-
Легъуибӕласы фӕрцы ӕмбарын кӕны, уырнындзинад куыд ахсджиаг уЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
105 СӔР
Легъуибӕласы фӕрцы ӕмбарын кӕны, уырнындзинад куыд ахсджиаг у
МАТФЕЙЫ 21:19–27 МАРЧЫ 11:19–33 ЛУКАЙЫ 20:1–8
ХУС ЛЕГЪУИБӔЛАС – ХОРЗ ЦӔВИТТОН, УЫРНЫНДЗИНАД КУЫД АХСДЖИАГ У, УЫМӔН
ЙЕСОЙӔН АХӔМ ХЪУЫДДӔГТӔ КӔНЫНЫ БАР ЧИ РАДТА?
Къуырисӕры изӕрӕй Йесо Иерусалимӕй куы рацыд, уӕд фӕстӕмӕ аздӕхт Вифанимӕ, Оливӕбӕлӕсты хохӕн йӕ хурыскӕсӕн фарсмӕ. Ӕмӕ та, ӕвӕццӕгӕн, ацы хатт дӕр бахсӕвиуат кодта йе ’мбӕлттӕм – Лазӕр, Марийӕ ӕмӕ Марфӕмӕ.
Иннӕ бон уыди 11 нисан. Ӕмӕ та райсомӕй Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ногӕй уыдысты Иерусалиммӕ фӕндагыл. Уыцы бон фӕстаг хатт цыди кувӕндонмӕ. Ӕмӕ, цалынмӕ Куадзӕн не сбӕрӕг кодта ӕмӕ йӕ мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур не ’рӕвӕрдта, уӕдмӕ ма зӕххыл фӕстаг бон лӕггад кодта. Уый фӕстӕ йын стӕрхон кодтой ӕмӕ йӕ амардтой.
Гъемӕ Оливӕбӕлӕсты хохыл Вифанийӕ Иерусалиммӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд Петр фӕкомкоммӕ, Йесо уый размӕ бон кӕй ралгъыста, уыцы бӕласмӕ ӕмӕ уыциу хъӕр фӕкодта: «Ахуыргӕнӕг, уӕртӕ-ма! Кӕй ралгъыстай, уыцы легъуибӕлас бахус!» (Марчы 11:21).
Цымӕ Йесо уыцы бӕлас цӕмӕн бахус кодта? Уый базонӕн ис, Петрӕн цы дзуапп радта, уымӕй: «Ӕцӕг уын зӕгъын: уырнындзинад уӕм куы уа ӕмӕ дызӕрдыг куы нӕ кӕнат, уӕд, ӕз ацы легъуибӕласӕн цы сарӕзтон, канд уый нӕ сараздзыстут, фӕлӕ мӕнӕ ацы хохӕн афтӕ куы зӕгъат, сыст ӕмӕ дӕхи уӕртӕ денджызы баппар, зӕгъгӕ, уӕд афтӕ бакӕндзӕн. Уырнындзинад уӕм уӕд, ӕндӕр Хуыцауӕй цыфӕнды ма ракурат,– сӕххӕст уын кӕндзӕн уӕ курдиат» (Матфейы 21:21, 22). Афтӕмӕй та ногӕй загъта, уырнындзинады тыххӕй уымӕй размӕ цы загъта, уый (Матфейы 17:20).
Уӕдӕ, уыцы бӕлас кӕй бахус кодта, уый фӕрцы бамбарын кодта, Хуыцауыл ӕууӕндын куыд ахсджиаг у. Йесо загъта: «Цӕйфӕнды тыххӕй ма куват ӕмӕ цыфӕнды ма курат,– афтӕ йӕ нымайут, цыма уӕ курдиат сӕххӕст, ӕмӕ уын ӕнӕмӕнгӕй сӕххӕст уыдзӕн» (Марчы 11:24). Ахӕм уырнындзинад хъуамӕ уа Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр! Уый уӕлдай ахсджиаг та уыд йӕ апостолтӕн, уымӕн ӕмӕ сӕм разӕй стыр фӕлварӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ каст. Фӕлӕ ма, чи бахус, уыцы легъуибӕлас ӕмӕ уырнындзинады хабар ноджыдӕр иу цӕмӕйдӕр уыдысты ӕмхуызон.
Уыцы легъуибӕласау Израилы адӕм дӕр сӕхи ӕвдыстой, цыхуызӕн нӕ уыдысты, ахӕмтӕй. Кӕддӕр Хуыцау семӕ скодта бадзырд, ӕмӕ, чи зоны, афтӕ зынди, цыма йын йӕ Закъон ӕххӕст кодтой. Фӕлӕ сӕм ӕцӕгӕй та, иуӕй-иуты йеддӕмӕ, уырнындзинад нӕ уыд ӕмӕ хорз дыргъ нӕ хастой. Суанг ма Хуыцауӕн йӕ Фыртыл дӕр нӕ баууӕндыдысты! Уӕдӕ Йесо, хуыскъ легъуибӕлас кӕй бахус кодта, уымӕй равдыста, дыргъ чи нӕ хаста ӕмӕ уырнындзинад кӕмӕ нӕ уыд, уыцы адӕммӕ цы кӕрон ӕнхъӕлмӕ каст, уый.
Уӕдмӕ Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иерусалиммӕ бацыдысты. Ӕмӕ та Йесо иннӕ хӕттытау кувӕндоны адӕмы ахуыр кӕнын райдыдта. Уым ӕм сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ адӕмы хистӕр лӕгтӕ бацыдысты. Йесо уый размӕ бон ӕхцаивджытӕн цытӕ бакуыста, уый сын, ӕвӕццӕгӕн, ӕнцой нӕ лӕвӕрдта, ӕмӕ йӕ бафарстой: «Кӕцӕй дӕм ис ацы хъуыддӕгтӕ кӕныны бар? Ахӕм бар дын чи радта, ӕмӕ афтӕ кӕнай?» (Марчы 11:28).
Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз дӕр уӕ иу цӕмӕйдӕр бафӕрсдзынӕн. Кӕд мын дзуапп раттат, уӕд уын ӕй ӕз дӕр зӕгъдзынӕн, кӕцӕй мӕм ис ацы хъуыддӕгтӕ кӕныны бар. Иоанмӕ донаргъуыд дӕттыны бар уӕларвӕй уыд ӕви йын ӕй адӕм радтой? Зӕгъут-ма мын ӕй». Ныр та уыдоны хъуыди дзуапп дӕттын. Гъемӕ сауджынтӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ кӕрӕдзиимӕ уынаффӕ кӕнын байдыдтой, цавӕр дзуапп ын раттой, уый фӕдыл: «Афтӕ куы зӕгъӕм: „Уӕларвӕй“, уӕд нын зӕгъдзӕн, ӕмӕ йыл уӕд цӕуылнӕ баууӕндыдыстут, зӕгъгӕ. Фӕлӕ афтӕ дӕр куыд зӕгъӕм, адӕм ын радтой уыцы бар, зӕгъгӕ?» Афтӕ уымӕн хъуыды кодтой, ӕмӕ адӕмӕй тарстысты, «уымӕн ӕмӕ Иоанны иууылдӕр пехуымпарыл нымадтой» (Марчы 11:29–32).
Йесойы знӕгтӕ дзуаппӕн ницы ӕрымысыдысты, ӕмӕ йын загътой: «Нӕ йӕ зонӕм». Ӕмӕ сын уӕд Йесо дӕр загъта: «Гъемӕ уын ӕй ӕз дӕр нӕ зӕгъдзынӕн, ацы хъуыддӕгтӕ кӕныны бар мӕм кӕцӕй ис» (Марчы 11:33).
-
-
Дыууӕ фӕсномыг ныхасы сӕнӕфсирдӕтты тыххӕйЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
106 СӔР
Дыууӕ фӕсномыг ныхасы сӕнӕфсирдӕтты тыххӕй
МАТФЕЙЫ 21:28–46 МАРЧЫ 12:1–12 ЛУКАЙЫ 20:9–19
ФӔСНОМЫГ НЫХАС ДЫУУӔ ФЫРТЫ ТЫХХӔЙ
ФӔСНОМЫГ НЫХАС СӔНӔФСИРДОНЫ КУСДЖЫТЫ ТЫХХӔЙ
Гыццыл раздӕр сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ адӕмы хистӕр лӕгтӕ Йесойы кувӕндоны фарстой, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразыны бар дӕм кӕцӕй ис, зӕгъгӕ. Ӕмӕ сын цы дзуапп радта, уӕд ныхмӕ ницыуал зӕгъын бафӕрӕзтой. Уый фӕстӕ, ӕцӕгӕй цавӕр адӕймӕгтӕ сты, уый равдисынӕн Йесо радзырдта ахӕм фӕсномыг ныхас:
«Иу лӕгӕн уыди дыууӕ фырты. Уыцы лӕг йӕ фырттӕй иумӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: „Хъӕбул, ацу ӕмӕ абон сӕнӕфсирдоны бакус“. Уый йын загъта: „Нӕ ацӕудзынӕн“, фӕлӕ уый фӕстӕ йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт, ӕмӕ ацыди. Бацыд иннӕ фыртмӕ дӕр, ӕмӕ уымӕн дӕр афтӕ загъта. Уый та йын загъта: „Цӕуын, мӕ фыд“, фӕлӕ нӕ ацыд. Уӕдӕ дыууӕ фыртӕй йӕ фыды фӕндон чи сӕххӕст кодта?» (Матфейы 21:28–31, «Ног дунейы тӕлмац», 2013, англ.). Дзуапп бӕлвырд у – фыццаг фырт сӕххӕст кодта йӕ фыды фӕндон, кӕд ӕй райдианы нӕ фӕндыд, уӕддӕр.
Уымӕ гӕсгӕ Йесо, йӕ ныхмӕ чи цыд, уыдонӕн загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Хуыцауы паддзахадмӕ хъалонисджытӕ ӕмӕ хӕтаг сылгоймӕгтӕ уӕ разӕй бацӕудзысты». Хъалонисджытӕ ӕмӕ хӕтаг сылгоймӕгтӕ раздӕр Хуыцауӕн нӕ лӕггад кодтой. Фӕлӕ фӕстӕдӕр уыдон дӕр, фыццаг фыртау, ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ йын лӕггад кӕнын райдыдтой. Дины разамонджытӕ та, дыккаг фыртау, дзургӕ кодтой, мах Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм, зӕгъгӕ, фӕлӕ йын ӕцӕгӕй та нӕ лӕггад кодтой. Уымӕ гӕсгӕ сын Йесо загъта: «[Аргъауӕг] Иоанн ӕрцыд ӕмӕ уын рӕстдзинады фӕндаг амыдта, фӕлӕ йыл сымах нӕ баууӕндыдыстут. Хъалонисджытӕ ӕмӕ хӕтаг сылгоймӕгтӕ та йыл баууӕндыдысты. Ӕмӕ кӕд сымах уый федтат, уӕддӕр уӕ зӕрдӕ уӕхиуыл не ’рхудт ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдыстут» (Матфейы 21:31, 32).
