Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwex 3 статья
  • Баххуыс кӕнынмӕ нӕ фӕзивӕг кодтой

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Баххуыс кӕнынмӕ нӕ фӕзивӕг кодтой
  • Хабӕрттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты цардӕй
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Мӕнӕ мах! Мах арвитут!»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • Хорз цы у, уый аразгӕйӕ ма бафӕллайут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • «Ут фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
Хабӕрттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты цардӕй
ijwex 3 статья
Боб йӕ инвалиды коляскӕйы фӕндаггӕрон бады, ӕрыгон Ӕвдисӕнтӕ та йын йӕ цалх ивынц

Баххуыс кӕнынмӕ нӕ фӕзивӕг кодтой

Уыцы хабар ӕрцыди Канадӕйы провинци Альбертӕйы иу уазал тымыгъ бон. Боб фӕцӕйцыди йӕ машинӕйыл (иу-100 километры сахатмӕ) ӕмӕ ма йӕ хӕдзармӕ 5 километры бӕрц куы хъуыди, уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ фургоны фӕстаг галиу цалх аскъуыд. Фӕлӕ йӕ Боб нӕ бамбӕрста ӕмӕ дарддӕр йӕ фӕндагыл цыди.

Боб Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Паддзахады залмӕ цы фыстӕг ӕрбарвыста, уым ныффыста, хабар дарддӕр куыд рауад. «Иу машинӕ мӕ баййӕфта, бадти дзы 3 лӕппуйы ӕмӕ 2 чызджы. Сӕ рудзынг ӕруагътой ӕмӕ мын мӕ цалхмӕ бацамыдтой, аскъуыд, дам, дын, зӕгъгӕ. Фӕндаггӕрон нӕ машинӕтӕ баурӕдтам ӕмӕ мын загътой, дӕ цалх, дам, дын баивӕм. Уӕлдай цалх ӕмӕ мӕм домкрат ис, уый зонгӕ дӕр нӕ кодтон. Ӕз мӕ инвалиды коляскӕйы фӕндаджы был бадтӕн, уыдон та машинӕйы бын бабырыдысты, цалх ӕмӕ домкрат ссардтой ӕмӕ скъуыд цалх баивтой. Тынг хъызт бон уыди, стӕй тымыгъ хаста. Фӕсивӕд тынг хӕрзаив конд уыдысты, фӕлӕ, цы хъуыд, уый сарӕзтой, ӕмӕ ӕз дӕр мӕ фӕндаг адарддӕр кодтон. Мӕхӕдӕг уыцы цалх ницы хуызты аивтаин.

Бузныг уыцы ӕрыгон Ӕвдисӕнтӕн, мӕнӕн чи баххуыс кодта! Уыцы ран та уымӕн уыдысты, ӕмӕ адӕммӕ сӕ хӕдзӕрттӕм цыдысты ӕмӕ семӕ Библийы тыххӕй ныхас кодтой. Уыцы лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ адӕмӕн цы дзурынц, архайгӕ дӕр уымӕ гӕсгӕ кӕнынц. Уыдон куы нӕ уыдаиккой, уӕд цымӕ цы кодтаин, фӕндагыл цас рӕстӕг фӕлӕууыдаин? Ӕмӕ сӕ ӕцӕгдӕр тынг бузныг дӕн. Уый ӕнхъӕл чи уыд, ӕмӕ мыл уыцы бон ахӕм ӕрыгон зӕдтӕ фембӕлдзӕн?»

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын