Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • sgd 13 сӕр, 34–35 фф.
  • 5 Библийы сӕйраг темӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 5 Библийы сӕйраг темӕ
  • Ӕрмӕг Библи иртасынӕн
  • Сӕргӕндтӕ
  • Н. э. р. 4026 азы фӕстӕ
  • Н. э. р. 1943 аз
  • Н. э. р. 1070 азы фӕстӕ
  • Н. э. 29 аз
  • Н. э. 33 аз
  • Н. э. 1914 аз кӕнӕ гыццыл фӕстӕдӕр
  • Фидӕн
Ӕрмӕг Библи иртасынӕн
sgd 13 сӕр, 34–35 фф.

5

Библийы сӕйраг темӕ

Мыхуыргонд публикаци

Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн ис бар, цӕмӕй хицау уа. Уымӕй хуыздӕр хицау нӕй. Хуыцау сӕххӕст кӕндзӕн, зӕхх ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый.

Адам ӕмӕ Евӕ Едемы цӕхӕрадоны, калм сӕ разы, афтӕмӕй

Н. э. р. 4026 азы фӕстӕ

«Калм» сдзырддаг кодта, Йегъовӕ хицау уа, уый бар ын кӕй ис ӕмӕ адӕмӕн хорз разамынд кӕй дӕтты, уый. Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй фӕзындзӕн «байзӕддаг», кӕнӕ «мыггаг», ӕмӕ уый калмы, ома Хӕйрӕджы, кӕй фесафдзӕн (Райдиан 3:1–5, 15, фиппаинаг). Фӕлӕ Йегъовӕ рӕстӕгмӕ бауагъта, цӕмӕй калмӕн адӕмыл йӕ бар цӕуа, ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхицӕн хицау уой.

Авраам хъусы, Хуыцау ын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уымӕ

Н. э. р. 1943 аз

Йегъовӕ Авраамӕн загъта, зӕрдӕвӕрд «байзӕддаг» йӕ мыггагӕй кӕй рацӕудзӕн (Райдиан 22:18).

Паддзах Давид

Н. э. р. 1070 азы фӕстӕ

Йегъовӕ паддзах Давидӕн, уый фӕстӕ та йӕ фырт Соломонӕн, загъта, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг сӕ хӕдзарвӕндагӕй кӕй рацӕудзӕн (2 Самуилы 7:12, 16; 1 Паддзӕхты 9:3–5; Исай 9:6, 7).

Йесо донаргъуыд райста

Н. э. 29 аз

Йегъовӕ бамбарын кодта, Йесо кӕй у, Давиды паддзахбадӕныл чи хъуамӕ ӕрбадтаид, уыцы зӕрдӕвӕрд «байзӕддаг» (Галатӕгтӕм 3:16; Лукайы 1:31–33; 3:21, 22).

Йесо хъизӕмӕртты хъӕдыл

Н. э. 33 аз

Калм, ома Хӕйрӕг, зӕрдӕвӕрд «байзӕддаджы» «зӕвӕтыл фӕхӕцыд» – Йесойы амардтой. Йегъовӕ Йесойы уӕларвон цардмӕ райгас кодта ӕмӕ йын йӕ нывонды аргъ айста, цӕмӕй уый фӕрцы Адамы байзӕддӕгтӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой ӕмӕ ӕнустӕм цӕрой (Райдиан 3:15; Хъуыддӕгтӕ 2:32–36; 1 Коринфӕгтӕм 15:21, 22).

Раргомады чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй калм, ома Хӕйрӕг, уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд

Н. э. 1914 аз кӕнӕ гыццыл фӕстӕдӕр

Йесо калмы, ома Хӕйрӕджы, зӕхмӕ ӕрӕппӕрста, ӕмӕ йын бирӕ рӕстӕг нал баззад (Раргомад 12:7–9, 12).

Раргомады чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй Йесо уӕлӕрвтӕй зӕххӕн разамынд дӕтты

Фидӕн

Йесо Хӕйрӕджы 1 000 азы ахӕстоны дардзӕн ӕмӕ йын стӕй «йӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн», ома йӕ фесафдзӕн. Йегъовӕмӕ зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй ӕппӕты райдианы цы фӕнд уыд, уый сӕххӕст уыдзӕн, йӕ ном ссыгъдӕг уыдзӕн, ӕмӕ уымӕй хуыздӕр хицау кӕй нӕй, уый сбӕлвырд уыдзӕн (Раргомад 20:1–3, 10; 21:3, 4).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын