Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • foa 4 статья
  • Хуыздӕрӕй сӕм цы уыд, уый лӕвӕрдтой

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыздӕрӕй сӕм цы уыд, уый лӕвӕрдтой
  • Нӕ историйы хӕзнадонӕй
  • Сӕргӕндтӕ
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иннӕ бӕстӕтӕй уайтагъд се ’ххуысы къух бадардтой
  • Тынг бирӕ сын бантыст
  • «Уӕ кӕрӕдзийы уарзут»
Нӕ историйы хӕзнадонӕй
foa 4 статья
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ вагоны ӕвӕрынц асыччытӕ гуманитарон ӕххуысимӕ, цӕмӕй сӕ Германимӕ арвитой

НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ

Хуыздӕрӕй сӕм цы уыд, уый лӕвӕрдтой

1945 азы Дыккаг дунеон хӕст куы фӕци, уӕд Германийӕн йӕ фылдӕр хай ахӕм уавӕры уыд, ӕмӕ зӕрдӕ мӕгуыр кодта. Горӕттӕ пырхытӕ, скъолатӕ ӕмӕ рынчындӕттӕ афтид ӕмӕ алы ран дӕр, чи нӕ фехӕлд, ахӕм бомбӕтӕ. Хӕринаг нӕ фаг кодта, ӕмӕ алцыдӕр туджы аргъ сси. Зӕгъӕм, килӕйы ӕрдӕг нӕлхӕ (сливочное масло) къухты балхӕнӕн уыд, адӕймаг мӕй ӕмӕ ӕрдӕгмӕ цас бакуыстаид, уыйбӕрцӕй.

Цалдӕр сӕдӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнӕн дӕр сӕ сӕр уыцы фыдцӕрдтытӕ баййӕфта. Уыдон сӕ уырнындзинады тыххӕй цалдӕргай азты ахӕстӕтты ӕмӕ концлагерты фӕбадтысты. 1945 азы сӕ куы суӕгъд кодтой, уӕд, ахӕстоны сӕ уӕлӕ цы дзаумӕттӕ уыд, уый йеддӕмӕ сӕм ӕндӕр ницы уыд. Иннӕ Ӕвдисӕнтӕ дӕр ӕнӕ хӕдзӕрттӕй ӕмӕ ӕнӕ исбонӕй баззадысты. Чидӕртӕ та-иу фырӕххормагӕй ӕмбырды рӕстӕг бавзӕр сты.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иннӕ бӕстӕтӕй уайтагъд се ’ххуысы къух бадардтой

Ӕндӕр бӕстӕтӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куы базыдтой, Германийы ӕфсымӕртӕн, цы бахӕрой ӕмӕ сӕ уӕлӕ цы скӕной, уый кӕй нӕй, уӕд баххуыс кӕныныл фӕстӕ нӕ фӕкодтой. Ӕфсымӕртӕ сӕйраг хайадӕй Иугонд Штатты загътой ӕфсымӕртӕн филиалӕй Берны (Швейцари), цӕмӕй Германийы се ’фсымӕртӕн баххуыс кодтаиккой. Сӕйраг хайады минӕвар, Нейтан Норр, Европӕмӕ ӕрцыд, цӕмӕй гуманитарон ӕххуысы хабар спълан кодтаид ӕмӕ йӕ ’фсымӕртӕм тагъддӕр фӕхӕццӕ кодтаиккой.

Германи, 1947 аз. Нейтан Норр ныхас кӕны ӕфсымӕртимӕ Висбадены. Йӕ сӕрмӕ ауыгъд ис уыцы азы стих немыцаг ӕвзагыл: «Кадджын кӕнут Йегъовӕйы, ӕппӕт адӕмтӕ»

Швейцарийы цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ рӕдауӕй лӕвӕрдтой хӕринаг, дзаумӕттӕ ӕмӕ ӕхца. Цы-иу ӕрӕмбырд кодтой, уыдӕттӕ уал-иу фыццаг Бернмӕ арвыстой. Уым-иу сӕ Германимӕ арвитыны размӕ равзӕрстой ӕмӕ-иу сӕ асыччыты нывӕрдтой. Ӕндӕр бӕстӕты чи цард, зӕгъӕм, Швецийы, Канадӕйы ӕмӕ Иугонд Штатты, уыцы Ӕвдисӕнтӕ дӕр се ’ххуысы къух бадардтой. Уыдон ӕххуыс кодтой ӕрмӕст Германийы ӕфсымӕртӕн нӕ, фӕлӕ ма Европӕйы ӕмӕ Азийы хӕсты азарӕй чи басыгъд, уыцы бӕстӕты цӕрӕг Ӕвдисӕнтӕн дӕр.