Уый фӕстӕ ма Йесо радзырдта иу фӕсномыг ныхас. Уымӕй та равдыста, дины разамонджытӕн сӕ бӕллӕх ӕрмӕст уый мидӕг кӕй нӕ уыд, ӕмӕ Хуыцауӕн нӕ лӕггад кодтой – уыдон ма уыдысты фыдзӕрдӕ дӕр. Йесо радзырдта: «Иу лӕг скодта сӕнӕфсирдон, йӕ алыварс ын сӕхгӕдта, скъахта дзы сӕндуцӕн дзыхъхъ ӕмӕ дзы сарӕзта мӕсыг дӕр. Уый фӕстӕ сӕнӕфсирдон радта ӕххуырст кусджытӕм, йӕхӕдӕг та ацыди ӕндӕр бӕстӕм. Сӕнӕфсир тоныны афон куы ралӕууыд, уӕд сӕнӕфсирдоны кусджытӕм йӕ цагъары арвыста сӕнӕфсирӕй хай райсынмӕ. Фӕлӕ уыдон цагъары ӕрцахстой, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ афтидкъухӕй рарвыстой. Уӕд та сӕм арвыста ӕндӕр цагъары. Уымӕн та йӕ сӕр фӕхостой ӕмӕ дзы фӕхынджылӕг кодтой. Арвыста ма сӕм ноджыдӕр иу цагъары, ӕмӕ уый та маргӕ акодтой. Уый фӕстӕ дӕр ма сӕм бирӕ цагъарты фервыста, ӕмӕ уыдонӕй дӕр кӕй нӕмгӕ фӕкодтой, кӕй маргӕ акодтой» (Марчы 12:1–5).
Цымӕ, Йесомӕ чи хъуыста, уыдон уыцы фӕсномыг ныхас бамбӕрстой? Чи зоны, сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Исайы ныхӕстӕ: «Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы сӕнӕфсирдон у Израилы хӕдзар, Иудӕйы адӕм сты, кӕй уарзта, уыцы сӕнӕфсирбӕлӕстӕ. Уый ӕнхъӕлмӕ каст, рӕстӕй кӕй тӕрхон кӕндзысты, фӕлӕ федта, закъон кӕй халынц» (Исай 5:7). Йесойы фӕсномыг ныхасы дӕр сӕнӕфсирдоны хицау у Йегъовӕ, сӕнӕфсирдон та – Израилы адӕм. Йегъовӕ сын йӕ Закъон кӕй радта, уый фӕрцы сӕ хъахъхъӕдта – зӕгъӕн ис, ӕмӕ сын сӕ алыварс сӕхгӕдта. Уымӕй уӕлдай сӕм йӕ пехуымпарты ӕрвыста, цӕмӕй сӕ ахуыр кодтаиккой ӕмӕ сын царды хорз дыргъ хӕссынӕн ӕххуыс кодтаиккой.
Фӕлӕ-иу сӕнӕфсирдоны кусджытӕ, хицау-иу сӕм кӕй арвыста, уыцы «цагъартӕн» алы фыдмитӕ фӕкодтой ӕмӕ-иу сӕ амардтой. Йесо бамбарын кодта: «[Сӕнӕфсирдоны хицауӕн] ма баззад ӕрмӕстдӕр йӕ уарзон фырт. Ӕмӕ сӕм ӕппынфӕстаг уый арвыста, мӕ фыртӕй мын уӕддӕр фефсӕрмы уыдзысты, зӕгъгӕ. Фӕлӕ кусджытӕ кӕрӕдзийӕн загътой: „Ай бындар у. Амарӕм ӕй, ӕмӕ сӕнӕфсирдон мах бауыдзӕн!“ Гъемӕ йӕ ӕрцахстой [ӕмӕ йӕ] амардтой» (Марчы 12:6–8).
Уый фӕстӕ сӕ Йесо бафарста: «Куыд уӕм кӕсы, сӕнӕфсирдоны хицау куыд бакӕндзӕн?» (Марчы 12:9). Дины разамонджытӕ йын дзуапп радтой: «Фыдгӕнджытӕ сты, ӕмӕ сӕ фыдмард акӕндзӕн. Сӕнӕфсирдон та ратдзӕн, йӕ сӕнӕфсир ын афоныл чи дӕтта, ахӕм кусджытӕм» (Матфейы 21:41).
Уӕдӕ, сӕхи дӕр нӕ фӕндыд, афтӕмӕй сӕхицӕн стӕрхон кодтой, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр уыдысты Йегъовӕйы сӕнӕфсирдоны «кусджытӕй», ома Израилы адӕмы дины разамонджытӕй. Уыцы кусджытӕм Йегъовӕ цавӕр дыргъмӕ ӕнхъӕлмӕ каст? Зӕгъӕм, цӕмӕй йын йӕ Фыртыл, ома Мессийӕйыл, ӕууӕндыдаиккой. Йесо дины разамонджытӕм комкоммӕ бакаст ӕмӕ сын загъта: «Фыстад афтӕ зӕгъы: „Аразджытӕ цы дур аппӕрстой, уый сси фисыны сӕйраг дур. Уыцы хъуыддаг сарӕзта Йегъовӕ, ӕмӕ нӕм диссаг кӕсы“. Никуы бакастыстут уыцы ныхӕстӕ?» (Марчы 12:10, 11). Ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ хъуыды бӕлвырддӕр бамбарын кодта: «Гъе уымӕн уын зӕгъын: Хуыцауы паддзахад сымахӕй байсдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты, уыцы паддзахады аккаг хъуыддӕгтӕ чи кӕна, уыцы адӕмӕн» (Матфейы 21:43).
Сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ бамбӕрстой, «уыцы фӕсномыг ныхасы сӕ кой кӕй кодта» (Лукайы 20:19). Ӕмӕ сӕ ныр ноджы тынгдӕр фӕндыд Йесойы, сӕнӕфсирдоны хицауӕн йӕ «бындары», амарын. Фӕлӕ йӕ адӕм иууылдӕр пехуымпарыл кӕй нымадтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ тарстысты, ӕмӕ йӕм сӕ къух уыцы сахат нӕ систой.
-
-
Паддзах фӕдзырдта, чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи уыд, уыдонмӕЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
107 СӔР
Паддзах фӕдзырдта, чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи уыд, уыдонмӕ
ФӔСНОМЫГ НЫХАС ЧЫНДЗӔХСӔВЫ ТЫХХӔЙ
Йесойӕн зӕххыл йӕ лӕггад йӕ кӕронмӕ куыд хӕстӕгдӕр кодта, афтӕ дарддӕр фӕсномыг ныхӕсты фӕрцы чиныджыдӕсныты ӕмӕ сауджынты хистӕрты ӕцӕг цӕсгом ӕргом кодта. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй амарынвӕнд скодтой (Лукайы 20:19). Йесо уымӕй нӕ фӕтарст, фӕлӕ ма сын ноджыдӕр иу фӕсномыг ныхас радзырдта:
«Уӕларвон паддзахад абарӕн ис, йӕ лӕппуйӕн чындзӕхсӕв чи кодта, ахӕм паддзахимӕ. Паддзах йӕ цагъарты арвыста, цӕмӕй, чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи уыд, уыцы адӕммӕ фӕдзырдтаиккой, фӕлӕ уыдоны нӕ бафӕндыд ӕрбацӕуын» (Матфейы 22:2, 3). Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы «уӕларвон паддзахады» кой кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ «паддзах» Йегъовӕ Хуыцауы йеддӕмӕ чи хъуамӕ уа. Фӕлӕ чи у паддзахы фырт, стӕй чындзӕхсӕвмӕ хуынд адӕм та чи сты? Уый дӕр зын бамбарӕн нӕу. Паддзахы фырт у Йегъовӕйы Фырт – фӕсномыг ныхас чи дзырдта, уый. Хуынд адӕм та сты, йӕ Фыртимӕ уӕларвон Паддзахады чи хъуамӕ уа, уыдон.
Чи сты, фыццаг кӕй фӕхуыдтой, уыдон? Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕмӕн хъусын кодтой? Дзуттӕгтӕн (Матфейы 10:6, 7; 15:24). Н. э. размӕ 1513 азы дзуттӕгтӕ сразы сты Моисейы закъонимӕ баст бадзырд ӕххӕст кӕныныл, ӕмӕ афтӕмӕй фыццаг уыдонӕн лӕвӕрд ӕрцыд уый фадат, цӕмӕй «сауджынты паддзахад» суыдаиккой (Рацыд 19:5–8). Фӕлӕ сӕ «чындзӕхсӕвмӕ» кӕд фӕхуыдтой? Уый уыди н. э. 29 азы, Йесо уӕларвон Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын куы райдыдта, уӕд.
Цымӕ израилӕгтӕн сӕ фылдӕр уымӕ цы цӕстӕй ракастысты? Йесо куыд загъта, афтӕмӕй сӕ «нӕ бафӕндыд ӕрбацӕуын». Дины разамонджытӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ баууӕндыдысты, Йесо Мессийӕ ӕмӕ Хуыцауы ӕвӕрд Паддзах кӕй у, ууыл.
Фӕлӕ дарддӕр Йесо бамбарын кодта, дзуттӕгтӕн ма ноджыдӕр иу фадат лӕвӕрд кӕй ӕрцӕудзӕн. Уый загъта: «Уӕд та [паддзах] арвыста ӕндӕр цагъарты, зӕгъгӕ, хуынд адӕмӕн зӕгъут: „Фынгтӕ ӕвӕрд сты, аргӕвстон галтӕ ӕмӕ хаст фос. Ӕппӕт дӕр цӕттӕ у. Рацӕут чындзӕхсӕвмӕ“. Фӕлӕ сын уыдон сӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой, ӕмӕ сӕ чи йӕ хуыммӕ ацыд, чи та – базары хъуыддӕгты фӕдыл. Иннӕтӕ та йын йӕ цагъарты ӕрцахстой, фӕнадтой сӕ ӕмӕ сӕ амардтой» (Матфейы 22:4–6). Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад, чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд. Уыцы рӕстӕджы ма дзуттӕгтӕн уӕларвон Паддзахадмӕ бацӕуыны фадат уыди, фӕлӕ сӕ фылдӕры уӕддӕр нӕ бафӕндыд. Уый нӕ, фӕлӕ ма «паддзахы цагъартӕн» сӕ фӕдыл дӕр зылдысты (Хъуыддӕгтӕ 4:13–18; 7:54, 58).
Уый тыххӕй дзуттаг адӕммӕ цы ’нхъӕлмӕ каст? Йесо загъта: «Паддзах смӕсты, уыцы лӕгмартӕм йе ’фсӕдтӕ арвыста, ӕмӕ сӕ ныццагътой, сӕ горӕт та сын басыгътой» (Матфейы 22:7). Уый дзуттӕгтӕ сӕхиуыл бавзӕрстой н. э. 70 азы. Уыцы аз сын ромӕгтӕ «сӕ горӕт», ома Иерусалим, ныппырх кодтой.
Дзуттӕгты ӕрбацӕуын кӕй нӕ бафӕндыд, уый цымӕ ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕндӕр никӕйуал фӕхуыдтой? Фӕсномыг ныхасмӕ гӕсгӕ уый афтӕ нӕ уыд. Йесо дарддӕр радзырдта: «Уый фӕстӕ [паддзах] йӕ цагъартӕн загъта: „Чындзӕхсӕвы фынгтӕ цӕттӕ сты, фӕлӕ хуынд адӕм аккаг нӕ разындысты. Уӕдӕ ацӕут, горӕтӕй цы фӕндӕгтӕ цӕуы, уырдӕм, ӕмӕ дзы кӕуылдӕриддӕр сӕмбӕлат,– фӕхонут сӕ чындзӕхсӕвмӕ“. Цагъартӕ дӕр фӕндӕгтӕм рацыдысты ӕмӕ кӕуыл сӕмбӕлдысты, уыдоны се ’ппӕты дӕр, ӕвзӕрты дӕр ӕмӕ хӕрзты дӕр, ӕрӕмбырд кодтой. Ӕмӕ, чындзӕхсӕв кӕм кодтой, уыцы уаты фынгтӕ адӕмӕй байдзаг сты» (Матфейы 22:8–10).
Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, фӕстӕдӕр апостол Петр ӕххуыс кӕнын райдыдта ӕндӕр адӕмыхӕттытӕн, цӕмӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ суыдаиккой. Уыцы адӕмтӕ дзуттӕгтӕ нӕ уыдысты, стӕй – дзуттаг дин чи райста, ахӕмтӕ дӕр. Н. э. 36 азы Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты ромаг ӕфсӕддон хицау Корнилий ӕмӕ йӕ бинонтӕ, ӕмӕ сын фадат фӕзынд, цӕмӕй, Йесо кӕй кой кодта, уыцы уӕларвон Паддзахадмӕ бацыдаиккой (Хъуыддӕгтӕ 10:1, 34–48).
Фӕлӕ, чындзӕхсӕвмӕ чи ’рбацыд, уыдон се ’ппӕт «паддзахы» хорзӕх не ссардтой. Йесо загъта: «Паддзах йӕ уазджыты фенынмӕ куы бацыд, уӕд дзы йӕ цӕст ӕрхӕцыд, чындзӕхсӕвы дарӕс кӕуыл нӕ уыд, ахӕм адӕймагыл. Ӕмӕ йӕ бафарста: „Хорз лӕг, чындзӕхсӕвы дарӕс дыл куы нӕй, уӕд ардӕм куыд ӕрбацыдтӕ?“ Лӕгӕн йӕ дзыхӕй сыбыртт дӕр не схауд. Ӕмӕ уӕд паддзах йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: „Йӕ къухтӕ ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕ сбӕттут ӕмӕ йӕ ӕддӕмӕ, талынгмӕ аппарут. Уырдыгӕй цӕудзӕн йӕ кӕуын ӕмӕ йӕ хъӕрзын“. О, хуынд адӕм бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ та – гыццыл» (Матфейы 22:11–14).
Йесомӕ чи хъуыста, уыцы дины разамонджытӕ, фӕсномыг ныхас цы нысан кӕны кӕнӕ кӕмӕ хауы, уый, чи зоны, нӕ бамбӕрстой. Фӕлӕ, йӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ фӕцыдысты, уый бӕлвырд уыд. Ныры хуызӕн ӕм никуы смӕсты сты ӕмӕ сӕхицӕн загътой, ахӕм ӕгады бынаты сӕ чи ӕвӕры, уымӕй цыфӕндыйӕ дӕр кӕй хъуамӕ фервӕзой.
-
-
Ныхасӕй ӕрцахсынмӕ йӕ чи хъавыд, уыдоны фыдвӕндтӕ фехӕлдтаЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
108 СӔР
Ныхасӕй ӕрцахсынмӕ йӕ чи хъавыд, уыдоны фыдвӕндтӕ фехӕлдта
МАТФЕЙЫ 22:15–40 МАРЧЫ 12:13–34 ЛУКАЙЫ 20:20–40
ПАДДЗАХЫ ЦЫ У, УЫЙ ДӔТТУТ ПАДДЗАХӔН
ЧИ РАЙГАС УА, УЫДОН УСТЫТӔ КУРДЗЫСТЫ ӔМӔ ЧЫНДЗЫ ЦӔУДЗЫСТЫ?
ӔППӔТЫ СӔЙРАГДӔР ФӔДЗӔХСТЫТӔ
Дины разамонджытӕ Йесомӕ мӕстӕй сыгъдысты. Гыццыл раздӕр цы фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта, уыдоны фӕрцы сын сӕ зӕрдӕты фыддзинад хурмӕ рахаста. Ӕмӕ ныр фарисейтӕ бауынаффӕ кодтой Йесойы ныхасӕй ӕрцахсыныл. Хъуамӕ йын ахӕм исты зӕгъын кодтаиккой, цӕмӕй афтӕ рауадаид, ӕмӕ Ромы ӕвӕрд хицауы ныхмӕ цӕуы. Гъемӕ сӕ ахуыргӕнинӕгтӕй кӕмӕндӕрты бафыстой ӕмӕ сӕ Йесомӕ барвыстой (Лукайы 6:7).
Уыдон ӕй бафарстой: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕй зонӕм, ды алцыдӕр раст дзурыс ӕмӕ раст ахуыр кӕныс ӕмӕ хъулон никӕй кӕныс. Ды Хуыцауы фӕндаг раст амоныс. Зӕгъ-ма нын, паддзахӕн нын хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?» (Лукайы 20:21, 22). Фӕлӕ Йесо, зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕй кӕй асайай, ахӕм нӕ уыд. Цӕстмӕ митӕ кӕй кӕнынц ӕмӕ йыл хинӕй рацӕуынмӕ кӕй хъавынц, уый ӕмбӕрста. Уӕдӕ сын афтӕ куы загътаид, хъалон фидын нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, уӕд ӕй фӕаххосджын кодтаиккой, Ромы паддзахады ныхмӕ, дам, цӕуы. Афтӕ куы загътаид, зӕгъгӕ, хъӕуы хъалон фидын, уӕд та йӕ адӕм раст нӕ бамбӕрстаиккой ӕмӕ йӕ ныхмӕ фӕуыдаиккой, уымӕн ӕмӕ, Ромы дӕлбар кӕй уыдысты, уымӕн ӕнӕуи дӕр тыххӕй-фыдӕй быхстой. Ӕмӕ сын уӕдӕ цавӕр дзуапп хъуамӕ радтаид?
Йесо загъта: «Цы мӕ къахут, цӕстмӕхъустӕ? Равдисут-ма мӕм, хъалон цы ӕхцайӕ фидут, уый». Ӕмӕ йӕм ӕрбахастой динар. Уӕд сӕ бафарста: «Кӕй ныв ӕмӕ кӕй ном ис ацы ӕхцайыл?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Паддзахы». Ӕмӕ сын уӕд радта диссаджы уынаффӕ: «Уӕдӕ, паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн» (Матфейы 22:18–21).
Фарисейты ӕрвыст лӕгты Йесойы ныхӕстӕ дисы бафтыдтой. Ахӕм куырыхон дзуаппы фӕстӕ ма йын цы загътаиккой, уый нӕ зыдтой, ӕмӕ йӕ ныууагътой. Фӕлӕ уыцы бон нӕма фӕци. Стӕй йӕ ныхасӕй ӕрцахсынмӕ чи хъавыд, уыдон дӕр сӕ гӕрзтӕ ӕрӕвӕрынвӕнд нӕ кодтой. Фарисейты фыдвӕндӕй куы ницы рауад, уӕд Йесомӕ бацыдысты ӕндӕр дины къорды разамонджытӕ – саддукейтӕ.
Саддукейты нӕ уырныдта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый. Гъемӕ Йесойы бафарстой, цалдӕр ӕфсымӕры ус чи уыд ӕмӕ стӕй чи амард, ахӕм сылгоймаджы тыххӕй: «Ахуыргӕнӕг, Моисей загъта: „Лӕг ӕнӕзӕнӕгӕй куы амӕла, уӕд ын йе ’фсымӕр хъуамӕ ракура йӕ усы ӕмӕ йӕ мард ӕфсымӕрӕн зӕнӕг рауадза“. Не ’хсӕн цардис авд ӕфсымӕры. Хистӕр ус ракуырдта ӕмӕ амарди, ӕмӕ йын зӕнӕг кӕй нӕ рацыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бинойнаг йе ’фсымӕры ус баци. Афтӕ рауад йӕ хабар дыккагӕн дӕр ӕмӕ ӕртыккагӕн дӕр, стӕй иннӕтӕн дӕр суанг ӕвдӕмы онг. Се ’ппӕты фӕстӕ амарди сылгоймаг дӕр. Ӕмӕ ныр, мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд авд ӕфсымӕрӕй кӕцыйы ус уыдзӕн, се ’ппӕты бинойнаг дӕр куы уыди?» (Матфейы 22:24–28).
Саддукейтӕ Моисейы фыст чингуытыл ӕууӕндыдысты, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ Йесо сӕ хъус ӕрдардта, уыцы чингуыты цы фыст уыд, уымӕ: «Фыстад дӕр ӕмӕ, Хуыцаумӕ цы тых ис, уый дӕр кӕй нӕ зонут, уый тыххӕй нӕ рӕдийут, ӕви? Мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд нӕдӕр устытӕ курдзысты, нӕдӕр чындзы цӕудзысты, фӕлӕ уыдзысты уӕларвон зӕдты хуызӕн. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй та Моисейы чиныджы, сындзы къутӕры кой кӕм кӕны, уым нӕ кастыстут, Хуыцау ын афтӕ кӕй загъта: „Ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау“? Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, фӕлӕ удӕгӕсты. Уӕдӕ сымах тынг рӕдийут» (Марчы 12:24–27; Рацыд 3:1–6). Ахӕм дзуапп фехъусгӕйӕ адӕм дисӕй мардысты.
Фарисейтӕн дӕр ӕмӕ саддукейтӕн дӕр сӕ бон нӕ баци Йесойы ныхасӕй ӕрцахсын. Ӕмӕ кӕд уыцы дины разамонджытӕ кӕрӕдзийӕ се сӕфт уыдтой, уӕд сын ныр та иу хӕдон дӕр уӕрӕх сси. Гъемӕ Йесомӕ иумӕ бацыдысты, цӕмӕй йӕ ракъахтаиккой. Чиныджыдӕснытӕй йӕ иу бафарста: «Ахуыргӕнӕг, Закъоны фӕдзӕхстытӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕцы у?» (Матфейы 22:36).
Йесо йын дзуапп радта: «Фыццаг фӕдзӕхст у ахӕм: „Байхъус, Израил! Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ нӕй, ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ“. Дыккаг фӕдзӕхст та у ахӕм: „Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“. Адонӕй ахсджиагдӕр фӕдзӕхст нӕй» (Марчы 12:29–31).
Уый фехъусгӕйӕ йын чиныджыдӕсны загъта: «Ахуыргӕнӕг, раст загътай – „Хуыцау иу у, ӕмӕ уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй“. Ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт зондӕй, ӕппӕт хъаруйӕ уарзай, стӕй, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарзай иннӕты дӕр – уый бирӕ ахсджиагдӕр у судзинаг нывӕндтӕй се ’ппӕтӕй дӕр ӕмӕ ӕппӕт иннӕ нывӕндтӕй дӕр». Ӕмбаргӕ адӕймаджы дзуапп кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ йын Йесо загъта: «Хуыцауы паддзахадӕй дард нӕ дӕ» (Марчы 12:32–34).
Ӕртӕ боны дӕргъы (9, 10 ӕмӕ 11 нисаны) Йесо кувӕндоны адӕмы ахуыр кодта, ӕмӕ йӕм чидӕртӕ, зӕгъӕм, уыцы чиныджыдӕсны, ӕхсызгонӕй хъуыстой. Фӕлӕ дины разамонджытӕй уый зӕгъӕн нӕ уыди. Уыдонӕй ныр «йӕ бафӕрсынмӕ йӕ ныфс ничиуал хаста».
-
-
Дины разамонджытӕн бауайдзӕф кодтаЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
109 СӔР
Дины разамонджытӕн бауайдзӕф кодта
МАТФЕЙЫ 22:41–23:24 МАРЧЫ 12:35–40 ЛУКАЙЫ 20:41–47
ЧЫРЫСТИ КӔЙ ФЫРТ У?
ЙЕСО ЙЕ ЗНӔГТЫ ЦӔСТМӔ МИТӔ ХУРМӔ КАЛЫ
Дины разамонджытӕн сӕ бон нӕ сси Йесойы адӕмы цӕсты бафтауын кӕнӕ йӕ ныхасӕй ӕрцахсын, ӕмӕ йӕ ромӕгты къухтӕм раттын (Лукайы 20:20). Ӕмӕ сын ныр, 11 нисаны, кувӕндоны Йесо фат сӕхирдӕм фӕзылдта ӕмӕ бӕлвырд бамбарын кодта, чи у, уый. Йӕхӕдӕг сӕ бафарста: «Цы хъуыды кӕнут Чырыстийы тыххӕй? Кӕй фырт у?» (Матфейы 22:42). Чырысти, ома Мессийӕ, Давиды байзӕддаг кӕй хъуамӕ уыдаид, уый алчидӕр зыдта. Ӕмӕ йын ӕндӕр цы хъуамӕ загътаиккой! (Матфейы 9:27; 12:23; Иоанны 7:42).
Ӕмӕ сӕ уӕд Йесо бафарста: «Ӕмӕ йӕ уӕд Давид Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разӕнгардӕй йӕ Хицау куыд хоны? Афтӕ куы дзуры, зӕгъгӕ, „Йегъовӕ мӕ Хицауӕн загъта: „Бад мӕ рахиз фарс, цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ“. Уӕдӕ йӕ кӕд Давид йӕ Хицау хоны, уӕд йӕ фырт куыд у?» (Матфейы 22:43–45).
Фарисейтӕ хъусӕй лӕууыдысты, уымӕн ӕмӕ афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, ӕмӕ сӕ Ромы ӕфсондзы бынӕй Давиды байзӕддаг, хуымӕтӕг зӕххон адӕймаг, фервӕзын кӕндзӕн. Фӕлӕ сын Йесо сӕ хъус ӕрдардта Давиды ныхӕстӕм – Псаломы 110:1, 2 стихты цы фыст ис, уымӕ. Ӕмӕ сын афтӕмӕй бамбарын кодта, Мессийӕ ӕнӕуи зӕххон хицау кӕй нӕ уыдзӕн. Мессийӕ у Давидӕн йӕ Хицау, ӕмӕ уал нырма хъуамӕ Хуыцауы рахиз фарс бадтаид ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ райстаид бартӕ йӕ къухмӕ. Ахӕм дзуаппы фӕстӕ ма Йесойӕн йе знӕгтӕ цы хъуамӕ загътаиккой!
Йесо фарисейтимӕ куыд ныхас кодта, уымӕ хъуыстой йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр чидӕртӕ дӕр. Ӕмӕ ныр йе ’ргом уыдонмӕ аздӕхта ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхста, чиныджыдӕснытӕй ӕмӕ фарисейтӕй уӕхи хизут, зӕгъгӕ. Уыдон «ӕрбадтысты Моисейы бынаты», цӕмӕй адӕмӕн Хуыцауы Закъон амыдтаиккой. Уымӕ гӕсгӕ Йесо йӕ ныхасмӕхъусджытӕн загъта: «Цыдӕриддӕр [уын] дзурынц, уый кӕнут, сӕ хъуыддӕгтӕ та сын ма фӕзмут, уымӕн ӕмӕ, цы дзурынц, уый сӕхӕдӕг нӕ аразынц» (Матфейы 23:2, 3).
Уый фӕстӕ сын Йесо сӕ цӕстмӕ митӕй кӕцыдӕрты кой скодта: «Сӕ ныхтыл ӕмӕ сӕ цӕнгтыл Закъоны ныхӕстимӕ цы къоппытӕ дарынц, уыдон фестырдӕр кӕнынц». Дзуттӕгтӕй иуӕй-иутӕ сӕ ныхтыл кӕнӕ сӕ цӕнгтыл дардтой гыццыл къоппытӕ. Сӕ мидӕг-иу уыди скъуыддзӕгтӕ Закъонӕй. Фӕлӕ фарисейтӕ уыцы къоппытӕ фестырдӕр кодтой, цӕмӕй сӕхи равдыстаиккой, мах Закъоныл тынг ӕнувыд стӕм, зӕгъгӕ. Йесо ма ноджыдӕр загъта, «сӕ уӕлӕдарӕсы хаутӕ та даргъдӕр фӕкӕнынц», зӕгъгӕ. Израилӕгтӕ-иу сӕ уӕлӕдарӕсы фӕдджитыл хъуамӕ скодтаиккой хаутӕ. Фӕлӕ-иу фарисейтӕ уыцы хаутӕ иннӕтӕй даргъдӕр фӕкодтой (Нымӕцтӕ 15:38–40). Ӕппӕт уыдӕттӕ арӕзтой «адӕмы цӕстмӕ» (Матфейы 23:5).
Кадмондаджы низӕй Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр хызт нӕ уыдысты, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ ахӕм уынаффӕ радта: «Сымах ахуыргӕнӕг мачи хонӕд, уымӕн ӕмӕ уын иу ахуыргӕнӕг ис, сымах та уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут. Стӕй зӕххыл уӕ фыд дӕр макӕй хонут, уымӕн ӕмӕ уын иу Фыд ис – уӕларвон Фыд. Разамонджытӕ дӕр уӕ мачи хонӕд, уымӕн ӕмӕ уын иу Разамонӕг ис – Чырысти». Уӕдӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕхимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кастаиккой ӕмӕ сӕхи куыд хъуамӕ дардтаиккой? Йесо сын загъта: «Уе ’хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд лӕггадгӕнӕг. Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн» (Матфейы 23:8–12).
Уый фӕстӕ Йесо цӕстмӕхъус чиныджыдӕснытӕн ӕмӕ фарисейтӕн загъта ахӕм карз ныхӕстӕ: «Додой уӕ къона, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ! Цӕстмӕхъустӕ! Сымах адӕмӕн уӕларвон паддзахады дуар ӕхгӕнут – уӕхӕдӕг дӕр нӕ хизут мидӕмӕ, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут» (Матфейы 23:13).
Йесо фарисейтӕн карзӕй бауайдзӕф кодта, Йегъовӕйы цӕсты сӕйрагдӕр цы у, уый кӕй ницӕмӕ дардтой, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, уыдон дзырдтой: «Исчи кувӕндонӕй куы расомы кӕна, уӕд ницы кӕны, фӕлӕ кувӕндоны сызгъӕринӕй чи расомы кӕна, уымӕн йӕ сомы ӕнӕсӕххӕстгӕнгӕ нӕй». Ӕмӕ афтӕмӕй равдыстой, куырмытӕй уӕлдай кӕй нӕ уыдысты. Кувӕндонӕй сын йӕ сызгъӕрин сӕйрагдӕр уыди. Адӕм дзы Йегъовӕйӕн кӕй куывтой ӕмӕ йӕм ӕнгомдӕр кӕй кодтой, уый сӕм нымады дӕр нӕ уыд. Стӕй «ницӕмӕ дардтой» Хуыцауы «Закъоны сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕ», ома «рӕстдзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинад» (Матфейы 23:16, 23; Лукайы 11:42).
Йесо уыцы фарисейтӕн загъта: «Куырм разамонджытӕ! Уӕ сӕн фӕрсудзгӕ кӕнут, цӕмӕй дзы къогъо ма уа, теуайы та ныхъуыргӕ акӕнут!» (Матфейы 23:24). Сӕ сӕны къогъо куы фӕуа, уый тӕссӕй-иу ӕй фӕрсудзгӕ кодтой, уымӕн ӕмӕ Закъонмӕ гӕсгӕ къогъо чъизи цӕрӕгойыл нымад уыди. Фӕлӕ Закъоны стырдӕр фӕдзӕхстытӕ та ницӕмӕ дардтой – раст-иу цыма теуайы аныхъуырдтой. Афтӕмӕй та теуа дӕр Закъонмӕ гӕсгӕ чъизи цӕрӕгой уыд, ӕмӕ ма уымӕй дӕр – къогъойӕ бирӕ стырдӕр! (Левит 11:4, 21–24).
-
-
Фӕстаг бон кувӕндоныЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
110 СӔР
Фӕстаг бон кувӕндоны
МАТФЕЙЫ 23:25–24:2 МАРЧЫ 12:41–13:2 ЛУКАЙЫ 21:1–6
ЙЕСО ДАРДДӔР КАРЗӔЙ УАЙДЗӔФ КӔНЫ ДИНЫ РАЗАМОНДЖЫТӔН
КУВӔНДОН ПЫРХГОНД ӔРЦӔУДЗӔН
МӔГУЫР ИДӔДЗ УСЫ МЫСАЙНАГ – ДЫУУӔ ЛЫСТӔГ ӔХЦАЙЫ
Йесо фӕстаг хатт уыди кувӕндоны ӕмӕ чиныджыдӕсныты ӕмӕ фарисейты цӕстмӕ митӕ дарддӕр хурмӕ хаста, комкоммӕ ма сӕ цӕстмӕхъустӕ дӕр схуыдта. Ахӕм цӕвиттон сын ӕрхаста: «Къус ӕмӕ тӕбӕгъ ӕддейӕ ныссыгъдӕг кӕнут, мидӕгӕй та йедзаг сты стигъын ӕмӕ зыд кӕнынӕй. Куырм фарисей! Фыццаг уал къус ӕмӕ тӕбӕгъ мидӕгӕй ныссыгъдӕг кӕн, ӕмӕ уӕд ӕддейӕ дӕр сыгъдӕг уыдзысты» (Матфейы 23:25, 26). Уыдон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сӕхи сыгъдӕг бӕргӕ дардтой, стӕй сын се ’ддаг бакастмӕ дӕр фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй уыди. Фӕлӕ сӕ сӕхи мидӕгӕй, ома сӕ удыхъӕд ӕмӕ сӕ зӕрдӕ, сыгъдӕг кӕнын кӕй хъуыди, уый та сӕм нымады дӕр нӕ уыд.
Сӕ цӕстмӕ митӕ ма ноджыдӕр бӕрӕг уыдысты, пехуымпартӕн зӕппӕдзтӕ кӕй арӕзтой ӕмӕ-иу сӕ кӕй срӕсугъд кодтой, уымӕй дӕр. Фӕлӕ Йесо куыд загъта, афтӕмӕй уыдон уыдысты, «пехуымпарты чи мардта, уыдоны фырттӕ» (Матфейы 23:31). Ӕмӕ уый ирдӕй рабӕрӕг, Йесойы марынмӕ кӕй хъавыдысты, уымӕй (Иоанны 5:18; 7:1, 25).
Уый фӕстӕ Йесо бамбарын кодта, уыцы дины разамонджытӕ куы не ’рфӕсмон кодтаиккой, уӕд сӕм цы ’нхъӕлмӕ каст, уый: «Кӕлмытӕ! Калмы мыггаг! Ӕнхъӕлут, ӕмӕ гееннӕйы азарӕй алидздзыстут?» (Матфейы 23:33). Гееннӕ нысан кӕны «Енномы дӕлвӕз». Уыцы дӕлвӕзмӕ-иу калдтой бырӕттӕ ӕмӕ-иу сӕ уым сыгътой. Уӕдӕ уый хорз ӕвдыста, фыдзӕрдӕ чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕнустӕм сӕфт кӕй ӕрцӕудзысты, уый.
Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ номӕй адӕммӕ цӕудзысты. Уыдон уыдзысты «пехуымпартӕ, зондджын лӕгтӕ ӕмӕ зондамонджытӕ». Ӕмӕ дины разамонджытӕ уыдонмӕ та цы цӕстӕй кӕсдзысты? Йесо сын загъта: «Кӕйдӕрты дзы [ома йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй] амардзыстут ӕмӕ хъӕдыл байтындздзыстут, кӕйдӕрты та дзы уе ’мбырдгӕнӕнты ехсӕй нӕмдзыстут ӕмӕ иу горӕтӕй иннӕмӕ сӕ фӕдыл зилдзыстут. Гъемӕ сымахыл уыдзӕн, зӕххыл цы рӕстгӕнджыты туг ныккалд, уый: рӕстгӕнӕг Авелы тугӕй райдай ӕмӕ... Захарийы тугӕй... кӕй амардтат, уый тугӕй фӕу». Ӕмӕ сӕ стӕй бафӕдзӕхста: «Ӕцӕг уын зӕгъын: ӕппӕт уыцы фыдракӕндты тыххӕй дзуапп ратдзысты ацы фӕлтӕр» (Матфейы 23:34–36). Ӕмӕ н. э. 70 азы хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад – Ромы ӕфсӕдтӕ Иерусалим ныппырх кодтой, ӕмӕ дзуттӕгтӕй сӕдӕгай минтӕ фӕмард.
Иерусалиммӕ ахӕм ӕвирхъау бӕллӕх кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ Йесойӕн йӕ зӕрдӕ суынгӕг, ӕмӕ загъта: «Иерусалим, Иерусалим, пехуымпарты чи мары ӕмӕ йӕм кӕй арвитынц, уыдоны дуртӕй чи фӕхойы! Цал хатты мӕ фӕндыд, карк йӕ цъиуты йӕ базырты бын куыд ӕрбамбырд кӕны, афтӕ дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнын! Фӕлӕ уӕ нӕ бафӕндыд. Ныр уын Хуыцау уӕ хӕдзар ныууадздзӕн» (Матфейы 23:37, 38). Уыцы ныхӕстӕ чи фехъуыста, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодтой: «Цымӕ цавӕр „хӕдзары“ кой кӕны. Мыййаг, Иерусалимы нӕргӕ кувӕндоны кой? Фӕлӕ уый гӕнӕн куыд ис, Хуыцау ӕй куы хъахъхъӕны?!»
Уый фӕстӕ Йесо йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Зӕгъын уын: нал мӕ фендзыстут, цалынмӕ нӕ зӕгъат: „Арфӕгонд у, Йегъовӕйы номӕй чи ’рцӕуы, уый!“» (Матфейы 23:39). Ам Йесо ӕрхаста, Псаломы 118:26 стихы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон: «Арфӕгонд у, Йегъовӕйы номӕй чи ’рцӕуы, уый! Арфӕ уын кӕнӕм Йегъовӕйы хӕдзарӕй». Уӕдӕ кувӕндон пырхгонд куы ’рцыдаид, уӕд уырдӕм Хуыцауы номӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ничиуал бацыдаид.
Уый фӕстӕ Йесо ацыд кувӕндоны иннӕ хаймӕ, ӕхцавӕрӕнтӕ кӕм уыдысты, уырдӕм. Ӕхцавӕрӕнтӕн уӕлейӕ уыди гыццыл хуынчъытӕ. Ӕмӕ Йесо каст, дзуттӕгтӕ куыд цыдысты ӕмӕ сӕ мысайнӕгтӕ уыцы хуынчъыты куыд ӕппӕрстой, уымӕ. Хъӕздгуытӕ «ӕппӕрстой бирӕ ӕхца». Фӕлӕ уалынмӕ Йесо бафиппайдта иу мӕгуыр идӕдз усы. Уый ныппӕрста «дыууӕ лыстӕг ӕрхуы ӕхцайы» (Марчы 12:41, 42). Йесо зыдта, уыцы сылгоймаджы лӕварӕй Хуыцау тынг райгонд кӕй уыди.
Гъемӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: уӕртӕ уыцы мӕгуыр идӕдз ус ӕхцавӕрӕны се ’ппӕтӕй фылдӕр ныппӕрста». Цымӕ Йесо афтӕ цӕмӕн загъта? Дарддӕр ӕй бамбарын кодта: «Уыдон дзы уый тыххӕй ӕппӕрстой, ӕмӕ сӕм фагӕй фылдӕр ис. Уыцы идӕдз ус та, кӕд мӕгуыр у, уӕддӕр ныппӕрста, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый, йӕ фӕстаг ӕхцатӕ» (Марчы 12:43, 44). Куыд тынг хицӕн кодта уыцы сылгоймаг йӕ хъуыдытӕй дӕр ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй дӕр дины разамонджытӕй!
11 нисан йӕ цыды кой кодта. Йесо кувӕндонӕй фӕстаг хатт куы рацӕйцыд, уӕд ын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу загъта: «Ахуыргӕнӕг, акӕс-ма! Мӕнӕ цы дуртӕ ӕмӕ цы агъуыстытӕ ис!» (Марчы 13:1). Кувӕндоны къултӕ цы дуртӕй амад уыдысты, уыдонӕй иуӕй-иутӕ ӕцӕгдӕр тынг стыртӕ уыдысты. Ӕмӕ адӕймагмӕ афтӕ каст, ӕмӕ ахӕм тых нӕй, уыцы кувӕндон чи фӕцудын кӕна. Уӕдӕ, Йесо цы загъта, уый кӕмӕфӕнды дӕр ӕнахуыр фӕкастаид: «Раст зӕгъыс, стыр агъуыстытӕ сты. Фӕлӕ афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы дур дурыл нал баззайдзӕн» (Марчы 13:2).
Уый фӕстӕ йӕ апостолтимӕ Кедроны дӕлвӕзыл ахызт ӕмӕ ссыд Оливӕбӕлӕсты хохмӕ. Иуафон Йесо аззад йӕ цыппар апостолимӕ – Петр, Андрей, Иаков ӕмӕ Иоаннимӕ, ӕмӕ уырдыгӕй Иерусалимы кувӕндонмӕ кастысты.
-
-
Апостолтӕ Йесойы фӕрсынц йе ’рцыды тыххӕйЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
111 СӔР
Апостолтӕ Йесойы фӕрсынц йе ’рцыды тыххӕй
МАТФЕЙЫ 24:3–51 МАРЧЫ 13:3–37 ЛУКАЙЫ 21:7–38
ЦЫППАР АХУЫРГӔНИНАДЖЫ ЙЕСОЙЫ ФӔРСЫНЦ ЙЕ ’РЦЫДЫ ТЫХХӔЙ
ЙЕСОЙЫ НЫХӔСТӔ СӔХХӔСТ СТЫ ФЫЦЦАГ ӔНУСЫ ӔМӔ МА УЫЙ ФӔСТӔ ДӔР
ХЪУАМӔ УӔМ КЪӔРЦХЪУС
Уыди дыццӕг, фӕссихор, 11 нисанӕй бирӕ нал баззад. Сӕ кӕронмӕ фӕцӕйхӕццӕ кодтой Йесойӕн зӕххыл йӕ удуӕлдай лӕггады бонтӕ дӕр. Бонӕй-иу кувӕндоны адӕмы ахуыр кодта, ӕхсӕв та-иу горӕты ӕдде арвыста. Адӕм ӕм алкӕддӕр ӕхсызгонӕй хъуыстой, ӕмӕ-иу «райсомӕй раджы кувӕндонмӕ йӕ ныхӕстӕм байхъусынмӕ ӕрбацыдысты» (Лукайы 21:37, 38). Фӕлӕ ныр уыдӕттӕ иууылдӕр фӕстейӕ баззадысты. Йесо йӕ цыппар апостолимӕ – Петр, Андрей, Иаков ӕмӕ Иоаннимӕ – бадт Оливӕбӕлӕсты хохыл.
Уыцы цыппар ахуыргӕнинаджы йӕм хибарӕй бацыдысты. Гыццыл раздӕр сын Йесо афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, кувӕндонӕй дур дурыл нал баззайдзӕн, уый сӕ мӕты бафтыдта. Фӕлӕ сӕ хъуыдытӕ ӕрмӕст ууыл нӕ уыдысты. Уымӕй размӕ сын Йесо ныффӕдзӕхста: «Уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ, цы сахат ӕнхъӕл нӕ уат, уыцы сахат ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Лукайы 12:40). Стӕй ма сын дзырдта, «Адӕймаджы Фырт куы фӕзына, уыцы боны» тыххӕй дӕр (Лукайы 17:30). Цымӕ уыцы ныхӕстӕ, гыццыл раздӕр сын кувӕндоны тыххӕй цы загъта, уыимӕ исты хуызы баст уыдысты? Апостолтӕ тынг сцымыдис сты ӕмӕ йӕм бахатыдысты: «Зӕгъ-ма нын, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ, стӕй, кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?» (Матфейы 24:3).
Ӕвӕццӕгӕн, кувӕндон пырхгонд кӕд ӕрцӕудзӕн, уый кой кодтой, уымӕн ӕмӕ йӕ куыд бамбӕрстой, афтӕмӕй уыцы хабар хъуамӕ тагъд рӕстӕджы ӕрцыдаид. Стӕй ма йӕ бафарстой Адӕймаджы Фырты ӕрцыды тыххӕй дӕр. Чи зоны, сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесо сын, «кадджын мыггагӕй чи уыд, иу ахӕм лӕджы» тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый. Уыцы лӕг ацыди «дард бӕстӕм, цӕмӕй паддзахы бартӕ райстаид ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтаид» (Лукайы 19:11, 12). Ахуыргӕнинӕгтӕ ма хъуыды кодтой, «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон» куыд ӕрцӕудзӕн, ууыл дӕр.
Йесо сын сӕ фарстайӕн дзуапп уӕлӕнгӕйтты нӕ радта. Дзуттаг цардӕвӕрдӕн, ӕмӕ Иерусалимы кувӕндонӕн дӕр, йӕ кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн, уый цавӕр хабӕрттӕй бӕрӕг уыдзӕн, уыдон сын лыстӕггай фӕдзырдта. Фӕлӕ Йесо, йӕ фӕдылдзӕуджытӕй уыцы рӕстӕджы чи цард, ӕрмӕст уыдоныл нӕ хъуыды кодта. Цы хабӕрттӕ ранымадта, уыдоны фӕрцы чырыстӕттӕн фидӕны сӕ бон бамбарын уыдаид, «йе ’рцыды» рӕстӕджы кӕй цӕрынц ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр йӕ кӕрон хӕстӕг кӕй у.
Азтӕ куыд цыдысты, афтӕ апостолтӕ сӕхи цӕстӕй уыдтой, Йесойы пехуымпарад куыд ӕххӕст кодта, уый. Йесо цы хабӕртты кой кодта, уыдонӕй бирӕтӕ сӕ рӕстӕджы райдыдтой цӕуын. Уымӕ гӕсгӕ 37 азы фӕстӕдӕр, н. э. 70 азы, чи цард ӕмӕ къӕрцхъус чи уыд, уыцы чырыстӕттӕ цӕттӕ уыдысты, дзуттӕгты цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцыд ӕмӕ кувӕндон пырхгонд кӕй хъуамӕ ӕрцыдаид, уымӕ. Фӕлӕ, Йесо цы хабӕртты кой ракодта, уыдон се ’ппӕт н. э. 70 азы кӕнӕ уый размӕ не ’рцыдысты. Уӕдӕ Йесойӕн йе ’рцыд, ома паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уый та цӕмӕй хъуамӕ уыдаид бӕрӕг? Йесо йӕ апостолтӕн уый дӕр раргом кодта.
Загъта сын, зӕгъгӕ, «хъусдзыстут хӕстыты кой хӕстӕг ӕмӕ дард рӕттӕй» ӕмӕ «иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ» (Матфейы 24:6, 7). Ноджыдӕр ма загъта, кӕй «уыдзӕн стыр зӕххӕнкъуыстытӕ, ӕмӕ-иу куы иу ран, куы иннӕ ран сыстдзӕн фыднизтӕ ӕмӕ адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг» (Лукайы 21:11). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ уӕ адӕм «ахсдзысты ӕмӕ уӕ фӕдыл зилдзысты» (Лукайы 21:12). Фӕзындзӕн мӕнг пехуымпартӕ ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты. Фыдхъуыддӕгтӕ сарӕх уыдзысты, ӕмӕ уый аххосӕй бирӕтӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн. Йесо ма ноджыдӕр загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14).
Уыцы пехуымпар-ныхӕстӕй иуӕй-иутӕ сӕххӕст сты, ромӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уыцы рӕстӕджы ӕмӕ уый размӕ. Фӕлӕ, мыййаг, Йесо уый кой дӕр нӕ кодта, ӕмӕ ма уыцы ныхӕстӕ фӕстӕдӕр ноджыдӕр иу хатт кӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаиккой, ӕрмӕст уӕд та – ӕнӕхъӕн дунейы дӕр? Йесо цы ахсджиаг пехуымпарад загъта, уый сӕйраджыдӕр абон кӕй ӕххӕст кӕны, уый дӕхи цӕстӕй нӕ уыныс?
Йесойы ӕрцыд цы хабӕрттӕй хъуамӕ уыдаид бӕрӕг, уыдонӕй иу уыди, «бӕстӕ чи сафы, уыцы ӕлгъагдзинад» кӕй хъуамӕ фӕзындаид, уый (Матфейы 24:15). Н. э. 66 азы уыцы ӕлгъагдзинад уыдысты Ромы «ӕфсӕдтӕ», кӕмӕн табу кодтой, уыцы тырысатимӕ. Уыдон Иерусалимыл ӕртыхстысты ӕмӕ йын йӕ къулты бын бакъахтой (Лукайы 21:20). Афтӕмӕй «ӕлгъагдзинад» лӕууыди, кӕм не ’мбӕлд, уыцы ран – дзуттӕгтӕ «сыгъдӕг бынатыл» цы нымадтой, уым.
Дарддӕр Йесо загъта: «Уӕд уыдзӕн, дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыди, ахӕм стыр бӕллӕх – нӕ уыди, ӕмӕ нал дӕр уыдзӕн». Н. э. 70 азы ромӕгтӕ Иерусалим ныппырх кодтой. Ӕмӕ дзуттӕгты «сыгъдӕг горӕтӕй» дӕр ӕмӕ йӕ кувӕндонӕй дӕр дур дурыл нал баззад. Уый ӕцӕгдӕр стыр бӕллӕх уыди. Уӕд сӕдӕгай минтӕ фӕцагъды сты (Матфейы 4:5; 24:21). Иерусалим уӕд куыд ныппырх кодтой, афтӕ никуы, ӕмӕ дзуттаг адӕмыл дӕр ахӕм стыр бӕллӕх уымӕй размӕ никуы ӕрцыд. Уӕд кӕрон ӕрцыд, дзуттӕгтӕ ӕнусты дӕргъы Хуыцауӕн цы фӕтк ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ куывтой, уымӕн дӕр. Уӕдӕ Йесойы ныхӕстӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр куы сӕххӕст уой, уӕд уый дӕр уыдзӕн, адӕймаджы хъуын арц кӕмӕй слӕууы, ахӕм ӕвирхъау бӕллӕх.
ФӔСТАГ БОНТЫ НЫФСДЖЫН СТӔМ
Йесо, паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цавӕр хабӕрттӕй уыдзӕн бӕрӕг, уый тыххӕй йӕ апостолтимӕ ныхас нӕма фӕци. Ныр та сӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй «мӕнг Чырыститӕ ӕмӕ мӕнг пехуымпарты» фӕдыл ма ацыдаиккой. Куыд сын загъта, афтӕмӕй уыдон архайдзысты, цӕмӕй, «гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ӕвзӕрстыты дӕр асайой» (Матфейы 24:24). Фӕлӕ уыцы ӕвзӕрстыты асайын сӕ къухы нӕ бафтдзӕн. Мӕнг Чырыститы-иу адӕм цӕстӕй уындзысты. Йесойы ӕрцыд та цӕстӕй фенӕн нӕ уыдзӕн.
Ацы цардӕвӕрды кӕрон цы стыр бӕллӕх райдайдзӕн, уый кой кӕнгӕйӕ Йесо загъта: «Хур баталынг уыдзӕн ӕмӕ мӕй рухс нал кӕндзӕн, стъалытӕ арвӕй ӕрхаудзысты ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ банкъуысдзысты» (Матфейы 24:29). Апостолтӕ ацы тасӕфтауӕг ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд ӕй нӕ зыдтой, бӕлвырдӕй цы ’рцӕудзӕн, уый. Фӕлӕ ӕцӕгдӕр ӕвирхъау хабӕрттӕ кӕй цӕудзӕн, уый бӕлвырд уыд.
Цымӕ уыцы ӕвирхъау хабӕрттӕ уынгӕйӕ адӕм куыд кӕндзысты? Йесо загъта: «Адӕм фыртӕссӕй ӕмӕ, зӕххыл цы бӕллӕхтӕ хъуамӕ ’рцӕуа, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ зӕрдӕхъӕрмттӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ банкъуысдзысты» (Лукайы 21:26). Бӕрӕг у, Йесо ам кӕй кӕны, адӕмы историйы ӕппӕты ӕвирхъаудӕр заман цытӕ цӕудзӕн, уыдӕтты кой.
Фӕлӕ нӕ иу хъуыддаг стыр ныфс уадзы. Йесо апостолтӕн бамбарын кодта, «Адӕймаджы Фырт уӕларвон мигътыл тых ӕмӕ стыр кадимӕ» куы ’рцӕуа, уӕд се ’ппӕт кӕй нӕ хойдзысты сӕ сӕртӕ (Матфейы 24:30). Гыццыл раздӕр загъта, «ӕвзӕрстыты тыххӕй» Хуыцау хъуыддӕгтӕм кӕй ӕркӕсдзӕн (Матфейы 24:22). Ӕмӕ уӕдӕ, цы ӕвирхъау хабӕртты кой ракодта, уыдон уынгӕйӕ йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ сӕхи куыд хъуамӕ дарой? Йесо загъта: «Ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ цӕуын куы райдайой, уӕд-иу уӕхи сӕмраст кӕнут ӕмӕ-иу уӕ сӕртыл схӕцут, уымӕн ӕмӕ уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг» (Лукайы 21:28).
Фӕлӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй уыцы рӕстӕджы чи цӕра, уыдон куыд хъуамӕ базоной, кӕрон хӕстӕг кӕй у? Йесо сын цӕвиттонӕн ӕрхаста легъуибӕлас: «Ног къалиутӕ йыл куы рацӕуы ӕмӕ сыфтӕр куы ракалы, уӕд ӕй фӕзонут, сӕрдмӕ бирӕ кӕй нал хъӕуы. Уӕдӕ ӕппӕт адӕттӕ куы уынат, уӕд ӕй зонут: Адӕймаджы Фырт лӕууы къӕсӕрыл. Ӕцӕг уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр дӕр ма ӕрӕййафдзӕн ӕппӕт ацы хабӕрттӕ» (Матфейы 24:32–34).
Уӕдӕ Йесо цы хабӕрттӕ ранымадта, уыдон йӕ фӕдылдзӕуджытӕ куы уыной, уӕд ӕй хъуамӕ бамбарой, кӕрон хӕстӕг кӕй у. Йӕ фӕдылдзӕуджытӕй уыцы диссаджы рӕстӕг чи цӕрдзӕн, уыдонӕн Йесо ахӕм уынаффӕ радта:
«Уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – уый зоны ӕрмӕстдӕр мӕ Фыд. Нойы рӕстӕджы куыд уыди, афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕг дӕр. Доны хъаймӕты размӕ адӕм хордтой ӕмӕ нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ моймӕ цыдысты, цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бацыд, уӕдмӕ. Ӕмӕ сӕм нымады дӕр ницы уыди, цалынмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ фӕласта. Раст афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕг дӕр» (Матфейы 24:36–39). Йесо йӕ ныхасмӕхъусджытӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта Доны хъаймӕт – ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр чи ’рцыд, уыцы хабар.
Оливӕбӕлӕсты хохыл Йесомӕ чи хъуыста, уыцы апостолтӕ, ай-гъай дӕр, бамбӕрстой, къӕрцхъус кӕй хъуамӕ уыдаиккой. Йесо загъта: «Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды сагъӕстӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕнӕнхъӕлӕджы ма ӕрӕййафа, ӕмӕ хызы бахауӕгау ма фӕуат. Уымӕн ӕмӕ уыцы бон, зӕххы цъарыл цы адӕм цӕры, уыдоны се ’ппӕты дӕр ӕрӕййафдзӕн. Уӕдӕ ма бафынӕй ут. Ӕдзухдӕр зӕрдиагӕй кувут, цӕмӕй уӕ бон бауа, ӕрцӕуинаг цы у, ӕппӕт уыдӕтты сӕрты ахизын ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз ӕрлӕууын» (Лукайы 21:34–36).
Ацы ныхӕстӕй дӕр та бӕрӕг у, цы хабӕртты кой кодта, уыдон ӕрмӕст кӕмдӕр иу ран кӕй нӕ цӕудзысты. Йесо, ӕрмӕстдӕр цалдӕр дӕсазы дӕргъы, стӕй ӕрмӕстдӕр Иерусалимыл ӕмӕ дзуттаг адӕмыл чи хъуамӕ ӕрцыдаид, уыцы хабӕртты кой нӕ кодта. Уый дзырдта, «зӕххы цъарыл цы адӕм цӕры, уыдоны се ’ппӕты дӕр» чи ӕрӕййафдзӕн, уыцы хабӕртты тыххӕй.
Йесо загъта, зӕгъгӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ ма бафынӕй уой, ӕдзухдӕр уой къӕрцхъус ӕмӕ цӕттӕ. Уый ахсджиаг цӕмӕн у, уый сын бамбарын кодта ӕндӕр цӕвиттоны фӕрцы: «Иу хъуыддаг зонут: хӕдзары хицау, давӕг сӕм ӕхсӕвы цы афон бацӕудзӕн, уый куы зонид, уӕд йӕ цӕстытӕ цъынд дӕр не ’ркӕнид ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзармӕ бабырын нӕ бауадзид. Афтӕ сымах дӕр уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ, цы сахат ӕнхъӕл нӕ уат, уыцы сахат ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Матфейы 24:43, 44).
Дарддӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ хъус ӕрдардта, ныфсджын цӕмӕн хъуамӕ уой, уымӕ. Загъта сын, йӕ пехуымпарад куы ’ххӕст кӕна, уӕд зӕххыл кӕй уыдзӕн, къӕрцхъус чи уыдзӕн ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ чи архайдзӕн, ахӕм «цагъар». Цы цӕвиттон сын ӕрхаста, уый йӕ апостолтӕ сӕ цӕстытыл ӕнцонтӕй ауайын кодтаиккой: «Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар, йӕ хицау йӕ хӕдзаронты кӕй бар бакодта, цӕмӕй сын хӕринаг афоныл дӕтта? Амондджын уыдзӕн уыцы цагъар, йӕ хицау ӕй афтӕ кӕнгӕ куы ӕрӕййафа, уӕд! Ӕцӕг уын зӕгъын: цыдӕриддӕр ӕм ис, уый йын йӕ бар бакӕндзӕн». Фӕлӕ уыцы «цагъар» куы сфыдзонд уа ӕмӕ иннӕтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын куы райдайа, уӕд ӕй йӕ хицау «карзӕй бафхӕрдзӕн» (Матфейы 24:45–51; абар Лукайы 12:45, 46).
Фӕлӕ Йесо афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕй иу къорд сфыдзонд уыдзӕн. Уӕдӕ йӕ уыцы фӕсномыг ныхасӕй цы зӕгъын фӕндыд? Уый йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕдзухдӕр къӕрцхъус уой ӕмӕ йӕ хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ архайой. Ӕмӕ сын уый ноджы бӕлвырддӕр бамбарын кодта ӕндӕр фӕсномыг ныхасы фӕрцы.
-
-
Къӕрцхъус ут – фӕсномыг ныхас дӕс чызджы тыххӕйЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
112 СӔР
Къӕрцхъус ут – фӕсномыг ныхас дӕс чызджы тыххӕй
ЙЕСО РАДЗЫРДТА ФӔСНОМЫГ НЫХАС ДӔС ЧЫЗДЖЫ ТЫХХӔЙ
Йесо дарддӕр дзуапп лӕвӕрдта йӕ апостолты фарстайӕн, кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, зӕгъгӕ. Уымӕ гӕсгӕ сын ныр фӕсномыг ныхасы фӕрцы радта зондджын уынаффӕ. Уыцы фӕсномыг ныхас куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый сӕхи цӕстӕй хъуамӕ федтаиккой, йе ’рцыды рӕстӕджы чи цардаид, уыдон.
Йӕ фӕсномыг ныхас райдыдта ахӕм ныхӕстӕй: «Уӕларвон паддзахад уыдзӕн, сиахсы размӕ ӕд цырӕгътӕ чи рацыд, ахӕм дӕс чызджы хуызӕн. Уыдонӕй фондз уыдысты ӕнӕзонд, фондз та – зондджын» (Матфейы 25:1, 2).
Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй уӕларвон Паддзахад бынӕн чи райсдзӕн, уыдонӕн се ’мбис ӕнӕзонд уыдзысты, иннӕтӕ та – зондджын. Йесо уый кой кодта, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй алкӕмӕн дӕр йӕхицӕй кӕнгӕ у, Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы къӕрцхъус уыдзӕн ӕви ӕндӕр хабӕртты фӕдыл адзӕгъӕл уыдзӕн. Фӕлӕ Йесо нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон кӕй у кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайын ӕмӕ йӕ Фыды стыр арфӕдзинӕдтӕ йӕхиуыл бавзарын.
Фӕсномыг ныхасы дӕс чызджы дӕр сиахсы размӕ рацыдысты, цӕмӕй чындзӕхсӕвмӕ йемӕ ацыдаиккой. Сиахс куы ’рхӕццӕ уыдаид ӕмӕ чындзы, цы хӕдзар ын ӕрцӕттӕ кодта, уырдӕм куы фӕцӕйкодтаид, уӕд ын хъуамӕ йӕ фӕндаг сӕ цырӕгътӕй рухс кодтаиккой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй кадджын кодтаиккой. Фӕлӕ хабар куыд рауад?
Йесо радзырдта: «Ӕнӕзонд чызджытӕ сӕ цырӕгътӕ рахастой, фӕлӕ семӕ сой нӕ райстой. Зондджынтӕ та сӕ цырӕгътимӕ дурынты рахастой сой дӕр. Сиахс куы нӕ ӕмӕ куы нӕ зынди, уӕд се ’ппӕтыл дӕр хуыссӕг фӕтых ӕмӕ ӕрфынӕй сты» (Матфейы 25:3–5). Сиахс, куыд ӕнхъӕл уыдысты, афтӕ тагъд не ’рцыд. Куыд зыны, афтӕмӕй дзӕвгар рӕстӕг бафӕстиат, ӕмӕ уӕдмӕ чызджытӕ афынӕй сты. Апостолтӕн, ӕвӕццӕгӕн, сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесо сын, кадджын мыггагӕй чи уыд, уыцы лӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый. Уыцы лӕг дард бӕстӕм ацыд ӕмӕ паддзахы бартӕ куы райста, уӕд фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт (Лукайы 19:11–15).
Дӕс чызджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы сиахс ӕппынфӕстаг куы ’рхӕццӕ, уӕд цы ’рцыд? Йесо загъта: «Ӕмбисӕхсӕв чидӕр ныхъхъӕр кодта: „Сиахс ӕрбацӕуы! Йӕ размӕ рацӕут!“» (Матфейы 25:6). Цымӕ уыцы дӕс чызджы къӕрцхъус ӕмӕ цӕттӕ разындысты?
Йесо дарддӕр загъта: «Чызджытӕ се ’ппӕт дӕр фестадысты ӕмӕ сӕ цырӕгътӕ барӕвдз кодтой. Ӕмӕ уӕд ӕнӕзонд чызджытӕ зондджынтӕм бахатыдысты: „Уӕ сойӕ-ма нын авӕрут, кӕннод нӕ цырӕгътӕ ныртӕккӕ ахуысдзысты“. Зондджын чызджытӕ та сын загътой: „Ӕмӕ уӕд нӕхи фаг дӕр куы нӕ суа ӕмӕ сымах фаг дӕр? Фӕлтау ацӕут уӕйгӕнджытӕм ӕмӕ уӕхицӕн сой балхӕнут“» (Матфейы 25:7–9).
Уӕдӕ уыцы фондз ӕнӕзонд чызджы къӕрцхъус нӕ уыдысты ӕмӕ сиахсы ӕрцыдмӕ цӕттӕ нӕ разындзысты. Сӕ цырӕгъты сой фаг нӕ уыд ӕмӕ сӕ сой искуы самал кӕнын хъуыди. Йесо радзырдта: «Цалынмӕ уыдон ӕлхӕнынмӕ цыдысты, уӕдмӕ сиахс ӕрбахӕццӕ, ӕмӕ, цӕттӕ чи уыди, уыцы чызджытӕ, чындзӕхсӕв кӕм кодтой, уырдӕм йемӕ бахызтысты, ӕмӕ уый фӕстӕ дуар ӕхгӕд ӕрцыд. Уӕдмӕ иннӕ чызджытӕ дӕр ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ мидӕмӕ хъӕр кӕнын райдыдтой: „Сиахс, сиахс, дуар нын бакӕн!“ Фӕлӕ сӕм уый радзырдта: „Чи стут? Ӕз уӕ нӕ зонын“» (Матфейы 25:10–12). Куыд зынаргъ слӕууыд уыцы фондз чызгӕн, къӕрцхъус ӕмӕ цӕттӕ кӕй нӕ разындысты, уый!
Апостолтӕ йӕ куыннӕ бамбӕрстаиккой, Йесо цы сиахсы кой кодта, уый йӕхӕдӕг кӕй у. Уымӕй размӕ ма йӕхи сиахсимӕ баргӕ дӕр акодта (Лукайы 5:34, 35). Цы зӕгъӕн ис зондджын чызджытӕй та? Йесо, Паддзахад лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцӕудзӕн, уыцы «гыццыл дзуджы» кой куы кодта, уӕд ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Уӕ астӕутӕ баст уӕнт, уӕ цырӕгътӕ судзӕнт» (Лукайы 12:32, 35). Уымӕ гӕсгӕ апостолтӕ, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрстой, уыцы фӕсномыг ныхасы Йесо уыдоны хуызӕн иузӕрдион ахуыргӕнинӕгты кой кӕй кодта. Уӕдӕ Йесойы ацы фӕсномыг ныхасӕй цы зӕгъын фӕндыд?
Уый сын кӕронбӕттӕны бӕлвырд бамбарын кодта: «Уӕдӕ ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр уыцы бон зонут, нӕдӕр уыцы сахат» (Матфейы 25:13).
Куыд уынӕм, афтӕмӕй Йесо йе ’рцыды кой кӕнгӕйӕ йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджыты бафӕдзӕхста, «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ. Йесо ӕнӕмӕнг хъуамӕ ӕрцыдаид, ома паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ райстаид, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр фондз зондджын чызгау хъуамӕ цӕттӕ разындаиккой ӕмӕ къӕрцхъус уыдаиккой. Уый фӕрцы, цы диссаджы ныфс сын ис, уый ӕдзух сӕ зӕрдыл дардтаиккой ӕмӕ сын Хуыцау цы хӕрзиуӕг ӕрцӕттӕ кодта, уымӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдаиккой.
-
-
Ӕнӕзивӕг ут – фӕсномыг ныхас талантты тыххӕйЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
113 СӔР
Ӕнӕзивӕг ут – фӕсномыг ныхас талантты тыххӕй
ЙЕСО РАДЗЫРДТА ФӔСНОМЫГ НЫХАС ТАЛАНТТЫ ТЫХХӔЙ
Йесо йӕ цыппар апостолимӕ Оливӕбӕлӕсты хохыл куы бадти, уӕд ма сын ноджыдӕр иу фӕсномыг ныхас радзырдта. Цалдӕр боны размӕ Иерихоны куы уыдысты, уӕд сын радзырдта минӕты тыххӕй фӕсномыг ныхас ӕмӕ сын уый фӕрцы бамбарын кодта, Хуыцауы Паддзахад нырма тагъд кӕй не ’рцӕудзӕн. Ӕмӕ сын ныр цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕн дӕр йӕ хъуыды ахӕм у. Уый дӕр радзырдта, йӕ апостолтӕ йӕ, кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, зӕгъгӕ, кӕй бафарстой, уымӕ гӕсгӕ. Ацы фӕсномыг ныхасӕй йӕ зӕгъын фӕндыд, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕнӕзивӕгӕй кӕй хъуамӕ архайой ӕмӕ сын сӕ бар цы бакодта, уый кӕй хъуамӕ фылдӕр кӕной.
Йӕ ныхас райдыдта афтӕ: «Уӕларвон паддзахад ма абарӕн ис, ӕндӕр бӕстӕм чи цыди, иу ахӕм лӕг куыд бакодта, уыимӕ. Уыцы лӕг йӕ цагъарты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уый сын сӕ бар бакодта» (Матфейы 25:14). Йесо ма уый размӕ дӕр йӕхи абарста, дард бӕстӕм «паддзахы бартӕ райсынмӕ» чи ацыд, ахӕм лӕгимӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ апостолтӕн зын бамбарӕн нӕ уыдаид, ацы фӕсномыг ныхасы цы «лӕджы» кой цӕуы, уый дӕр Йесо кӕй у (Лукайы 19:12).
Уыцы лӕг цалынмӕ дард бӕстӕм нӕ ацыд, уӕдмӕ йӕ исбон йӕ цагъарты бар бакодта. Ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕджы дӕргъы Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты дӕр уыцы хъуыддагмӕ цӕттӕ кодта. Ныр хъуамӕ ацыдаид, ӕмӕ йӕ фидарӕй зыдта, йӕ фӕстӕ дӕр хорз хабар дарддӕр кӕй хъусын кӕндзысты (Матфейы 10:7; Лукайы 10:1, 8, 9; абар Иоанны 4:38; 14:12).
Фӕсномыг ныхасы кӕй кой цӕуы, уыцы лӕг йӕ исбон йӕ цагъарты бар куыд бакодта? Йесо загъта: «Сӕ иуӕн дзы радта фондз таланты, иннӕмӕн – дыууӕ, ӕртыккагӕн та – иу, йӕ бон сӕ кӕмӕн цас уыди, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ балцы араст» (Матфейы 25:15). Цымӕ цагъартӕ уыцы таланттӕн цы кусдзысты? Ӕнӕзивӕг уыдзысты ӕмӕ уыцы таланттӕй сӕ хицауы хъуыддаджы спайда кӕндзысты? Йесо йӕ апостолтӕн загъта:
«Фондз таланты кӕмӕн радта, уый уайтагъд ацыди, спайда сӕ кодта ӕмӕ дзы ноджыдӕр бакуыста фондз таланты. Афтӕ бакодта, дыууӕ таланты кӕмӕн радта, уый дӕр, ӕмӕ дзы бакуыста ноджыдӕр дыууӕ таланты. Иу талант кӕмӕн радта, уый та ацыд ӕмӕ йӕ хицауы ӕвзист ӕхца зӕххы баныгӕдта» (Матфейы 25:16–18). Хицау фӕстӕмӕ куы ’рыздӕхт, уӕд цы ’рцыд?
