Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Кувӕндон ногӕй ссыгъдӕг кодта
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
    • Йесо ӕхцаивджытӕй сӕ иуы стъол афӕлдӕхта

      103 СӔР

      Кувӕндон ногӕй ссыгъдӕг кодта

      МАТФЕЙЫ 21:12, 13, 18, 19 МАРЧЫ 11:12–18 ЛУКАЙЫ 19:45–48 ИОАННЫ 12:20–27

      • ЙЕСО ЛЕГЪУИБӔЛАС РАЛГЪЫСТА ӔМӔ КУВӔНДОН ССЫГЪДӔГ КОДТА

      • ЙЕСОЙЫ ХЪӔУЫ АМӔЛЫН, ЦӔМӔЙ БИРӔТӔ ЦӔРОЙ

      Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иерихонӕй Вифанимӕ куы ’рцыдысты, уӕд дзы фесты ӕртӕ ӕхсӕвы. Ӕмӕ ныр, 10 нисаны къуырисӕры, райсомӕй раджы Иерусалиммӕ араст сты. Йесо ӕххормаг уыди, ӕмӕ фӕндагыл легъуибӕлас куы федта, уӕд ӕм фездӕхт. Фӕлӕ йыл цымӕ легъуитӕ уыди?

      Уӕд уыди мартъийы кӕрон, легъуитӕ та июнмӕ дӕр не сцӕттӕ вӕййынц. Фӕлӕ бӕлас раджы ракъуыбыр кодта ӕмӕ сыфтӕр ракалдта. Уымӕ гӕсгӕ Йесо ахъуыды кодта, зӕгъгӕ йыл, чи зоны, фыццаг легъуитӕ ис. Фӕлӕ йыл иу легъуи дӕр не ссардта. Бӕлас сыфтӕр ракалдта, ӕмӕ уымӕй адӕймаджы цӕст сайдта. Ӕмӕ уӕд Йесо загъта: «Дӕ дыргъӕй дын макуыуал мачи бахӕрӕд» (Марчы 11:14). Гъемӕ бӕлас ӕвиппайды хус кӕнын райдыдта. Уый цӕуыл дзурӕг уыди, уый ахуыргӕнинӕгтӕ базыдтой иннӕ райсом.

      Уӕдмӕ Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иерусалиммӕ бахӕццӕ сты. Ӕмӕ Йесо кувӕндонмӕ бацыд. Уый размӕ бон дӕр уыди уым ӕмӕ дзы изӕрӕй алцӕуыл дӕр йӕ цӕст ахаста. Фӕлӕ ныр ууыл не ’рлӕууыд. Ӕртӕ азы размӕ, н. э. 30 азы Куадзӕны рӕстӕг, куыд бакодта, ныр дӕр та афтӕ бакодта (Иоанны 2:14–16). Ӕрмӕст ацы хатт кувӕндонӕй ратардта, «уӕйгӕнӕгӕй, ӕлхӕнӕгӕй» дзы чи уыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр. Уымӕй уӕлдай, «ӕхцаивджытӕн афӕлдӕхта се стъӕлттӕ, бӕлӕттӕ чи уӕй кодта, уыдонӕн та – сӕ бандӕттӕ» (Марчы 11:15). Стӕй никӕй уагъта, цӕмӕй кувӕндоны кӕрты уылты истытӕ хастаиккой. Горӕты иннӕ хаймӕ ууылты фӕндаг цыбырдӕр уыди, ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ адӕм сӕ хӕссинӕгтӕ ууылты хастой.

      Кувӕндоны ӕхцатӕ чи ивта ӕмӕ фос чи уӕй кодта, уыдонмӕ Йесо афтӕ тынг цӕмӕн смӕсты? Йӕхӕдӕг ӕй бамбарын кодта: «Афтӕ фыст нӕу: „Мӕ хӕдзар мын хондзысты кувӕн хӕдзар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр“? Сымах та дзы абырджыты лӕгӕт сарӕзтат» (Марчы 11:17). Цымӕ сӕ абырджытӕ цӕмӕн схуыдта? Уымӕн ӕмӕ-иу нывонд ӕрхӕссынӕн фос балхӕнын кӕй хъуыди, уыдонӕн сӕ туджы аргъӕй уӕй кодтой. Ӕмӕ адӕмы кӕй стыгътой, уымӕ гӕсгӕ Йесойы цӕсты абырджытӕй уӕлдай нӕ уыдысты.

      Йесо кувӕндоны цы бакуыста, уый сауджынты хистӕртӕ, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ дзырддзӕугӕ лӕгтӕ, ай-гъай дӕр, фехъуыстой. Ӕмӕ загътой, афтӕ ныууадзӕн ӕй нал ис, амарын ӕй хъӕуы, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ куыд амардтаиккой, уымӕн ницы фадат ардтой, уымӕн ӕмӕ адӕм ӕдзух йӕ алыварс уыдысты ӕмӕ йӕм зыдӕй хъуыстой.

      Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ Хуыцауӕн кувынмӕ ӕрмӕст дзуттӕгтӕ не ’рцыдысты, фӕлӕ ма, ӕндӕр адӕмтӕй дзуттаг дин чи райста, уыдон дӕр. Се ’хсӕн уыди грекъӕгтӕ дӕр. Гъемӕ уыцы грекъӕгтӕ Филипмӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой, зӕгъгӕ нӕ Йесойы фенын фӕнды. Уымӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй бацыдысты, ӕмӕ йын грекъаг ном уыди. Чи зоны, Филипп дызӕрдыг кодта, Йесомӕ фӕдзура ӕви нӕ. Ӕмӕ хабар Андрейӕн бамбарын кодта. Йесо, ӕвӕццӕгӕн, нырма кувӕндоны уыди, ӕмӕ йӕм дыууӕйӕ уырдӕм ацыдысты ӕмӕ йын рахабар кодтой, грекъӕгты дӕ фенын фӕнды, зӕгъгӕ.

      Йесойы мӕлӕтмӕ цалдӕр боны йеддӕмӕ нал хъуыди. Ӕмӕ ныр уый рӕстӕг нӕ уыди, цӕмӕй, цымыдис адӕмы цы фӕндыд, уый арӕзтаид кӕнӕ йӕхицӕн сӕ цӕсты ном кодтаид. Йесо йӕ апостолтӕн ӕрхаста ахӕм цӕвиттон: «Ӕрхӕццӕ уыцы сахат, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт скадджын уыдзӕн. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: мӕнӕуы нӕмыг зӕххы куы нӕ ныххауа ӕмӕ куы нӕ бамбийа, уӕд афтӕ иу нӕмыгӕй баззайдзӕн. Куы бамбийа [«куы амӕла», фиппаинаг], уӕд та ӕрхӕсдзӕн бирӕ тыллӕг» (Иоанны 12:23, 24).

      Иу мӕнӕуы нӕмыг ницы ахады. Фӕлӕ йӕ зӕххы куы ныппарай, ӕмӕ уым куы «амӕла», уӕд билцъ рауадздзӕн ӕмӕ дзы стӕй нӕмгуытӕй йедзаг ӕфсир сырӕздзӕн. Афтӕ Йесо дӕр уыди иу адӕймаг – алцӕмӕй ӕххӕст адӕймаг. Фӕлӕ Хуыцауыл мӕлӕты онг иузӕрдионӕй кӕй баззад, уый фӕрцы ӕнусон цардӕй схайджын уыдзысты бирӕтӕ – Хуыцауӕн уыйау удуӕлдайӕ чи лӕггад кӕны, уыдон. Уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта: «Йӕ уд чи уарзы, уый йӕ сафгӕ кӕны, йӕ удӕй ацы дунейы йе сӕфт чи уыны, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн ӕнусон цардӕн» (Иоанны 12:25).

