Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwyp 81 статья
  • Ӕнкъард мын куы уа, уӕд мӕ бон цы у саразын?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕнкъард мын куы уа, уӕд мӕ бон цы у саразын?
  • Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цы хъуамӕ зонай
  • Дӕ бон цы у аразын
  • Адӕймаг дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрынӕй сфӕлмӕцдзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Электронон хъӕзтыты тыххӕй цы хъуамӕ зонон?
    Фӕсивӕды фарстатӕ
Фӕсивӕды фарстатӕ
ijwyp 81 статья
Лӕппумӕ телефон, планшет ӕмӕ афтӕ дарддӕр, фӕлӕ уый йӕ хуыссӕныл уӕлгоммӕ хуыссы ӕмӕ цармӕ кӕсы

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Ӕнкъард мын куы уа, уӕд мӕ бон цы у саразын?

Иуӕй-иутӕн уымӕй зындӕр ницы вӕййы, къӕвда бон хӕдзары куы фӕбадынц ӕмӕ, цы кусой, уый куы нӕ фӕзонынц кӕнӕ, кӕдӕм ацӕуой, уый дӕр сын куы нӕ вӕййы. Иу ӕрыгон лӕппу, Роберт, загъта: «Ахӕм рӕстӕг фӕбадын ӕмӕ, цы кусон, уый нӕ фӕзонын».

Дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у? Кӕд о, уӕд дын ацы статья баххуыс кӕндзӕн.

  • Цы хъуамӕ зонай

  • Дӕ бон цы у аразын

  • Де ’мгӕрттӕ цы дзурынц

Цы хъуамӕ зонай

  • Технологитӕ алы хатт нӕ баххуыс кӕнынц.

    Адӕймаг интернеты истӕмӕты куы фӕкӕсы, уӕд рӕстӕг тагъд атӕхы. Фӕлӕ афтӕмӕй сӕры магъз нӕ фӕкусы, ӕмӕ адӕймаг ноджы тынгдӕр нынкъард вӕййы. Джереми, цӕуы йыл 21 азы, зӕгъы: «Адӕймаг экранмӕ ныджджих вӕййы ӕмӕ ӕппындӕр ницӕуыл фӕхъуыды кӕны».

    Афтӕ зӕгъы иу ӕрыгон чызг Еленӕ дӕр: «Технологитӕй бирӕ пайда нӕй. Рӕстӕгмӕ дӕ алцыдӕр айрох вӕййы. Фӕлӕ стӕй дӕ телефон кӕнӕ дӕ планшет куы ахуыссын кӕныс, уӕд тынгдӕр ӕрӕнкъард вӕййыс».

  • Алцыдӕр кӕнгӕ у, хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсыс, уымӕй.

    Бирӕ хъуыддӕгтӕ дын куы уа, уӕд дын цымӕ ӕнкъард нӕ уыдзӕн? Бирӕ аразгӕ у, цы аразыс, уый дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы ӕви нӕ, уымӕй. Иу ӕрыгон чызг, Карен, зӕгъы: «Скъолайы куы ахуыр кодтон, уӕд-иу мын тынг ӕнкъард уыд, кӕд мӕ алы бон дӕр бирӕ цыдӕртӕ аразын хъуыди, уӕддӕр. Фӕлӕ, цы аразыс, уый зӕрдиагӕй куы аразай, уӕд дын ӕнкъард нӕ уыдзӕн».

Зыдтай йӕ? Куы ницы куыст дын уа, уӕд дын уый хорз фадат уыдзӕн дӕ курдиӕттӕ раргом кӕнынӕн.

Къоппы сагъд дидинӕгыл дидинджыты бӕсты гитарӕ, ручкӕ ӕмӕ гӕххӕтт, стӕй нывгӕнӕн ахорӕнтӕ

Рӕстӕг абарӕн ис хорз зӕххимӕ – дӕ бон дзы у дӕ аивадон курдиӕттӕ сырӕзын кӕнын

Дӕ бон цы у аразын

Дӕ цард фӕхъӕздыгдӕр кӕн. Ног адӕмимӕ базонгӕ у. Дӕхицӕн ног ирхӕфсӕн ӕрхъуыды кӕн. Ногӕй исты базон. Бирӕ цыдӕртӕ кӕй цымыдис кӕны, ахӕм адӕмӕн ӕнкъард нӕ вӕййы. Стӕй иннӕтӕн дӕр семӕ ӕнкъард нӕ вӕййы.

Библийы уагӕвӕрд: «Цыфӕнды ма аразай, араз ӕй ӕппӕт хъарутӕй» (Екклесиаст 9:10).

«Ӕрӕджы райдыдтон китайаг ӕвзаг ахуыр кӕнын. Алы бон дӕр ӕй фӕахуыр кӕнын. Ӕмӕ бамбӕрстон, нырмӕ дӕр мӕ афтӕ бакӕнын кӕй хъуыд. Уарзын исты аразын. Уый фӕрцы мӕ сӕр фӕкусы, ӕмӕ мӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы нӕ ацӕуы» (Мелиндӕ).