Йесо дарддӕр загъта: «Рацыди бирӕ рӕстӕг. Уыцы цагъартӕн сӕ хицау фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт ӕмӕ сӕ ӕрфарста, чи сӕ цы сарӕзта, уымӕй» (Матфейы 25:19). Фыццаг дыууӕ цагъары бафыдӕбон кодтой, «йӕ бон сӕ кӕмӕн цас уыди, уымӕ гӕсгӕ». Сӕ дыууӕ дӕр уыдысты ӕнӕзивӕг, зӕрдиагӕй архайдтой ӕмӕ сын сӕ хицау сӕ бар цы бакодта, уый фӕфылдӕр кодтой. Фондз таланты кӕмӕн радта, уый дзы дыууӕ хатты фылдӕр бакуыста. Афтӕ бакодта, дыууӕ таланты кӕмӕн радта, уый дӕр. (Уӕды заман кусӕджы иу талант бакусыны тыххӕй фыдӕбон кӕнын хъуыди 19 азы бӕрц.) Ӕмӕ хицау сӕ дыууӕйӕ дӕр иухуызон раппӕлыд: «Тынг хорз, мӕ дзӕбӕх, ме ’ууӕнкджын цагъар! Гыццыл хъуыддаджы дӕхи ӕууӕнкджынӕй равдыстай, ӕмӕ дын дӕ бар стырдӕр хъуыддаг бакӕндзынӕн. Цин кӕн дӕ хицауимӕ» (Матфейы 25:21).
Фӕлӕ иу талант кӕмӕн радта, уымӕн йӕ хабар ӕндӕрхуызон уыд. Уый загъта: «Мӕ буц хицау, ӕз ӕй зыдтон, ды карз лӕг кӕй дӕ: кӕм нӕ байтыдтай, уым кӕрдыс, ӕмӕ хор, дымгӕмӕ йӕ кӕм нӕ дардтай, уым дӕр ӕмбырд кӕныс. Ӕмӕ дӕ тарстӕн, ӕмӕ дын дӕ талант зӕххы баныгӕдтон. Мӕнӕ айс фӕстӕмӕ де ’хца» (Матфейы 25:24, 25). Уыцы ӕхца, ӕгӕр-мӕгуыр, ӕхцайы куыстгӕнджытӕм дӕр нӕ радта, цӕмӕй йӕ хицауы исбон иу гыццыл уӕддӕр фӕфылдӕр кодтаид. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ хицауӕн пайдайы бӕсты зиан ӕрхаста.
Уӕдӕ йӕ йӕ хицау «ӕвзӕр, зивӕггӕнаг цагъар» дзӕгъӕлы не схуыдта. Цы йӕм уыди, уый йын байстой ӕмӕ йӕ, ӕнӕзивӕгӕй чи фыдӕбон кодта, уыцы цагъарӕн радтой. Хицау ӕрӕвӕрдта ахӕм ӕгъдау: «Кӕмӕ ис, уымӕн ратдзысты ноджы фылдӕр, ӕмӕ йӕм уыдзӕн бирӕ. Кӕмӕ нӕй, уымӕн та, цы йӕм ис, уый дӕр байсдзысты» (Матфейы 25:26, 29).
Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн ӕрмӕст ацы фӕсномыг ныхасӕй дӕр сӕ бон бирӕ цыдӕртӕ уыди зондӕн райсын. Ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрстой, Йесо сын сӕ бар кӕй бакодта тынг зынаргъ хӕзна – ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг. Уый уыди стыр кад. Ӕмӕ Йесо ӕнхъӕлмӕ каст, уыцы кадӕн кӕй аргъ кӕндзысты ӕмӕ сӕ хъарутыл кӕй нӕ ауӕрддзысты. Йесо афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы иу цас аразы, иннӕтӕ дӕр хъуамӕ уыйбӕрц аразой. Фӕсномыг ныхасы куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй алчидӕр хъуамӕ араза, «йӕ бон сӕ кӕмӕн цас у, уымӕ гӕсгӕ». Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ахуыргӕнинаг «зивӕггӕнаг» куы уа ӕмӕ йӕ Хицауы исбон фылдӕр кӕныныл ӕппӕт хъарутӕй куы нӕ архайа, уӕд дӕр дзы Йесо райгонд уыдзӕн.
Уӕдӕ апостолтӕн ӕхсызгон куыннӕ уыдаид ацы ныхӕстӕ фехъусын: «Кӕмӕ ис, уымӕн ратдзысты ноджы фылдӕр».
-
-
Паддзах Чырысти тӕрхон кӕны фыстӕн ӕмӕ сӕгътӕнЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
114 СӔР
Паддзах Чырысти тӕрхон кӕны фыстӕн ӕмӕ сӕгътӕн
ЙЕСО ДЗУРЫ ФӔСНОМЫГ НЫХАС ФЫСТӔ ӔМӔ СӔГЪТЫ ТЫХХӔЙ
Гыццыл раздӕр Йесо Оливӕбӕлӕсты хохыл радзырдта фӕсномыг ныхӕстӕ дӕс чызджы тыххӕй ӕмӕ талантты тыххӕй. Йӕ апостолты фарстайӕн, кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, зӕгъгӕ, дзуапп дӕтгӕйӕ кӕронбӕттӕны цы загъта? Фӕстагмӕ ма сын радзырдта ноджыдӕр иу фӕсномыг ныхас – фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй.
Фыццаг уал бамбарын кодта, уыцы фӕсномыг ныхасы цы хабӕртты кой цӕуы, уыдон цавӕр уавӕрты ӕрцӕудзысты: «Адӕймаджы Фырт йе ’ппӕт зӕдтимӕ кадджын цыд куы ’ркӕна, уӕд ӕрбаддзӕн йӕ кадджын паддзахбадӕныл» (Матфейы 25:31). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йесо ӕргом загъта, фӕсномыг ныхасы сӕйраг архайӕг йӕхӕдӕг кӕй у, уымӕн ӕмӕ-иу йӕхи «Адӕймаджы Фырт» арӕх схуыдта (Матфейы 8:20; 9:6; 20:18, 28).
Ацы фӕсномыг ныхас кӕд сӕххӕст уыдзӕн? Йесо йӕ зӕдтимӕ «кадджын цыд куы ’ркӕна» ӕмӕ «йӕ кадджын паддзахбадӕныл» куы ’рбада, уӕд. «Адӕймаджы Фырт уӕларвон мигътыл тых ӕмӕ стыр кадимӕ» кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕ зӕдтӕ дӕр йемӕ кӕй уыдзысты, уый кой ма раздӕр дӕр кодта. Фӕлӕ уыцы хабар кӕд ӕрцӕудзӕн? Библийы фыст ис, «уыцы бӕллӕхы хӕдфӕстӕ», зӕгъгӕ (Матфейы 24:29–31; Марчы 13:26, 27; Лукайы 21:27). Уӕдӕ ацы фӕсномыг ныхас дӕр сӕххӕст уыдзӕн, фидӕны Йесо кадджын цыд куы ’ркӕна, уӕд. Ӕмӕ уӕд цы сараздзӕн?
Йесо бамбарын кодта: «Адӕймаджы Фырт... кадджын цыд куы ’ркӕна, уӕд... ӕппӕт адӕмтӕ дӕр йӕ разы ӕрӕмбырд уыдзысты, ӕмӕ фыййау фысты сӕгътӕй куыд ахицӕн кӕны, афтӕ уый дӕр ахицӕн кӕндзӕн адӕмы. Ӕмӕ фысты ӕрлӕууын кӕндзӕн йӕ рахиз фарс, сӕгъты та – йӕ галиу фарс» (Матфейы 25:31–33).
Фысты тыххӕй, ома рахизырдыгӕй кӕй ӕрлӕууын кодтой, уыдоны тыххӕй, Йесо загъта: «Уӕд паддзах, йӕ рахиз фарс чи лӕууа, уыдонӕн зӕгъдзӕн: „Рацӕут, мӕ Фыды арфӕйӕ хайджын чи у, уыдон! Бынӕн райсут, дунейы фӕзындӕй фӕстӕмӕ уын цӕттӕ чи у, уыцы паддзахад“» (Матфейы 25:34). Цымӕ фыстӕ Паддзахы хорзӕх цӕмӕн ссардтой?
Паддзах бамбарын кодта: «Ӕз уыдтӕн ӕххормаг, ӕмӕ мын бахӕрын кодтат; уыдтӕн дойны, ӕмӕ мын дон радтат; уыдтӕн бӕлццон, ӕмӕ мӕ суазӕг кодтат; уыдтӕн бӕгънӕг, ӕмӕ мыл дарӕс скодтат; уыдтӕн рынчын, ӕмӕ мӕм фӕкастыстут; бадтӕн ахӕстоны, ӕмӕ мӕ бабӕрӕг кодтат». Фыстӕ, ома «рӕстгӕнджытӕ», Паддзахы куы бафарстой, уыцы хорздзинӕдтӕ дын кӕд сарӕзтам, зӕгъгӕ, уӕд сын уый загъта: «Мӕ гыццыл ӕфсымӕртӕй сӕ иуӕн цы сарӕзтат, уый мӕнӕн сарӕзтат» (Матфейы 25:35, 36, 40, 46). Уыцы хорздзинӕдтӕ уӕлӕрвтыл нӕ сарӕзтой, уымӕн ӕмӕ уым рынчын кӕнӕ ӕххормаг ничи у. Уӕдӕ хорздзинӕдтӕ Чырыстийы ӕфсымӕртӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зӕххыл сарӕзтой.
Цы зӕгъӕн ис сӕгъты тыххӕй та, галиуырдыгӕй кӕй ӕрлӕууын кодтой, уыдоны тыххӕй? Йесо загъта: «Уый фӕстӕ та [Паддзах] йе ’ргом аздахдзӕн, йӕ галиу фарс чи лӕууа, уыдонмӕ, ӕмӕ сын зӕгъдзӕн: „Цӕугӕ ут ардыгӕй! Сымах стут ӕлгъыст, ӕмӕ уӕ бынат ис, Хӕйрӕг ӕмӕ, йӕ фӕдыл чи ацыд, уыцы зӕдтӕм цы ӕнусон арт ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уым. Уымӕн ӕмӕ ӕз уыдтӕн ӕххормаг, ӕмӕ мын ницы бахӕрын кодтат; уыдтӕн дойны, ӕмӕ мын дон нӕ радтат; уыдтӕн бӕлццон, ӕмӕ мӕ не суазӕг кодтат; уыдтӕн бӕгънӕг, ӕмӕ мыл дарӕс не скодтат; уыдтӕн рынчын, бадтӕн ахӕстоны, ӕмӕ мӕм нӕ фӕкастыстут“» (Матфейы 25:41–43). Сӕгътӕ уыцы тӕрхоны аккаг сты, уымӕн ӕмӕ, зӕххыл Чырыстийы ӕфсымӕртӕн цы хорздзинад хъуамӕ сарӕзтаиккой, уый нӕ сарӕзтой.
Ацы фӕсномыг ныхасӕй апостолтӕ базыдтой, фидӕны уыцы тӕрхоны рӕстӕг кӕмӕн цы тӕрхон хаст ӕрцӕуа, уымӕн ӕнустӕм дӕр аивӕн кӕй нӕ уыдзӕн. Йесо сын загъта: «Ӕмӕ сын уӕд паддзах зӕгъдзӕн: „Ӕцӕг уын зӕгъын: мӕ гыццыл ӕфсымӕртӕй сӕ иуӕн цы нӕ сарӕзтат, уый мӕнӕн нӕ сарӕзтат“. Ӕмӕ уыдон ӕнустӕм фесӕфдзысты, рӕстгӕнджытӕ та ӕнустӕм цӕрдзысты» (Матфейы 25:45, 46).
Йесо йӕ апостолты фарстайӕн цы дзуапп радта, уый йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг у. Уый сын ӕххуыс кӕны, цавӕр зӕрдӕйы уаг сын ис ӕмӕ цы аразынц, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнынӕн.
-