      Йесо ацы ныхӕстӕ куы дзырдта, уӕд ӕрмӕст йӕхи кой нӕ кодта. Дарддӕр афтӕ загъта: «Кӕд искӕй мӕнӕн лӕггад кӕнын фӕнды, уӕд мӕ фӕдыл цӕуӕд, ӕмӕ, ӕз кӕм уон, уым уыдзӕн мӕ лӕггадгӕнӕг дӕр. Мӕнӕн чи лӕггад кӕна, уымӕн мӕ Фыд скад кӕндзӕн» (Иоанны 12:26). Уымӕй стырдӕр хӕрзиуӕг ма цы хъуамӕ уа! Фыд кӕмӕн скад кӕндзӕн, уыдон уӕларвон Паддзахады Чырыстиимӕ иумӕ паддзӕхтӕ уыдзысты.

      Йесойӕн йӕ хъуыдыйӕ нӕ хицӕн кодта, фыдӕвзарӕнтӕ ӕмӕ йӕм хъизӕмайраг мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уый. Ӕмӕ загъта: «Ныр мӕ уд катай кӕны, ӕмӕ цы зӕгъон? Мӕ Фыд, фервӕзын мӕ кӕн, ацы сахат мӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй». Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ Йесо уымӕ бӕллыд, цӕмӕй йӕ Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕнын мауал бахъуыдаид. Дарддӕр загъта: «Уӕвгӕ, ӕз цӕугӕ дӕр ацы фӕлварӕны тыххӕй ӕркодтон» (Иоанны 12:27). Йесо разы уыд, Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕнд кодта, ууыл. Разы уыд йӕ цард нывондӕн ӕрхӕссыныл дӕр.

      • Кӕд нырма легъуиты афон нӕ уыд, уӕддӕр Йесо легъуибӕласыл цӕттӕ дыргътӕ фенын ӕнхъӕл цӕмӕн уыд?

      • Кувӕндоны уӕйгӕнджыты Йесо «абырджытӕ» цӕмӕн схуыдта?

      • Йесойы мӕнӕуы нӕмыгимӕ цӕмӕн ис абарӕн? Фыдӕвзарӕнтӕ ӕмӕ йӕм мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй цы хъуыды кодта?

  • Дзуттӕгтӕм уырнындзинад разындзӕн?
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
    • Йесо загъта: «Мӕ Фыд, скадджын кӕн дӕ ном», ӕмӕ уый фӕстӕ, уым чи лӕууыд, уыцы дзуттӕгтӕ дӕр Хуыцауы хъӕлӕс фехъуыстой

      104 СӔР

      Дзуттӕгтӕм уырнындзинад разындзӕн?

      ИОАННЫ 12:28–50

      • БИРӔТӔ ФЕХЪУЫСТОЙ ХУЫЦАУЫ ХЪӔЛӔС

      • АДӔМ ТӔРХОНГОНД ЦӔМӔ ГӔСГӔ ЦӔУДЗЫСТЫ?

      Йесо 10 нисаны къуырисӕры кувӕндоны куы уыди, уӕд дзырдта, тагъд ӕй кӕй амардзысты, уый тыххӕй. Тарсти, Хуыцауы ном куы фӕхудинаг кӕна, уымӕй, ӕмӕ йын уый ӕнцой нӕ лӕвӕрдта. Ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, скадджын кӕн дӕ ном». Ӕмӕ уӕд уӕларвӕй ӕрыхъуыст тыхджын хъӕлӕс: «Скадджын ӕй кодтон, ӕмӕ йӕ ноджыдӕр скадджын кӕндзынӕн» (Иоанны 12:27, 28).

      Йӕ алыварс адӕм фӕкуыддӕр сты. Чидӕртӕ сӕ афтӕ фенхъӕлдтой, ӕмӕ арв ныннӕрыд. Иннӕтӕ та дзырдтой: «Йемӕ зӕд ныхас кодта» (Иоанны 12:29). Ӕцӕгӕй та уыдон фехъуыстой Йегъовӕйы хъӕлӕс! Уӕвгӕ, Йесо зӕххыл лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕм Хуыцауы хъӕлӕс фыццаг хатт уӕд нӕ фехъуыстой.

      Ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕджы размӕ Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд Аргъауӕг Иоанн фехъуыста, Хуыцау Йесойы тыххӕй цы загъта, уый: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт». Фӕстӕдӕр та, н. э. 32 азы Куадзӕны фӕстӕ, Йесо йӕ хуыз аивта Иаков, Иоанн ӕмӕ Петры раз. Ӕмӕ уыдон дӕр фехъуыстой Хуыцауы ныхӕстӕ: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт. Хъусут ӕм» (Матфейы 3:17; 17:5). Фӕлӕ ныр та, ӕртыккаг хатт, Йегъовӕйы хъӕлӕс фехъуыстой бирӕтӕ!

      Йесо загъта: «Ацы хъӕлӕс мӕн тыххӕй не ’рыхъуыст, фӕлӕ сымах тыххӕй» (Иоанны 12:30). Йесо ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт ӕмӕ зӕрдӕвӕрд Мессийӕ кӕй уыд, уымӕн ма уымӕй хуыздӕр бӕлвырдгӕнӕн цы хъуамӕ уыдаид!

      Йесо Йегъовӕйыл куыд иузӕрдион уыд ӕмӕ зӕххыл куыд цард, уымӕй адӕмӕн равдыста, куыд хъуамӕ цӕрой, уый ӕмӕ сбӕлвырд кодта, ацы дунейы хицау Хӕйрӕг фесафыны аккаг кӕй у. Йесо загъта: «Ныр ӕрцыд ацы дунейӕн тӕрхон кӕныны рӕстӕг. Ныр ацы дунейы хицау тард ӕрцӕудзӕн». Йесойы тагъд кӕй хъуамӕ амардтаиккой, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ йӕ йе знаг басаста. Йӕ мӕлӕт уыд стыр уӕлахиз. Цы хуызы? Уый йӕхӕдӕг бамбарын кодта: «Ӕз зӕххы сӕрмӕ ист куы ’рцӕуон, уӕд мӕхимӕ ӕркӕндзынӕн алыхуызон адӕмы» (Иоанны 12:31, 32). Йесойы хъӕдыл кӕй байтыгътой, уый фӕрцы иннӕты йӕхимӕ кӕны ӕмӕ сын ӕнусон цардмӕ фӕндаг гом кӕны.

      Йесо, «ист куы ’рцӕуон», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд ӕй адӕм бафарстой: «Мах Закъонӕй фехъуыстам, Чырысти ӕнустӕм кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ уӕд ды афтӕ куыд дзурыс, Адӕймаджы Фырт ист ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ? Чи у уыцы Адӕймаджы Фырт?» (Иоанны 12:34). Йесо ӕцӕгдӕр Адӕймаджы Фырт, ома зӕрдӕвӕрд Мессийӕ, кӕй уыд, уымӕн дуне бӕлвырдгӕнӕнтӕ уыди, адӕм ма суанг Хуыцауы хъӕлӕс дӕр фехъуыстой. Фӕлӕ йыл уӕддӕр сӕ фылдӕр нӕ баууӕндыдысты.

      Йесо та уымӕй размӕйау йӕхи схуыдта «рухс» (Иоанны 8:12; 9:5). Ӕмӕ адӕмӕн ныффӕдзӕхста: «Рухс ма иу гыццыл уыдзӕн уе ’хсӕн. Уӕдӕ уын цалынмӕ рухс ис, уӕдмӕ рухсы цӕут, цӕмӕй уыл талынг ма фӕтых уа. [...] Цалынмӕ уын рухс ис, уӕдмӕ йыл ӕууӕндут, цӕмӕй рухсы хъӕбултӕ суат» (Иоанны 12:35, 36). Уый фӕстӕ Йесо йӕхи уырдыгӕй айста, уымӕн ӕмӕ нырма 10 нисан уыди, ӕмӕ уыцы рӕстӕг нӕма уыд, цӕмӕй амардаид. Йесо хъуамӕ «ист ӕрцыдаид» 14 нисаны, Куадзӕны бон, ома йӕ хъӕдыл хъуамӕ уыцы бон байтыгътаиккой (Галатӕгтӕм 3:13).

      Йесойы лӕггады хабӕрттӕ бӕлвырдӕй ӕвдисынц, дзуттӕгтӕ йыл кӕй нӕ баууӕндыдысты, уымӕй кӕй сӕххӕст Библийы фыст пехуымпарад. Исай бирӕ раздӕр загъта, адӕмӕн сӕ цӕстытӕ кӕй бакуырм уыдзысты ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ кӕй ныддур уыдзысты, цӕмӕй ма раздӕхой ӕмӕ ма сдзӕбӕх уой (Исай 6:10; Иоанны 12:40). Йесо уыди, дзуттӕгтӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ сӕ ӕнусон цардмӕ чи кодта, уыцы фӕндаг. Ӕмӕ сын кӕд уымӕн тынг бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ уыди, уӕддӕр сӕм ницы бахъардта – нӕ йыл баууӕндыдысты.

      Уӕвгӕ, Никодим, стӕй аримафейаг Иосиф ӕмӕ ма хицӕуттӕй ноджыдӕр бирӕтӕ «баууӕндыдысты» Йесойыл. Фӕлӕ сӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ архайдзысты? Ӕви сӕ ӕмбырдгӕнӕнӕй куы ратӕрой кӕнӕ сын адӕм куы нал кад кӕной, уый тӕссӕй ӕргом не ’вдисдзысты, кӕй йыл ӕууӕндынц, уый? (Иоанны 12:42, 43).

      Йесойыл баууӕндын цы нысан кӕны, уый йӕхӕдӕг бамбарын кодта: «Мӕныл чи ’ууӕнды, уый ӕрмӕст мӕныл не ’ууӕнды, фӕлӕ, мӕн чи рарвыста, ууыл дӕр. Ӕмӕ мӕн чи уыны, уый ӕрмӕст мӕн нӕ уыны, фӕлӕ, мӕн чи рарвыста, уый дӕр». Хуыцау Йесойӕн цы рӕстдзинад бафӕдзӕхста хъусын кӕнын ӕмӕ ӕнӕрынцойӕ кӕй хъусын кодта, уыцы рӕстдзинад афтӕ ахсджиаг у, ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Мӕн чи ницӕмӕ дары ӕмӕ мын мӕ ныхӕстыл чи не ’ууӕнды, уымӕн ис тӕрхонгӕнӕг. Ӕз цы дзырдтон, уый йын тӕрхон кӕндзӕн фӕстаг бон» (Иоанны 12:44, 45, 48).

      Уый фӕстӕ Йесо йӕ ныхас балхынцъ кодта: «Ӕз мӕхи фӕндӕй нӕ дзырдтон, фӕлӕ мын мӕ рарвитӕг Фыд йӕхӕдӕг бафӕдзӕхста, куыд ӕмӕ цы зӕгъон, уый. Ӕмӕ йӕ ӕз зонын, йӕ фӕдзӕхст ӕнусон цардмӕ кӕй кӕны» (Иоанны 12:49, 50). Йесо зыдта, чи йыл ӕууӕнды, уыдоны сӕрвӕлтау тагъд йӕ туг кӕй ныккалдзӕн (Ромӕгтӕм 5:8, 9).

      • Хуыцауы хъӕлӕс уӕларвӕй цал хатты ӕрыхъуыст ӕмӕ кӕд?

      • Йесойыл хицӕуттӕй чи баууӕндыд, фӕлӕ уый тыххӕй ӕргом цӕуылнӕ дзырдтой?

      • Адӕм «фӕстаг бон» тӕрхонгонд цӕмӕ гӕсгӕ цӕудзысты?

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын