон куы рахастой. Ӕмӕ махӕн афтӕ хъуыди, нӕ хъуыддӕгты тыххӕй нын цы ’мбӕлд, уый нын бакодтой, ацы адӕймаг та ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта». Ӕмӕ уый фӕстӕ Йесойӕн ныллӕгъстӕ кодта: «Паддзах куы суай, уӕд-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн» (Лукайы 23:40–42).
Йесо йын загъта: «Ӕцӕг дын зӕгъын абон: уыдзынӕ мемӕ», ӕрмӕст йӕ Паддзахады нӕ, фӕлӕ «Дзӕнӕты» (Лукайы 23:43). Ацы ныхӕстӕ хицӕн кӕнынц, Йесо йӕ апостолтӕн цы загъта, уымӕй. Уыдонӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ Паддзахады йемӕ паддзахбадӕнтыл кӕй ӕрбаддзысты (Матфейы 19:28; Лукайы 22:29, 30). Уыцы фыдгӕнӕг дзуттаг уыди, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, фехъуыста, зӕххыл кӕй уыдзӕн Дзӕнӕт – ӕппӕты райдианы Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы кӕм ӕрцӕрын кодта ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр кӕм хъуамӕ цардаиккой, ахӕм дзӕнӕт. Уӕдӕ уыцы абырӕг амард диссаджы ныфсимӕ.
-
-
«Ацы адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыд»Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
132 СӔР
«Ацы адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыд»
МАТФЕЙЫ 27:45–56 МАРЧЫ 15:33–41 ЛУКАЙЫ 23:44–49 ИОАННЫ 19:25–30
ЙЕСО ХЪӔДЫЛ АМАРД
ӔНАХУЫР ХАБӔРТТӔ ЙЕСОЙЫ МӔЛӔТЫ ФӔСТӔ
Уыди «ӕхсӕзӕм сахат», ома сихорафон. Ӕмӕ «бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг, ӕмӕ афтӕ уыди суанг фарӕстӕм сахатмӕ» – фӕссихор ӕртӕ сахаты онг (Марчы 15:33). Бӕстӕ ӕнахуыр талынг уый тыххӕй нӕ баци, ӕмӕ мӕй хур бааууон кодта. Хурдалынг вӕййы, мӕй куы сног вӕййы, ӕрмӕстдӕр уӕд. Ӕмӕ уый та Куадзӕны рӕстӕг уыд – мӕй цалхыдзаг куы вӕййы, уӕд. Стӕй хурдалынг цалдӕр минуты йеддӕмӕ нӕ ахӕссы, уӕд та бӕстӕ саудалынг уыди дзӕвгар фылдӕр. Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис: бӕстӕ кӕй баталынг, уый уыд Хуыцауӕй!
Ахъуыды-ма кӕн, Йесойӕ чи хынджылӕг кодта, уыдон куыд фӕуыдаиккой. Бӕстӕ талынг куы уыд, уӕд цыппар сылгоймаджы Йесойы хъизӕмӕртты хъӕдмӕ хӕстӕг бацыдысты. Уыцы сылгоймӕгтӕ уыдысты йӕ мад Марийӕ, Саломи, Марийӕ Магдалинӕ ӕмӕ, Гыццыл Иаков кӕй хуыдтой, уыцы апостолы мад Марийӕ.
Йесо «цы хъизӕмӕртты хъӕдыл ауыгъд уыди, уый раз» йӕ мадимӕ лӕууыд апостол Иоанн дӕр. Марийӕ каст, йӕ хъӕбул – йӕ гуыбыны кӕй фӕхаста ӕмӕ дзидзи кӕмӕн фӕдардта, уый – хъизӕмӕртты хъӕдыл куыд удхар кодта, уымӕ. Марийӕ ахӕм уавӕры уыд, цыма йӕ зӕрдӕйы ӕцӕгдӕр «стыр кард» ахызт (Иоанны 19:25; Лукайы 2:35). Ӕмӕ кӕд Йесомӕ фыррыстӕй хъаруйы мур нал баззад, уӕддӕр ма йӕ мадыл хъуыды кодта. Тыхамӕлттӕй Иоанмӕ йӕ сӕрӕй ацамыдта ӕмӕ йӕ мадӕн загъта: «Амӕй фӕстӕмӕ ай у дӕ фырт!» Стӕй та ацамыдта Марийӕмӕ ӕмӕ Иоаннӕн загъта: «Амӕй фӕстӕмӕ ай у дӕ мад!» (Иоанны 19:26, 27).
Йесо йӕ мады бафӕдзӕхста, уӕлдай уарзт кӕй кодта, уыцы апостолӕн. Уӕдмӕ Иосиф, ӕвӕццӕгӕн, амард, ӕмӕ Марийӕ идӕдзӕй баззад. Стӕй Йесойыл йе ’фсымӕртӕ, Марийӕйы иннӕ фырттӕ, уӕд нӕма ӕууӕндыдысты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ батыхст, цӕмӕй йӕ мадӕн йӕ фарсмӕ уыдаид, ӕнӕуи дӕр ӕм чи фӕкастаид ӕмӕ йӕм уырнындзинады хъуыддаджы дӕр йӕ хъус чи фӕдардтаид, ахӕм адӕймаг. Уӕдӕ нын Йесо уымӕй дӕр фӕзминаг куыннӕ у!
Уыцы талынг рӕстӕг фӕуынмӕ бирӕ куы нал хъуыд, уӕд Йесо загъта: «Дойны мын у». Ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кодта Хуыцауы Ныхасы фыст пехуымпарад (Иоанны 19:28; Псалом 22:15). Уыцы рӕстӕг Йесо банкъардта, йӕ Фыд ӕй кӕй нал хъахъхъӕдта, цӕмӕй йӕ иузӕрдиондзинад кӕронмӕ фӕлвӕрд ӕрцыдаид. Йесо, ӕвӕццӕгӕн, арамейагау галилейаг ныхасыздӕхтыл, сдзынӕзта: «Ели, Ели, лама савахфани?», ома, «мӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, цӕмӕн мӕ ныууагътай?» Уым чи лӕууыд, уыдонӕй йӕ чидӕртӕ раст нӕ бамбӕрстой, ӕмӕ загътой: «Хъусут ӕм, Илийамӕ дзуры!» Уӕд сӕ иу ауад, губкӕ туаг сӕны атылдта, хъӕз лӕдзӕгыл ӕй ӕрсагъта ӕмӕ йын ӕй йӕ дзыхмӕ схаста. Фӕлӕ иннӕтӕ загътой: «Фӕлӕуут-ма, бакӕсӕм ӕм, кӕддӕра йӕм Илийа ӕрцӕуид ӕмӕ йӕ хъӕдӕй ӕрисид!» (Марчы 15:34–36).
Уӕд Йесо хъӕрӕй загъта: «Цыдӕриддӕр мын бафӕдзӕхстай, уый сӕххӕст кодтон!» (Иоанны 19:30). Ӕцӕгдӕр, йӕ Фыд ӕй зӕхмӕ цӕй тыххӕй ӕрӕрвыста, уыдӕттӕ иууылдӕр сӕххӕст кодта. Ӕмӕ ма фӕстагмӕ загъта: «Мӕ Фыд, дӕ къухтӕм дӕттын мӕ уд» (Лукайы 23:46). Йесо ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йӕ фӕстӕмӕ цардмӕ кӕй раздахдзӕн, ӕмӕ йын йӕ царды тых йӕ бар бакодта. Йӕ ныфс фидарӕй Хуыцауыл даргӕйӕ йӕ сӕр йӕ риуыл ӕруагъта ӕмӕ амард.
