42 ЗАРӔГ
Хуыцауы лӕггадгӕнӕджы куывд
1. О Стыр Хуыцау, нӕ Дарӕг, Йегъовӕ!
Алчидӕр кад кӕнӕд дӕ сыгъдӕг номӕн.
Сӕххӕст кӕныс дӕ алы фӕнд дӕр.
Кувӕм, дӕ Паддзахад уӕд зӕххыл дӕр –
Раст йӕ афоныл уыдзӕн,
Стыр хӕрзтӕй нын хай кӕндзӕн.
2. Бузныг дӕ стӕм – уынӕм дын дӕ арфӕ,
Алы бон дӕр дӕ хӕрзтӕй хай ис махӕн.
Цард ӕмӕ рухс ӕрмӕст ды дӕттыс,
Арфуынӕг, зондджын алкӕй ды скӕныс.
Мах дӕ алкӕд бузныг стӕм,
Ӕмӕ кад дӕуӕн кӕнӕм.
3. Дунейы ис зындзинӕдтӕ махӕн.
Удӕнцой, ныфс ӕрмӕст дӕумӕ ис ссарӕн.
’Вӕрӕм нӕ уаргъ, Йегъовӕ, дӕуыл.
Курӕм, тыхтӕ нын бафтау нӕ тыхыл.
Радтам мах ныхас, ӕмӕ
Хъусӕм алкӕддӕр дӕумӕ.
(Ноджыдӕр кӕс Пс. 36:9; 50:14; Иоан. 16:33; Иак. 1:5.)