Дӕ нысан ма рох кӕн. Цыдӕр цӕмӕн аразыс, уый куы зонай, уӕд ӕй зӕрдиагдӕрӕй араздзынӕ. Суанг дын дӕ уроктӕ кӕнын дӕр ӕхсызгондӕр уыдзӕн.

Библийы уагӕвӕрд: «Царды мидӕг адӕймагӕн уымӕй хуыздӕр ницы ис, ӕмӕ... йӕ уӕззау фыдӕбонӕй йӕ удӕн хорзӕй исты куы уынын кӕна» (Екклесиаст 2:24).

«Скъола куы фӕуд кодтон, уӕд-иу алы бон дӕр мӕ уроктыл аст сахаты фӕбадтӕн, уымӕн ӕмӕ, уымӕй размӕ цы нӕ сахуыр кодтон, уый мӕ сахуыр кӕнын хъуыди. Фӕлӕ мын ӕнкъард нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ мӕ разы уыд нысан – экзаментӕ раттын,– ӕмӕ мын уый ӕххуыс кодта» (Ханнӕ).

Дӕ зӕрдыл дар, дӕ бон алцы аивын кӕй нӕу. Алы куысты дӕр вӕййы, адӕймаг аразын цы нӕ фӕуарзы, ахӕм цыдӕртӕ. Хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ дӕ хорз ӕмбалимӕ цыдӕр спълан кодтат, фӕлӕ йӕ пълӕнттӕ фӕивта, ӕмӕ, цы кусай, уый нӕ зоныс. Афтӕ куы рауайа, уӕд дӕхицӕн тӕригъӕд кӕныны бӕсты дӕ уавӕрмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕс ӕмӕ ӕндӕр исты сараз.

Библийы уагӕвӕрд: «Йӕ зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕмӕн у, уымӕн... ӕдзухдӕр вӕййы куывд» (Ӕмбисӕндтӕ 15:15).

«Ме ’мбал мын загъта, цӕмӕй-иу цин кӕнон, иунӕгӕй баззайыны фадат мын кӕй фӕвӕййы, ууыл. Загъта мын, адӕймаг иннӕтимӕ дӕр кӕй хъуамӕ ӕрвита йӕ рӕстӕг ӕмӕ-иу иунӕгӕй дӕр кӕй хъуамӕ уа» (Айви).

Де ’мгӕрттӕ цы дзурынц

Ханнӕ

«Хӕлӕг-иу кодтон, йӕ цард ӕнкъард кӕмӕн нӕу, ахӕм адӕммӕ. Фӕлӕ стӕй бамбӕрстон, уыдон дӕр хуымӕтӕг адӕм кӕй сты, фӕлӕ ӕнцад нӕ бадынц. Гъемӕ ӕз дӕр цыдӕртӕ аразын райдыдтон. Мӕхицӕн ирхӕфсӕнтӕ ӕрхъуыды кодтон ӕмӕ, мӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уыдӕтты тыххӕй кӕсын райдыдтон. Дӕ алыварс цы дуне ис, уый тыххӕй цас фылдӕр зонай, уыйас дӕм цымыдисагдӕр кӕсдзӕн, ӕмӕ, ӕнкъард кӕнын цы у, уый дӕ рох дӕр фӕуыдзӕн» (Ханнӕ).

Кейлеб

«Рӕзгӕ кары куы уыдтӕн, уӕд-иу мын ӕнкъард куы уыд, уӕд-иу видеохъӕзтытӕй хъазыдтӕн. Фӕлӕ, куы фестырдӕр дӕн, уӕд бамбӕрстон, уыдӕттӕ рӕстӕгсафӕн йеддӕмӕ кӕй ницы сты. Дӕ рӕстӕг цӕуылдӕр цӕуы, ома цыдӕр кусыс. Фӕлӕ куыстӕй цыдӕр разыны, уымӕй та – ницы. Ныр мӕ рӕстӕг ӕнӕпайда хъуыддӕгтыл нал хардз кӕнын» (Кейлеб).

Микаелӕ

«Тынг ӕнкъард-иу мын уыди, ӕмӕ-иу мыл бон ныддаргъ. Фӕлӕ стӕй бамбӕрстон: кӕд мӕ фӕнды, цӕмӕй-иу мӕ иннӕтӕ семӕ рӕстӕг арвитынмӕ фӕхоной, уӕд-иу сӕ мӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ фӕхонон. Гъемӕ афтӕ кӕнын райдыдтон, ӕмӕ мын уый тынг баххуыс кодта. Ныр ма цин дӕр фӕкӕнын, «ӕнкъард кӕнынӕн» мын рӕстӕг куы вӕййы, уӕд, уымӕн ӕмӕ уый тынг стӕм хатт вӕййы» (Микаелӕ).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын