65 ЗАРӔГ
Размӕ цу!
1. Размӕ цу, размӕ цу ’мӕ фӕлтӕрдджын кӕн,
’Мӕ дын де ’нтыстдзинад абон алчидӕр уынӕд.
Кус дӕхиуыл, дӕ лӕггад фӕхуыздӕр кӕн,
Стыр Хуыцауыл дар дӕ ныфс.
Кодта Йесо ыстыр куыст кӕддӕр,–
Архай уыцы хъуыддаджы ды дӕр.
Хӕц рӕстдзинадыл фидар кӕддӕриддӕр,
Ӕмӕ кур Хуыцауӕй ’ххуыс.
2. Размӕ цу, размӕ цу, ӕмӕ у ныфсджын!
Ныр хъӕуы алы адӕмтӕм хорз хабар хӕссын.
Мах Хуыцауӕн фӕнды уымӕй кад кӕнын.
Немӕ хъусын кӕн ды дӕр!
Знӕгтӕ тох кӕнынц немӕ ӕдзух,
Фӕлӕ ма тӕрс, уӕддӕр размӕ цу.
Дзур, Йегъовӕйы ног дуне ’ввахс кӕй у.
Хъусын кӕн уый алкӕмдӕр.
3. Размӕ цу, размӕ цу, алкӕд размӕ кӕс!
Махӕн бирӕ куыст ис абон, ахӕсс-ма дӕ цӕст!
Кур Хуыцауӕй сыгъдӕг тых, йӕ коммӕ кӕс.
Уый дын циндзинад хӕсдзӕн.
Хъусын кӕн, ӕмӕ адӕмы уарз.
Рох сӕ макуы кӕн, ма сӕ ныууадз.
Архай, фидар куыд кӕной, ныфс-иу сӕ уадз.
Уӕд рӕстдзинад рухс кӕндзӕн!
(Ноджыдӕр кӕс Фил. 1:27; 3:16; Дзут. 10:39.)