Раст уыцы сахат зӕхх тынг нынкъуысыд, ӕмӕ къӕдзӕхтӕ аскъуыдтӕ сты. Зӕххӕнкъуыст афтӕ тыхджын уыди, ӕмӕ Иерусалимы ӕдде зӕппӕдзтӕ фегом сты, ӕмӕ мӕрдтӕ ӕддӕмӕ рахаудысты. Уый чи федта, уыдон «сыгъдӕг горӕтмӕ» бацыдысты ӕмӕ хабар уым радзырдтой (Матфейы 12:11; 27:51–53).
Йесо куы амард, уӕд, Хуыцауы кувӕндоны Сыгъдӕг бынат ӕмӕ Ӕппӕты сыгъдӕг бынаты ’хсӕн цы даргъ уӕззау ӕмбӕрзӕн уыд, уый уӕлейӕ бынмӕ ӕрыскъуыд ӕмӕ дыууӕ дихы фӕци. Афтӕмӕй Хуыцау равдыста, йӕ Фырты йын чи амардта, уыдонмӕ йӕ маст кӕй ссыгъд. Уыцы диссаджы хабар ма ууыл дзурӕг дӕр уыд, ӕмӕ Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ, ома уӕлӕрвтӕм, фӕндаг кӕй байгом (Дзуттӕгтӕм 9:2, 3; 10:19, 20).
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕм тынг фӕтарстысты. Мӕлӕты тӕрхон чи ӕххӕст кодта, уыдоны сӕргълӕууӕг та загъта: «Ацы адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыд» (Марчы 15:39). Пилат Йесойы, Хуыцауы Фырт у ӕви нӕ, уымӕй куы фарста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыцы ӕфсӕддон хицау дӕр уым уыд. Ӕмӕ ныр ӕппындӕр нал дызӕрдыг кодта, Йесо кӕй у рӕстгӕнӕг, бӕлвырдӕй та – Хуыцауы Фырт.
Иннӕтӕ та уыцы ӕнахуыр хабӕрттӕ куы федтой, уӕд фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм «сӕ риутӕ хойгӕ» аздӕхтысты, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕ сӕхиуыл ӕрхудт ӕмӕ хъыг кодтой (Лукайы 23:48). Йесойы куыд байтыгътой, уымӕ дардӕй чи каст, уыдоны ’хсӕн уыди, иуӕй-иу хатт-иу Йесоимӕ чи цыд, бирӕ ахӕм сылгоймӕгтӕ дӕр. Уыдон дӕр уыдысты йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕмӕ ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ уыдоны зӕрдӕйы уидӕгтӕ дӕр банкъуысын кодтой.
-
-
Йесойы бавӕрдтойЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
133 СӔР
Йесойы бавӕрдтой
МАТФЕЙЫ 27:57–28:2 МАРЧЫ 15:42–16:4 ЛУКАЙЫ 23:50–24:3 ИОАННЫ 19:31–20:1
ЙЕСОЙЫ МАРД ХЪӔДӔЙ ӔРИСТОЙ
ЙӔ МАРД ЫН НЫГӔНЫНМӔ БАЦӔТТӔ КОДТОЙ
СЫЛГОЙМӔГТӔ ЗӔППАДЗ АФТИДӔЙ БАЙЙӔФТОЙ
Уыди 14 нисан майрӕмбон изӕрырдӕм. Хурныгуылды фӕстӕ хъуамӕ райдыдтаид 15 нисан, сабат. Йесо амард, фӕлӕ йын йӕ фӕйнӕ фарс цы дыууӕ абырӕджы байтыгътой, уыдон нырма удӕгас уыдысты. Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ «мард ӕхсӕвы хъӕдыл ма баззадаид» – хъуамӕ-иу ӕй «тӕккӕ уыцы бон» баныгӕдтаиккой (Дыккаг закъон 21:22, 23).
Уымӕй уӕлдай майрӕмбон Цӕттӕгӕнӕн бон хуыдтой, уымӕн ӕмӕ-иу адӕм сабатмӕ хӕринаг цӕттӕ кодтой ӕмӕ-иу сабаты фӕудмӕ аргъӕвӕн кӕмӕн нӕ уыд, уыцы куыстытӕ бакӕныныл-иу архайдтой. Хурныгуылды фӕстӕ хъуамӕ райдыдтаид «стыр» сабат (Иоанны 19:31). Фӕлӕ стыр сабат цӕмӕн уыди? 15 нисан уыди Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фыццаг бон, ӕмӕ уыцы бон та алы хатт дӕр нымад уыд сабатбоныл (Левит 23:5, 6). Ӕмӕ уыцы аз бӕрӕгбоны фыццаг бон ӕнӕуи дӕр сабатмӕ кӕй ӕрхауд, ома къуырийы ӕвдӕм бонмӕ, уымӕ гӕсгӕ уыди стыр сабат.
Уымӕ гӕсгӕ дзуттӕгтӕ Пилатӕн загътой, цӕмӕй Йесойӕн ӕмӕ йын йӕ фӕйнӕ фарс кӕй байтыгътой, уыцы абырджытӕн сӕ зӕнгтӕ асастаиккой. Уӕд тагъддӕр амардаиккой, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ бон нал уыдаид сӕ зӕнгты фӕрцы сӕхиуыл схӕцын ӕмӕ сулӕфын. Гъемӕ ӕфсӕддонтӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ дыууӕ абырӕджы зӕнгтӕ асастой. Фӕлӕ Йесомӕ нӕ бавнӕлдтой, уымӕн ӕмӕ бӕрӕг уыди, кӕй амард. Афтӕмӕй сӕххӕст, Псаломы 34:20 стихы цы фыст ис, уый: «Йе стджытӕ йын иууылдӕр хъахъхъӕны, иу дӕр ын дзы саст не ’рцыд».
Йесо ӕцӕгдӕр мард кӕй уыд, уый цӕмӕй дызӕрдыггаг мауал уыдаид, уый тыххӕй йын ӕфсӕддонтӕй сӕ иу зӕрдӕмӕ хӕстӕг йӕ фарс арцӕй барӕхуыста. Ӕмӕ дзы ӕвиппайды «туг ӕмӕ дон ракалд» (Иоанны 19:34). Ӕмӕ та уымӕй дӕр сӕххӕст пехуымпарад: «Уыдон кӕсдзысты, кӕй барӕхуыстой, уымӕ» (Захари 12:10).
Йесойы хъӕдыл куы байтыгътой, уӕд уым уыди иу «хъӕздыг лӕг», аримафейаг Иосиф (Матфейы 27:57). Уый уыди Синедрионы тӕрхонгӕнджытӕй иу ӕмӕ уыд нымад лӕг. Библи йӕ хоны «хорз ӕмӕ рӕстаг адӕймаг», уый «ӕнхъӕлмӕ каст Хуыцауы Паддзахадмӕ». Иосиф «Йесойы ахуыргӕнинаг уыди», ӕмӕ разы нӕ уыд, Синедрион Йесойӕн цы тӕрхон рахаста, уыимӕ. Ӕцӕг, Йесойы ахуыргӕнинаг кӕй уыд, уый «нӕ хъӕр кодта, уымӕн ӕмӕ дзуттӕгты разамонджытӕй тарст» (Лукайы 23:50; Марчы 15:43; Иоанны 19:38). Иосиф Пилатмӕ уӕндонӕй бацыди ӕмӕ дзы Йесойы мард ракуырдта. Фӕлӕ Пилаты фӕндыд, Йесо ӕцӕгдӕр амард ӕви нӕ, уый базонын. Гъемӕ, мӕлӕты тӕрхон чи ӕххӕст кодта, уыцы ӕфсӕддон къорды хицаумӕ фӕдзырдта, ӕмӕ, хабар бӕлвырд куы базыдта, уӕд Йесойы мард Иосифӕн радта.
