НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Ног Зеландийы. Фарнуарзаг ӕмӕ иузӕрдион чырыстӕттӕ
21 октябры 1940 азы Ног Зеландийы хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты банымадта, хицауады ныхмӕ чи цӕуы ӕмӕ ӕхсӕнадӕн тӕссаг чи у, ахӕм организацийыл. Кӕд Ӕвдисӕнтӕн уый аххосӕй бирӕ зындзинӕдтӕ фӕзынд, уӕддӕр сӕ ныфс нӕ асаст. Зӕгъӕм, Хуыцауӕн лӕггад кӕныны тыххӕй дарддӕр дӕр иумӕ ӕмбырд кодтой, кӕд тӕссаг уыд, сӕ хӕдзӕрттӕ сын куы баджигул кӕной ӕмӕ сӕ куы ’рцахсой, уымӕй, уӕддӕр.
Энди Кларк Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕ уыд. Фӕлӕ йӕ бинойнаг Мэри Йегъовӕйӕн лӕггад кодта. Ӕмӕ кӕд тӕссаг уыд, уӕддӕр ӕмбырдтӕм цыди. Энди тарсти, йӕ бинойнаг ӕмбырдмӕ куы ацӕуа ӕмӕ йӕ уым куы ’рцахсой. Гъемӕ уый дӕр йемӕ ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта. Энди Мэрийӕн загъта: «Дӕу куы ’рцахсой, уӕд-иу мӕн дӕр ӕрцахсӕнт». Уӕдӕй фӕстӕмӕ Энди алы ӕмбырдмӕ дӕр цыд ӕмӕ фӕстӕдӕр донаргъуыд райста. Кӕд Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг Ног Зеландийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕдыл зылдысты, уӕддӕр уыдонӕй бирӕтӕ Мэрийау Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтой.
Ахӕстон дӕр сӕ нӕ баурӕдта
Иухатт пъӕлицӕ 78-аздзыд Джон Маррийы баурӕдта, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы цыди ӕмӕ адӕмимӕ Библийыл куы ныхас кодта, уӕд. Тӕрхондон ӕй фӕаххосджын кодта, зӕгъгӕ, хицауады ныхмӕ чи у, уыцы организацийӕ у. Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕты бахъуыд тӕрхондоны раз ӕрлӕууын. Кӕйдӕрты-иу фӕивар кодтой, иннӕты та-иу ӕртӕ мӕйы онг ахӕстоны сбадын кодтой.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн се ’фсарм Библимӕ гӕсгӕ ахуыр кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ ӕфсадмӕ нӕ цыдысты (Исай 2:4). Ӕмӕ хӕсты рӕстӕг сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз исын кӕй нӕ куымдтой, уый тыххӕй карз ӕфхӕрд ӕййӕфтой. Ӕфсадмӕ чи нӕ ацыд, уыцы Ӕвдисӕнтӕй иу-80 адӕймаджы арвыстой, ахст адӕмы кӕм дардтой, уыцы лагертӕм. Ӕмӕ цалынмӕ хӕст цыди, уӕдмӕ сӕ уым фӕдардтой. Кӕд карз ӕфхӕрд ӕмӕ зымӕджы хъызт фӕразын ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр уыцы ӕфсымӕртӕ Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кодтой.
Лагерты Ӕвдисӕнтӕ уайтагъд райдыдтой ӕмбырдтӕ уадзын ӕмӕ хъусын кӕнын. Иуӕй-иу лагерты ма сын конгресстӕ ауадзынӕн дӕр бар радтой, ӕрмӕст-иу хъуамӕ хъахъхъӕнӕг дӕр уым уыдаид. Ахст адӕмӕй иуӕй-иутӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой ӕмӕ донаргъуыд дӕр лагерты райстой.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ лагеры уадзынц Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола
Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы Энди ӕмӕ Мэрийы кӕстӕр лӕппу Брюс дӕр ахӕм лагеры бадт. Брюс уыцы рӕстӕг хорз фадатыл нымадта, цӕмӕй Библи хуыздӕр базыдтаид. Фӕстӕдӕр мӕнӕ цы загъта: «Лагер мын скъолайы хуызӕн уыд. Цы фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ дзы бадт, уыдонимӕ-иу бирӕ фӕныхӕстӕ кодтам, ӕмӕ сӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн».
1944 азы хицауад сфӕнд кодта, лагерты чи бадт, уыдонӕй кӕйдӕрты рауадзын. Фӕлӕ ӕфсӕддон хицӕуттӕ загътой, зӕгъгӕ, дам, Ӕвдисӕнты куы суӕгъд кӕнӕм, уӕд иннӕтӕн сӕ дины тыххӕй дзурдзысты. Рапорты фыст уыд: «Ацы фанатикты аивӕн нӕй, ӕмӕ сӕ ахстӕй куы дарӕм, уӕд сыл нӕ бар иу гыццыл уӕддӕр цӕудзӕн».
Ӕхсӕнадӕн тӕссаг не сты
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддаг ӕхгӕд куы ’рцыд, уӕд уый тыххӕй бирӕ фыстой. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ кӕйдӕрты бафӕндыд, чи сты, уый базонын. Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ бирӕтӕ бамбӕрстой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕхсӕнадӕн тӕссаг кӕй не сты ӕмӕ сабыр ӕмӕ фарнуарзаг чырыстӕттӕ кӕй сты. Гъемӕ Ног Зеландийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фӕфылдӕр сты: 1939 азы уыдысты 320, 1945 та – 536!
Хатт-иу ӕнӕзӕрдӕхудт бӕрнон кусджытӕй чидӕртӕ бамбӕрстой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕнаххосӕй кӕй ӕфхӕрынц. Зӕгъӕм, иу ӕфсымӕры хъусын кӕнгӕйӕ ӕрцахстой. Тӕрхонгӕнӕг куы байхъуыста, йӕ ныхмӕ цы дзурынц, уымӕ, уӕд хъуыддаг сӕхгӕдта. Уыцы тӕрхонгӕнӕг загъта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, раст нӕу Библи парахат кӕнын фыдракӕндыл банымайын. Стӕй закъон куыд ӕмбарын, уымӕ гӕсгӕ дӕр уый раст нӕу».
Хӕсты фӕстӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕныны бар куы радтой, уӕд ноджы зӕрдиагдӕрӕй райдыдтой адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурын. 1945 азы Ног Зеландийы ӕппӕт ӕмбырдтӕ дӕр филиалӕй писмо райстой. Фыст дзы уыди: «Алкӕимӕ дӕр ут уӕздан, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ. Быцӕу ӕмӕ тыхдзырд ма кӕнут. Уӕ зӕрдыл дарут, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыцы адӕм сӕ дины ахуырӕдтыл ӕнувыд кӕй сты ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрыныл кӕй архайынц. Уыдонӕй бирӕтӕ сты Хицауы „фыстӕ“, ӕмӕ сӕ хъӕуы Йегъовӕмӕ ӕмӕ йӕ Паддзахадмӕ ӕрбакӕнын».
Абон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Ног Зеландийы хорз хабар хъусын кӕнынц бынӕттон цӕрджытӕн ӕмӕ туристтӕн. Иу бон горӕт Таурангӕйы цыппар Ӕвдисӕны цалдӕр сахатмӕ аныхас кодтой 67 адӕймагимӕ 17 бӕстӕйӕ!
Бӕрӕг у, Ног Зеландийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кӕй нымайынц фарнуарзаг, Хуыцауыл иузӕрдион чи у ӕмӕ Библийӕн чи аргъ кӕны, ахӕм адӕмыл. Алы аз дӕр дзы донаргъуыд райсы цалдӕр сӕдӕ адӕймаджы. 2019 азы ацы хуссайраг бӕстӕйы Йегъовӕйӕн лӕггад кодта 14 000 адӕймагӕй фылдӕр.