122 ЗАРӔГ
Фидар, ӕнӕфӕцудгӕ ут!
1. Адӕм тыхсынц ӕмӕ катай кӕнынц,
Дарддӕр цы уыдзӕни, уымӕй тӕрсынц.
Хъуамӕ Йегъовӕйыл иузӕрдыг уӕм,
Алкӕддӕр фидар лӕууӕм.
БАЗАРД
Мах хъуамӕ фидар лӕууӕм,
Рӕстӕй, сыгъдӕгӕй цӕрӕм.
Бафӕразӕм ӕппӕт –
Фендзыстӕм уӕд дзӕнӕт.
2. Дунейы алкӕм – къӕппӕджытӕ ’вӕрд.
Хызт сӕ уыдзыстӕм, къӕрцхъус куы уӕм, уӕд.
’Взӕр цы у, уымӕй мах не сӕфт уынӕм,
Хорзыл та фидар хӕцӕм.
БАЗАРД
Мах хъуамӕ фидар лӕууӕм,
Рӕстӕй, сыгъдӕгӕй цӕрӕм.
Бафӕразӕм ӕппӕт –
Фендзыстӕм уӕд дзӕнӕт.
3. Алчи зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕд.
Хицауы стыр куысты мах хай дӕр уӕд.
Раттӕм нӕ тыхтӕ нӕ лӕггадӕн мах –
Зонӕм, кӕрон уыдзӕн тагъд.
БАЗАРД
Мах хъуамӕ фидар лӕууӕм,
Рӕстӕй, сыгъдӕгӕй цӕрӕм.
Бафӕразӕм ӕппӕт –
Фендзыстӕм уӕд дзӕнӕт.
(Ноджыдӕр кӕс Лук. 21:9; 1 Пет. 4:7.)