Иосиф та сыгъдӕг, ӕппӕты хуыздӕр кӕттаг хъуымац балхӕдта ӕмӕ, Йесойы мард хъӕдӕй куы ӕриста, уӕд ӕй уым батыхта, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ныгӕнынмӕ бацӕттӕ кодта. Иосифӕн ма ӕххуыс кодта Никодим дӕр – «Йесомӕ фыццаг хатт ӕхсӕвы чи ’рбацыд, уыцы адӕймаг» (Иоанны 19:39). Никодим йемӕ ӕрбахаста 30 килӕйы бӕрц зынаргъ миррӕ ӕмӕ алойы тыхтон. Ӕмӕ Йесойы мард уыцы хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытимӕ хӕцъилты батыхтой, дзуттӕгтӕ-иу мард ныгӕнынмӕ куыд цӕттӕ кодтой, афтӕ.
Иосифӕн та уырдӕм хӕстӕг уыди, къӕдзӕхы кӕй бакъахта ӕмӕ ӕвӕрд кӕм ничима уыд, ахӕм ног зӕппадз, ӕмӕ Йесойы мард уым бавӕрдтой. Зӕппадзы бахизӕныл та стыр дур бафӕлдӕхтой. Уыдӕттӕ бакодтой тагъд-тагъд, цалынмӕ сабат нӕ райдыдта, уӕдмӕ. Ӕвӕццӕгӕн, Йесойы мард ныгӕнынмӕ бацӕттӕ кӕнынӕн ӕххуыс кодтой Марийӕ Магдалинӕ ӕмӕ Гыццыл Иаковы мад Марийӕ дӕр. Ӕмӕ йӕ куыддӕр бавӕрдтой, афтӕ фӕстӕмӕ фездӕхтысты, «цӕмӕй хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ ӕмӕ хӕрздӕф сойтӕ ӕрцӕттӕ кодтаиккой» ӕмӕ сабатбоны фӕстӕ Йесойы мардмӕ ноджы хуыздӕр базылдаиккой (Лукайы 23:56).
Дыккаг бон, сабаты, сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ фарисейтӕ Пилатмӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, уыцы цӕстфӕлдахӕг ма ӕгас куы уыди, уӕд афтӕ кӕй дзырдта, ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзынӕн, зӕгъгӕ. Уӕдӕ зӕгъ, цӕмӕй йын ӕртыккаг бонмӕ йӕ ингӕн хъахъхъӕной, науӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрцӕудзысты, адавдзысты йӕ ӕмӕ стӕй дзурдзысты: „Мӕрдтӕй райгас!“ Уӕд фӕстаг сайд фыццаг сайдӕй фыддӕр уыдзӕн». Пилат сын загъта: «Хъахъхъӕнджытӕ уӕм ис, ацӕут ӕмӕ уӕ куыд фӕнды, афтӕ йӕ хъахъхъӕнут» (Матфейы 27:63–65).
Хуыцаубоны та райсомӕй раджы Марийӕ Магдалинӕ, Иаковы мад Марийӕ ӕмӕ иннӕ сылгоймӕгтӕ зӕппадзмӕ хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ ахастой, цӕмӕй Йесойы мардмӕ базылдаиккой. Ӕмӕ фӕндагыл кӕрӕдзийӕн дзырдтой, «зӕппадзмӕ бахизӕнӕй нын дур чи афӕлдахдзӕн», зӕгъгӕ (Марчы 16:3). Фӕлӕ уӕдмӕ зӕххӕнкъуыст ӕрцыд. Уымӕй уӕлдай, Хуыцауы зӕд дур иуварс афӕлдӕхта, стӕй хъахъхъӕнджытӕ дӕр уым нал уыдысты, ӕмӕ зӕппадз дӕр разынди афтид!
-