120 ЗАРӔГ
Чырыстийау фӕлмӕн удыхъӕды хицау ут
1. Зӕххыл Йесо алкӕмӕй номдзыддӕр уыд,
Фӕлӕ кадмӕ, стыр номмӕ никуы бӕллыд.
Хуыцау ын ыстыр бартӕ радта, фӕлӕ
Уыди Йесо алкӕд сӕрныллӕг, фӕлмӕн.
2. Фӕллад чи у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр
Чырысти ӕххуысӕй ӕвӕры зӕрдӕ.
Рӕстдзинад сын удӕнцой алкӕд хӕсдзӕн,
Сӕ уаргъ сын Чырысти фӕрогдӕр кӕндзӕн.
3. «Ӕфсымӕртӕ стут»,– загъта Йесо кӕддӕр.
Нӕ Хицаумӕ хъусдзыстӕм мах не ’ппӕт дӕр.
Фӕлмӕн, сабыр адӕмы уарзы Хуыцау,
Бынӕн сын зӕхх ратдзӕн ӕнувыд фыдау.
(Ноджыдӕр кӕс Ӕмб. 3:34; Матф. 5:5; 23:8; Ром. 12:16.)