Тынг бирӕ сын бантыст

Цалдӕр мӕйы йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ Швейцарийы филиал арвыста къофи, ӕхсыр, сӕкӕр, кърупатӕ, хус дыргътӕ, халсартӕ, дзидзайы ӕмӕ кӕсаджы консервтӕ, стӕй ӕхца.

Уымӕй уӕлдай ма Швейцарийы цӕрӕг Ӕвдисӕнтӕ арвыстой фондз тоннӕйы дзаумӕттӕ. Уыди дзы пъалтотӕ, къабатӕ ӕмӕ костюмтӕ дӕр. 1946 азы 15 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Ӕфсымӕртӕ лӕвӕрдтой, сӕхи цы нӕ хъуыд, уыдӕттӕ нӕ, фӕлӕ сӕм хуыздӕрӕй цы уыд, уый. Сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кодтой, цӕмӕй Германийы се ’фсымӕртӕн баххуыс кодтаиккой».

Стӕй ма Швейцарийы цӕрӕг Ӕвдисӕнтӕ арвыстой 1 000 фӕлысты бӕрц дзабыртӕ. Арвитыны размӕ сӕ федтой, мыййаг, скъуыдтӕ не сты ӕмӕ сӕ ремонт кӕнын нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ. Германийы горӕт Висбадены, асыччытӕ чи гом кодта, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ тынг дис кодтой, цы сын ӕрбарвыстой, уыдӕттӕ куыд хӕрзхъӕд ӕмӕ куыд алыхуызон уыдысты, ууыл. Иу Ӕвдисӕн ныффыста: «Ӕвӕццӕгӕн, Германийы иу дуканийы дӕр уыйбӕрц хӕрзхъӕд дзаумӕттӕ ӕмӕ дзабыртӕ никуы ис».

Гуманитарон ӕххуыс ӕрвыстой 1948 азы августы онг. Швейцарийы цӕрӕг Ӕвдисӕнтӕ Германимӕ арвыстой 25 тоннӕйы гуманитарон ӕххуыс, ӕдӕппӕтӕй 444 асыччы. Уӕлдӕр куыд загъд уыд, афтӕмӕй ӕрмӕст Швейцари не ’ххуыс кодта Германийы ӕфсымӕртӕн. Фӕлӕ, гуманитарон ӕххуыс чи ӕрвыста, уыцы бӕстӕтӕй ӕппӕты къаддӕр Ӕвдисӕнтӕ кӕм уыд, уыдонӕй иу уыд Швейцари. Уыцы рӕстӕг дзы 1 600 Йегъовӕйы Ӕвдисӕны йеддӕмӕ нӕ уыд.

«Уӕ кӕрӕдзийы уарзут»

Йесо Чырысти загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоанны 13:34, 35). Йегъовӕйы адӕм кӕрӕдзи кӕй уарзынц, уый тыххӕй се ’фсымӕртӕн лӕвӕрдтой, цы сӕ нӕ хъуыд, уый нӕ, фӕлӕ сӕм хуыздӕрӕй цы уыд, уый (2 Коринфӕгтӕм 8:1–4). Цюрихӕй иу писмойы фыст уыд, зӕгъгӕ, кӕд бирӕтӕн сӕхицӕн бахӕринаг ницы уыд, уӕддӕр сӕ сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнын афтӕ тынг фӕндыд, ӕмӕ сын сӕ хӕринаджы талонтӕ ӕмӕ ӕхца лӕвӕрдтой.

Кӕд Йегъовӕйы адӕм Германийы карз ӕфхӕрд баййӕфтой ӕмӕ хӕсты аххосӕй бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрстой, уӕддӕр цыбыр рӕстӕгмӕ фӕстӕмӕ сӕ къахыл слӕууыдысты. Уымӕн стыр ӕххуыс фӕци, ӕндӕр бӕстӕты сын цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ цард, уыдоны удуӕлдай уарзондзинад ӕмӕ рӕдаудзинад.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын